Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 18 страница






Йе ’мбал æ м нал кæ сы. Æ ниу æ м кæ сæ д: уый йæ уæ ддæ р нæ уыны.

Жаннæ йы сæ ры фæ стаг рæ стæ г арæ х иу хъуыды февзæ ры. Ныр дæ р та уыцы хъуыды кæ цæ йдæ р фæ зынд: уæ д та Мæ скуымæ ацæ уид. Мæ скуымæ Ирыстоны фæ сивæ дæ й иу æ мæ дыууæ айстой сæ хи? Йæ зонгæ тæ й дæ р — цалдæ р. Æ мæ кусынц, разы сты сæ куыстæ й дæ р æ мæ сæ цардæ й дæ р. Уый дæ р... Фыццаг уал Ахуырбегтæ м цæ рид, стæ й уавæ ртæ сæ хи амониккой. Ардыгæ й уал йæ хи атонæ д, йæ сæ р фесафæ д. Ферох кæ н дæ ивгъуыд цард, дæ къух ыл сис, мацыуал хъуыды кæ н. Æ мæ афтæ гæ нæ н и? Ивгъуыдæ й хи атонæ н и? Алидзæ н дзы и? Æ мæ æ нæ ивгъуыд цæ рæ н и? Цыдæ р... Цыдæ р низ и, адæ ймаг æ нахуыр уавæ ры куы бахауы, цыдæ р æ вирхъау бæ ллæ х ыл куы ’рцæ уы, уæ д хатт нæ бафæ разы æ мæ уыцы æ вирхъау низы амæ ддаг бавæ ййы: алцыдæ р ферох кæ ны, суанг йæ ном дæ р нал фæ зоны, ивгъуыд ын нал вæ ййы. Æ мæ афтæ алцыдæ р ферох кæ н, мацыуал зон. Нæ! Нæ! Хуыцау уымæ й бахизæ д. Æ ниу æ м уыцы хъуыды цæ мæ н æ рцыд?..

Йæ телефон — йæ хызыны. Цыма базмæ лыд, цыма дзы цыдæ р уынæ р райхъуыст. Зивæ ггæ нгæ йæ систа æ мæ йæ м æ ркаст: нæ, ничи йæ м дзуры. Телефон стъолыл æ рæ вæ рдта. Цыма йæ м Ахуырбег сдзурынмæ хъавы, цæ мæ ндæ р æ м афтæ кæ сы. Кæ рæ дзимæ арæ х дзурынц. Йе ’фсымæ р хæ дзармæ Вадимæ й дæ р æ мæ Фатимæ йæ дæ р арæ хдæ р дзуры. Фенхъæ лдзынæ: Ахуырбег нæ, фæ лæ уыдон цæ рынц Мæ скуыйы; ратæ х-батæ х, иу хъуыддаг, иннæ хъуыддаг, æ дзухдæ р — æ нæ вдæ лон, телефонæ й аныхас кæ ной, уымæ дæ р сæ не ’вдæ лы. Æ ви сæ хи афтæ æ вдисынц? Ахуырбеджы хъæ лæ с афтæ хорз фæ хъуысы, æ мæ Жаннæ мæ афтæ фæ кæ сы, цыма йе ’фсымæ р дард кæ цæ йдæ р нæ, фæ лæ иннæ уатæ й дзуры, се ’хсæ н тыгъд быдыртæ нал вæ ййы, се ’хсæ н рæ стæ г æ мæ тыгъдад атайынц. Æ мæ йæ цæ стытыл ауайы: уаты дуар байгом уыдзæ н æ мæ дзы æ рбахиздзæ н Ахуырбсг. Æ мæ уый æ цæ гдæ р разыны: бæ рзонд, саухил, бæ зджынæ рфыг æ лвæ ст лæ ппу рацæ йцæ уы, йæ мидбылты фæ худы. Жаннæ фæ зоны: уый йæ цæ стытыл уайы, уæ ддæ р фезмæ лы, йæ цæ нгтыл схæ цы: бацу æ мæ йын йæ уæ хскыл дæ сæ р æ руадз. Зæ рдæ йы сонт тæ лфтимæ Ахуырбег мигъфæ лмы атайы. Фæ лæ Жаннæ зоны, Ахуырбег — кæ дфæ нды дæ р йæ цуры, кæ дфæ нды дæ р йемæ аныхас кæ н, хъус æ м, кæ дфæ нды дæ р дын — ныфс.

Жаннæ йæ бандонæ й сыстад æ мæ æ нæ уынæ рæ й кæ ртмæ рацыд. Йе ’фсымæ римæ куы аныхас кæ нид. Йæ телефоны номыртæ йын йæ зæ рдыл афтæ хорз дары, æ мæ йæ æ мбисæ хсæ в йæ тарффынæ йæ фехъал кæ н, уæ ддæ р сæ зæ гъдзæ н. Йе ’нгуылдзтæ — цыдæ р лæ мæ гъ, йæ коммæ нæ кæ сынц, цыма хъæ дын къæ бæ лтæ сты. Йæ амонæ н æ нгуылдзы уырзæ й Ахуырбеджы телефоны номыр ахсы, фæ лæ... Карз нозты бын чи фæ вæ ййы, уымæ н дæ р ма йæ къухтæ афтæ фæ ризынц. Æ мæ Жаннæ йыл цы ’рцыд, цы кæ ны? Цы?.. Зоны йæ. Уый йæ нервытæ... Йæ хими, дæ г куы ’рбатыхсы, маст йæ риуы куы ныццæ нд вæ ййы, уæ д... Йæ хъæ лæ с дæ р аивы: фæ къæ зы. Æ мæ цæ мæ й фæ тæ рсы — исты æ взæ р низæ й: куы ’рхауа, йæ хуыссæ нæ й йæ бон сыстын куынæ уал уа, уым куы ныкъкъæ дзтæ уа, куы нымпыла, æ гъатыр карз низ æ й сынтæ гмæ куы нылхъива. Инсульт æ мæ иннæ æ гъатыр низтæ хистæ р-кæ стæ р нал зонынц.

Æ нæ сæ рфат хъуыдытæ. Нæ! Жаннæ йæ хи уымæ не ’руадздзæ н, йæ хæ дæ г фæ разæ й уыдзæ н. Хуыцау хорз, æ мæ, куы ’рбатыхсы, йæ буар æ мризæ джы куы фæ ризы, уæ д уыцы уавæ р бирæ нæ ахæ ссы — дыууæ -æ ртæ минуты, æ мæ та йæ гаччы сбады. Йе ’нгуылдзтæ æ мæ йе ’ппæ т буар дæ р æ рсабыр: нал ризы. Йæ амонæ н æ нгуылдзы уырз телефоны номыртыл азгъордта.

— Ало! Ало! Ахуырбег, уый æ з дæ н, Жаннæ.

Йе ’фсымæ ры хъæ лæ с хъусы, цыма йæ цуры и. Æ хсызгон хъæ лæ с зæ рдæ йыл æ мбæ лы.

— Жаннæ, куыд стут дæ хæ дæ г дæ р æ мæ бинонтæ дæ р?

— Куыд уыдыстæ м, афтæ. Ницы нын у, дзæ бæ х стæ м, дæ зæ рдæ мацæ мæ ’хсайæ д.

— Кæ д та, мыййаг, Аслан исты фыдбылызы бахауд æ мæ...

— Нæ, ма тыхс, уый тыххæ й нæ дзурын, афтæ æ нæ уи.

— Ехх, исты хуызы йæ хи куы æ рæ мбарид æ мæ...

— Бæ ргæ, фæ лæ... Нæ зонын, нæ зонын. Уым нынныхсын æ нцон у, фæ лæ дзы дæ хи ратон, уый та тынг зын. — Жаннæ, йæ зæ рдæ Мæ скуымæ ацæ уынмæ кæ й æ хсайы, уый йын зæ гъид, фæ лæ... Ацæ удзæ н æ мæ цы? Ахуырбегтæ м уал цæ рдзæ н, йе ’фсымæ р æ м зул ныхас нæ, фæ лæ зул цæ стæ й дæ р никæ д ракæ сдзæ н, æ мæ дарддæ р та цы?

— Жаннæ, бинонтæ н саламтæ ратт.

— Хорз, хорз, Ахуырбег. Цæ й уал. — Ахуырбеджы хъæ лæ смæ хъус æ мæ хъус, йæ ныхас, йæ алы мыр, йæ алы зæ л дæ р зæ рдæ йыл æ мбæ лы. Æ мæ зæ рдæ цыфæ нды къуырма, цыфæ нды тар æ рхæ ндæ г куы уа, уæ ддæ р барухс уыдзæ н. Тар, мылазон, кæ уындзаст бон, æ мæ æ виппайды хур ракæ сы, дуне ныррухс вæ ййы. Æ фсымæ р хорз у. Ахуырбеджы хуызæ н гефсымæ р.

Чызг йæ сæ рыл схæ цыд: ничи йæ м кæ сы? Йæ химидæ г куыд аныгъуылд, уый ничи уыны?

Сæ шофыр кæ ртмæ ’рбахызт, Худы йæ м, йæ рус ын йæ русыл авæ рдта:

— Жаннетæ, кæ д та цæ уæ м хъæ умæ?

— Ды кæ д зæ гъай, уæ д, — бахудт æ м чызг. Æ цæ гдзинадæ й йæ худын нæ фæ нды. Æ цæ гдзинадæ й йæ иу хъæ умæ дæ р йæ къах нæ хæ ссы. Стæ й... лæ ппу йын йæ русыл йæ рус кæ й авæ рдта, уый дæ р ын æ хсызгон нæ уыд, фæ лæ...

— Уæ дæ тæ ккæ райсом, — шофырæ н йæ ныхас æ мæ йæ цæ сгом дæ р — хионхуыз.

— Баныхас кодтам. — Сæ иу дæ р æ мæ иннæ дæ р зоны: Жаннæ райсом никæ дæ м ацæ удзæ н. Лæ ппу редакцийы къæ сæ рæ й бахызт, фæ стæ мæ ма иу хатт фæ каст, йæ мидбылтыхудт йемæ ахаста. Æ мæ Жаннæ ахъуыды кодта: сæ шофыр цы тæ худиаг у, ницæ уыл тыхсы, ницæ уыл мæ т кæ ны, цардбæ ллон... Уæ вгæ, чи зоны, уый æ ддаг бакастæ й, мидæ гæ й та алы хъуыдытæ, алы æ нкъарæ нтæ ивылынц, йæ хъæ лдзæ г цæ сгомы аууон сæ æ мбæ хсы.

Чызг ныуулæ фыд, фæ стаг рæ стæ г арæ х куыд ныуулæ фы, афтæ: зæ рдиагæ й, йæ къæ хты бынæ й. Райсом дæ р æ мæ уыйфæ стæ бонты дæ р никæ дæ м ацæ удзæ н. Æ рмæ стдæ р æ м æ нхъæ лмæ кæ сы иу фæ ндаг æ мæ рæ хджы уырдæ м... Ахуырбегæ н кæ й ницы загъта. Зæ гъæ м, Мæ скуымæ ацыд. Уазæ гæ й иу мæ й фæ цæ рдзæ н, дыууæ... Дарддæ р та?.. Цæ уыннæ, газетты, радио æ мæ йын телеуынæ ны редакцитæ сæ дуæ рттæ уæ рæ х байтыгътой, æ нхъæ лмæ йæ м кæ сынц. Æ мæ уым чи кусы, уыдон арвæ й стъалытæ скъæ фынц? Ныртæ ккæ иу куыстмæ дæ р, кæ нæ дыл хорз фæ хæ цæ г куынæ уа, кæ нæ æ хца куынæ бафидай, уæ д ма ’нхъæ лмæ кæ с, уæ д дын йæ дуæ рттæ — авд гуыдырæ й æ хгæ д. Æ мæ цæ й фæ хæ цæ г и Жаннæ йыл Мæ скуыйы? Уæ дæ йе ’хцатæ дæ р ракæ л-ракæ л нæ кæ нынц. Ноджы сын ныр ахæ м æ фсон фæ ци: финансон кризис, æ мæ алы ’фсæ нттæ й мызд къаддæ р кæ нынц, алы ’фсæ нттæ й адæ мы уынгмæ ’ппарынц. Æ мæ æ гуыст адæ ймаг чи у? Ничи. Фыдгæ нæ г. Давæ г. Стигъæ г. Марæ г... Паддзахад йæ хæ дæ г адæ мæ й абырджытæ аразы.

— Жаннæ, чидæ р дæ м телефонæ й дзуры.

Чызг фезмæ лыд. Æ мæ йæ м чи дзуры, кæ й бахъуыд? Æ хсар æ м редакцийы телефонæ й никуы фæ дзуры, стæ й йæ м йæ хи телефонæ й дæ р хъуамæ ма ’рбадзура. Ноджы абон — сабат. Хæ тæ л систа:

— Æ з... Хъарманты Азæ дæ н. Ды Бæ тæ ты Жаннæ дæ? Дæ хи фæ ндиаг цæ р, мæ хур. Сабаты уын кусын æ нхъæ л нæ уыдтæ н, фæ лæ, зæ гъын, цы нæ вæ ййы. Дæ фыстытæ дын арæ х бакæ сын æ мæ мæ зæ рдæ мæ тынг цæ уынц.

— Бузныг, бузныг.

— Æ мæ ма, дæ хорзæ хæ й, дæ хицæ н иу зын скæ н æ мæ, нæ хицæ й горæ тмæ цы маршрутон такситæ цæ уынц, уый тыххæ й карз ныффысс. Кæ д сæ бафæ нды, уæ д ацæ уынц, куынæ сæ фæ нда, уæ д сæ м æ нхъæ лмæ кæ с. Ноджы дыл бустæ æ мæ хъуыр-хъуыр кæ пдзысты, цыма дæ се ’ккойы хæ ссынц, цыма дæ лæ вар ласынц. Афтæ мæ й фæ ндаджы аргъ туджы аргъ ссис. Стæ й паддзахадон автобустæ нал уыдзæ н? Цы фесгы? Æ ви нæ паддзахад бынтондæ р бабын. Уæ ддæ р автобусты билеты аргъ асламдæ р уыд, уыдонæ н сæ ацæ уын æ мæ се ’рцæ уынæ н дæ р цыдæ р бæ рæ г рæ стæ г уыд.

— Хорз, хорз, Азæ.

— Дзæ бæ хæ й цæ р, мæ къона, дæ пъеройы фындз макуы баихсийæ д, — зæ рдиаг арфæ ракодта æ нæ зонгæ сылгоймаг. Йæ хъæ лæ смæ гæ сгæ — азтæ кæ уыл рацыд, ахæ м зæ ронд ус, фæ лæ иумæ йаг хъуыддагыл тыхсы, йæ зæ рдæ риссы.

Жаннæ сбадт. Йæ телефон стъолыл йæ цуры æ рæ вæ рдта æ мæ йæ м нымдзаст. Æ нæ зонгæ сылгоймагæ н зæ рдæ бавæ рдта, фæ лæ... Кæ мæ дæ рты, уæ лдайдæ р ас адæ ммæ, йæ уды сыгъдæ гдзинад чи бахъахъхъæ дта, йæ уд кæ мæ н нæ ма бакъуырма, паддзахадыл, хицауадыл ма чи æ ууæ нды, уыдонмæ афтæ кæ сы: газеты цыдæ р аиппытæ, къуыхцытæ, цыдæ р хъæ ндзинæ дтæ, сраст кæ нын кæ й хъæ уы, ахæ м хъуыддаджы тыххæ й æ рмæ г рацыд, уæ д, кæ мæ н æ мбæ лы, уыцы бæ рнон кусджытæ сæ хицæ н бынат нал ардзысты, фарстамæ æ ркæ сдзысты, раст æ мæ зылын равзардзысты, кæ й аххосæ й æ рцыд рæ дыд, фыдгæ нд, уый æ фхæ рд баййафдзæ н, суанг ын тæ рхон дæ р æ рцæ удзæ н. Рæ стдзинад йæ бынат бацахсдзæ н. О, куыд рæ дийынц! Кæ мæ дæ рты ма афтæ кæ сы, æ мæ раздæ ры царды цæ рынц, советон хицаудзинады рæ стæ г ма цæ рынц, æ мæ ма цæ уылдæ р æ ууæ ндынц, цæ мæ йдæ р ма сæ ныфс и. Нæ й, нал и советон паддзахад! Сæ дæ цыппор авд миллион адæ ймаджы æ хсæ н ды дæ иунæ г. Кæ д цæ рыс, уæ д цæ р, кæ д мæ лыс, уæ д амæ л. Цæ мæ й раст нæ у Темыр? Бафæ рс-ма æ вддæ сссæ дзаздзыд лæ ппутæ æ мæ чызджыты, кока-колæ йæ, чъиу æ ууилгæ йæ чи схъомыл, уыдоны: истæ уыл æ ууæ ндынц? Истæ уыл сæ зæ рдæ дарынц? Исты сæ æ ндавы? Сæ райсомæ й сæ ныфс и? Æ мæ сæ фылдæ р, искуы иуæ й фæ стæ мæ, зæ гъдзысты: «Нæ! Нæ й!» Æ мæ цæ рынц иу боны цардæ й. Цæ рынц абонæ й райсоммæ. Райсомæ й иннæ бонмæ. Тутт фæ лтæ р. Афтид авджы хуызæ н афтид фæ лтæ р.

Чызг йæ мидбылты бахудт, фæ лæ уайуысм атад. Йæ химидæ г кæ й худы, уый, цымæ, йе ’мбал нæ бафиппайдта? Цы йæ схондзæ н? Йæ хъуыдытæ йын куы базонид, уæ д зæ гъид: «Куыд æ дылы дæ? Цæ уылты дæ сæ р риссын кæ ныс!»

Кæ нæ, арæ х куыд фæ зæ гъы, афтæ: «Жаннæ, йæ цыппарыссæ дз азы агæ пкæ нынæ ввонг кæ мæ н сты, ахæ м урсдадали зæ ронд усы хуызæ н мæ м кæ сыс».

Йе ’мбал ницы дзуры, цыдæ р фыссы æ мæ йæ нæ бафиппайдта. Æ гайтма.

Æ мæ цæ мæ й нæ у раст Жаннæ? Хатгай йæ м афтæ фæ кæ сы: сæ газет æ ппындæ р ницæ мæ н хъæ уы, æ нæ хъуаджы фыдæ бон кæ нынц, мызд — цы исынц, цыдæ р капеччытæ, фæ лæ уый дæ р дзæ гъæ лы. Кæ й ма хъæ уы, чи ма кæ сы газет? Искуы иу адæ ймаг. Абон ссæ дз, фондз æ мæ ссæ дз азы размæ йы тиражтæ н сæ кой-сæ хъæ р дæ р нал и. Газеттæ н дæ р. Журналтæ н дæ р. Чингуытæ н дæ р. Интернетыл систæ м, дунейыл нæ æ ндæ р ницыуал хъæ уы.

Жаннæ, рæ стæ г ын куы фæ вæ ййы, уæ д сæ архивы раздæ р азты газеттæ рафæ лдахы. Газеты алы сыф дæ р — истори. Цæ уыл фыстой? Куыд фыстой? Сæ йрагдæ р сын цавæ р темæ тæ уыдысты? Ссæ дз, фондз æ мæ ссæ дз азы размæ уагъд газеты алы номыры дæ р ссарæ н уыд рубрикæ: «Нæ æ рмæ джыты фæ дыл». Дæ фыдгулыл газеты критикон уац рацæ уа. Æ нæ мæ нг-иу æ м, кæ мæ н æ мбæ лд, уыдон æ ркастысты, æ мæ -иу чи йæ куыстæ й фæ хауд, чи-иу суанг ахæ стоны смидæ г. Ныр уыцы æ мæ æ ндæ р ахæ м рубрикæ тæ фесæ фтысты. Чи ма фыссы критикон уацтæ? Искуы иу æ дылытæ. Зонгæ -зонын дæ хи хъуамæ масты хай цæ мæ н бакæ най? Масты хай нæ — фыдбылызы. Æ мæ лæ гъз, сойывдылд, итувæ рд уацхъуыдтæ фысс. Стæ й, махмæ алцыдæ р хорз у. Тынг хорз. Жаннæ йе ’мбæ лтты фыстытæ й нæ, фæ лæ йæ хи æ рмæ джытæ й дæ р сцъæ хдæ ндаг. Нæ! Уæ ддæ р газеты куыст уарзта æ мæ уарзы: йæ уацты цыма йæ зæ рдæ фезмæ лы, афтæ йæ м кæ сы.

Чызг йæ телефон йæ хызыны ныппæ рста. Чи йæ м дзырдта, уыцы сылгоймаг, Азæ йæ н, ныффыссынæ й зæ рдæ дзæ гъæ лы бавæ рдта. Иу хъуыдыйад ныффыссынмæ дæ р зивæ г кæ ны. Ницыуал æ й хъæ уы. Цæ й, æ нæ зонгæ сылгоймаджы фæ ндон ма сæ ххæ ст кæ нæ д. Нæ. Ницы зæ гъы.

Сыстад. Ссихорафон. «Фыркуыстæ й» йæ хи амардта æ мæ ныр сыгъдæ гцæ сгомæ й йæ бон у иу сахат баулæ фын. Ахуырбегимæ кæ й аныхас кодта. Фенцондæ р ын. Уыцы сылгоймаджы æ рбадзырд дæ р ын æ хсызгон уыд: уæ ддæ р ма газет кæ йдæ рты хъæ уы. Йе ’мкусæ гмæ разылд æ мæ йын йæ цæ стæ нгасæ й ацамыдта: «Æ з нæ химæ фæ цæ уын».

— Æ мæ сихоры фæ стæ уыдзынæ?

— Æ рбацæ удзынæ н. Мæ хи куыддæ р лæ мæ гъ æ нкъарын, фæ лæ...

— Дæ у кары æ рыгон чызгыл ахæ м ныхæ стæ нæ фидауы.

— Æ мæ сæ никуыуал зæ гъдзынæ н.

Жаннæ редакцийы кæ ртæ й ахызт. Царды, бæ ргæ, бирæ цыдæ ртæ нæ фидауы, фæ лæ... Æ дде йæ хи хуыздæ р, рогдæ р æ нкъары. Сæ химæ нæ ма цæ уы, парчы уал абаддзæ н. Ахæ м ран, куыд никæ й уына, куыд ничи йæ уына. Иунæ гæ й абадын æ й фæ нды.

Чызг бæ ласы бын даргъ бандоныл сбадт. Цы дзæ бæ х сатæ г у, уæ лдæ ф — æ хсыры хуызæ н. Сихорафон парчы уыйас бирæ адæ м нæ вæ ййы. Уæ вгæ сæ парк Дзæ уджыхъæ уы Къостайы номыл фæ лладуадзæ н парк куынæ у, мыййаг: уым алы афон дæ р — бирæ адæ м, дыууæ рдæ м ивылынц. Цалдæ р дæ с-дыууадæ саздзыд сывæ ллоны хъазгæ æ рбацæ уынц, дынджыр, пæ лæ хсар бæ ласы бын æ рсабыр сты. Жаннæ сыстид, æ ндæ р ран сбадид æ мæ...

æ мæ йæ цы хъыгдарынц? Бæ лæ сты къалиутæ æ мæ сыфтæ ртæ сæ сæ аууон бакодтой — куы разынынц, куы нал. Сæ æ нæ мæ т сыгъдæ г кæ л-кæ л куы тынгдæ р райхъуысы, куы та фæ мынæ г вæ ййы. Схъиуынц, хæ рдмæ хауынц, цыма иуртитæ сты. Ныр та кæ рæ дзийы сурынц, иу иннæ йы сæ рты агæ пп кæ ны, иу иннæ йы æ ккой абады. Жаннæ йы цурты азгъорынц, цыма йæ нæ уынынц, хъуыды дæ р æ й нæ кæ нынц.

Чызг бахудт йæ хинымæ р: цымæ дунейыл сабидугæ й хуыздæ р исты ис? Ницы дæ æ ндавы, ницæ уыл мæ т кæ ныс. Ехх, уыцы азтæ н ма-иу раздахæ н куы уаид! Ехх, уæ д та цалдæ р боны, цалдæ р сахаты уым фест. Фыццаг хъуыды кодта: куы никæ й уынид, куы ничи йæ уынид. Ныр афтæ нал хъуыды кæ ны.

Сывæ ллæ ттæ исты федтой, æ ви сæ хъазæ н бынат ивынц: æ мхуызонæ й худгæ, хъыллистгæ нгæ кæ дæ мдæ р фезгъорынц, нал зынынц. Кæ м та фегуырдзысты, уый сæ хæ дæ г дæ р нæ зонынц. Цæ ст сæ нал ахсы, фæ лæ сæ хъæ лдзæ г, æ нæ мæ т ныхас æ мæ кæ л-кæ л хъуысы. Ехх, цæ й хорз дæ, сабидуг!

Жаннæ — фæ ллад, куыстдзагъд адæ ймаг — бандоныл йæ хи фæ стæ мæ куыд ауадзы, афтæ йæ хи ауагъта. Йæ уæ хсчытæ йыл бынмæ уæ з кæ нынц, цыма абондæ ргъы уæ нгдых куыст фæ кодта. Цыдæ р уысм йæ цæ стытæ уæ рæ х байгом сты. Дыууæ æ рыгон мады æ рбацæ уынц. Æ мæ сæ нырмæ куыд нæ федта, иуварс кæ дæ мдæ р нæ каст, уæ дæ куырм дæ р нæ ма у. Дыууæ дæ р — Жаннæ йæ æ рыгондæ р: дыууæ ’мæ ссæ дз-æ ртæ ’мæ ссæ дзаздзыд чызджытæ, фæ лæ уыцы кары — ныййарджытæ, æ рыгон мадæ лтæ. Цыма дзырд бакодтой, афтæ коляскæ тыл сæ къухтæ й хæ цынц, уымæ н æ мæ уым — коляскæ ты — æ рдз æ мæ дунесфæ лдисæ г адджындæ р, уарзондæ р æ мæ зынаргъдæ рæ й цы радта, уыдон: се ’нахъом сывæ ллæ ттæ. Сæ сæ ртæ зынынц. Цастæ сыл цæ удзæ н? Æ ртыгай-цыппæ ргай мæ йтæ, сæ зæ рдæ ты дзæ бæ хæ н адджын фынæ й кæ нынц. Цыма коляскæ ты цалдæ рмæ йдзыд сывæ ллæ ттæ нæ хуыссы, фæ лæ куклатæ. Æ мæ куклаты хуызæ н сты. Сылгоймæ гтæ й иу дæ р æ мæ иннæ дæ р йæ коляскæ йыл хæ цы йæ дыууæ къухæ й. Сæ хигъдауæ й куы ацæ уой, иуварс куы фæ зилой, куы фæ фæ лдæ хой, уымæ й тæ рсынц? Æ мæ асфальт къахвæ ндаг — лæ гъз, иу чысыл къуыбыр, иу чысыл дзыхъхъ дæ р дзы никæ м зыны. О, мады, ныййарæ джы æ нæ нцой зæ рдæ, йæ хъæ бул ын — йæ хи удæ й зынаргъдæ р, адджындæ р. Æ мæ сæ цæ сты гагуыйау хъахъхъæ нынц.

Дыууæ æ рыгон мады Жаннæ йы хæ д цурмæ æ рбахæ ццæ сты, сабыр, фæ лмæ н хъæ лæ сæ й ныхас кæ нынц, куы сæ иу банкъуысын кæ ны йæ сæ р, куы сæ иннæ. Уыдон дæ р, чысыл раздæ р æ й сывæ ллæ ттæ куыд нæ уыдтой, афтæ нæ уынынц. Цы амондджынхуыз сын и. Æ мæ сын уыцы амонд сæ буары алы стъæ лф дæ р рухс кæ ны. Сæ цин сæ ууон хуры тынтау сæ цæ сгæ мттыл хъазы. Сæ уæ нгты алы змæ лд дæ р — сæ амонд æ вдисæ г. Дыууæ йыл дæ р — бæ рзонд, лыстæ гзæ вæ т туфлитæ, фæ лæ асфальтыл сæ уынæ р нæ хъуысы, цыма уæ лдæ фы тæ хынц. Уый... сæ туфлиты уынæ рмæ, мыййаг, сæ хъæ бултæ куы райхъал уой, æ мæ сæ алы акъахдзæ ф дæ р — хъавгæ, арæ хсгæ, фæ лмæ н.

Дыууæ æ рыгон мады сæ коляскæ тимæ фæ цæ уынц, адард сты, цъæ хбазыр бæ лæ стæ сæ æ рбахъæ быс кæ нынц æ мæ куы фæ зынынц, куы нал. Уæ ддæ р Жаннæ сæ фæ стæ кæ сы, йæ цæ стытæ сæ ратонын нæ комынц. Чызг йæ сæ р цæ хгæ р фæ зылдта: ма сæ фæ цæ стдзыд кæ нæ д. Æ васт... Уый цы уыны Жаннæ? Уыцы æ рыгон мадæ лтæ й иу фестад, коляскæ тæ й иуыл дыууæ къухæ й хæ цы уый. Йе ’нахъом сывæ ллонмæ ныккæ сы; уый нæ ма райхъал, цы адджын фынæ й кæ ны. Чызг йæ æ нахуыр хъуыдыйæ фестъæ лфыд, йæ цæ сгом, йæ буар ссыгъд, цыдæ р тæ вд уылæ н æ й йæ хъæ бысы æ рбатыхта. Сывæ ллон... Ацы дыууæ чызджы цы амондджын сты! Амондджын æ мæ сæ рыстыр. Мадæ лтæ. Ныййарджытæ. Сæ амонд ивылы, рухс тынтæ й фæ йнæ рдæ м хауы æ мæ ма дзы Жаннæ дæ р фæ хайджын. Уый, Жаннæ та... Чызг йæ уæ хсчытæ æ рбалхъывта, йæ сæ р, цыма йæ хуыссæ г ахсы æ мæ рæ дзæ -мæ дзæ кæ ны, афтæ бынмæ æ руагъта, йæ химидæ г куыддæ р æ рбампылд. Уый... уый та... Уый хъæ булы адджын ад никæ д банкъардзæ н. Уый... Æ васт йæ сæ рыл схæ цыд, сраст. Цы йæ фындз æ руагъта, цы сым-сым кæ ны? Æ гъгъæ д! Æ гъгъæ д у! Сыстад. Æ мæ акъахдзæ ф кодта, фидар, ныфсджын къахдзæ ф. Фæ ссихор хъуамæ йæ куысты уа. Нырма кусæ г у.

 

31-æ м августмæ ма баззад 8 боны.

23-æ м август. Хуыцаубон. 2009 аз

Жаннæ йы телефоны дзæ нгæ рæ г райхъуыст.

— Æ хсар... — æ мæ, ох-х. Йæ телефонмæ куыд не ’ркаст. Нæ йæ систаид. Ницы хуызы. Ныр та...

— Жаннæ, куысты дæ æ ви хæ дзары? Куы сæ мбæ ликкам.

Чызг йæ уатмæ бацыд. Мад æ мæ фыд цæ хæ радоны цыдæ ртæ кусынц, хæ дзары — йæ хæ дæ г иунæ гæ й, фæ лæ йæ м уæ ддæ р, цыма йæ исчи фехъусдзæ н, афтæ кæ сы. Æ мæ йæ м сусæ ггагæ й цы ис, фæ лæ...

— Æ хсар, сæ мбæ лынæ н мын фадат нæ й, стæ й куы баныхас кодтам...

— Жаннæ, нæ баныхас кодтам. Ницæ уыл баныхас кодтам. Уый дæ химидæ г цæ уылдæ р тыхстæ æ мæ... Сæ мбæ лын нæ хъæ уы. Жаннæ, сæ мбæ лын нæ хъæ уы. Хъусыс мæ?..

Æ ргом ын алцыдæ р зæ гъæ д æ мæ... Зæ гъид ын, йæ зæ рдæ мæ хæ стæ г кæ й у, тынг хæ стæ г. Йæ хъуыдыйæ нæ цух кæ ны, йæ фынты... йæ фынты йæ цал æ мæ цал хатты федта. Суанг ма ныр дæ р. Кæ йдæ р æ цæ гæ лон лæ ппу йын афтæ зынаргъ æ мæ æ хсызгон æ нкъарæ нтæ хæ сдзæ н, уый æ нхъæ л никуы уыд, фæ лæ...

— Æ хсар, ды мын уыдтæ æ мæ ныр дæ р дæ тынг зынаргъ адæ ймаг. Исчи мæ зæ рдæ йы ахæ м арф бынат æ рцахсдзæ н, уый æ нхъæ л никуы уыдтæ н. Фæ лæ... — Уый... Уый цытæ дзуры? Йæ зонд фæ цыд? Бынтондæ р йæ хиуыл хæ цын нал фæ разы æ ви?..

— Фæ лæ цы? Цы, Жаннæ? Æ ргомдæ р-ма дзур, мæ нæ й мацы æ мбæ хс. Мæ нæ н дæ алы ныхас дæ р зынаргъ у, дæ алы ныхас дæ р мæ зæ рдæ йыл æ мбæ лы.

Æ мæ йæ Жаннæ зоны. Зоны йæ.

— Æ хсар, ды хорз лæ ппу дæ, дæ у хуызæ н лæ ппутæ бирæ нæ й. Раст æ мæ сыгъдæ г адæ ймаг, æ нæ фæ лывд æ мæ æ нæ хæ лд. Ды...

— Жаннæ, æ мæ дæ уæ д цы къуылымпы кæ ны? Цы ауæ дз нæ хицæ н кæ ны кæ рæ дзийæ? Уый цавæ р цæ лхдур сæ взæ рд не ’хсæ н? Цы нæ хъыгдары?

— Ды... — Нæ! Жаннæ ницыуал зæ гъдзæ н. Йæ хиуыл хæ цын уал зоны æ ви цы. Йæ зæ рдæ ма суынгæ г уæ д. Æ гъгъæ д! Æ гъгъæ д хъазт у гæ ды æ мæ мыстытæ ахсынæ й. Нæ! Уæ ддæ р ын хъуамæ зæ гъа: — Æ хсар, ды мæ царды кæ й сæ мбæ лдтæ, уымæ й æ з амондджын уыдтæ н æ мæ уыдзынæ н мæ фæ стаг сулæ фты онг.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.015 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал