Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Уалдзыгон æхсæв






Тар æ хсæ в... Ыскъæ фы

Уалдзæ джы тæ ф дымгæ,

Цыма ‘хсынцъы дидинæ г

Рафтыдта мæ фындзы бын.

 

Уæ лдæ ф, сау хъæ дабæ йау, —

Хъарм æ мæ фæ лмæ нвæ дджи.

Уддзæ ф мыл йæ пух къæ дзил

Асæ рфы гæ дыйау.

 

Тар — æ дзæ м, æ хцон æ дзæ м.

Бæ стæ — сабыр, сабыр...

Цыма цъыфы ‘взист цæ фхад, —

Мæ й ныссагъди мигъты.

 

Æ з лæ ууын уæ лвонг рындзыл,

Горæ тмæ фæ лгæ сын,

Дæ лæ ‘рхауди Чъребайыл

Рухсдзыгъуыр æ рвуадздзаг...

 

Афтæ ‘хцон у ацы ‘хсæ в,

Афтæ хъарм мæ удæ н, —

Уалдзæ г нæ, — мæ фыццаг уарзт

Кæ д æ рцыд йæ хуызы...

 

Тар æ хсæ в... Сывæ ллонау

Мæ н уырны цæ мæ ндæ р, —

Талынджы бæ зджын уылæ н

Йемыдзаг у рухсæ й, —

 

Ахæ ц ыл æ мбæ рзæ нау, —

Арвырон нырттивдзæ н,

Ракæ лдзæ ни зæ рдæ йыл

Дидинджыты рухс зæ й.

Февраль 1964 аз

***

Зонын, нæ й мæ фыстыты бæ ркад —

Ме ‘нæ рцæ ф уæ лтæ мæ ны цæ хæ ры...

Уый, мæ зæ рдæ фегом вæ ййы хатт,

Арвы дуарау, рифмæ йы дæ гъæ лæ й.

(Афтæ ‘ргом ысирвæ зы ныхас

Арæ х тарф хъуыдытыцыд лæ гæ й дæ р).

Чи хаты мæ хъуырдухæ н, мæ маст,

Гъе — цы цины денджызы лæ гæ рдын!

Бæ рц — мæ фыст, ыстыр — мæ цин, мæ хъыг

Æ мæ нæ й мæ нæ н æ рхуыст, æ рфынæ й.

Ме стих у нæ лгоймаджы цæ ссыг,

Уый тæ дзы мæ зæ рдæ йы рæ бынæ й.

Иунæ г уысм нæ карз, рæ стаг æ нус

Рацыдис йæ хиуыл сайдæ й, — федтон, —

Ахуыссы цырагъхъуыдыйы рухс,

Цагъд базыртау, акæ лынц мæ фæ ндтæ.

Ферттывта рæ стдзинады фæ ринк —

Дуг рæ стæ йæ фхæ рд лæ джы рæ вдауы, —

Уæ д мæ удæ й æ з цæ гъдын зæ рин,

Уæ д мæ бæ ллиц дидинæ г æ фтауы...

Чи федта мæ зæ рдæ йæ н йæ хуыз?

Чи дзурдзæ н рæ стæ взарæ н быцæ уы, —

Электры тыхæ ндыгъд телау æ з

А зæ ххыл дыздызгæ нгæ куыд цæ уын?!

***

Мигътæ се зды базыртæ ныттыгътой,

Арвæ мдынг æ рцыдысты ныллæ г,

Хæ хты, цыма, сыджыты нынтъыхтой, —

Йе ‘мбæ рц сыстын нал фæ разы лæ г.

 

Зайæ гхалæ й никуы змæ лы иу тау,

Æ рдз — æ мыр, æ гъуыз. Цымæ цы ‘рцыд?

Къутæ ртыл, сыгъзæ ринпакъуы цъиутау,

Нал бадынц сырх дидинджытæ, цы?!

 

Æ з тыхæ ндыгъд зарæ джы зынг зæ л дæ н,

Дуне мæ ныццарауын хъæ уы,

Æ мæ зæ ххæ й мигъты ‘хсæ н мæ зæ рдæ,

Бомбæ йау, ныггуыппæ ввонг лæ ууы!

***

Дæ лæ хъæ ддаг цъиу уазалы басыд,

Зилы цæ дты хæ лцагур, дзыназы.

Цыма тары дыдзырухс цырæ гътæ, —

Доны ризынц йæ чысыл сырх къæ хтæ.

 

Æ рдз, цæ мæ н кæ ныс хъулон ми ахæ м:

Ды куы схай кодтай хъаны цард махæ н,

Уæ д æ нæ бон, тæ ригъæ ддаг маргъæ н

Цард куыд радтай уыргæ фтауæ н уаргъæ н?

 

Æ з мæ уды дуар байтыгътон цъиуæ н, —

Æ мæ байдзаг йæ пæ р-пæ р, йæ уастæ й,

Æ мæ йе ‘нкъард, зæ рдæ халæ н ниуын

Айстон мемæ фæ ндаггаджы мастæ н.

Сонет

Галы богъау раст тæ рхонмæ тоны

Абон дæ р мæ зæ рдæ йæ дæ ми.

Бабыхсын рæ стæ й æ фхæ рд, — кæ й бон уыд,

Удыхъæ д æ ндонвидар кæ м и?!

 

Тымыгъы нæ уыны лæ г йæ развæ д, —

Æ рхы ‘рдæ м ныццух-мух кæ ны хатт...

Хахуыртæ дыл кодтаиккой цасфæ нды, —

Азым дæ м рæ сттæ рхонæ й нæ хауд!

 

Зонын æ й, мæ уаргъы хай дæ р хастай,

Буц хæ лар, кæ цæ й кæ дæ м, кæ цæ й!

Ирмæ ‘рцыдтæ, уый тыххæ й къæ дзæ й —

Йе ‘нувыд фырт, дард бæ стæ йы хастæ й.

 

Æ мæ фарсты карз нысанау, мæ нæ,

Не ‘ппæ ты раз ныр лæ ууыс æ дзæ мæ й.

***

Абондæ ргъы мæ н æ вдæ рзы низ,

Артау судзын абондæ ргъы тæ вды;

Ме ‘рдхордыл, дам, карз хæ цгæ йау ис

Æ мæ музæ нал цæ уы мæ тæ фтыл...

 

Гъе, уæ ууай, мæ райстбавæ рд лымæ н,

Тохы бон — йæ худинаг тæ ппудæ н!

Чи зоны ‘мæ стихмонцы тæ мæ н

Басгуыхтаид царды хос мæ удæ н!..

 

Ныр уыдзæ н мæ цæ стысындз дæ фенд,

Ныр дæ кой — мæ зæ рдæ йы рæ мпъузæ н!

Æ з мæ цины ‘нæ дæ у дæ р — поэт,

Мæ н æ рмæ ст мæ тыхсты хъуыди музæ!

Ныфс

Уары та фæ лмæ н къæ вда мæ рустыл,

Уалдзæ г та хæ къуырцгæ нгæ кæ уы.

Рæ стæ джы цæ ст — арвы зиллакк мустылд,

Æ з йæ разы ‘рвайдæ нау лæ ууын.

 

Цæ стытæ — дыууæ чысыл æ хсæ вы, —

Мæ нæ цыма фарсты нысан раст, —

Дун-дунейы тармæ сæ ныццæ вын:

Цæ й-ма, цæ й, рæ стдзинады хуыз, раст.

 

Æ мæ разынд, хох-уæ йыгау, хъенæ й

Рæ стæ джы гигант фæ лгонц æ васт.

Бон — йæ иу цæ ст, талынг æ хсæ в — йе ‘ннæ,

Тасæ фтау, фыдуазал у йæ каст.

 

Куы ныххуды, куы кæ уы, дзыназы,

У йæ иу фарс урс, йæ иннæ — сау.

Уый лæ ууы æ нæ мæ лæ т мæ разы,

Генион абстракцион нывау.

 

Æ з хъæ ндил дæ н, уый цур æ з мæ ддзыг дæ н,

Фæ лæ йын йæ цæ стытæ м кæ сын.

А дунемæ уазæ гуаты ‘рцыдтæ н,

Фæ лæ дзы уæ ддæ р æ з дæ н фысым.

 

Сом мæ фæ дон бацæ удзæ н мæ хуызы;

Уæ дæ тох, цæ рын куы хъæ уы мæ н.

Æ мæ дугты, заманты рæ хысы

Калдзынæ н тъымы-тъыма тæ мæ н.

 

Æ з ыстъæ лын, — ахуыссинаг рухс тын.

Дард кæ мдæ р та ссудздзæ ни мæ рухс;

Ацы къæ вда уарыдис æ нусты,

Ацы къæ вда уардзæ нис æ нус.

***

Дыууæ цæ сты,

Дыууæ ‘нкъард сау зæ рватыччы,

Сæ сæ рмæ тыгъд сæ фæ йнæ базыры,

Цыма æ рбадтысты фæ лладæ й пылыстæ г цъитийыл.

 

Дыууæ цæ сты,

Дыууæ нымæ г ыстъалыйы,

Æ рбынат кодтой се ‘рфæ нты

Дыууæ æ нусы дæ ргъæ н тар æ хсæ вы.

 

Дыууæ цæ сты,

Дыууæ ‘нкъард сау зæ рватыччы,

Сæ цины уалдзæ г раивта хъызт зымæ гæ й.

 

Дыууæ цæ сты,

Дыууæ нымæ г ыстъалыйы, —

Тæ мæ нкалгæ цы ирд арвыл ыскастысты,

Уый сатæ г-сау фыдохы мигъ нымбæ рзта...

 

Мæ удæ й дæ р,

Куы раздахин фæ стæ мæ

Сæ цъæ х уалдзæ г дыууæ ‘нкъард сау зæ рватыккæ н!

 

Мæ удæ й дæ р,

Дыууæ нымæ г ыстъалыйæ н

Куы сисин æ з сæ райдзаст арвæ й саутæ!

***

Ма, мæ хæ лар, сойбыл зарæ г ма кæ н,

Афтæ ‘нцон дæ р нæ у зæ ххыл фæ цæ рын.

Цардвæ ндаг дæ рзæ гтæ конд у, какон:

Ис æ взонгæ й урс хилтæ мæ сæ ры.

 

Ис æ взонгæ й урс хилтæ мæ сæ ры,

У мæ ных æ рыгонæ й дыдæ гътæ.

Бавзæ рстон дзы уалдзæ джы къæ сæ рыл

Судзгæ уарзты цинимæ фыдæ х дæ р.

 

Ды фæ зарыс: хæ хтыл цъити тайы...

— Тайы, фæ лæ, басæ тт ыл, — нæ ма стад.

Ды фæ зарыс: зæ рдæ цинæ й райы...

— Райы, фæ лæ цас æ взары маст та?

 

Цæ й, зæ гъ-ма, зæ гъ-ма, уæ д та цæ мæ н у,

Магъзы цъарау, хохы ных фырынцъылд,

Тулдз бæ ласы уаддзæ джы тæ мæ ны

Арв æ васт цæ мæ н æ ркъуыры рындзыл?

 

Диссаг: царды цæ р æ мæ йæ ма уын,

Циныл æ мæ мастыл зар æ мхуызон!

Æ з æ рмæ стдæ р иу куырм æ гъдау фауын:

Дуг дæ уæ й цæ мæ н ыскодта хъузон?!

 

Царды фурдæ н йе ‘рфæ нты — нæ фæ ндаг,

(Худинаг — йæ тæ нджыты лæ гæ рдын!)

Уым та мын дæ бирæ дæ р нæ фæ нда, —

Дуг тæ хдзæ н зуыгъ-зуыгъгæ нгæ дæ зæ рдыл!

 

Дунейæ н дæ уд уыдзæ ни призмæ, —

Талынг æ мæ рухс тынты фæ рсудзæ н;

Уæ д дæ зарæ г царды цинæ й риздзæ н,

Уæ д дæ зæ рдæ зæ ххы рисæ й судздзæ н.

 

Худис-иу зыд паддзæ хты хæ стытыл,

Цин кæ нис: хæ лæ г нæ бæ стыл нал ис,

Иу бон æ й дæ хæ лары цæ стыты,

Сау калмау, тымбылтæ й хуысгæ, ссарис.

 

Иу бон иуы рухс удмæ ныккæ сис

Æ мæ зæ рдæ хуры фарсмæ симид.

Иу бон фенис иннæ йы æ нæ фсис,

Баризис, ныдздзыназис дæ химид.

 

Искуы искæ й амонды хур тавид? —

Уый дæ уæ й дæ р судзгæ сагъæ с давид.

Искуы бомбæ зæ ххы кæ рон хæ лид? —

Йе схъистæ й дæ удыл дæ р æ мбæ лид.

 

Ма, мæ хæ лар, сойбыл зарæ г ма кæ н,

Афтæ ‘нцон дæ р нæ у зæ ххыл фæ цæ рын.

Цардвæ ндаг дæ рзæ гтæ конд у, какон:

Ис æ взонгæ й урс хилтæ мæ сæ ры.

Сахат

Мæ разы та цъыбар-цъыбур кæ ны

Индустрийы алæ мæ ттаг цъиу мæ нæ.

Нæ, уый æ цæ г нæ узæ лы мæ ныл,

Фæ ливы мæ цæ стмæ мийы кæ лæ нæ й.

 

Йæ зарæ гæ й мæ лæ тмæ сайы мæ н

Уый, «Одисейы» базырджын чызджытау.

Тъымы-тъыма — йæ комулæ фт, фæ лмæ н, —

Кæ лынц мæ риуыл минуттæ сыджытау.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.02 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал