Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Сау æхсæв






Къæ йтæ тъизынц... Арв æ васт ныннæ ры.

Мигъты ‘хсæ н ныдздзортт-дзортт кæ ны мæ й...

Дымгæ систа зæ ххы цъар йæ сæ рыл:

Ахсæ в хохæ н ‘нæ ракæ лгæ нæ й.

 

Басыгъд, цыма, хин æ мæ кæ лæ нæ й, —

Дуне у сынты базырау сау.

Иу хæ дзары рудзынгæ й ма, мæ нæ,

Рухс æ рттивы бирæ гъы цæ стау.

 

Донхæ ссæ г ирон усы ныв къулыл,

Къуымгæ рон — зæ ронд хъæ дын сынтæ г;

Хиды ‘ртæ хтæ, ставд фæ рдгуытау, тулынц

Рынчыны фæ тæ н ныхыл сындæ г.

 

Артау судзынц ирд цæ хæ р цæ стытæ, —

Царырдæ м æ дзынæ гæ й сæ каст,

Сæ рымагъзы зилынц тар хъуыдытæ,

Цæ стæ нгасыл мигъау бады маст...

 

Дымгæ знæ тæ й дыуæ рттæ ныххойы,

Рудзынгæ й æ рбадзыназы уад...

Зæ рдæ йы мæ лæ т æ васт рæ хойы, —

Риуы тагъд ныссадздзæ нис йæ фат...

 

Удисгæ йæ чи хуыссы уый уатыл?..

‘Нафоны кæ мæ фæ карз мæ лæ т?..

Удхæ ссæ г йæ дæ лфæ дтæ м куы бады,

О, уæ д ма кæ й мæ т кæ ны, кæ й мæ т?

 

Хъуыдыты хъæ уи-хъæ у зилы хæ хтыл,

Сидзæ ртæ н сæ цæ ссыгтæ сæ рфы;

Слæ ууын кæ ны рынчынты сæ къæ хтыл,

Бабуц кæ ны мæ гуыртæ н сæ фын;

 

Хуры тынау зæ рдæ тæ м ныккæ сы,

Сау хъуыды фæ суры риутæ й дард;

Талынг къуымтæ м арвы рухс ныххæ ссы,

Тар æ хсæ выл сындзары цъæ х арт...

 

Зæ рдæ йы ныццæ вы низ æ вирхъау,

Уазал ныхыл тугдадзин тæ лфы,

Зилы, зилы уый уæ ддæ р хъæ уи-хъæ у, —

Сидзæ ртæ н сæ цæ ссыгтæ сæ рфы...

 

Уæ лæ мигътæ й раленк кодта дзаг мæ й;

Рынчыны зæ гъын фæ нды цыдæ р.

Удхæ ссæ г, æ лгъыст фæ уай мыггагмæ,

Иу уысм ма фæ гæ дзæ кæ н ды дæ р!..

 

Сфæ раза фæ стаг ныхас йæ былалгъ,

Й’ адæ мæ н фæ стаг «хæ рзбон» зæ гъа...

Уад нынниудта... ахуыссыдис цырагъ...

Дардæ й райхъуыст сау сынты цъæ хаст...

 

Зæ хх ныррызт йæ мидбынаты ‘вирхъау...

Терчы сæ рмæ рафæ лдæ хтис хох...

Сау мæ йдары, тугæ й ахуырст цирхъау,

Арв нырттывта... Мигътæ н сытынг тох...

 

Чи цы зыдта, ‘рбабонмæ ма цас хъуыд?

Чи зоны, сæ уæ хсид нал уыд дард: —

Уыцы ‘хсæ в Къостайы зæ рдæ аскъуыд,

Уыцы ‘хсæ в Къоста фæ цис йæ цард...

 

Адæ мы ‘хсæ н уый уæ ддæ р нæ марди, —

Алы ран æ й удæ гас хуыдтой;

Мадæ лтæ, Къоста зæ ххыл кæ й царди,

Уый тыххæ й сæ сабитæ н дзырдтой:

 

Уый, дам, хæ хтыл рухс кæ ны цырагъау,

Размæ, дам, рæ сугъд цардмæ тырны.

Иры хæ хты афтæ райгуырд аргъау, —

Афтæ дзурынц, афтæ сæ уырны...

 

Кады ном, зæ гъынц, уæ лæ уыл зайы, —

Чи рымысыд аргъæ утты дзæ нæ т? —

Лæ г куы цæ ра дзыллæ йы зæ рдæ йы,

Уæ д нæ дары уымæ бар мæ лæ т!

 

Сыгъд поэт мæ нг дуджы тары, артау,

Й’ алы дзырд цæ хæ р æ хсидав уыд.

Раст ныхас йæ къухы ‘рттывта, кардау,

Иудадзыг рæ стдзинадыл хæ цыд.

 

Æ мæ ‘рмæ стдæ р иу мæ нг ныхас загъта, —

Тагъд, дам, адæ м нал кæ ндзæ н мæ дзырд;

Ингæ нæ й æ взист талатæ суагъта, —

Уый кæ ны æ нусты ‘мдзу йæ цырт.

1956 аз


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.013 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал