Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 8 страница






— Иугæ р нæ уатмæ æ рбахызтæ, уæ д нæ м абад.

— Бадгæ æ ндæ р хатт.

Жаннæ йы æ мбал йæ мидбылты бахудт:

— Ды Æ хсар дæ?

— Æ хсар.

Сылгоймаг ыл сæ рæ й къæ хтæ м цалдæ р хатты йæ цæ стытæ ахаста. Æ нæ фсармæ й. Къæ йныхæ й. Æ мæ Жаннæ йæ н йæ цæ стæ нгасæ й бамбарын кодта: хорз лæ ппу у. Бæ ззы.

— Иуæ й-иутæ сихорафон сæ химæ фæ цæ уынц, — Æ хсар цæ стæ нгасæ й Жаннæ йæ н амоны: æ ддæ мæ, кæ ртмæ уал ахизæ м.

— Æ мæ æ з дæ р нæ химæ цæ уын.

— Ацæ ут, ацæ ут. Жаннæ, фæ ссихор-иу ма ’рбацу, очерк фыссын, æ мæ мæ хъыгдардзынæ, — йе ’мбал сыстад. Лæ ппу æ мæ чызг уатæ й рахызтысты, Жаннæ ма уæ ддæ р йе ’мбалы цымыдис цæ стытæ йæ фæ сонтыл æ нкъары.

Лæ ппу æ мæ чызг уынгмæ рацыдысты. Æ хсары къахайст фæ сабыр, Жаннæ мæ бакаст:

— Уæ парчы рæ зты ацæ уæ м. Разы дæ?

Жаннæ бахудт:

— Гъæ -æ, хинæ йдзаг, цæ мæ й нæ фæ ндаг фæ даргъдæ р уа, уый дæ фæ нды?

Лæ ппуйы цæ сгом, йæ цæ стæ нгас, æ нхъæ лдæ н, йæ буары алы стъæ лф дæ р дзуры: о, тынг æ й фæ нды, цæ мæ й йæ фæ ндаг фæ даргъдæ р уа, цæ мæ й Жаннæ имæ фылдæ р рæ стæ г афæ стиат уой, йæ зæ гъинæ гтæ й йын исты зæ гъа. Телефонæ й æ рбадзуры. Æ мæ Жаннæ йæ телефоны Æ хсары ном куы бакæ сы, уæ д, аив нæ у, фæ лæ йæ м нал бавналы, дзуапп ын куы ратты, уæ д та сæ ныхас, цас гæ нæ н и, афтæ цæ мæ й фæ цыбырдæ р уа, ууыл бацархайы. Хатгай та æ фсон дæ р скæ ны:

— Æ хсар, мæ нæ мæ м чидæ р и æ мæ бахатыр кæ н.

Уыйфæ стæ йæ химæ фæ хыл кæ ны. Чи у? Цавæ р адæ ймаг у?

Зонгæ -зонын лæ ппуйы сайы, æ мæ цæ мæ н? Цы дыууæ рдæ м кæ ны? Æ ргом зæ гъыны хъару йæ м цæ уыннæ разыны? Æ хсар йæ сыгъдæ г æ нкъарæ нтимæ, уый та... Нæ! Нæ! Жаннæ хорз адæ ймаг нæ у. Фæ хъавы, ацы хатт ын æ ргом алцыдæ р зæ гъдзæ н, фæ лæ та ницы фæ зæ гъы. Æ взаг, цы ныхæ стæ зæ гъын хъæ уы, уыдон нал фæ ары. Æ ви Жаннæ йы æ ргом дзурын нæ фæ фæ нды, æ мæ æ фсæ нттæ агуры. Мæ нæ ныр, фæ рсæ й-фæ рстæ м цæ уынц æ мæ йын ныр алцыдæ р æ ргом зæ гъдзæ н. Æ гъгъæ д у! Æ хсары зæ рдæ дæ р æ рсабыр уыдзæ н. Нырмæ йын цыдæ р ныфс кæ й лæ вæ рдта, уый тыххæ й дзы хатыр ракурдзæ н. Йæ цæ стытæ — сывæ ллоны цæ стыты хуызæ н æ нæ хин, сыгъдæ г, ирд. Жаннæ сæ м куы фæ комкоммæ вæ ййы, уæ д дзы йæ хи фæ уыны, хъарм фæ лмæ н рухс тынтæ сæ фæ кæ лы æ мæ сæ йæ буарыл фенкъары. Æ хсары цæ стытæ м йæ бон комкоммæ бакæ сын нæ бауыдзæ н, йæ сæ р бынмæ æ руадздзæ н кæ нæ, кæ дæ мдæ р кæ сдзæ н, афтæ мæ й зæ гъдзæ н:

— Æ хсар ныббар мын, ныххатыр кæ н, фæ лæ æ з мой нæ ма кæ нын. Æ мæ дæ царды кой кæ н. Ды хорз лæ ппу дæ, ды хорз адæ ймаг дæ, сыгъдæ гуд — æ мæ дæ амонд ссардзынæ. Ды амондджын уыдзынæ.

Лæ ппу æ рлæ удзæ н. Жаннæ йы ныхас зæ рдæ йæ ма ’нкъардтаид, уымæ н уæ вæ н нæ й, фæ лæ йын уæ ддæ р уыдзæ н арвæ й дур æ рхауæ гау. Дыууæ йæ дæ р цасдæ р рæ стæ г æ дзæ мæ й лæ удзысты, адæ ймæ гтæ нæ, фæ лæ адæ ймæ гты аууæ ттау. Стæ й Жаннæ фезмæ лдзæ н: цæ уын æ й хъæ уы, сæ хæ дзары йæ м бинонтæ æ нхъæ лмæ кæ сынц. Хатыр, æ мæ ма иу хатт дæ р хатыр.

Æ хсар ын йæ къухтæ райсдзæ н, кæ д сæ цурты исчи æ рцæ йцæ уа, уæ д уыдонæ й дæ р нæ бафсæ рмы кæ ндзæ н æ мæ сыл фæ лмæ н хæ цдзæ н. Цыдæ р æ хсызгон хъарм сæ фæ кæ лы, уыцы æ хсызгон хъарм æ ггпæ т буарыл дæ р апырх вæ ййы. Чызг йæ хицæ н фæ зæ гъы: ацы хатт ын йæ къухтæ андзæ вын дæ р нал бауадздзæ н, фæ лæ... йæ къухтæ амбæ хса, лæ ппуйы къухтыл иуварс ахæ ца... уый дзы æ рбайрох вæ ййы. Нæ! Уыцы хъару йæ м нæ разыны. Афтæ мæ й йæ ныхас, йæ фæ ндæ н кæ ддæ риддæ р хицау уыд, фæ лæ Æ хсаримæ... Цыма æ ндæ р адæ ймаг вæ ййы, цыма йæ исчи ивгæ бакæ ны: æ взаг хъæ угæ ныхас нал фæ ары, ныссуйтæ, ныдздзæ гъæ лтæ вæ ййы.

— Уый та куыд? — дисгæ нгæ бафæ рсдзæ н Æ хсар. — Жаннæ, æ з мæ фидæ ны цард æ рмæ стдæ р демæ уынын æ мæ уый цы зæ гъыс? — Чи зоны, йæ ныхасмæ ма бафтауа: — Æ нæ дæ у мæ нæ н мæ цард цард нæ уыдзæ н, дæ хи дæ р æ мæ мæ н дæ р ма æ намонд кæ н.

Æ хсар... Æ хсар цæ уы йæ фарсмæ. Йæ хъæ лæ с... Цы зæ гъы?..

— Жаннæ, фæ стаг рæ стæ г цыдæ р мадзура, цыдæ р сæ гъæ схуыз дæ. Дæ химидæ г хъуыдыты аныгъуылыс, мæ фарсмæ фæ цæ уыс, фæ лæ вæ ййыс дард кæ мдæ р, цыма ацы зæ ххыл нæ цæ рыс, — дзуры Æ хсар. Æ мæ чызджы хъуыдыты хал фескъуыд. Жаннæ бахудт: Æ хсарæ н куы зæ гъид: ам нал цæ ры, мæ нæ ма цалдæ р боны æ мæ чындзы цæ уы.

— Цæ уыл худыс?

— Афтæ æ нæ уи, — Жаннæ æ нæ ’фсонæ й бахудт, æ мæ йæ лæ ппу бафиппайдта. Æ нæ рхъуыды, æ дылы худт. Ныббарæ д ын, мæ нæ фæ хицæ н уыдзысты æ мæ...

— Парчы уал абадæ м. Иучысыл дын рæ стæ г и? — Æ хсар æ м кæ сы йæ ирд, сыгъдæ г, æ нæ хин цæ стытæ й.

— Фæ стæ мæ ма мæ куыстмæ цæ уын хъæ удзæ н æ мæ...

— Цæ й, иучысыл абадæ м. Де ’мбал очерк фыссы æ мæ йæ хъыгдардзынæ.

Æ мæ сбадтысты. Æ хсар ын йæ къухтæ райста æ мæ йын сæ йе ’рмтты æ хсæ н бакодта, цыма сæ хъарм кæ ны. Жаннæ йæ къухтæ цæ уыннæ аскъæ фы? Иуварс цæ уыннæ абады? Цæ уыннæ фесты æ мæ тагъд-тагъд сæ химæ цæ уыннæ ацæ уы?

Лæ ппуйы къухты æ хсызгон хъарм æ хсызгон уылæ нтæ й йæ буарыл æ мбæ лы. Уыцы хъарм æ дзухдæ р фенкъары, мæ нæ йæ ныр куыд æ нкъары, афтæ. Хатгай йæ м афтæ фæ кæ сы: уыцы æ хсызгон хъарм уылæ нтæ æ рмæ ст йæ буарæ й не ’нкъары, фæ лæ сæ фæ уыны, мæ нæ денджызы фæ лмæ н хъарм уылæ нтæ адæ ймаджы сæ хъæ бысы куы ’рбакæ нынц æ мæ сæ уый уæ д куыд фæ уыны, афтæ.

Æ хсар æ мæ Жаннæ куы сæ мбæ лынц, уæ д лæ ппу, уæ лдайдæ р та фæ стаг рæ стæ г, ныхас чындзæ хсæ вмæ ма аздаха, уый гæ нæ н нæ й. Фæ ззæ г æ рбахæ ццæ кæ ны, сызгъæ рин фæ ззæ г æ мæ дыууæ адæ ймаджы сæ цард бабастой, сæ чындзæ хсæ вмæ сæ уарзон адæ мты æ рхуыдтой, уæ д уымæ й хуыздæ р цы и? Чызг ныхас исты хуызы æ ндæ рырдæ м фæ зилы: куыд цæ уы Æ хсарæ н йæ куыст? Ацы æ намонд финансон кризис уыдоныл нæ фæ зынд? Музейтæ н ма фидæ н ис? Чи куыд хъуыды кæ ны, уый йæ хи бар у, фæ лæ Жаннæ мæ афтæ кæ сы; Æ хсар дæ р афтæ хъуыды кæ ны: культурæ имæ баст кусæ ндæ ттыл паддзахад суæ лæ хох, нæ фæ лæ — нал æ й хъæ уынц, хицауадæ н, сæ хгæ ной сæ, уый сæ цæ сгом нæ хъæ цы æ мæ, куыдзæ н стæ г куыд раппарай, афтæ сын мамæ лайы къæ бæ ры фаг цыдæ р капеччытæ авæ рынц.

Æ хсар тынг хъæ ддыхæ й фæ зæ гъы: сæ музей, цалынмæ уый йæ хицау у, уæ дмæ йæ æ хгæ нын нæ бауадздзæ н. Йæ фидар, ныфсджын ныхас Жаннæ йæ н æ хсызгон вæ ййы. Лæ ппу æ ддаг бакастæ й — фæ лмæ н, цыма æ нцонæ й фæ тасдзæ н. Æ рхуы тел. Æ гъдауджын. Уæ здан. Æ фсармджын адæ ймаг. Фæ лæ уый ууыл нæ дзуры, æ мæ дæ цы фæ нды, уый йын кæ н: ды — судзин, уый — æ ндах. Нæ! Ахæ м лæ ппу нæ у.

Иурæ стæ г музеймæ кæ йдæ р зæ рдæ фехсайдта, чидæ р æ м бахъавыд. Ахæ м историон агъуыст — кæ й зæ рдæ йæ м нæ бахъаздзæ н! Æ хсар æ нцой нал зыдта, фæ дисы дзæ нгæ рæ г фестад. Республикæ йы разамындмæ — фысгæ — иу фыстæ г, иннæ. Уæ рæ сейы культурæ йы министр æ мæ суанг Уæ рæ сейы президентмæ дæ р йæ писмотæ ныххæ ццæ сты. Жаннæ дæ р ын фсххуыс кодта æ мæ газеты цалдæ р æ рмæ джы рауагъта: уадз, цы уавæ р сæ взæ рд, уый Ирыстоны адæ м зонæ нт.

Кæ йдæ р «æ вæ джиауы» хорз фæ нд æ рдæ гыл аскъуыд. Уæ вгæ, Æ хсармæ дæ р æ мæ Жаннæ мæ дæ р афтæ кæ сы: музейы агъуыстыл йæ цæ ст чи æ рæ вæ рдта, уый, æ вæ ццæ гæ н, сæ бынтон стыр хицæ уттæ й кæ нæ сæ бынтон хъæ здгуытæ й нæ уыд, æ ндæ р æ й ничи баурæ дтаид. Хуыцау дæ р. Æ хца æ мæ хицауады ныхмæ æ рлæ ууæ н нæ й. Æ ппынфæ стаг, музейы агъуыст музейы хæ знатимæ басыгъдаид æ мæ йæ уыйфæ стæ, кæ мæ н хъæ уы, уымæ н капеччытыл ауæ й кодтаиккой.

Жаннæ аджих: цымæ Æ хсар цæ уыл хъуыды кæ ны? Йæ цæ стытæ... Ирд. Сыгъдæ г. Æ нæ хин. Фæ лæ... Нæ сæ м бакæ сдзæ н. Уыйбæ рц къæ йных æ мæ æ дзæ сгом нæ у.... Æ хсар ссардзæ н йæ амонд. Йæ цард кæ имæ сиу кæ на, уыцы чызг уыдзæ н тæ худиаг, уый æ ппынæ дзух дæ р цæ рдзæ н хъарм бæ стæ йы, цъæ х уалдзæ джы. Жаннæ йы зæ рдæ Æ хсарæ н цæ стуарзонæ й зæ гъы амонд. Уый... уый аккаг у.

Чызг уæ ддæ р йæ хи нæ баурæ дта: лæ ппумæ бакаст. Цыбыр, хæ рз цыбыр рæ стæ г арвы æ рттывдау сæ цæ стытæ кæ рæ дзиуыл сæ мбæ лдысты. Жаннæ йæ сæ р цæ хгæ р фæ зылдта. Нæ у! Жаннæ хорз адæ ймаг нæ у. Цæ уыннæ фесты æ мæ хæ дзармæ цæ уыннæ ацæ уы? Нæ! Цæ уыннæ азгъоры? Æ намонд у, æ намондхæ ссæ г у æ мæ Æ хсары дæ р æ намонд кæ ны.

— Æ хсар... — æ мæ йе ’взаг, дарддæ р цы ныхæ стæ зæ гъын хъæ уы, уыдон нал ахсы. Цы ныхæ стæ йæ зæ гъын хъæ уы, уыдон æ рбайсæ фтысты.

— Жаннæ, мацæ уыл тыхс. Жаннæ...

— Æ мæ куы ницæ уыл тыхсын.

— Тагъд Джеоргуыбайы мæ й ралæ удзæ н — чызгæ рвыстыты æ мæ чындзæ хсæ вты мæ й. Джеоргуыбайы мæ й йæ амонд чи ссара, уый, дам, уæ лдай амондджын вæ ййы. Æ мæ...

Чызг лæ ппуйы ныхас æ рдæ гыл фескъуыдта, цыдæ р æ нæ джелбетт хуызы нæ, фæ лæ...

— Æ хсар, ахъуыды ма кæ нæ м, уæ дмæ нырма бирæ рæ стæ г и.

Жаннæ йæ мидбынат базмæ лыд: цæ уыннæ сысты æ мæ цæ уыннæ ацæ уы? Йæ хи дæ р æ мæ Æ хсары дæ р цы тухæ нæ й мары? Цы ’рцæ удзæ н, уый нæ зоны?.. Зоны йæ! Æ мæ уæ д... Æ хсарæ н æ ргом цæ уыннæ зæ гъы: «Абонæ й фæ стæ мæ не ’хсæ н ницыуал и. Уæ вгæ дæ р дзы ницы уыд, фæ лæ... Абонæ й фæ стæ мæ мах кæ рæ дзийæ н æ цæ гæ лæ ттæ стæ м. Абонæ й фæ стæ мæ нал æ мбæ лæ м». Æ мæ сыстæ д æ мæ ацæ уæ д.

— Æ хсар... — Æ хсарæ н æ виппайды, æ нæ нхъæ лæ джы ахæ м зын скæ н, уый йæ зæ рдæ нæ комы æ мæ... Цыдæ р аххосæ гтæ, цыдæ р æ фсæ нттæ агуры.

— Жаннæ, сентябры фыццаг хуыцауизæ р уæ м минæ вæ рттæ бацæ удзысты.

— Цы? — чызг фестъæ лфыд. — Кой дæ р æ й ма кæ н, — æ мæ сыстад. Нæ! Фæ гæ пп кодта. — Хæ дзары мæ м æ нхъæ лмæ кæ сынц, фæ стæ мæ мæ куыстмæ цæ уын хъæ удзæ н, æ мæ... — æ мæ фезмæ лыд, хъуамæ акъахдзæ ф кæ на, фæ лæ... Лæ ппу йын йæ уæ хсчытыл йæ къухтæ æ рæ вæ рдта, хъуамæ йæ йæ хирдæ м разила. Жаннæ йæ хи фæ сайдта:

— Æ хсар, дæ къухтæ сæ хи бар æ гæ р ауагътай.

— Жаннæ, алцыдæ р хорз уыдзæ н, ма тæ рс, ма тыхс.

— Тыхсын. Тынг тыхсын æ мæ мæ мæ хи бар уадз, — æ мæ фезмæ лыд, акъахдзæ ф кодта. — Дарддæ р мæ хæ дæ г ацæ удзынæ н.

— Цæ й, чызг æ мæ лæ ппу иу фæ ндагыл никæ д ацыдысты?

— Æ хсар, бахатыр кæ н.

— Жаннæ, фæ дзурдзынæ н дæ м. Æ нæ мæ нг нæ сæ мбæ лын хъæ уы. Ныр цыдæ р тыхст дæ æ мæ...

— Хорз, хорз. — Уый цы дзуры? Йæ зонд бынтондæ р фæ цыд? Ногæ й та дзы ныфс уадзы. Тагъддæ р! Тагъддæ р! Сæ химæ ма исты хуызы куы бахæ ццæ уаид. Уый... Уый цавæ р адæ ймаг у Жаннæ? Ницыуал зоны, ницыуал æ мбары. Æ хсарæ н зæ гъын хъуыд: мауал æ м æ рбадзурæ д, мауал æ м æ рбацæ уæ д. Ацы фембæ лд у сæ фæ стаг фембæ лд. Охх, Æ хсар, Æ хсар, фæ лтау куы никæ д сæ мбæ лдаиккой...

Жаннæ йæ къахайст фæ тагъддæ р кодта: сæ химæ нал хæ ццæ кæ ны. Исты хуызы ма сæ хæ дзармæ куы баирвæ зид.

 

31-æ м августмæ ма баззад 20 боны.

11-æ м август. Дыццæ г. 2009 аз

Жаннæ йæ н сæ чындз Ларисæ, Вадимы бинойнаг, цы хабар радзырдта, уый йæ зæ рдыл арæ х æ рлæ ууы, æ нæ нхъæ лæ джы цæ стыты раз сысты. Дыууæ азæ й йыл фылдæ р рацыд, фæ лæ йæ нæ рох кæ ны, нæ фæ лæ, цæ мæ ндæ р, цас фылдæ р рæ стæ г ыл цæ уы, афтæ зæ рдыл арæ хдæ р лæ ууы. Цæ мæ н, Жаннæ уый не ’мбары. Уды сыгъдæ гдзинад æ мæ чъизи сиу сты, се ’хсæ н арæ н нал и. Æ мæ уый цæ мæ н афтæ у, цымæ, кæ м и йæ ратæ дзæ н, кæ м сты йæ уидæ гтæ? Жаннæ кæ мдæ р каст: Римы импери, дам, ма ныр дæ р цæ рид, фæ лæ удты сыгъдæ гдзинад фесæ фт, удтæ сафтид сты, удтыл чъизи æ мæ æ лгъагдзинад стыхджын æ мæ... æ мæ, дам, импери уымæ н базгъæ лæ нтæ. Æ мæ кæ д мах дæ р уыцы уавæ ры стæ м? Ларисæ сæ рыстырæ й, йæ хицæ й æ ппæ лæ гау цы хабар ракодта, уый цы амоны, уый цæ уыл дзуры? Фæ лтау æ й куынæ фехъуыстаид. Ноджы йæ ахæ м лæ мбынæ г, ахæ м бæ стонæ й дзырдта, æ мæ дзы иу лыстæ г фæ зилæ н дæ р нæ фæ уагъта. Фæ лæ йæ йæ ходыгъдæ н цæ мæ н дзырдта? Кæ д, ома кæ сыс, æ з куыд тыхджын сылгоймаг дæ н, мæ хи дæ р æ мæ мын мæ бинонты дæ р чи бафхæ ра, уымæ н æ й никæ д ныббардзынæ н, мæ маст мин ахæ мæ й райсдзынæ н, мæ нæ н зын чи скæ на, уый уаллонау мæ къæ хты бын бырдзæ н, æ мæ йæ алчидæ р зонæ д.

Жаннæ, мæ нæ ныр диваны рахиз кæ роны куыд бады, афтæ бадт. Петр Калиновский, кæ ддæ р Уæ рæ сейы цæ рæ г, ссæ дзæ м æ нусы дыууынæ м азты сабийæ афтыди Германмæ, стæ й та Австралимæ, стыр ахуыргонд, зынгæ дохтыр ссис. Цалдæ р цымыдисаг чиныджы рауагъта. Сæ иу — «Переход. Последняя болезнь. Смерть и после». Æ мæ уый каст.

Ларисæ уатмæ ’рбахызт æ мæ диваны иннæ кæ рон сбадт. Жаннæ йы къухæ й чиныг райста, йæ сыфтæ йын иуырдæ м дæ р æ мæ иннæ рдæ м дæ р арафæ лдах-бафæ лдах кодта, æ рæ вæ рдта йæ, чызгмæ бакаст æ мæ загъта:

— Ахæ м чингуытæ кæ сын пайда нæ у. Цард йæ хæ дæ г цыфæ нды чингуытæ й дæ р диссагдæ р у, адæ ймаг ахæ м уавæ рты бахауы, æ мæ йæ иу фантаст дæ р не ’рхъуыды кæ ндзæ н, — æ мæ дзурын райдыдта:

— Кæ м кусын, уый зоныс: арахъгæ нæ н заводы, сæ йраг бухгалтер. Уырдæ м Вадимы фæ рцы бахаудтæ н. Заводы хицау йæ зонгæ у, фæ лæ уæ ддæ р, цалынмæ йын æ хца радтам, уæ дмæ дыууæ рдæ м кодта, рæ стæ г ивæ зта. Æ хца куыддæ р йæ дзыпп ссардта, афтæ заводы уæ рæ х кулдуар байгом, сæ йраг бухгалтеры бандон мæ м æ нхъæ лмæ каст. Ацы царды æ рдхорд дæ р нæ й, хæ стæ г дæ р дзы нæ й, суанг дзы æ фсымæ р дæ р нæ й. Æ рмæ стдæ р дзы ис æ хца. Уæ вгæ, ныртæ ккæ ныхас ууыл нæ цæ уы.

Бухгалтерийы мæ нимæ стæ м фондз адæ ймаджы, фондз сылгоймаджы. Мæ нæ й фæ стæ мæ иннæ цыппар — æ нæ лæ гтæ. Чи дзы мæ кары, чи чысыл хистæ р, иу та — кæ стæ р. Иууылдæ р — нырма æ рыгон сылгоймæ гтæ. Дыууæ йæ — сидзæ ргæ стæ, иуæ н йæ лæ г аварийы фæ мард, иннæ йы Хуыцау карз нозтыл скодта æ мæ йæ хуылф басыгъд — йæ игæ рæ й мæ рдтæ м бацыд. Æ ртыккаг йæ лæ гæ й рахицæ н. Цыппæ рæ м, мæ нæ й дыууæ азы кæ стæ р — Татьянæ, Таня, Танюшæ, æ нæ мой, стæ й искæ д мой скæ ндзæ н, уый дæ р зын зæ гъæ н у, йæ афон раджы аивгъуыдта. Йæ азтæ й — кæ стæ рхуыз, бæ рзонд, æ лвæ ст. Æ мæ цæ уыннæ кала цæ хæ р: цæ ры йæ хицæ н, цы кусы, уый хардз кæ ны йæ удыл, йæ ацыд, йе Ъбацыд — йæ хи бар. Æ нæ мæ т иунæ г адæ ймаджы æ нæ мæ т цард. Йæ бæ рзондзæ вæ тджын туфлиты сæ рыстырæ й къупп-къупгæ нгæ куы фæ цæ йцæ уы, уæ д исчи банхъæ лдзæ н: Ирыстон ууыл лæ ууы, Таня арахъхъуадзæ н заводы хуымæ тæ г бухгалтер нæ у, фæ лæ æ ппынкъаддæ р — нæ парламенты сæ рдар.

Сылгоймаг сылгоймæ гты ’хсæ н цы басусæ г кæ ндзæ н? Таня æ ддæ мæ дзаст у. Нæ, ома лæ ппуты æ рмкъухты хуызæ н нæ ивы, стæ й уый йæ куыстыл æ взæ рырдæ м нæ зыны, æ ндæ р... Дæ сны бухгалтер у, фæ лтæ рдджын, тæ ккæ вазыгджындæ р куыстытæ уый кæ ны, куысты дæ р æ мæ царды дæ р — арт. Уæ ддæ р... Исты хуызы йæ раиуварс кæ нин, фæ лæ... Нæ хицау дæ р, дам, дзы сыгъдæ г нæ у, рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ, дам, æ й абæ рæ г кæ ны. Афтæ мæ й йæ хи ус — æ рыгон, рæ сугъд. Нæ лгоймаджы чи бамбардзæ н? Цыфæ нды дæ сны кусæ г уæ д, уæ ддæ р æ й раиуварс кæ нин, хурыл дæ р ма куы ссарынц сау стъæ лфытæ, фæ лæ йæ хицаумæ гæ сгæ быхсын.

Мс ’мкусджытæ Вадимы хорз зонынц. Æ мæ йæ уал азы дæ ргъы куыд нæ зоной. Алы райсом мæ куыстмæ ’рбаласы, изæ ры мæ м æ рбацæ уы. Цал æ мæ мын цал хатты загъта: «Дæ хицæ н хæ дтулгæ балхæ н». Балхæ нин, фæ лæ йæ м мæ ныфс нæ хæ ссын æ мæ... Уæ вгæ та балхæ нын хъæ уы.

Вадим нæ уатмæ арæ х æ рбауайы, сылгоймæ гтимæ аныхæ стæ кæ ны, сæ зæ рдæ сын алхæ ны: куы шампайнаджы авг, куы кафетты къопп æ рбахæ ссы, куы торт. Афтидкъухæ й нæ м нæ цæ уы. Сылгоймæ гтæ й æ ргом никæ д ницы схауд, фæ лæ æ з, авддæ лзæ ххы калм сынæ р куы цæ гъда, уæ д уый куы базондзынæ н, сылгоймаг ма цæ мæ н дæ н, уæ д... Ме ’мкусджытæ мæ м хæ лæ г кæ й кæ нынц, уый мын цас зын базонæ н уыд. Æ мбæ хстой йæ, æ мбæ хстой йæ, фæ лæ... Вадим æ рбацыд, уæ д кæ с, æ мæ дзы чи йæ мидбылты худы, кæ мæ н йæ цæ стытæ й рухс стъæ лфæ нтæ хауы, чи та, цыма йæ рæ уæ д йæ хуылфы амард, афтæ йæ химæ ныхъхъуыста, дзырд дзы нал хауы. Æ мæ сын лæ гтæ кæ й нæ й, уым æ з цы аххосджын дæ н? Бæ ргæ, куы сын уаид, æ нæ лæ г сылгоймаг æ лгъыст у, æ нæ лæ г сылгоймаг тæ ригъæ ддаг у.

Иннæ сылгоймæ гтæ м ницы, цы сæ фæ нды, уый дзурæ нт, Вадиммæ ныхасæ ппарæ н кæ нæ нт, сæ цæ стытæ цæ хæ р калæ нт, фæ лæ Танямæ мæ зæ рдæ фæ къæ пп кодта, сылгоймаджы зæ рдæ алцыдæ р раздæ р базоны, æ мæ фæ къæ рцхъусдæ р дæ н. Вадим нæ уатмæ æ рбахызт, уæ д кæ с, æ мæ сылгоймаг фæ хъæ лдзæ г, йæ цæ сгом фæ ивта: ныррухс и. Сусæ гæ й, куыд ничи йæ бафипнайа, афтæ мæ й йын йæ цæ стытæ ахсы. Цыдæ р уысм, цыдæ р рæ стæ г Вадимимæ фæ комкоммæ вæ ййынц. Æ з мæ хи афтæ дардтон, цыма ницы зонын, ницы уынын, ницы æ нкъарын. Афтæ мæ й йын йæ алы чысыл фæ зылд дæ р мæ цæ ст ахста. Чи зоны, Таня-иу фыццаг рæ стæ джы афтæ дæ р ахъуыды кодта: ай цыдæ р гоби, цыдæ р къодах у.

Рæ стæ г куыд фылдæ р цыд, ме ’мкусæ г афтæ къæ йныхдæ р æ мæ æ дзæ сгомдæ р кодта. Йæ цæ стытæ гæ дыйы цæ стыты хуызæ н æ рттывтой, де ’фсымæ рæ н комкоммæ дзырдтой: мæ зæ рдæ демæ и, дæ уацайраг мæ бакодтай, мæ хи дын нывонд кæ нын, æ мæ нæ фæ фæ смон кæ ндзынæ.

Таня де ’фсымæ рмæ цы цæ стытæ й каст, уый иу хатт чи федтаид, уый алцыдæ р бамбæ рстаид. Æ з та сæ æ дзух уыдтон. Фæ лæ ныхъхъус дæ н, æ з уыдтæ н дойнаг дур. Мидæ гæ й та риу сыгъд, мæ маст пæ лхъ-пæ лхъ кодта, фæ лæ мæ иу сым никæ д схауд. Дарддæ р. Дарддæ р цы уыдзæ н? Æ мæ æ нхъæ лмæ кастæ н. Цас бафиппайын мын хъуыд: Вадим Таняйы иннæ сылгоймæ гтæ й нæ хицæ н кæ ны, йæ алы æ рбацыды дæ р ме ’мкусæ г йæ цæ стытæ й йемæ бæ ргæ дзуры, йæ фæ стæ зилынц, ахсынц æ й, фæ лæ йын дзуапдæ ттæ г нæ й, йæ зæ рдæ йы ныхас æ м нæ хъуысы.

Æ з сылгоймаг дæ н, æ мæ зæ рдæ æ хсайдта: цыфæ нды куы уа, уæ ддæ р нæ лгоймаджы дадзинты нæ лгоймаджы туг ивылы, ноджы ма дæ æ лвæ ст, хæ рзконд сылгоймаг йæ хæ дæ г йæ хиуыл куы ардауа, йæ буары алы стъæ лфæ й дæ р демæ куы дзура, уæ д хи бауромын зын у. Вадимы хорз зонын, фæ лæ уæ ддæ р къæ рцхъус уæ вын æ мбæ лы.

Таня йæ рохтæ тынгæ й-тынгдæ р уагъта. Æ вæ ццæ гæ н, æ нхъæ лдта, афтæ æ мбæ лы. Æ з Вадимы цардæ мбал дæ н, æ вæ ццæ гæ н-иу дзы уый æ рбайрох, науæ д та, афтæ сæ дзæ сгом, æ мæ йæ м, æ вæ ццæ гæ н, афтæ кæ сын райдыдта, æ з Вадиммæ ницы бар дарын, цыма мæ нæ уыны. Æ мæ -иу нæ м Вадим куы фæ зынд, уæ д-иу мидбылхудгæ загъта:

— Нæ сиæ хсты хуыздæ р, куыд дæ? Дæ хи нæ м куыд æ нкъарыс?

Де ’фсымæ р-иу ын уазал дзуапп радта. Фæ лæ -иу уый цыма ницы фехъуыста, йæ цæ стытæ -иу ыл уыцы къæ йныхæ й ахаста æ мæ загъта:

— Демæ ныл дыккаг хур ракæ сы. Арæ хдæ р-ма-иу нæ м æ рбауай.

Æ з уæ ддæ р ницы дзырдтон, æ з уыдтæ н къуырма, æ з уыдтæ н куырм.

Таня Вадимæ н йæ хи хъардта. Телефонæ й-иу æ м бадзырдта, йемæ цы хуызы сæ мбæ ла, ууыл архайдта, уымæ йæ быцъынæ г тыдта. Тыххæ й йæ йæ хæ дæ г йæ сынтæ гмæ ласта. Æ з ын йæ алы ныхас дæ р зыдтон. Вадим мæ нæ й никæ д ницы басусæ г кодта, стæ й, æ нхъæ л дæ н, æ мæ фидæ ны дæ р афтæ уыдзæ н.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.015 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал