Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 16 страница






Жаннæ бахудт:

— Темырæ н ахæ м чызг и, уый æ з куынæ зыдтон.

— Æ з æ й зонын, — бахудт Æ хсар дæ р.

— Æ хсар, ды зондджын, æ мбаргæ лæ ппу дæ æ мæ дæ хи æ рсабыр кæ н. Алцæ мæ н дæ р йæ хи афон и, æ мæ дæ минæ вæ рттæ ’рбарвитынæ н сæ рæ стæ г нæ ма ’рхæ ццæ.

— Жаннæ, æ рхæ ццæ. Мацæ мæ й тыхс, мæ цæ мæ й тæ рс. — Лæ ппу æ рлæ ууыд. Æ рлæ ууыд Жаннæ дæ р. Æ хсар йæ армытъæ пæ нтæ чызджы уæ хсчытыл æ рæ вæ рдта, цыма афтæ ’мбæ лы. Æ мæ йæ цæ сгом бахордта? Адæ мæ й дæ р куы нал æ фсæ рмы кæ ны. Чызг лæ ппуйы къухтыл иуварс ахæ цыд, бакаст æ м: кæ дмæ йæ сайдзæ н? Кæ дмæ фæ дфæ ливæ н митæ кæ ндзæ н?..

— Æ хсар...

— Жаннæ, — йæ ныхас ын фескъуыдта лæ ппу. — Кæ д, мыййаг... уæ фадæ ттæ... Мацæ мæ й тыхс. Æ з алцыдæ р мæ химæ исын, алцыдæ р рæ сугъд æ мæ æ гъдауыл скæ ндзыстæ м. Æ рмæ ст дæ зæ рдæ ма фæ худæ д. Хорз?

Чызг йæ сæ р банкъуыста, лæ ппуйыл йæ цæ стæ нгас афæ стиат, ацы хатт фылдæ р рæ стæ г. Æ вæ ццæ гæ н, Æ хсар афтæ ’нхъæ лы, æ мæ Темыр æ мæ Маринæ йæ н сæ чызджы æ гъдауыл арвитын сæ фадат нæ амоны, æ мæ Жаннæ Æ хсары йæ минæ вæ рттæ барвитын уымæ н нæ уадзы, æ бæ лвырд ныхас уый тыххæ й кæ ны.

— Æ хсар, афтæ та куыд ахъуыды кодтай?

— Кæ д дæ, мыййаг, бафхæ рдтон, уæ д бахатыр кæ н. Уый хуыздæ ры тыххæ й загътон.

— Ау, ирон мад æ мæ мын ирон фыд нæ й, ирон бинонты ’хсæ н не схъомыл дæ н, ирон хæ дзарæ й нæ рацæ уын.

— Жаннæ, мæ ныхас фæ стæ мæ исын. Ницы фехъуыстай. Цæ мæ н афтæ загътон? Ныртæ ккæ цæ рын зын у. Фылдæ р адæ м къуындæ г, тыхцард кæ нынц. Бирæ тæ н куыст нæ й, бирæ тæ та кусынц, фæ лæ мамæ лайы къæ бæ рыл, цы сын фидынц? Цыдæ р капеччытæ, сайынц сæ. Æ з музейы директор дæ н, фæ лæ цы? Æ мæ изæ рыгæ тты дыууæ -æ ртæ сахаты мæ машинæ йыл акусын, бæ лццæ тты фæ ласын. Мæ хъалæ й — нæ. Уымæ н æ мæ хъæ уы цæ рын. Æ мæ уымæ н афтæ загътон. Ахæ мтæ ис, æ мæ чызг арвитын кæ нæ чындзæ хсæ в скæ нын йæ фадат нæ у æ мæ æ ртæ фæ рсчы æ мæ æ ртæ чъирийæ скувынц, лæ ппу æ мæ чызг сæ цард баиу кæ нынц. Æ мæ æ взæ р у уый? Сæ иумæ йаг цард тынг дзæ бæ х ацæ уы. Нырæ й арæ хдæ р нæ м чызгыскъæ фтытæ искæ д цыд? Æ мæ цæ мæ н? Чызг арвитын æ мæ чындзæ хсæ в скæ нын стыр хъуыддаг ссис. Мах скæ ндзыстæ м хорз чындзæ хсæ в.

— Æ хсар, махыл ма тыхс, — загъта Жаннæ. Йæ химидæ г та хъуыды кодта: «Æ хсар хорз лæ ппу у æ мæ хъуамæ амондджын уа, фæ лæ йæ æ з æ намонд кæ нын». Чызг йæ химидæ г фестъæ лфыд. Æ гъгъæ д, æ гъгъæ д у! Жаннæ йæ хи дæ р сайы æ мæ Æ хсары дæ р. Йæ зæ рдæ йы... йæ зæ рдæ йы сонт хъæ р Æ хсармæ нæ хъуысы? Æ ргом зæ гъыны афон æ рхæ ццæ. Æ рхæ ццæ! Æ ргъæ вæ н ын нал и:

— Æ хсар...

— Жаннæ, — æ мæ та йын лæ ппу йæ ныхас фескъуыдта, цыма, цы зæ гъынмæ хъавы, уый зоны. — Жаннæ, уæ д та... Ныртæ ккæ фылдæ р чызджытæ æ мæ лæ ппутæ афтæ кæ нынц: ацæ уынц, лæ ппу йæ аскъæ фы.

Чызг, цыма истæ мæ й фæ тарст, цыма йыл цæ хæ ртæ бакалдæ уыд, афтæ фестъæ лфыд:

— Уый цы дзурыс? Ахæ м хъуыды дæ химæ æ мгæ рон та куыд æ руагътай? Худинаг дын нæ у? — æ мæ згъорæ гау ацыд. Адæ мæ й куы не ’фсæ рмы кæ нид, уæ д азгъорид.

— Жаннæ, — Æ хсар йæ размæ алæ ууыд.

— Ма мыл аныдзæ в, абонæ й фæ стæ мæ мæ м макæ дуал æ рбадзур, ацы фембæ лд у нæ фæ стаг фембæ лд, — æ мæ чызг ноджы тагъддæ р ацыд. Æ хсар йæ мидбынат лæ угæ йæ баззад, Жаннæ йы фæ стæ æ дзæ мæ й кæ сы, чызг тигъыл сæ хæ дзармæ фæ зылд, нал зыны, уæ ддæ р ма йæ фæ стæ кæ сы. Лæ ппу йæ машинæ мæ тагъд-тагъд ацыд, дуар йæ фæ стæ ныггуыпп кодта, æ мæ хæ дтулгæ йæ хи размæ аппæ рста. Сонт æ ппæ рст.

Жаннæ сæ химæ бацыд, мад æ мæ фыд — цæ хæ радоны. Æ мæ уый хуыздæ р у: йæ тыхст ын куы бафиппайой, истæ уыл куы фæ дызæ рдыг уой, уæ д... Ницы базондзысты: Жаннæ йæ зæ рдæ йы ахастыл авд гуыдыры сæ вæ рдзæ н. Аскъæ фдзынæ н, дам, дæ. Уый йæ дзыхæ й куыд схауд? Нæ фæ лæ, ууыл хъуыды та куыд акодта? Æ ви Жаннæ йæ хи, куыд æ мбæ лы, афтæ нæ дары? Уынджы чызг у? Æ нæ хæ дзар чызг у? Уыцы ныхас дзы æ нæ нхъæ лæ джы схауд, æ ви?.. Иу адæ ймагыл дæ р нæ худы, фæ лæ Жаннæ йæ сæ рмæ уыдæ ттæ хæ ссы? Уæ д ма йæ цард цы у? Æ мæ цæ ры? Йæ цард цард у? Бафæ ллад, бафæ ллад алцæ мæ й дæ р.

 

31-æ м августмæ ма баззад 11 боны.

20-æ м август. Цыппæ рæ м. 2009 аз

Аслан та дысон нæ фæ зынд. Кæ м баззад? Цы фæ ци? Кæ м и? Мад æ мæ фыд мæ рдджынты хуызæ нæ й бадынц. Зæ рдæ... зæ рдæ цыдæ р хъуыддæ гтыл нæ ахуыр кæ ны, нæ комы. Темыры цæ стытæ, цыма сыл мигъ ныббадт — рухсы тæ пп сæ нæ кæ лы. Аслан Жаннæ йæ н цы маст, цы зын кæ ны, æ мæ æ рмæ ст уый нæ — Вадим та? Фатимæ та? Уыдон ын фаг не сты æ мæ ма Маринæ æ мæ Темыры мæ нæ афтæ мæ й — мæ рдджынты хуызæ нæ й куы фены, уæ д, йæ цард кæ й ницы у, дзæ гъæ лы кæ й цæ ры, ууыл дызæ рдыг нал фæ кæ ны.

Темыры мигъбадт, сагъæ сæ й седзаг цæ с! ытæ йæ чызг æ мæ йе ’фсиныл æ рæ нцадысты. Ницы дзуры, фæ лæ сæ йæ цæ стæ нгасæ й фæ рсы: дарддæ р афтæ куыд цардæ уа? Куыд кæ нæ м? Цы нæ м æ нхъæ лмæ кæ сы разæ й? Æ мæ йын цы зæ гъа Жаннæ?

— Папæ, фæ зындзæ н. Ма йын тæ рс. — Æ мæ йын уæ дæ цы зæ гъа? Жаннæ, тархъæ ды адæ ймаг куы фæ дзæ гъæ л уа, уый хуызæ н у.

— Аууон къудзи хон, — йæ хицæ н дзурæ гау зæ гъы Темыр. Æ мæ раст зæ гъы. Бæ ргæ, Жаннæ йæ н йæ бон исты куы уаид æ мæ... Цы æ нæ хъару, цы æ нæ бон у. Цымæ бинонты цардæ й сусæ гдæ р исты ис? Чызг йæ уатмæ бацыд: йæ мад æ мæ йæ фыдмæ кæ сын йæ бон нæ у. Ныллæ г, фæ лмæ н къæ лæ тджыны сбадт, йæ зæ нгтæ, цыма йын уазал у, афтæ кæ рæ дзимæ ’рбалхъывта, йæ хи фæ стæ мæ ауагъта, йæ цæ стытæ бацъынд кодта. Йæ химидæ г истæ уыл куы фæ тыхсы, уæ д ацы къæ лæ тджыны сбады, йæ хи фæ стæ мæ ауадзы æ мæ йын фенцондæ р вæ ййы. Æ ви йæ м уый афтæ фæ кæ сы? Æ мæ -гъа, æ мæ -гъа.

Жаннæ раздæ ры бинонты царды тыххæ й цалдæ р уацхъуыды, цалдæ р очеркы ныффыста. Фæ стаг рæ стæ г иу хахх дæ р нал акодта, стæ й нал акæ ндзæ н. Раздæ рты дæ р куыд уæ ндыд? Йæ ныфс куыд хаста? Йæ цæ сгом бинонты тыххæ й фыссын куыд хъæ цыд? Сæ ртæ г ма уыд æ мæ... Уæ д та йæ исчи æ рурæ дта æ мæ йæ фæ рсы: «Гъе, хорз чызг, кæ йдæ р бинонты цард хурмæ хæ ссыс, фæ лæ уæ хи бинонтæ та чи сты?» — Æ мæ уæ д хъуамæ цы зæ гъа? Нæ! Фæ стаг дыууæ -æ ртæ азы бинонты царды тыххæ й иу хъуыдыйад дæ р нал ныффыста æ мæ нал ныффысдзæ н. Фыссын та йæ фæ ндыд. Бинонты цард — суйтæ къуыбылой, æ мæ йæ хал. Алы бинонтæ дæ р — ног, æ ндæ р дуне. Сæ йрагдæ р та, царды цыма бинонты цардæ й ахсджиагдæ р ницы и, æ нахуыр дуне, æ мæ уыцы дунемæ дуæ рттæ байгом кæ н. Бинонтæ адæ ймаджы базыртæ сты. Цымæ ахæ м бинонтæ и, æ мæ алцæ мæ й дæ р æ ххæ ст чи у, алы хуызы дæ р амондджын чи у? Уæ ддæ р... Аслан... Асланы маст абарæ н ницæ имæ и. Æ ппæ т бинонтæ н дæ р — масты хос. Вадим æ мæ Фатимæ дæ р...

Темыр хъазгæ фæ кæ ны æ ви æ цæ г фæ зæ гъы:

— Вадим æ мæ Фатимæ мæ цотæ й не сты.

— Уæ дæ кæ й цот сты? — барæ й йæ бафæ рсы Жаннæ. Фыд æ м æ рбакæ сы: цы йæ къахы, йæ хъуыды йын нæ зоны?

— Уыдон нæ рæ стæ джы, не ’хсæ нады хъæ бултæ сты. Ацы æ намонд цард бинонты дæ р æ ддæ г-мидæ г ауайын кодта.

Æ мæ уый Жаннæ дæ р зоны.

Æ хца! Æ хца! Дæ къухы бафтæ д. Куыд, цы хуызы, уый уæ лдай нæ у. Фондз-æ хсæ з мины пенси чи исы, уымæ й операцийы тыххæ й дыууадæ с-фынддæ с мины æ хца райс, уый куыд раст у?! Мæ гуыр сылгоймаджы фæ стаг капеччытæ, æ фстау æ хцайы муртæ... Цымæ къухтæ нæ фæ судзынц? Æ хцадонæ й фæ дисы хъæ р нæ фæ кæ нынц? Наркотиктæ чи уæ й кæ ны, уый адæ ймаг у? Зоныс æ й, æ рыгон адæ ймаджы мæ рдтæ м æ рвитыс. Æ мæ уæ д ды чи дæ? Милицæ йы кусджытæ, наркотиктæ чи уæ й кæ ны, уыдоны нæ зонынц? Сæ фондз æ нгуылдзы хуызæ н. Фæ лæ сын сæ фæ ндæ гтæ цæ мæ н æ рæ хгæ ной? Уыдон сын æ хцайы суадæ ттæ сты. Æ хца! Æ хца! Æ мæ æ хца!

Æ мæ иурæ стæ г Жаннæ скарста: фæ сивæ ды чи сафы, уыцы емынæ, уыцы талæ у сын парахатæ й чи уæ й кæ ны, уыцы мæ лæ тхæ ссæ г наркотиктæ й стыр æ хцатæ чи аразы, æ ддæ гуæ лæ галуантæ дзы чи аскъæ рдта, уыдоны чъизидзинæ дтæ хурмæ ракалын йæ куысты, йæ царды нысантæ й иу скæ ндзæ н. Дардмæ цæ уын æ й хъæ уы? Сæ хи хъæ уы — районы центры цалдæ р раны сусæ гæ йæ ргомæ й уæ й кæ нынц. Сусæ гæ й цæ мæ н? Æ ргомæ й. Æ вæ ццæ гæ н, Ирыстоны ахæ м цæ рæ нбынæ ттæ бирæ нæ й, наркотиктæ кæ дæ м нæ хæ ццæ кæ ны.

Хъæ уы æ мæ районы хицауады дыууæ уæ ладзыгон агъуыстыты бакомкоммæ туджы хуызæ н сырх дурæ й амад галуан йæ хи фæ йнæ рдæ м айтыгъта, йæ хи хæ рдмæ систа, цыма стæ хынмæ хъавы. Йæ хицау — Заретæ, иу-фæ ндзайаздзыд сылгоймаг. Мæ гуыр. Сидзæ ргæ с. Æ ртæ сывæ ллоны мад. Йæ лæ г дыууадæ с азы размæ амард. Алы бон дæ р бæ рзонд кулдуары цур сырх плиткæ йæ æ мбæ рзт тыргъы æ рлæ ууы цалдæ р хæ дтулгæ йы, хатгай иумæ дыууæ -æ ртæ дæ р бавæ ййынц. Рахизынц дзы æ рыгон лæ ппутæ æ мæ чызджытæ, хион, барджынхуызæ й бæ рзонд, уæ рæ х дуар байгом кæ нынц, мидæ гæ й афæ стиат вæ ййынц цыбыр рæ стæ г, стæ й та бæ рзонд, уæ рæ х дуар байгом вæ ййы æ мæ рацæ уынц. Æ дзухдæ р рацæ уынц хъæ лдзæ гæ й, цыма гæ лæ бутæ сты, фæ пæ р-пæ р кæ нынц. Фистæ гæ й цæ уджытæ дæ р иу æ мæ дыууæ не сты, бæ рзонд кулдуары цур æ рлæ ууынц. Дзæ нгæ рæ г. Цыбыр ныхас, æ мæ дын æ ртæ метрæ й бæ рзонддæ р æ мæ хгæ д кæ ртмæ бацæ уыны бар. Уыдон дæ р æ ддæ мæ, уынгмæ рахизынц базыртимæ.

Жаннæ дæ р уыцы фистæ гæ йцæ уджытæ й ссис иу. Уый размæ цалдæ р боны фæ лтæ рдджын сгарæ г басгуыхт æ мæ хæ дзармæ сусæ гæ й каст: кулдуары цур чи æ рлæ ууы, уыдон цæ мæ й кæ ртмæ бацæ уой, уый тыххæ й сын хæ дзары хицауимæ цы сæ рмагонд бæ рæ ггæ нæ нтæ и? Уыцы галуаны кæ ртмæ алчи баирвæ здзæ н? Æ рбацæ уæ г æ мæ хæ дзары хицауæ н, цæ мæ й кæ рæ дзийы æ мбарой, уый тыххæ й цыдæ р сæ рмагонд, сусæ г нысантæ и? Жаннæ зыдта: Заретæ уыцы хъылма парахатæ й кæ мæ н уæ й кæ ны, уыдонæ й иу у йе ’фсымæ р.

Кæ сы, æ мæ Аслан иу лæ ппуимæ кулдуары цур æ рлæ ууыд. Жаннæ йы фæ ндыд йæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кæ нын:

— Аслан! Аслан, кæ дæ м цæ уыс? Æ рлæ уу! — Фæ лæ йе ’взаг уыд баст, æ мæ йæ мидбынат нындзыг. Азгъор, де ’фсымæ ры цонг ацахс, дæ фæ стæ йæ раскъæ ф, ныууигъ æ й, хъæ ры бын æ й фæ кæ н. Фæ лæ йын фезмæ лæ н нæ уыд, æ мæ йæ быны зæ хх сыгъди, бæ лæ сты аууон йæ хæ дæ г йæ хиуыл хъадаман сæ вæ рдта.

Аслан рæ сугъд урс бицъи æ ртæ хатты нылхъывта, æ мæ арвы дуар байгом. Йе ’мбал лæ ппуимæ кæ ртмæ бахызтысты, Жаннæ йыл та дуне рафæ лдæ хт, йæ зæ нгтæ йæ нал урæ дтой, ризæ г сыл бахæ цыд, афтæ мæ й сæ химæ рацыд æ мæ ноджы фидардæ рæ й скарста: ныффысдзæ н, æ нæ мæ нгæ й Заретæ йыл сæ газетмæ ныффысдзæ н. Уый æ мæ ахæ мтæ сæ хицæ н рæ сугъд, бухъ цард кæ нынц. Æ мæ цæ мæ й? Адæ мы æ намонддзинадæ й. Мингай æ мæ мингай лæ ппутæ æ мæ чызджыты сау ингæ нмæ æ рвитынц, сæ хæ дæ г та сæ рухс галуантæ й рахизынц. Нæ! Жаннæ ацы хъуыддаг афтæ нæ ныууадздзæ н, сæ газеты сыфтæ й йæ бон фæ дисы дзæ нгæ рæ г цæ гъдын у æ мæ фæ дисы дзæ нгæ рæ г цæ гъддзæ н. Æ мæ иуизæ р Заретæ йы хæ дзары цур æ рлæ ууыд. Тарст, куы йыл фæ гуырысхо уа, йе ’рбацыды сæ р ын куы бамбара. Чызг йе ’цæ г цæ сгом æ мбæ хста. Уый уыд, хъылмайы азар чи бахауд, уыцы мингай, уыцы милуангай лæ ппутæ æ мæ чызджытæ й иу. Æ нæ итувæ рд æ мæ фæ лладхуыз, йæ алыварс цы цæ уы, уый æ ппындæ р кæ й не ’ндавы, ахæ м адæ ймаг. Æ цæ гæ лон йæ хицæ н дæ р æ мæ адæ мæ н дæ р.

Жаннæ дзæ нгæ рæ джы урс бицъийыл æ ртæ хатты бахæ цыд æ мæ уæ ззау дуар сабыргай байгом. Йæ цуры лæ ууыд Заретæ даргъ халаты, йæ сæ нт сау ахуырст дзыккутæ йæ фæ сонтæ æ мæ йæ уæ хсчытыл цæ хæ р калдтой. Чызджы сæ ры арвырттывдау атахт: уыцы сæ нт сау дзыккутæ м фæ лæ бур æ мæ йæ дæ фæ стæ рахæ р-хæ р кæ н, районы милицæ йы хайад — уынджы иннæ фарс æ мæ йæ уым балæ ууын кæ н. Арв куыд нæ ры, дæ хъæ лæ с афтæ нæ ргæ ацæ уæ д: «Цъаммар, ды фæ сивæ ды сафæ г дæ! Цъаммар, дæ у хуызæ ттæ хъуамæ ацы зæ ххыл ма цæ риккой!»

Фæ лæ дзы иу ныхас дæ р не схауд. Хæ дзары хицау ыл сæ рæ й къæ хтæ м цалдæ р хатты йæ сау хъоппæ г цæ стытæ, цыма йæ сгаргæ кæ ны, афтæ æ рхаста æ мæ загъта:

— Нырмæ дæ никæ д федтон. Ног дæ?

Жаннæ йын зæ гъынмæ хъавыд: «О, о, ног дæ н. Дæ клиенттыл ма иу бафтыд æ мæ цин кæ н». Чызг сабыр хъæ лæ сæ й загъта:

— Ног.

— Цас дæ хъæ уы?

— Иу.

— Банхъæ лмæ кæ с. Аргъ зоныс?

— Зонын, — æ мæ йæ м æ хца радта. Заретæ ацыд, уайтагъд фæ зынд. Жаннæ уыцы «удхос» райста. Тарст: йæ къухтæ куы ризой æ мæ чысыл целлофан дзæ къул зæ хмæ куы ’рхауа, цыдæ р ныхас дзы куы сирвæ за. Æ мæ згъорæ гау рацыд. Заретæ бæ рзонд уæ ззау дуар куыд бахгæ дта, уый нал федта, гуыдыры хъæ р нал фехъуыста. Чызг чысыл целлофан дзæ къул йæ хызыны сæ вæ рдта тæ ккæ арфдæ р ран, фæ лæ цæ мæ ндæ р тарст: цыма схаудзæ н, фесæ фдзæ н, ногахст кæ саг къухæ й куыд ацъыввытт кæ ны, афтæ ацъыввытт кæ ндзæ н. Цалдæ р хатты йæ асгæ рста. Иурæ стæ г та йæ м афтæ фæ каст; уыцы хъылма йæ хызыны судзы, йæ тæ вд ыл æ мбæ лы, æ мæ йæ хызын фегом кодта.

— Цы æ дылы дæ н, — загъта йæ хицæ н æ мæ, æ фсæ рмы нæ кодта, уæ д згъорæ гау ацыдаид. Уый йæ хызыны хаста, дунейы йын æ ппæ ты æ нæ уынондæ р цы уыд, уый — марг, милуангай æ мæ милуангай лæ ппутæ æ мæ чызджытæ н сæ рæ згæ цард цы хъылма аскъуыдта æ мæ скъуыны, сау зæ ххы хай сæ чи бакодта, уый.

Дыууын фыццæ гæ м æ нусы æ вирхъау бæ ллæ х. Сæ химæ куыд баирвæ зт, уымæ н ныр дæ р ницы зоны. Уыцы изæ р æ мæ уыйфæ стæ дыккаг æ мæ æ ртыккаг бон дæ р иу хъуыдыйад нæ ныффыста. Фæ лæ цыппæ рæ м бон дзырдтæ, хъуыдыйæ дтæ сæ хæ дæ г сæ хигъдауæ й гуырыдысты, æ рмæ стдæ р сæ фыссын фæ раз. Фæ стаг стъæ лф сæ вæ рдта, уæ ддæ р ма æ нцад бадт. Уый уыд йæ зæ рдæ йы цъæ хахст, гæ ххæ тмæ раирвæ зт, æ мæ йын фенцондæ р, цыдæ р æ хсызгондзинад йæ риуы тæ лфыд. О, ныффыста, фæ лæ газеты рацæ удзæ н? Редактор æ м цы цæ стæ й ракæ сдзæ н? Фæ ндаг ын ратдзæ н? Жаннæ йæ н дæ р æ мæ газетæ н дæ р хуымæ тæ джы уацхъуыд нæ у. Жаннæ йæ хъуыдытæ ныффыста. Æ ргом. Комкоммæ. Цы уа, уый уæ д. Районы милицæ йы агъуыстæ й Заретæ йы хæ дзары æ хсæ н фондзсæ дæ къахдзæ фы дæ р нæ й. Æ мæ, ау, милицæ йы кусджытæ, сæ фындзы бын цы æ вирхъау бæ ллæ х цæ уы, уый нæ уынынц? Уый нæ зонынц? Æ мæ йæ кæ д нæ зонынц, уæ д æ й цæ уыннæ зонынц? Сæ хуыздæ р куыст ма цы у? Æ ви сæ хи ницызонæ г скодтой. Æ мæ цæ мæ н? Фыдракæ ндты ныхмæ тохгæ нæ г фыдгæ нджыты цурты цъындцæ стæ й куы цæ уа, йæ хи ницыуынæ г куы скæ на, уæ д уый чи у? Уæ д уый йæ хæ дæ г дæ р фыдгæ нæ г у. Жаннæ ныффыссынмæ хъавыд: фæ сивæ дæ н наркотиктæ чи уæ й кæ ны, уымæ н милицæ йы кусджыты ’хсæ н цыдæ р бастдзинæ дтæ ма уа, кæ рæ дзийы ма ’мбарой, милицæ йы кусджыты дзыппытæ м дæ р дзы цыдæ р æ хца ма хауа, уый гæ нæ н нæ й. Уыцы хъуыды йæ хицæ й тыххæ й асырдта: хъæ уы бæ лвырд дæ нцæ гтæ, йæ хъуыды уæ лдæ фы ауыгъдæ й куыд нæ баззайа, дзедзырой куыд нæ кæ на, афтæ. Жаннæ йы æ рмæ г газеты куы рацæ уа, уæ д районы бæ рнон кусджытæ й кæ мæ ндæ рты хъыг кæ й уыдзæ н, уый зыдта. Хъыг нæ, фæ лæ уый уыдзæ н æ хсæ рфарс ныкъкъæ рцгæ нæ гау. Йæ алы акъахдзæ фмæ дæ р ын кæ сдзысты, лыстæ г сасирæ й йæ луардзысты. Æ мæ йæ м кæ сæ нт! Луарæ нт æ й! Уый никуы ницы адавта, никуы никæ й асайдта, зонгæ -зонын æ взæ р никуы никæ мæ н сарæ зта. Йæ цæ сгом сыгъдæ г у. Раздæ р æ м ахæ м хъуыды дæ р уыд: милицæ йы бæ рнон кусджытæ й искæ мæ н йæ фæ нд бамбарын кæ на, уыцы хъылма куы æ лхæ на, уæ д милицæ йы кусджытæ й йемæ искæ й ракæ на, цыма уый дæ р уыцы хъылмайæ æ лхæ ны, уадз, алцыдæ р сæ хи цæ стытæ й фенæ нт. Фæ стæ дæ р йæ хъуыды аивта: чи зоны, йемæ йын искæ й рарвитой. Кулдуар бахойдзысты æ мæ сæ м Заретæ ракæ сдзæ н, се ’рбацыды сæ р ын зæ гъдзысты. Уый сыл цъиуджын каркау йæ хи андзардзæ н: чи загъта, æ мæ уый наркотиктæ уæ й кæ ны?! Уый, наркотик цы у, уый зонгæ дæ р нæ кæ ны. Æ мæ сæ м лæ бурдзæ н. Уый — алцæ мæ й дæ р цæ ттæ, уымæ н æ мæ йын милицæ йы кусджытæ раздæ р фехъусын кодтой. Чи зоны, суанг уымæ дæ р ахæ цца уа, æ мæ Жаннæ йы схона цæ стфæ лдахæ г, сыгъдæ г адæ ймагыл тугтæ мысæ г — æ мæ милицæ мæ фæ дисы дзæ нгæ рæ г ныццæ гъда. Æ мæ, чи зоны, милицæ йы машинæ сæ цуры алæ ууа, автоматимæ дзы цалдæ р лæ ппуйы рагæ ппытæ кæ ной æ мæ Жаннæ йы — цæ стфæ лдахæ джы — фæ ласынц. Ацы æ лгъыст, суйтæ рæ стæ джы алцæ мæ дæ р æ нхъæ лмæ кæ сæ н и: лæ гмар раст адæ ймаг фесты, сыгъдæ г, зæ ды хуызæ н адæ ймаг Сыбыры бинаг къæ йы стæ лфы.

Жаннæ йæ æ рмæ г цалдæ р хатты бакаст, йæ зæ рдæ йæ м нал æ хсайдта æ мæ йæ редактормæ радта. Æ нхъæ лдта: фыццаг бон куынæ уа, уæ ддæ р æ м Дауыт дыккаг бон фæ дзурдзæ н æ мæ зæ гъдзæ н:

— Æ нæ уи дæ р нæ м районы хицауады ’рдыгæ й хорз цæ стæ нгас нæ й, æ мæ ацы æ рмæ г куы рауадзæ м, уæ д нæ бынтондæ р сæ ныхтæ ныссадздзысты. Зонгæ -зонын нæ хæ дæ г нæ хицæ н ингæ н къахæ м. — Стæ й йæ м Дауыт разилдзæ н æ мæ ма хионхуызæ й йæ ныхасмæ бафтаудзæ н: — Æ ппынфæ стаг, дæ хи хъысмæ тыл уæ д та ахъуыды кæ н: дæ хæ дæ г дæ фæ ндаг лыг кæ ныс: цы фæ уыдзынæ, цы дæ м æ нхъæ лмæ кæ сы, кæ м кусдзынæ?..

Жаннæ нал фæ лæ ууыд æ мæ æ ртыккаг бон йæ редактормæ бацыд:

— Куыд у?

Дауыт æ рмæ г йæ цуры æ рæ вæ рдта, скаст æ м æ мæ загъта:

— Хорз у. Цыфæ нды дæ р уæ д. Дæ ттæ м æ й.

Жаннæ ахæ м дзуапмæ æ нхъæ лмæ нæ каст æ мæ йыл хур ракаст. Æ фсæ рмы нæ кодта, уæ д Дауытыл йæ цæ нгтæ æ рбатыхтаид. Нæ! Хорз редактор сын и. Лæ г у, кæ м бахъæ уа, уым йе ’мбæ рц слæ удзæ н, нæ тæ рсы.

— Нæ хиуыл æ ндзарæ м, уый зонын, фæ лæ ницы кæ ны. Жаннæ, дæ æ рмæ г у нæ районы масштабы бомоæ, æ ниу районы цæ мæ н — æ нæ хъæ н республикæ йы дæ р, фæ лæ хатт ахæ м бомбæ срæ мудзын дæ р фæ хъæ уы.

— Æ мæ йæ уæ дæ дæ ттыс?

— Дæ ттын.

Уацхъуыд газеты рацыд. Жаннæ мæ телефонæ й редакцимæ æ мæ хæ дзармæ дæ р дзырдтой. Иу æ рмæ джы тыххæ й дæ р ыл уыйбæ рц арфæ йы ныхæ стæ никуыма сæ мбæ лд. Бынтон æ нæ зонгæ адæ м дæ р-иу æ й баурæ дтой æ мæ, уыцы æ наккаг сылгоймаджы æ наккаг хъуыддæ гтæ хурмæ кæ й ракалдта, уый тыххæ й йын арфæ тæ кодтой. Дауыт цалдæ р хатты загъта:

— Нæ редакци дзæ нгæ рджыты бын фæ ци. — Фæ лæ, редактор æ мæ Жаннæ цы дзæ нгæ рæ гмæ æ нхъæ лмæ кастысты, уый нæ райхъуыст. Чызг æ нхъæ лдта: иубон сæ м Дауытимæ районы хицауад йе милицæ йы разамонджытæ фæ дзурдзысты æ мæ ма сæ кæ д хъæ уа. Уайдзæ фтæ?.. Цы сты уайдзæ фтæ? Чи загъта, æ мæ Заретæ наркотиктæ уæ йгæ нæ г у? Цыдæ р хъуымызбыл уацхæ ссæ г æ й милицæ йæ хуыздæ р зоны? Сыгъдæ г адæ ймаг, æ мæ æ рмæ ст ууыл нæ, фæ лæ районы милицæ йыл, районы разамынд æ мæ æ ппæ т районы цæ рджытыл цъыф калы. Уый газет нæ у, фæ лæ адæ мы чъизигæ нæ г, æ мæ хъуамæ дзуапп ратта.

Районы æ мæ сæ м милицæ йы разамындæ й иу адæ ймаг дæ р нæ фæ дзырдта. Æ мæ Жаннæ йы зæ рдæ йы цыдæ р æ бæ рæ г тас сæ взæ рд. Æ гæ р, æ гæ р сабыр сты районы æ мæ милицæ йы разамонджытæ. Йæ уацхъуыд сæ м цыма æ ппындæ р ницы бар дары. Афтæ мæ й йæ фаттæ фыццаджыдæ р уыдонмæ арæ зт сты. Заретæ йæ дæ р иу ныхас не ’рбайхъуыст, йе ’взаг аныхъуырдта. Йæ «ахс, джиаг» æ мæ «вазыгджын» куыст нæ фæ сабыр, ныр дæ р æ й кæ ны. Йæ бæ рзонд кулдуары цур æ рлæ ууы ноджы фылдæ р хæ дтулгæ тæ, цæ уы йæ м фылдæ рæ й-фылдæ р адæ м. Фылдæ рæ й-фылдæ р кæ нынц æ рыгон лæ пиуты æ мæ чызджыты ингæ нтæ, фылдæ рæ й-фылдæ р кæ нынц саударæ г ныййарджытæ.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.022 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал