Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 6 страница






Фыд балхынцъ кæ ны: царды тæ гтæ кæ рæ дзиуыл фидар баст сты, иу дзы иннæ мæ й гуыры, кæ рæ дзийæ сын фæ иртæ сæ н нæ й. Жаннæ Темырмæ фæ хъусы, йæ химидæ г та йæ сагъæ сты аныгъуылы, йæ химидæ г та йæ хиуыл фæ хъуыды кæ ны. Кæ д... Кæ д, æ цæ гдæ р, Аслан цы бырынцъаг фæ ндагыл æ рлæ ууыд, уый Жаннæ йы аххос у. Кæ д ын мад, йæ хи мад куы уыдаид, уæ д уыцы цъымарайы нæ нынныхстаид, æ ндæ р уыдаид йæ хъысмæ т. Æ мæ абон Аслан уаид æ ндæ р лæ ппу, æ ндæ р Аслан. Æ вæ ццæ гæ н... Æ вæ ццæ гæ н, Жаннæ у аххосджын. Æ намонддзинады къуыбылой. Чи йын загъта афтæ? Вадим æ ви Фатимæ? Æ намонддзинады къуыбылой. Æ мæ, æ вæ ццæ гæ н, æ цæ гдæ р ахæ м къуыбылой у. Бады, фидауы йыл уыцы ном.

Чызг йæ уатæ й рахызт æ мæ, цыма тар, æ нкъард хъуыдыты ахæ сты нæ уыд, цины æ хсызгон уылæ нты йæ хи надта, йæ цæ сгом — хъæ лдзæ гхуыз, цæ стытæ — рухсдзаст. Темыр диваныл бады æ мæ йын Жаннæ цы телефон балæ вар кодта, уыимæ архайы, лæ мбынæ г æ м æ ркæ сы. Æ мæ, дам, æ й нæ хъæ уы, дзурын дзы нæ базондзæ н. Тынг хорз дзы базондзæ н, тынг хорз æ й хъæ уы. Фыд телефонимæ кæ й архайы, уый чызгæ н æ хсызгон у, тынг æ хсызгон.

 

31-æ м августмæ ма баззад 23 боны.

8-æ м август. Сабат. 2009 аз

Жаннæ автобусмæ схызт, йæ алыварс акаст: йæ зонгæ тæ й никæ й уыны. Уæ гъд бадæ нтæ ма дзы — цалдæ р. Фæ стæ мæ æ ввахс рудзынджы цур сбадт. Гæ нæ н и, уæ д æ дзухдæ р рудзынджы цур фæ бады. Фæ нды дæ, уæ д размæ кæ с, фæ нды дæ, уæ д — фæ рсырдæ м, æ мæ дæ дæ хъуыдытимæ фæ лмæ н автобус тагъд скъæ фы. Ацы автобустæ сæ м æ рæ джы райдыдтой цæ уын, Корейы, дам, сæ балхæ дтой. Маршрутон такситæ дæ р сæ м цæ уы, фæ лæ Жаннæ мæ адон хуыздæ р кæ сынц: фæ лмæ н, цыма ленк фæ кæ нынц, стæ й дзы фæ ндаджы аргъ дæ р асламдæ р у. Йæ зонгæ тæ й куыд никæ й уыны. Сæ хъæ уы цас бирæ адæ м цæ ры, Мæ скуы куынæ у, мыййаг, фæ лæ уæ ддæ р районы центр у æ мæ дын бæ лццæ гтæ й иу зонгæ ма разынæ д.

Шофыр сбадт. Дæ с-фынддæ с минуты фæ стæ горæ т фæ сте аззайдзæ н, фæ тæ н лæ гъз асфальт фæ ндагмæ рахиздзысты æ мæ автобус размæ атындздзæ н. Йæ разæ й бапдоныл бадынц дыууæ сылгоймаджы. Æ вæ ццæ гæ н, йæ мады карæ нтæ. Уыдоны дæ р нæ зоны. Уый диссаг нæ у: бæ лццæ ттæ й иу адæ ймаджы дæ р ма зон. Уый Жаннæ йы аххос у: æ вæ ццæ гæ н, адæ мæ й æ гæ р иппæ рд у, æ ндæ р... Йæ хи йын цымæ ничи зоны? Ничи. Æ ндæ р æ м исчи исты сдзурид, йæ къух æ м батилид, бахудид æ м.

Жаннæ йы разæ й — дыууæ сылгоймаджы, æ мæ уыдонæ й, кæ ройнаг бадæ ны чи бады, уый иннæ мæ разылди æ мæ йæ м дзуры:

— Азæ, рагæ й дæ нал федтон, иу-æ ртæ мæ йы бæ рц. Æ ви фылдæ р?

— Æ мæ мæ кæ м федтаис, кæ, мæ хур, рынчындонмæ бахаудтæ н. Тыххæ й ма аирвæ зтæ н.

— Уæ у-уа. Æ мæ куы ницы фехъуыстон.

— Раджы фестаг дæ н. Фондз сахаты дæ р нæ ма уыд, афтæ мæ пысултæ мæ уæ лæ баппæ рстон, зæ гъын, райсомы куыстытæ акæ нон, фосмæ базилон, нæ хъуг радуцон. Бедра мæ къухы, æ мæ рацæ уын. Уыцы рæ стæ г æ виппайды мæ тъæ нгтæ срыстысты. Афтæ тынг срыстысты, æ мæ мæ бон ницыуал уыд: сыгъдысты, цыма сæ исчи æ науæ рдонæ й згæ кардæ й лыгтæ кæ ны.

Жаннæ сылгоймагмæ хъусы, æ мæ йæ куынæ фæ ндид, уæ ддæ р, Азæ афтæ зæ рдиагæ й дзуры, æ мæ йæ йæ химæ æ рыхъусын кæ нид. Ноджы афтæ хъæ рæ й дзуры, цыма сæ алыварс цъиуызмæ лæ г дæ р нæ й. Æ вæ ццæ гæ н, йæ фарсмæ чи бады, æ рмæ ст уымæ н нæ дзуры, фæ лæ йæ разæ й чи и, уыдонæ н дæ р, мæ нæ Жаннæ йæ н дæ р, чи зоны, автобусы чи бады, уыдонæ н се ’ппæ тæ н дæ р: уадз, цы зын уавæ ры бахауд, уый алчидæ р базона.

— М’ арт бауазал, æ мæ уæ д дарддæ р цы фæ дæ? — Азæ йы фарсмæ уыцы сылгоймаг бынтон сцымыдис.

— Дæ у Хуыцау уымæ й бахизæ д, фæ лæ мæ нæ н мæ арт фæ цæ йуазал кодта. Мæ бон ницыуал уыд, дон фестадтæ н, бандоныл ма мæ хи æ рæ ппæ рстон. Афтæ æ рбалæ мæ гъ дæ н, æ мæ мæ м ме ’нгуылдз фезмæ лын кæ ныны хъару дæ р нал аззад.

— Æ мæ уæ д дæ лæ ппу кæ м уыд, цæ уыннæ йæ м ныхъхъæ р кодтай?

— Зæ гъын, афынæ й ма кæ на, кæ д мын ницы уаид, куы фæ тæ рса. Æ мæ цасдæ р афтæ абадтæ н, уæ ддæ р тъæ нгтæ судзынц, цыма сыл арт баидзæ рстæ уыд, сæ рыст нæ сабыр кæ ны. Зæ гъын, цы уа, уый уæ д, кæ д мæ адзал у, уæ д — мæ лгæ. Æ мæ цудгæ сыстадтæ н. Уыцы хъуг æ нæ дыгъдæ й куы баззайа, уæ д тæ ригъæ д у, йæ фæ здон атондзæ н. Ноджы ахæ м хъуг у, ахæ м, æ мæ райсомæ й дæ р æ мæ изæ рæ й дæ р бедрайы дзаг æ хсыр кæ ны. Сойджын æ хсыр. Бон дыууæ цыхты ахсын, æ мæ йæ иу цыхт та æ ртæ сæ дæ сомæ й къаддæ р нæ исы.

— Куыд æ взæ р стæ м, куыд, Азæ, адæ ймаг мæ лы, уæ ддæ р ма цæ уылты хъуыды кæ ны. Йæ хъуг радуца.

— О, о, ирон адæ ймаг хихор у, ирон адæ ймаг йæ хицæ н знаг у. Мæ бынаты уырыссаг сылгоймаг, уæ д йæ бедра фехстаид æ мæ æ мраст рынчындонмæ азгъордтаид. Æ з хъуг æ рдыгътон æ мæ цудтытæ гæ нгæ сыстадтæ н. Иу къахдзæ ф дæ р нæ ма акодтон, афтæ мæ къæ хтæ мæ быны фыдыдагъ сты, цыма мæ лæ ты уæ ззау дæ н: нал мæ баурæ дтой, æ мæ пъолыл æ рхаудтæ н, бедра дзыгъал-мыгъулгæ нгæ иуварс атахт. Æ мæ ныцъцъæ хахст кодтон, зæ гъын, æ хсыр фесæ фт. Хъæ рмæ лæ ппу разгъордта, удаистæ й мæ цуры алæ ууыд. Зæ гъын, ма тæ рс, ма тæ рс. Цыма бумбули уыдтæ н, уыйау мæ йæ хъæ бысмæ фелвæ ста æ мæ мæ сынтæ гмæ баскъæ фта. Зæ гъын, мæ тъæ нгтæ судзынц, мæ хуылф арт уадзы, фæ лæ ма тæ рс, цæ рæ г уд зындзинæ дтæ н райгуырд, ма тæ рс. Лæ ппу йæ телефонмæ фæ лæ бурдта. Бæ ргæ ма йæ м дзырдтон, иу дохтыр дæ р мæ, зæ гъын, нæ хъæ уы, кæ д æ рдзæ бæ х уаин. Фæ лæ уый мæ нмæ хъуыста. Мæ цуры сбадт, æ мæ цыма гыццыл сывæ ллон уыдтæ н, афтæ мын йæ арм мæ ныхыл, мæ рустыл хаста. Хъæ бул куыд адджын у, куыд адджын.

Жаннæ рудзынгæ й акæ сы, фæ лæ дзы ницы уыны. Сылгоймаджы ныхас æ й йæ химæ афтæ аздæ хта, æ мæ йæ хъуыдытæ иууылдæ р зилынц уый алыварс. Азæ афтæ зæ рдиагæ й дзуры, ахæ м дзаджджын ныхас кæ ны, æ мæ дæ æ ппын куынæ фэенда, уæ ддæ р дæ йæ химæ æ рыхъусын кæ ндзæ н. Чызг сцымыдис: чи у ацы сылгоймаг? Жаннæ сыстид, бандæ тты æ хсæ н цæ уæ г йæ хи акæ нид. Фæ лæ нæ сыстдзæ н. Худинаг у.

— Æ мæ дохтыртæ тагъд фæ зындысты? — цыдæ р хин фарст бакодта Азæ йы, йæ фарсмæ цы сылгоймаг бады, уый.

— Уыдон тагъд æ ххуысы дохтыртæ не сты, фæ лæ æ рæ гмæ æ ххуысы дохтыртæ. Æ з мæ уд исын, мæ хид фыртыхстæ й лæ сæ нтæ кæ ны, уыдон æ рæ джиау кæ ддæ р фæ зындысты. Сæ хистæ р, иу-æ ртиссæ дзаздзыд нæ лгоймаг, цыма æ рчъиаг æ ууæ рста, афтæ мæ нылхъывдтытæ кодта. Мæ уд куы сгæ пп кæ на, уымæ йæ бирæ нал хъуыд. Дохтыр мæ нæ н нæ, фæ лæ лæ ппуйæ н загъта, цæ мæ й мæ тагъддæ р горæ ты рынчындонмæ аласой. Куырмтъанг, дам, кæ д атондзæ н, уый бæ рæ г нæ у æ мæ йын тынг тагъд операци скæ нын хъæ уы, иу минут бафæ стиат дæ р у мæ лæ тмæ цæ уæ гау. Уыдонæ н, дохтыртæ н, горæ ты рынчындонмæ йæ сласынæ н фадат нæ й, нырма сæ дыууæ ранмæ цæ уын хъæ уы æ мæ — хатыр.

— Æ мæ дæ уæ д чи сдавта, йæ цæ рæ нбон бирæ ’рбауа.

— Сыхæ гты лæ ппу. Мæ хи лæ ппуимæ мæ палатæ мæ, дыккаг уæ ладзыгмæ сыскъæ фтой. Цалдæ р дохтыры мæ м æ рбацыд. Сæ иу — бæ рзонд, хæ рзконд, сауцæ ст, сауæ рфыг æ рыгон рæ сугъд сылгоймаг. Цалдæ р хатты мæ басгæ рста, лæ мбынæ г мæ фæ фарста, медицинон хотæ н бафæ дзæ хста, цæ мæ й, куыд гæ нæ н æ мæ амал и, афтæ анализтæ тагъддæ р скæ ной. Тынг уæ здан адæ ймаг, зæ ды хуызæ н адæ ймаг. Æ мæ мæ химидæ г хъуыды кодтон: «Дохтыр хъуамæ ахæ м уа, ахæ м». Ахæ м дохтыр адæ ймаджы мæ лын нæ бауадздзæ н, Барастыры къухтæ й дæ р æ й ратондзæ н. Уый размæ, операци цы у, уый нæ зыдтон, кард мыл никæ д андзæ выд æ мæ мæ уд дзедзырой кодта, ницæ уылуал хæ цыд. Фæ лæ зæ ды хуызæ н сылгоймаг-хирурджы куы федтон, уæ д мæ уд, мæ химæ ’рцыд, мæ тарст гæ ртт-гæ ртт æ рсабыр. Уæ ддæ р-иу зæ рдæ риуыл йæ хи ныххоста: куыд ацæ удзæ н операци? Цы мæ м æ нхъæ лмæ кæ сы райсом? Мæ хæ дзар ма фендзынæ н? Мæ лæ ппуйыл ма бацин кæ ндзынæ н? Дохтыр-иу мæ цуры куынæ уыд, уæ ддæ р цæ стыты раз февзæ рд, æ мæ -иу зæ рдæ æ рсабыр, царды ныфс та-иу мæ бацыд.

— Хорз дохтыр амонд у, хорз дохтыр рынчынæ н йæ Хуыцау у, — загъта Азæ йы ныхасæ мбал сылгоймаг.

Жаннæ сылгоймаджы нæ зоны, фæ лæ, адæ ймаджы рис чи ’мбары, ахæ м дохтыр кæ й разынд, уый йын æ хсызгон у. Рынчынæ н æ рмæ ст фæ лмæ н ныхас куы зæ гъай, уæ ддæ р дæ зæ рдæ райæ баззайдзæ н. Азæ йæ дохтыры цæ рæ нбонтæ м кæ й хъуыды кæ ндзæ н, уый дызæ рдыггаг нæ у. Дохтыр хъуамæ ахæ м уа. Æ нæ зонгæ сылгоймаджы мæ лæ ты дзæ мбытæ й ратыдта. Æ вæ ццæ гæ н, сæ хæ дзары æ ртæ чъирийы куы скæ ны, уæ д ын æ дзухдæ р йæ ном ссары.

— Мæ дохтыр — зæ ды хуызæ н, мæ хинымæ р, зæ гъын, уый кæ й къæ сæ рæ й бахызт, уыдон хæ рзаг амондджын сты, сæ хæ дзар сын ныррухс кодта, сæ хæ дзары дыккаг хур ракаст. Мæ цæ стытæ дзы атонын нæ куымдтой, æ мæ та-иу æ м аивæ й бакастæ н: тæ худы, мах къæ сæ рæ й дæ р ахæ м сылгоймаг куы ’рбакувид. Мæ тъæ нгтæ й арвмæ асинтæ аразын, мæ тъæ нгтæ кæ рдихтæ кæ нынц, уый дæ р-иу мæ цыдæ р уысм æ рбайрох. Кæ йдæ р... Кæ йдæ р хуызæ н у? Кæ йдæ р мын мæ зæ рдыл лæ ууын кæ ны. Фæ лæ йæ мæ бон æ рхъуыды кæ нын нæ уыд, æ мæ цы тыхст уыдтæ н, уымæ й ноджы тынгдæ р стыхстæ н. Иурæ стæ г арвæ рттывдау мæ сæ ры атахт: Темыры чызг ма уæ д. Скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæ д æ й цалдæ р хатты федтон. Æ вæ ццæ гæ н, уый у. Æ мæ кæ д тынг æ фсæ рмы кодтон, уæ ддæ р æ й бафарстон. Уый у. Æ мæ мæ тарст бынтондæ р атад. Дæ хъæ уккаг — дæ дохтыр, цы ма уа уымæ й хуыздæ р. Хихъæ уккаг та уæ ддæ р хихъæ уккаг у, уый дыл куыд зæ рдиагæ й бацархайа, афтæ дыл чи бацархайдзæ н. Æ мæ ноджы æ хсызгондæ рæ й сулæ фыдтæ н. Операци хорз нæ, фæ лæ тынг хорз кæ й ацæ удзæ н, ууыл иу михсал дæ р дызæ рдыг нал кодтон.

— Хуыцауы хорзæ хæ й адæ мы хорзæ хæ й уæ лдай нæ й æ мæ дын цы Хуыцау баххуыс кодта, уымæ н табу æ рбауæ д. Цы хирург дæ аирвæ зын кодта, уый йæ къухтæ фæ рнæ й фæ дарæ д. Темырæ н йæ хи дæ р æ мæ йæ усы дæ р зонын, фæ лæ йын йæ цоты нæ хъуыды кæ нын, — загъта Азæ йы æ мбал.

— Темыры чызджы йæ номæ й дæ р бафарстон. Фатимæ. Йæ ном дæ р йæ хи хуызæ н — рæ сугъд, æ ндæ р ном ыл ницыхуызы сфидыдтаид.

Жаннæ йыл æ хсызгон уылæ нтæ æ рбакалдысты. Йæ хо... Йæ хо Фатимæ скодта ацы усæ н операци, йæ хойы фæ рцы аирвæ зт мæ лæ тæ й, уый йын радта дыккаг цард. Абондæ ргъы уымæ й æ нпæ лы, уый у йæ зæ ххон зæ д. Куыддæ р æ й фена, афтæ йын Азæ йы кой ракæ ндзæ н. Нæ! Нæ! Хорздзинад нæ сæ фы. Рынчынæ н баххуыс кæ н, уый удыбæ стæ у. Жаннæ куыддæ р автобусæ й рахиза, афтæ Фатимæ мæ сдзурдзæ н: сæ хъæ уккаг усы мæ лæ ты дзæ мбытæ й ратыдта æ мæ уый уыцы хорздзинад никуы ферох кæ ндзæ н. Фатимæ йæ н йæ хойы ныхас æ хсызгон уыдзæ н. Æ мæ ма уымæ н дæ р куы у æ хсызгон, уый дæ р ма дзы куы у сæ рыстыр.

Чызг базмæ лыд. Уæ д та сыстид æ мæ Азæ æ мæ иннæ сылгоймагæ н йæ хи бацамонид. Уый Темыры кæ стæ р чызг у, Фатимæ йы кæ стæ р хо. Æ хсызгон сын уыдзæ н. Æ мæ... Уый аив уыдзæ н?

— Операци ахаста сахат æ мæ ’рдæ г. Тъанг бамбыд, æ мæ ма чысылдæ р бафæ стиат сты, уæ д атыдтаид. Уый та у мæ лæ ты къæ сæ рыл лæ ууæ гау. Операци ацыд хорз, дæ с боны фæ стæ мæ рафыстой.

— Æ гайтма, æ гайтма. Цы зæ дтæ дын баххуыс кодтой, уыдонæ н табу уæ д. Уыцы дохтыртæ та амондджын уæ нт, ацы мæ гуыр рæ стæ джы сой æ мæ мыды æ вдылæ нт.

— Æ мæ æ вдылынц, æ вдылынц, — цыма йе ’мбалы ныхасмæ æ нхъæ лмæ каст, афтæ къæ ппæ ввонгæ й загъта Азæ. — Темыры чызг мæ м афтæ хорз цæ мæ н каст, мидбылхудгæ -иу мæ разы цæ мæ н алæ ууыд, уый, рынчындонæ й мæ куы рафыстой, уæ д базыдтон. Æ хца цы нæ кæ ны, æ хца, ма дзы байрадæ уа. Нæ рæ стæ джы алцыдæ р æ хцайæ аразгæ у, æ мæ уый цъиутæ дæ р уасынц. О, мæ бон, цы рæ стæ г цæ рæ м, цы! Мæ нæ цæ мæ ’рцыдыстæ м, мæ нæ. Дохтыртæ æ хца кæ й исынц, уый адæ мæ й дæ р хъуыстон, телевизорæ й дæ р æ й фæ дзурынц, фæ лæ афтæ æ дзæ сгом хуызы. Æ ллæ х! Æ ллæ х! Нал сын Хуыцау и, нал — дзуар. Темыры чызг, уыцы зæ дæ нгас Фатимæ, иурæ стæ г, мемæ хиуæ ттæ й чи ис, уымæ й афарста. Зæ гъын, мæ лæ ппу. Йемæ, дам, мæ аныхас хъæ уы. Æ мæ йæ м æ ддæ мæ, къæ лидормæ фæ дзырдта. Дыууæ -æ ртæ минуты фæ стæ дыууæ йæ дæ р палатæ мæ æ рбахызтысты. Дохтыр, куыд хъæ лдзæ г, зæ рдæ хæ лархуыз уыд, афтæ. Фæ лæ лæ ппу куыддæ р фенкъард, фæ сагъæ схуыз. Цыдæ р уысм ын йæ цæ стытæ м фæ комкоммæ дæ н, æ мæ мæ зæ рдæ фæ къæ пп кодта. Дохтыр ын цыдæ р загъта, фæ лæ цы? Нæ химæ мæ куы ’рласта, уæ д æ й базыдтон. Лæ ппу йæ уæ ддæ р нæ хъæ р кодта, зын дзурæ н ын уыд, фæ лæ бамбæ хсæ н ницæ мæ н и.

Æ з, дохтыр нæ хъæ уккаг, Темыры чызг кæ й разынд, ууыл цин кодтон, зæ гъын, аирвæ зтæ н. Æ хца нæ бацагурдзæ н, уый мæ зæ рдæ йы кæ рон дæ р нæ уыд. Ноджы ма Фатимæ, хъæ уккаг, уый хъуамæ æ хцайы кой куыд скæ на? Æ мæ рæ дыдтæ н. Тынг рæ дыдтæ н. Афтæ ссис, æ мæ дæ м æ нæ ’хца доны къус дæ р ничи бадæ тдзæ н. Дохтыр лæ ппумæ æ ддæ мæ æ хцайы тыххæ й фæ дзырдта.

— Æ хцайы? — дисгæ нгæ зæ гъы иннæ сылгоймаг. — Æ мæ дзы цас бацагуырдта?

— Дæ умæ гæ сгæ, чысыл? Дæ с мины. Дæ с мины. Æ мæ уый куы фехъуыстон, уæ д мæ цæ стытæ цæ хæ ртæ акалдтой. Æ мæ, зæ гъын, радтай йын? Уæ дæ куыд? Æ мæ, зæ гъын, дæ с мины аргъ мæ хæ дæ г куынæ дæ н, фæ лтау куы амардаин.

— Хуыцау дæ дзæ бæ х уадзæ д, афтæ ма дзур. Æ взæ р рæ стæ г цæ рæ м, æ взæ р, Азæ. Уæ рдон куынæ байсæ рдай, уæ д хъинц кæ ны.

— Ныртæ ккæ былтæ айсæ рдынæ й ницыуал цæ уы. Хъуамæ сæ хæ дзæ рттæ м нæ рст дзыппытимæ ацæ уой. Цыма дæ сгай минтæ арвæ й хауынц. Темыры чызг, уыцы Фатимæ мын дæ с мины фестæ д. Æ дзæ сгом. Уый та дын хихъæ уккаг. Æ хцайы тыххæ й адæ м сæ цæ сгæ мттæ бахордтой, Хуыцау сын нал и.

Жаннæ æ нцад бады. Зымæ г нæ у, афтæ мæ й баргъæ вст. Бандоны къуыммæ йæ хи нылхъывта. Æ ппындæ р куынæ уал зынид. Æ рбайсæ фтæ æ мæ ницыуал уыныс, ницыуал хъусыс...

Жаннæ кæ й нæ сыстад, йæ хи кæ й нæ бацамыдта. Цымæ, Фатимæ йы чи базоны, уыдон Темыр æ мæ Маринæ йы цы схонынц?

Чызг сулæ фын дæ р нал уæ нды. Иухъæ уккæ гтæ кæ й сты, ууыл уæ д та ахъуыды кодтаид. Фатимæ дæ р, йæ лæ г Чермен дæ р æ хца кæ й исынц, уый Жаннæ зоны, сæ иннæ бинонтæ дæ р æ й зонынц. Фæ лæ бынтон афтæ... уый æ нхъæ л нæ уыд. Æ ви дунейыл æ хца йеддæ мæ ницыуал ис? Мæ гуыр ус йæ пенсийы каггеччытæ кæ рæ дзимæ æ фтуантæ кæ ны, æ мæ йын уый тыххæ й уæ д та фæ тæ ригъæ д кæ н. Æ ви тæ ригъæ д нал и? Циу? Цы хабар у?

Чызг йæ химидæ г æ фсæ рмæ й судзы. Фæ лтау горæ тæ й сæ химæ куы нæ ма рацыдаид, æ ндæ р автобусы кæ нæ маршрутон таксийы куы сбадтаид. Эх-х... Йæ сæ р бынмæ ’руагъта, йæ армытъæ пæ нтæ й йæ цæ сгом бамбæ рзта: никæ й уынын æ й фæ нды, бакъуырма у æ мæ мацы хъус.

— Æ мæ лæ ппу Темыры чызг Фатимæ йæ н афтæ зæ гъы: «Мæ дзыппы æ ртæ мины йеддæ мæ нæ й. Райсом сæ сдавдзынæ н». Уый йын, æ хца, дам, ныр хъæ уы. Æ хца ныр куынæ уа, уæ д операцигæ нæ н нæ й. Ау, нæ йыл æ ууæ нды? Дисы бацыд лæ ппу. Адæ м нал стæ м? Ныхасыл æ рмæ стдæ р хæ йрæ г не ’ууæ нды. Уыцы Фатимæ, дам, мæ м ахæ м каст, ахæ м дзагъул æ рбакодта, æ мæ йæ цæ стытæ й судзгæ æ хсидæ втæ хауд. Йæ хъæ лæ с дæ р фендæ рхуызон, чысыл раздæ ры фæ лмæ н, уæ здан хъæ лæ сæ н йæ коййæ хъæ р дæ р нал уыд. Уазал, æ цæ гæ лон, æ фсæ йнаг хъæ лæ сæ й йын загъта. Уый, ома Тёмыры чызг, йæ хиуыл æ ууæ нды, фæ лæ адæ мыл — нæ. Æ мæ йæ кæ д фæ нды, йæ мад аирвæ за, операци йын скæ ной, уæ д мауал фæ стиат кæ нæ д. Йæ мады кæ дæ м æ рбаласта, уый нæ зоны? Йæ мад цы уавæ ры и, уый не ’мбары?

Лæ ппу скатай, цъысымы бахауд. Цы кæ на? Ацы уысм уыйбæ рц æ хца кæ м ссардзæ н? Фыртыхстæ й йе ’мбал, нæ сыхагмæ, чи нæ раласта, уымæ азгъордта. Æ мæ, Стыр Хуыцау, табу дын æ рбауæ д; уымæ æ хца разынд. Йæ дзыпмæ нывнæ лдта æ мæ йын авд мины йæ къухмæ радта.

— Дæ с мины... Æ мæ дæ с мины æ гæ р бирæ нæ уыдысты? Дæ с мины...

— Кæ мæ ндæ рты, мæ нæ мах хуызæ ттæ н — стыр æ хцатæ, кæ мæ ндæ рты та — капеччытæ. — Уый зонгæ йæ операци кæ нын нæ бауагътаид. Амæ лæ д! Æ ппæ тæ й тынгдæ р та йын хъыг уый у, æ мæ адæ мы, мæ гуыр рынчынты стигъæ г сæ хъæ уккаг кæ й разынд. Темыр æ мæ Маринæ йæ н ахæ м цæ стфæ лдахæ г чызг уæ д. Бакастæ й — зæ д, æ цæ гдзинадæ й та — цармыстигъæ г.

— Иннæ тæ дæ р, æ вæ ццæ гæ н, ахæ мтæ сты, иу институт каст фесты. Сæ хи... Ох, цыдæ р æ й хонынц. О. Сæ хи ставкæ тæ, ома алы операцийæ н дæ р, дам, йæ хи аргъ и. Мæ нæ дуканийы алы дзаумайæ н йæ хи аргъ куыд и, афтæ.

— Омæ афтæ куы дзурынц, адæ мы лæ вар дзæ бæ х кæ нæ м.

— Уый дзургæ афтæ кæ нынц, æ цæ гдзинадæ й та иннæ рдæ м у. Дæ хиуыл æ й нæ бавзæ рстай, цы?..

— Ме знаг уыдоны къухмæ бахауæ д. Уыцы стигъæ г, Темыры чызг, йæ цæ ст дæ р нæ фæ ныкъуылдта, цыма афтæ ’мбæ лы; анымадта сæ æ мæ сæ йе ’хцадоны нытътъыста. Уæ д та йæ хи сраст кæ ныны охыл исты куы загътаид. Уæ ртæ рынчындоны сæ йраг дохтырæ н, иннæ мæ н, аннæ мæ н исты раттын хъæ уы, мæ химæ дзы цы хауы? Ницы. Фæ лæ, дам, дзы иу ныхас дæ р не схауд. Темыры чызгмæ уый дæ р фаг нæ фæ каст: операци кæ нынæ н цы хъæ уы: бинт, резинæ æ рмкъухтæ, хостæ, суанг ма тæ вдбарæ н дæ р ранымадта, уыдон балхæ нынæ н дæ р, дам, мин сомы æ рбахæ ссын хъæ уы. Рæ стæ гмæ уал иннæ дохтыртæ й райсдзæ н. Æ мæ йын лæ ппу дыккаг бон мин сомы схæ ццæ кодта. Стыр диссаг мæ м цы кæ сы: адæ мы стигъджытæ, цæ стфæ лдахджытæ, давджытæ, фыдгæ нджытæ, æ взæ ргæ нджытæ ницæ мæ йуал тæ рсынц. Адæ мы тæ ригъæ дæ й, адæ мы фыдæ хæ й мауал тæ рс, фæ лæ Хуыцауæ й та... Адæ мæ й мауал æ фсæ рмы кæ н, фæ лæ дæ хицæ й... дæ хицæ й уæ д та фефсæ рмы у!

Жаннæ зæ ххы скъуыды ныххауынмæ цæ ттæ у. Раздæ р кæ нæ фæ стæ дæ р цæ уыннæ рацыд? Æ нæ мæ нг хъуамæ ацы автобусы сбадтаид? Æ мæ цæ мæ й хæ йрæ г уыд? Уæ лæ уыл зындонмæ бахауд. Темыры чызг кæ й у, уый кæ й нæ зонынц. Æ ви... ноджы дыууæ сылгоймагæ н сæ хæ д фæ стæ бадт фæ ци. Уæ гъд бынæ ттæ ма дзы цалдæ р уыд, æ мæ фæ ндагыл чидæ ртæ сбадт, бацахстой сæ, æ ндæ р фæ стаг бадæ нтæ й иумæ йæ хи айсид. Ацы ус — Азæ, цыма, Жаннæ Темыры чызг кæ й у, уый зоны æ мæ уый тыххæ й барæ й хъæ рæ й дзуры, афтæ йæ м кæ сы. Ома хъус, цы хо дын и: стигъæ г, цæ стфæ лдахæ г. Ныртæ ккæ йæ м разилдзæ н æ мæ зæ гъдзæ н:

— Уый бинонты худинаггæ нæ г у, уый мыггаг худинаггæ нæ г у, ахæ мтæ хъæ убæ стæ й куынæ рацæ уой, уæ д хуыздæ р. Ахæ мтæ æ хцайы тыххæ й сæ мад, сæ фыды дæ р ауæ й кæ ндзысты. Ахæ мтæ н табуйаг зæ ххыл ницы ис. Æ мæ уый дæ умæ дæ р хауы, иу туг, иу стæ г стут, иу мад æ мæ иу фыдæ й гуырд.

Чызг йæ сæ р банкъуыста, йæ былтæ кæ рæ дзимæ нылхъывта, йæ былтæ йæ армытъæ пæ нæ й амбæ рзта. Нæ у! Нæ у! Уый ахæ м нæ у, уый æ ндæ р у! Йæ бон... Йæ бон ацы усмæ хъусын нал у. Сылгоймаг комкоммæ Жаннæ мæ нæ кæ сы, фæ лæ комкоммæ дзуры уымæ. Уæ д та... йæ къух ауигъæ д: ницы хъусы! Ницы уыны! Нæ -æ! Хъусы... Хъусы... Алцыдæ р хъусы, алцыдæ р уыны. Сыст æ мæ... Сыст æ мæ дæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кæ н: «О, Фатимæ йы хо дæ н æ з æ мæ мæ амарут». Хæ рзаг æ м ус бахудид æ мæ зæ гъид: «Хуыцау алцыдæ р уыны æ мæ уæ æ ргæ рæ хтæ кæ ндзæ н, Хуыцау адæ мы тæ ригъæ д нæ бары».

Фатимæ æ мæ Жаннæ хотæ сты, фæ лæ Жаннæ ахæ м нæ у. Хотæ сты, уæ д хъуамæ æ мхуызæ ттæ уой? Чызг бадæ ныл йæ хи фæ стæ мæ ауагъта Нæ у! Уый ахæ м нæ у, хорз адæ м! Цыма тынг бафæ ллад, йæ хи афтæ куыддæ р æ нкъары. Æ мæ бафæ ллад. Тынг бафæ ллад.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.017 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал