Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Дзуры Ирыстон






Хъуырдухæ нæ мхиц, — уадау,

Тымыгъвæ дджи тыгъдæ ттæ,

Алайнаджы æ хситтæ й, тæ хгæ фатау,

Нысанагур æ нусæ мдзу фæ ндæ гтæ

 

Кæ ддæ р, мæ райгуырдæ й дæ р раздæ р,

Тыфылмонц фæ нд мæ туджы ‘ртæ хты ссыгътой.

Нæ уыд бæ ллиц æ вæ дджиагдæ р, уаздæ р,

Сæ тохсидтмæ куы тахтаин æ взыгъдæ й.

 

Фæ лæ зæ хх æ мæ арвы фыдæ х иумæ

Ныццыхцыр ысты заманты мæ сæ рмæ,

Мæ зæ рдæ мын фыдгултæ систой мидмæ,

Уæ ддæ р нæ састæ н м’ адзалы къæ сæ рмæ...

 

Фæ лæ гæ рстон зындоны пиллон арты,

Фæ лæ нæ федта мæ н хъысмæ т тыхстгъуызæ й.

Фыддутты талынг райгæ рстон мæ кардæ й,

Фæ стейæ баззад тугуарæ н, тыгъдызæ й...

 

...Уыдис мæ сæ рмæ арвы тыгъдад уаддымд,

Нæ кодтой мигътæ змур зилахар, цъахтау,

Æ мæ мæ царды æ з фыццаг хатт радтæ н:

Æ рдзæ уадындзæ й царды уалдзæ г цагъта.

 

Йæ базыртыл мæ диссаджы тых систа,

Мæ цин тыдта йæ бæ ттæ нтæ, рæ дывта:

Мæ хиды ‘ртæ хтæ й судзгæ цырагъ сыстад

Æ мæ мæ развæ д айдæ нау арттывта...

 

Гуыргъахъ цæ уæ нты тас, уæ д рис нæ зыдтон:

Æ рвгъуыз фæ лммæ йæ хи мæ фæ ндаг дардта,

Уым арвæ мбæ рц æ взист хохы бæ рзæ ндыл

Мæ сæ нтты мæ сыг ирд тæ мæ нтæ калдта.

 

Йæ сæ рмæ сыгъд мæ цардамонды стъалы,

Мæ дойны уд йæ алдзæ н рухсыл бафтыд:

Зыдæ й нуазгæ рæ сут суадоны малы

Лæ г фендзæ нис фæ ллад сæ гуыты афтæ...

 

Æ васт, хъуына къæ дзæ хджыны, мæ разы

Хъуынджынзæ рдæ уæ йыджы аууон растад:

Хæ лбурцъæ й рацыд саувадыг мылазон,

Нырттывта арв, сæ ртæ г къæ р-къæ р нылласта.

 

Æ ркалдысты сæ базыртæ мæ сæ нттæ н,

Уый сæ рсæ фæ ны асхъиудта мæ фæ ндаг, —

Йæ нысанæ й фæ ивгъуыйгæ зынг фатау,

Тъымы-тъымайы талынг цъассы атад.

 

Æ рнымæ г и æ хсæ вдзырагъ дæ р мигъы,

Зына-нæ зына мæ й æ рттивы уæ лæ.

Дæ лимон-хъысмæ т ралæ ууыди тигъыл,

Æ мæ ныххудт йæ дзыхыдзаг кæ л-кæ лæ й...

 

Æ рмæ ст ныфсы рухс н’ ахуыссыд мæ риуы,

Æ рмæ ст мæ уд нæ фæ тасыд фыд-зыны:

Æ вæ д æ врæ гъты хур дæ р-ма фæ чиуы,

Фæ лæ та ноджы ирддæ рæ й фæ зыны;

 

Фыд-их æ рцæ уы малусæ гыл уалдзæ г, —

Фæ скъæ вда хурмæ царды цинæ й худдзæ н;

Ыстоны уад йæ зæ нг быныл цъæ х тулдзæ н. —

Цæ рдхъом мæ ры ыставддæ р тау ысуадздзæ н...

 

Мæ нмæ бæ ллиццаг фидæ н азтæ худынц

Æ мæ мæ м амонд фидиуæ г æ рвиты;

Мæ буарæ й мæ ивгъуыд бонтæ дудынц,

Æ мæ мæ м царды знæ т уæ лтæ мæ н сиды...

 

Мæ нмæ фæ стейæ ‘рвдзæ ф мæ сгуытæ дзурынц:

Фæ цырд кæ н, аййаф тугæ й æ лхæ д азты.

Æ нуд цъæ хахст мæ ивгъуыд бонтæ й куры:

Фæ рæ вдз у, рацахс хурзæ рины уаз тын...

 

Æ мæ мæ зæ рдæ — тохвæ дисы стъæ лфæ н, —

Æ гуыппæ г бонты баппары фыдтасы,

Фæ тъæ бæ рттæ ввонг уадтымыгъ — хæ стæ лвæ ст —

Кæ ны мæ кæ рты къахындзæ г, ныууасы...

 

Гъе-гъей!.. Мæ туджы алы ‘ртах ыссудзы.

Æ мæ мæ конды алы нуар рæ мудзы:

Ызнæ т, æ гъуыссæ г тар æ хсæ втæ хъуамæ

Мæ нæ н æ рттивгæ рухс цырагъ ыссудзой!..

1960 аз

Къоста

Хохæ й хохмæ хизы, хохæ й хохмæ хизы

Арвæ мбæ рц нæ ртон лæ г, судзгæ зарæ г зары.

Æ мæ уыцы зарæ г мигъты сæ рмæ ризы,

Æ мæ уыцы зарæ г хурау худы тары;

Дидины къуыбыртæ райхæ лынц йæ зæ лтæ м,

Ракæ сы сæ уæ хсид малусæ ггъуыз рæ гътæ й;

Бандзыг вæ ййынц уадтæ зарæ джы узæ лдæ й,

Хъусынтыл фæ вæ ййынц тарæ рфыг æ врæ гътæ...

Хæ хты фале — хæ хтæ. Арв кæ ны гæ рæ хтæ,

Зулаив къæ вдаты арвырæ ттæ хъазынц.

Ферттивы нæ ртон фат тар мигъы бырæ гътæ й.

Лæ г цæ уы, йæ сæ р ын уадтымыгътæ фасынц...

Дунейы фæ лтæ ртæ байрайынц йæ фендæ й,

Мин азтæ йæ размæ худгæ былæ й уайынц.

Ферттивы кæ сагау космикон ракетæ,

Зарæ гæ й æ нустæ мисхал дæ р нæ кайынц.

Уазал худт фæ кæ нынц тигътæ й урс дзæ нхъатæ,

Ирд ызнæ т тыгъдæ дты мигътæ згъорынц дзугтæ й.

Арв — сахат æ нусон, хуры тын — йæ фатæ г,

Уысм — æ нус: нымайы замантæ ‘мæ дугтæ...

Хохæ й хохмæ хизы, хохæ й хохмæ хизы

Арвæ мбæ рц нæ ртон лæ г, судзгæ зарæ г зары.

Æ мæ уыцы зарæ г мигъты сæ рмæ ризы,

Æ мæ уыцы зарæ г хурау худы тары.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.01 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал