Главная страница Случайная страница КАТЕГОРИИ: АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника |
Гулиа Димитры амæлæтыл
Цымæ цæ уыл йæ хъиутæ хæ ры денджыз? Æ нустыккон Акуамæ [7] згъорынц уылæ нтæ, Ыстæ й, фæ дисы барджытау, фæ стæ мæ Тæ хынц цыдæ р тæ ссаг хабар хъæ ргæ нгæ. Цымæ цæ уыл йæ хъиутæ хæ ры денджыз?
Ызнæ т палмæ тæ — дымгæ йы пыхцылтæ, Сæ базыртæ — æ вирхъауы хъандзалтыгъд: Цыма æ васт ныппæ ррæ стæ ввонг уынджы Лæ ууынц фыдохы уацхæ ссæ г бæ лæ ттæ. Ызнæ т палмæ тæ — дымгæ йы пыхцылтæ.
Уæ ззау уæ ддæ ф йæ хи дæ лоз æ руагъта, Æ ви ныццахсти донгонд ызды уынгты Æ мæ фыдохы музыкæ, фыддымгæ, Тыхабухгæ, йæ тæ нджыты лæ гæ рдынц. Уæ ззау уæ лдæ ф йæ хи дæ лоз æ руагъта.
Фыдуац Абхазы тугдадзинты ацыд Дыздызгæ нгæ, тæ ссаг, тыхæ ндыгъд токау, Æ мæ цæ гъды дзæ нгæ рджытæ йæ уды, Йæ тыхджын буар кæ рæ й-кæ ронмæ дуды. Фыдуац Абхазы тугдадзинты ацыд.
Цæ й табæ т у, — лæ джы æ ви хуыцауы?! — Уый уæ лтæ рхæ г йæ зæ рдæ ис Абхазæ н, Йæ истори, йæ рухс абон, йæ фидæ н Æ ппæ т уидæ ггæ й табæ тимæ баст у. Цæ й табæ т у, — лæ джы æ ви хуыцауы?!
Æ ндон зæ рдæ йæ цæ вынæ й нæ банцад, — Рæ мудзы, судзы уæ лтæ рхæ г цырагъау. Йæ уидæ гтæ й йæ адæ мимæ баст у, — Æ нус-æ нус сæ дадзинты цæ рдзæ ни. Æ ндон зæ рдæ йæ хуыз ивы, нæ банцад! Сухум, IV. 1960 аз Рухс Куыд ныггуыппæ г æ хсæ в, куыд бамыр. Йæ дæ лбазыр цавæ р ныттар?.. Мæ зæ рдæ мæ ‘ртхосæ н уæ д та мын, Арв, иунæ г ыстъалы ныддар!
Æ нæ бын уæ рмау мæ фыдталынг Бæ ллицбастæ й дары кæ мдæ р. Мæ удлæ ууæ н рухс цард, уæ д та мын Æ вдадзæ н — дæ сыбыртт, кæ м дæ!
Нæ уынын, нæ хъусын, нæ хатын, Кæ м ма ‘мбудын ад æ мæ тæ ф! Æ дзæ мæ й мæ рæ уджыты бады, Лæ сæ нау, бæ зджынахст уæ лдæ ф...
...Æ ндидзынц та царды фæ рæ зтæ, Уæ ларвы тæ раз та фæ къул. Фыдфын æ хсæ в атахт, фæ фæ стæ, Фæ схохæ й ысрæ мыгъта хур...
Фæ цæ уын, ивылы мæ уæ нгты, Гуылф-гуылфгæ нгæ, дунейы рухс. Мæ фарсмæ — цырагъадæ м уынгты, Уæ д се ‘хсæ н та — саударæ г ус?!.
Уый, — дысон куы стахти фыдæ хсæ в, — Æ рхаудис йæ базыры сис... Ныр фестади бæ стæ чындзæ хсæ в, Ныр атади таримæ рис.
Дзæ нæ тон æ хцон цин æ нкъарын, Сырх арвы рон фестад мæ уд. Дæ лдзæ х фæ уæ нт сау æ хсæ в, талынг! Уæ, рухс бонтæ, арфæ йаг ут!
|