Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 22 страница






Жаннæ сæ кусæ нуаты дуар сæ хгæ дта æ мæ кæ ртмæ рахызт. Гæ с ма ам и? Æ вæ ццæ гæ н, уымæ æ нхъæ лмæ каст, æ ндæ р дзы боныгон цы хъахъхъæ ны. Сæ уаты дæ гъæ лтæ йæ м дæ тты:

— Иннæ тимæ сæ сæ вæ р.

— Æ мæ дæ хи нæ хъæ уынц? Отпусчы чи фæ цæ уы, уыдонæ н семæ вæ ййынц.

— Мыййаг мын хæ дзары куы фесæ фой, — зæ гъынмæ та хъавыд: «Æ з дæ ргъвæ тин отпусчы цæ уын». — Чызг йæ химидæ г бахудызмæ л. Отпуск. Даргъ. Æ нæ кæ рон. Æ нусты дæ ргъæ н отпуск.

— Омæ хорз. Де ’рбацыдмæ ам уыдзысты, ничи сæ райсдзæ н.

Жаннæ сæ химæ фæ цæ уы. Цас бирæ афæ стиат, фæ лæ йæ м мад уæ ддæ р æ нхъæ лмæ кæ сдзæ н. Цай дæ р нæ ацымдта, æ мæ тыхсдзæ н, йæ зæ рдæ йæ м æ хсайдзæ н. Дысон æ м йæ мызд æ мæ йæ отпусчы æ хца радта.

— Æ мæ куыд бирæ сты?

— Иуæ ндæ с мины? Уыдон кæ мæ ндæ рты æ хца не сты.

— Мах уыцы кæ мæ йдæ рты не стæ м. Фагæ й ма нын уæ лдайдæ р сты.

— О, мамæ, бæ ргæ не сты, фæ лæ ды бæ ркадкъух дæ, дæ армæ й сой тæ дзы, капекк дын сомы бæ ркад хæ ссы.

— Мæ чызг, райдыдтай та, — мад цыдæ р уысм ницы сдзырдта, стæ й йæ м фæ зылд: — Фæ лæ уу-ма, дæ химæ дзы исты ныууагътай?

— Æ мæ дзы цы кæ нын? Куы мæ бахъæ уа, уæ д дæ уæ й райсдзынæ н.

— Нæ, нæ, мæ нæ дзы æ ртæ мины дæ химæ уадз. Чызг дæ, чызг, æ мæ дæ сумкæ йы хъуамæ иу капекк уа.

Иу капекк дæ р дзы нæ райста, иу сом дæ р йæ химæ нæ ныууагъта. Цы дзы кæ ны? Цæ мæ йæ хъæ уы æ хца? Уырдæ м... Æ мæ та чызг бахудт. Уырдæ м фæ ндаггаг лæ вар у, билет æ лхæ нын æ й нæ хъæ уы. Уырдæ м йемæ ничима ницы ахаста, сæ æ ддæ гуæ лæ галуантæ, сæ хæ знатæ, сæ империтæ уæ лæ уыл баззайынц. Фæ ндаггаг дæ р æ й нал хъæ уы, йæ фæ ндаг æ рцыбыр, абонæ й ма райсоммæ у æ мæ... Цы рæ стæ джытæ уыди, цы! Кæ ддæ р, дам, Дзæ уджыхъæ уæ й Мæ скуымæ хæ дтæ хæ джы билеты аргъ æ ртæ туманмæ дæ р нæ хæ ццæ кодта. Ныр та Жаннæ йæ н йæ мæ йы мызд æ рдæ гфæ ндагмæ дæ р не сфаг уаид. Æ мæ, дам, хорз цæ рæ м. Чи цæ ры хорз? Комкоммæ афтæ сай. Цыма бæ стæ йы хицауадæ н сæ сæ йраг куыст сайын у, Жаннæ мæ афтæ кæ сы. Æ мæ æ фсæ рмы куыд нæ кæ нынц, куыд нæ!

Чызджы къахайст фæ сабырдæ р. Къуырисæ рмæ йæ мадæ н æ лхæ нын ницы бауадздзæ н, исты хуызты йæ къуылымпы кæ ндзæ н. Æ дзухдæ р хорз фынг сцæ ттæ кæ ны: дзаджджын уæ либæ хтæ, цæ хæ раджынтæ, фыдджынтæ, дзидза картофимæ, нозт цалдæ р хуызы, адджинæ гтæ дыргътæ, халсартæ, салаттæ... Ницæ уыл бацауæ рды.

«Хорз афон райгуырдтæ, фæ ззæ джы къæ сæ рыл», — фæ зæ гъы мад.

Бæ ргæ, хорз афон райгуырд, фæ лæ...

Жаннæ йы цыд фæ тагъддæ р. Æ мæ кæ дæ м тагъд кæ ны?.. Æ ртын фыццæ гæ м августмæ. Йæ мидбылты та бахудт. Цыдæ р æ хсызгонæ й, зæ рдæ рухсæ й.

 

31-æ м августмæ ма баззад 1 бон.

30-æ м август. Хуыцаубон. 2009 аз

Жаннæ йæ халат йæ уæ лæ ’рбакодта, хæ дзарыдаргæ фæ лмæ н дзабырты йæ къæ хтæ атъыста. Сабат æ мæ хуыцаубоны, цасдæ риддæ р дæ зæ рдæ зæ гъы, уыйбæ рц фынæ й кæ н, цалынмæ йæ хæ дæ г сысты, уæ дмæ йæ ничи райхъал кæ ны. Мад æ нæ уынæ рæ й дуарыл зына-нæ зына æ рбахæ цы: йæ чызг нæ ма рабадт, фынæ й ма у? Æ мæ афынæ й кæ нæ д, афынæ й кæ нæ д. Азтæ йыл сæ уæ з куы ’руадзой, уæ д дзы хуыссæ г дард лидздзæ н, куы афынæ й уаид, уый йæ фæ нддзæ н, фæ лæ цæ стытæ æ рцъынд нæ комдзысты.

Дæ сæ м сахат райдыдта. Уæ дмæ фæ фынæ й кæ ндзæ н, уый æ нхъæ л ницы хуызы уыд. Æ нхъæ лдта: рафт-бафт кæ ндзæ н, хуыссæ г æ м æ мгæ рон нæ цæ удзæ н, рабаддзæ н-иу æ мæ талынг уаты джихæ й кæ дæ мдæ р кæ сдзæ н, удхайраг фæ уыдзæ н. Бон кæ д æ рбацъæ хтæ уыдзæ н, кæ д æ рбарухс уыдзæ н, уымæ æ нхъæ лмæ кæ сынæ й йæ цæ стытæ ныуурс уыдзысты. Мыййаг, кæ д йæ цæ стытæ кæ рæ дзиуыл авæ ра, уæ д æ нæ мæ нг фыдфынты хай фæ уыдзæ н. Уый уыдзæ н йæ фæ стаг æ хсæ в. Фыдæ хсæ в.

Æ мæ, диссаг, фæ рæ дыд: йе ’хсæ в бынтон æ ндæ рхуызон рауад: чызг ахæ м адджын фынæ й фæ стаг рæ стæ джыты никæ дуал бакодта, йе ’нгуылдз дæ р нæ базмæ лыд. Иу фын дæ р нæ федта. Райхъал цыдæ р æ нахуыр рог, хъæ лдзæ г æ мæ зæ рдæ рухсæ й. Цы хорз бон скодта. Жаннæ рудзынг байтыгъта. Арв — цъæ х-цъæ хид, хæ снагыл ыл иу мигъы тæ пп не ссардзынæ, хистæ ртæ куыд фæ зæ гъынц: кæ саджы цæ стæ й — сыгъдæ гдæ р. Сæ ууон хуры тынтæ иу бæ ласæ й иннæ мæ, иу хæ дзары сæ рæ й иннæ хæ дзары сæ рмæ сæ хи æ ппарынц, урс æ хсидæ вты хуызæ н судзынц. Цы хорз райсом у! Цы хорз бон скодта! Райсом дæ р ахæ м ирд, сыгъдæ г, хурбон уыдзæ н. Хорз бон уыдзæ н. Тынг хорз бон! Август нæ м æ дзухдæ р хорз рæ стæ г ахæ ссы. Æ ртын фыццæ гæ м август. Уый сæ рмагонд бон у. Жаннæ йæ н тæ ккæ адджындæ р, тæ ккæ зынаргъдæ р бон. Йæ царды тæ ккæ амондджындæ р æ мæ рухсдæ р бон уыдзæ н райсом! Æ мæ уый райдыдта абон, дысон дыууадæ с сахаты фæ стæ. Нæ! Уый раджы райдыдта, кæ д, уый бæ лвырдæ й нæ хъуыды кæ ны, фæ лæ раджы. Фыццаг къахдзæ ф æ м акодта ацы аз дыууын фарæ стæ м июлы, æ ртыццæ джы. Уыцы бон цæ мæ н? Нæ йæ зоны... Нæ йæ зоны... Æ вæ ццæ гæ н, æ нæ нхъæ лæ джы. Æ мæ æ нæ нхъæ лæ джы ацы дунейы ницы цæ уы. Æ ртын фыццæ гæ м август цæ мæ н равзæ рста, уый зоны, æ мæ тынг хорз. Æ ртын фыццæ гæ м август — йæ райгуырæ н æ мæ йæ мады амæ лæ н бон. Æ нахуыр бон.

Жаннæ йæ хи афтæ хорз, рог, амондджын, афтæ хъæ лдзæ г цæ мæ н æ нкъары, уый дæ р зоны: райдзаст, сыгъдæ г бон кæ й скодта, æ рмæ ст уымæ н нæ — æ ртын фыццæ гæ м августы къæ сæ рыл кæ й æ рлæ ууыд, кæ й йæ м æ рбаввахс, кæ й йæ м фæ хæ ццæ кæ ны, уымæ н. Æ ппынфæ стаг, йæ бæ ллиц сæ ххæ ст уыдзæ н. Сулæ фдзæ н. Æ рсабыр уыдзæ н.

Чызг йæ цæ нгтæ фæ йнæ рдæ м аппæ рста: цы хорз бон у. Цыма кæ мдæ р комы доны кæ нæ денджызы был лæ ууы: сæ ууон сатæ г уæ лдæ ф æ хсызгонæ й улæ фы. Сæ ууон адджын сыгъдæ г уæ лдæ ф, йæ хорз зæ рдæ йы уагыл куы вæ ййы, сау мылазон мигътæ дæ р æ м урсæ й куы фæ зынынц, къæ вдайы стыр æ ртæ хты бæ сты зæ ххыл хуры цæ хæ р стъæ лфæ нтæ куы фæ хауынц, — уæ д йæ буары куыд ахъары, уæ д æ й куыд æ хсызгонæ й фæ улæ фы, афтæ улæ фы. Алæ мæ ты сæ ууон уæ лдæ ф йæ буады алы стъæ лфы дæ р хъары.

Жаннæ йæ уатæ й рахызт. Йæ мад... Куыд нæ йæ м æ рбакаст. Æ вæ ццæ гæ н, дуары уынæ рæ й куы фехъал уа, уымæ й йын тарст æ мæ...

— Мамæ, — æ мæ йын æ рбахъæ быс кодта, йæ цæ нгтæ йыл æ рбатыхта.

— Ацу, къулбадæ г, уæ д мын хъæ быстæ кæ н, — мад чызджы сæ р йæ риумæ æ рбалхъывта.

— Мамæ, цыма дæ нæ фæ нды.

— Фæ нды мæ, фæ нды, мæ къона. Ноджы райсом дæ райгуырæ н бон æ мæ дыл алцыдæ р фидауы. Цу, мæ хур, дæ хи ахс, сыгъдæ г, æ хсад адæ ймагмæ фарн кæ сы.

— Æ з æ нæ уи дæ р фæ рнджын адæ ймаг дæ н, дæ уæ н и рæ сугъд æ мæ хæ рзконд чызг, — худы йæ м. Æ мæ йын уый цыдæ р кæ нгæ, аразгæ мидбылхудт нæ у. Уый цæ уы йæ зæ рдæ йы арфæ й. Мад ын йæ сæ р йæ химæ разылдта æ мæ йæ м кæ сы:

— Ахæ м ныхæ стæ дæ никуы фехъуыстон. Фæ стаг рæ стæ г дæ ахæ м хъæ лдзæ г æ мæ цинхуызæ й никуыуал федтон. Ды ма мын дæ амонд куы ссарис, æ ндæ р мæ ницы хъæ уы. Цæ уыл дзурын, уый æ мбарыс?.. Алцæ мæ н дæ р афон ис, афон, мæ чызг.

— Æ мæ тагъд мæ афон дæ р æ рбахæ ццæ уыдзæ н.

— Цы? Цы? — ныр та мад æ рбахъæ быс кодта йæ чызджы. — О Хуыцау, табу дын æ рбауæ д.

— Хорз, хорз, Мамæ, сыгъдæ г, æ хсад адæ ймагмæ фарн кæ сы, — чызг ваннæ мæ фæ цæ уы. Темыр хæ дзары кæ й нæ разынд, уый цур ахæ м къæ бæ да ныхæ стæ нæ бауæ ндыдаид. Кæ рты дæ р нæ зыны. Цæ хæ радоны та уыдзæ н, кусинаг дзы ницы вæ ййы, уæ ддæ р цыдæ ртæ архайдзæ н. Сæ зæ ххы хæ снагæ н иу кæ рдæ джы хал не ссардзынæ. Фыд арæ х фæ зæ гъы:

— Зæ хх чи не ’мбары, зæ ххæ й иппæ рд чи у, уыдон æ намонд сты.

Уыцы ныхас арæ хдæ р фæ зæ гъы Вадимы цур. Æ мæ уый цур, цыма барæ й фæ дзуры, Жаннæ мæ афтæ фæ кæ сы. Æ мæ барæ й фæ дзуры. Жаннæ, йе ’фсымæ ры, цас æ й хъуыды кæ ны, уæ дæ й фæ стæ мæ сæ цæ хæ радоны никуыма федта. Зæ хмæ æ ргуыбыр кæ ныны бæ сты йæ фæ лтау амар. Бел никæ д райста, къæ пийыл никæ д æ рхæ цыд.

Æ мæ Темыр Вадимы цур зæ ххы кой куы ракæ ны, уæ д æ фсымæ р бахуды æ мæ фæ зæ гъы:

— Адæ мы фылдæ р хай стыр горæ тты, бирæ уæ ладзыгон хæ дзæ ртты цæ рынц æ мæ уый тыххæ й æ намонд сты.

— Нæ лæ ппу цыма зæ ххæ й тæ рсгæ кæ ны, афтæ мæ м кæ сы.

— Зæ хх хорз у, фæ лæ зæ ххы куыст æ ндæ р исчи кæ нæ д, — дзуапп ратты Вадим.

— Вадим, зæ хх чи æ мбары æ мæ зæ хх кæ й æ мбары, уыдон, мады риу, мады хъарм æ хсыр чи бададта, ахæ м сывæ ллæ тты хуызæ н сты, зæ хх чи не ’мбары æ мæ зæ хх кæ й не ’мбары, уыдон та — хъуджы æ хсырæ й хасты хуызæ н.

— Нæ философ та ахæ цыд, — йæ къух ауигъы Вадим: ома Темыримæ фæ нды дзур, фæ нды ма, уый ивгъуыд дуг у, йæ рæ стæ г раджы фæ ци.

Мамæ дæ р зæ ххы, фосы куыст бирæ уарзы. Ногдыгъд æ хсыр, йæ фынк йæ сæ рыл сырсыргæ нгæ куы ’рбацæ йхæ ссы, дынджыр кастрункæ йы гуымбыл куы фæ ахсы, уæ д ын ахæ м хуыз вæ ййы, цыма дунейы æ ппæ ты амондджындæ р адæ ймаг у.

— Зæ хх адæ ймаджы цæ рын кæ ны, — фæ зæ гъы мад æ мæ Жаннæ мæ ’рбакæ сы. — Дæ фыд цæ хæ радоны нæ архайы, фосмæ нæ зилы, зæ гъгæ, уæ д афонмæ раджы æ рхаудаид. Æ гуыст адæ ймаг йæ химидæ г æ мпылы. Уæ вгæ, алцыдæ р Хуыцауæ й аразгæ у æ мæ йын табу æ рбауæ д.

Чызг ваннæ йы кæ сæ ны йæ химæ фæ комкоммæ. Уый... Æ мæ йыл нырмæ куыд нæ ахъуыды кодта. Йæ сæ р æ й алвынын хъæ уы. Райсом æ й афтæ мæ й куы феной, уæ д худинаг уыдзæ н. Бæ рæ гбонмæ йæ куыд фелвыны, афтæ йæ алвынын кæ ндзæ н, æ рмæ ст фæ стæ дæ р, науæ д ын райсоммæ куы фехæ ла.

— Мамæ, парикмахермæ мæ ныууайын хъæ удзæ н.

— Æ мæ ныууай, ныууай, хъуамæ дæ прическæ дæ р бæ рæ гбоны прическæ уа. Райсом дæ райгуырæ н бон æ мæ йыл хъуамæ сыгъдæ г, æ фснайд, хъæ лдзæ г æ мæ бæ ркадкъухæ й сæ мбæ лæ м. Нæ химæ æ ртæ чъирийы акæ ндзыстæ м, цынæ вæ ййы, бинонтæ й исчитæ куы ’руайа. Дæ куыстмæ дæ р хуын схæ ссын хъæ удзæ н. Æ мæ адджинæ гтæ, халсартæ æ мæ дыргътæ алхæ дтон.

— Мамæ, мацыуал балхæ н. Райсом... райсом алцыдæ р скæ ндзыстæ м. Абон дæ хи ма тыхсын кæ н.

— Æ мæ райсом нæ кусинæ гтæ æ гæ р куы абирæ уой, талфтулф митæ нæ уарзын.

— Мамæ, æ з æ мæ ды арт стæ м, алцыдæ р скæ ндзыстæ м хорз æ мæ афоныл, — худы йæ м чызг.

Аслан йæ уатæ й рахызт. Æ рдæ гæ й уæ лæ мæ — бæ гънæ г. Цыма хæ дзары никæ й уыны, афтæ æ нæ иу ныхас скæ нгæ йæ хи æ хсынмæ бацыд. Æ нæ даст, æ нцъылдтæ. Хатгай йæ хи дæ р нæ ныхсы. Æ рыгон лæ ппу æ мæ дæ хи афтæ æ руадз. Хатгай бондыууæ боны йæ уатæ й нæ рацæ уы: цыдæ ртæ ахæ р æ мæ та схуысс, фынæ й кæ н. Ныр дæ р раджы нал у, фæ лæ уымæ н раджы у. Цымæ афтæ рагацау цæ мæ н сыстад, цы йæ зæ рды æ рæ фтыд? Ваннæ йæ йæ хи сæ рфгæ рацæ уы.

— Аслан, цыдæ р раджы сыстадтæ.

— Паддзахадон стыр хъуыддæ гтæ мæ м æ нхъæ лмæ кæ сынц, æ мæ... — лæ ппу йæ ныхасмæ бахудт.

— Ацафон нæ сыстыс æ мæ дыл ахуыр не стæ м.

Мад чызгмæ бакаст, йæ цæ стæ нгасæ й йын ацамыдта: мацы дзур, де ’фсымæ ры ма къах.

— Афтæ раджы цæ мæ н сыстадтæ н? Райсом нæ принцессæ йæ н йæ райгуырæ н бон у, æ мæ уый æ рмæ ст нæ бинонтæ, нæ мыггаг, æ рмæ ст ирон адæ мæ н нæ, фæ лæ нге паддзахадæ н дæ р стыр цау, стыр хъуыддаг у. Уый цур Англисы королевæ йы райгуырæ н бон цы у? Æ мæ хъуамæ нæ хи бацæ ттæ кæ нæ м, иууылдæ р нæ къæ хтыл слæ ууæ м.

Мад та йæ цæ стæ нгасæ й Жаннæ йæ н ацамыдта: мацы сдзурæ д.

— Хорз, хорз, Аслан, — æ мæ чызг йæ уатмæ бацыд. Йæ цуры ма куы афæ стиат уа, уæ д та йе ’фсымæ р цытæ дзурдзæ н, Хуыцау — йæ зонæ г. Уæ вгæ, зоны сæ, æ мæ Жаннæ йæ абон, йæ бæ рæ гбоны райдайæ ны, иу ныхас дæ р не схаудзæ н. Райсом та... Кæ й-иу цы фæ нды, уый дзурæ д.

Чызг шифанеры дуæ рттæ байгом кодта: йæ зæ рдæ ницæ мæ ’хсайы, фæ лæ уæ ддæ р... Йæ дзаумæ ттæ, йæ дарæ с — иууылдæ р æ фснайд, итувæ рд. Фæ лæ... мацы дзы ферох уæ д. Æ мæ шифанеры лæ гъзтæ м кæ сы, йæ цæ стытæ уаты къуымты æ рзылдысты. Уат цалдæ р боны размæ бафснайдта, аивæ й, сусæ гæ й: мад куыд ницæ уыл фæ гуырысхо уа, афтæ. Асланы уат дæ р бæ ргæ бафснайдта, фæ лæ та уыцы змæ ст, æ нæ фснайд уыдзæ н. Дæ цъындатæ кæ м раластай, уым сæ ныууадз: дæ уæ лæ цы дзаумæ ттæ нал кæ ныс, уыдон сынтæ гмæ кæ нæ диванмæ баппар. Æ мæ йæ дарæ с, йæ дзаумæ ттæ алырдыгæ й ракæ л-ракæ л кæ нынц. Шифанер ма цæ мæ н хъæ уы? Дæ майкæ батух æ мæ йæ сæ вæ р, уымæ й дын исты уыдзæ н? Фæ стаг хатт ма æ фснайы йе ’фсымæ ры уат. Аслан, æ нхъæ лдæ н, ацыд.

— Хæ ргæ уал акæ н.

— Хорз, хорз, Мамæ. — Чызг дзаумæ ттæ шифанеры æ вæ ры. Рыгтæ сæ рфы. Пъолтæ рахсадта. Рудзгуытæ уæ рæ х байтыгъта: уадз Асланы уаты дæ р сæ рдыгон адджын сыгъдæ г уæ лдæ ф паддзахиуæ г кæ нæ д.

Жаннæ йы зæ рдæ ницæ мæ уал æ хсайы. Сæ хæ дзар сыгъдæ г, æ фснайд у, уæ д ын цыдæ р æ хсызгон вæ ййы. Æ мæ Аслан... æ ндæ р, мæ лæ ты стыр бинонтæ куы не сты, мыййаг, цалдæ р дæ лдæ руæ лдæ р сывæ ллоны сæ м куынæ ратæ х-батæ х кæ нынц. Фыдæ н дæ р æ мæ мадæ н дæ р хæ дзармæ се ’рбацыд нæ базондзынæ, цыма сæ къахфындзтыл æ рбахизынц. Цæ й, бинонтæ й иу та хъуамæ Асланы хуызæ н уа.

Жаннæ йе ’фсымæ ры уаты дуар бахгæ дта. Изæ ры ма хæ дзары иннæ пъолтæ хуылыдз пысулæ й расæ рфдзæ н, æ мæ алцыдæ р — цæ ттæ.

Мад чызджы цур хæ ринаг æ рæ вæ рдта: пырындзы кас æ хсырыл фых, цыхт æ мæ дзул, цай. Цыхт æ й нæ хъæ уы, фæ лæ кас ахæ рдзæ н. Нæ. Тыххæ рд нæ кæ ны. Æ цæ гдзинадæ й... Æ цæ гдзинадæ й та йæ м хæ рын нæ цæ уы. Хæ ры æ нæ бары, цыма сыджыт хæ ры, афтæ йæ м кæ сы. Мадæ й не ’фсæ рмы кæ ны, уый зæ рдæ худтæ й нæ тæ рсы, уæ д иу комдзаг дæ р не скæ нид. Кас йæ хъуыры куынæ фæ бадид, аныхъуырын нæ комы. Ма фæ хуыдуг уæ д. Чызг йæ хинымæ р бахудт: уæ д æ й, цы хостæ æ рцæ ттæ кодта, уыдон нал бахъæ удзысты. Хæ ры, йæ хицæ н тыхми кæ ны. Хæ ры, æ мæ афтæ зыны, цыма йын æ ххормаг у, зæ рдиагæ й хæ ры.

— Цæ й, ныр парикмахертæ м ныууайон.

— Ацу, ацу, мæ къона.

Парикмахер, йæ зонгæ сылгоймаг, Жаннæ æ дзухдæ р уымæ фæ цæ уы. Арæ х — нæ. Иуæ й-иутæ н парикмахерты хæ дзар дыккаг хæ дзар ссис: мæ й дыууæ -æ ртæ хатты сæ сæ ртæ ’лвынынц, цыма сын æ ндæ р ницы куыст и.

Сылгоймаг ын йæ сæ рыхъуынтыл фасæ гау йе ’игуылдзтæ цалдæ р хатты æ рхаста, бакаст æ м:

— Дæ сæ р тынг æ лвынинаг нæ ма у. Ацы хатт раздæ р æ рбацыдтæ.

— Æ мæ -гъа, фæ комкоммæ йæ м дæ н æ мæ...

— Куыд дæ фæ нды, афтæ.

Сылгоймаг ын йæ сæ р, куыд фелвыны, афтæ æ лвыны, хионхуызы йæ дзæ бæ хтæ кæ ны. Жаннæ дзы æ дзухдæ р разыйæ баззайы. Сау хæ мпус дзыккутæ уылæ нтæ -уылæ нтæ уæ хсчытæ м æ рхæ ццæ сты. Цымæ сæ фаст, се ’вæ рд райсоммæ нæ фехæ лдзæ н? Зоны йæ, нæ фехæ лдзæ н, фæ лæ...

— Ма тыхс, дæ прическæ куыддæ риддæ р у, дыууæ -æ ртæ боны афтæ уыдзæ н.

— Бузныг, бузныг, — чызг сыстад, йæ химæ айдæ нмæ кæ сы. Æ нхъæ лдæ н, ацы хатт йæ сæ рыфаст ноджы рæ сугъддæ р у. Уæ дæ йæ райсом адæ м, суйтæ, хæ мпæ лсæ рæ й куы феной, уæ д цы зæ гъдзысты? Райсом йæ бæ рæ гбон у æ мæ хъуамæ алцæ мæ й дæ р аив уа.

Сæ кулдуары цур — Вадимы машинæ. Æ нæ уи дæ р сæ м арæ х цæ уаг нæ у, сабат æ мæ йын хуыцаубон та... Уыдон ын не сфæ лдисæ г æ мæ паддзахад баулæ фыны тыххæ й радтой æ мæ йæ бинонтæ кæ нæ йæ хорз æ мбæ лттимæ сæ хи куы доны былмæ айсынц, куы нæ рæ сугъд кæ мттæ й искæ дæ м, куы та — Бехъаны цадмæ, куы та — ресторанмæ. Вадим арæ х фæ зæ гъы:

— Кусгæ чи кæ ны, уый хъуамæ улæ фын дæ р зона.

Æ мæ æ гайтма, æ гайтма.

О-о. Акса-ма, Жаннæ ууыл куыд нæ ахъуыды кодта: райсом йæ райгуырæ н бон, æ мæ Вадимæ н уæ д раарфæ кæ нынæ н фадат нæ фæ уыдзæ н æ мæ уый тыххæ й æ рцыд. Телефонæ й йын хъарм, зæ рдиаг ныхæ стæ загътаид, фæ лæ телефоны ныхас цы у: хъуамæ йæ уарзон хойы фена, лæ гæ й-лæ гмæ йын раарфæ кæ на, мæ йы размæ йын цы зынаргъ лæ вар балхæ дта, уый дæ р æ рласта. Æ мæ цымæ йæ мерседесы багажничы цæ уы?..

Чызг кæ ртмæ бахызт. Фыд æ мæ фырт сарайы лæ ууынц, цæ уылдæ р дзурынц. Дуары уынæ рмæ разылдысты.

— Йæ хæ дæ г дæ р фæ зынд, — худы йæ м Вадим. — Райсом — дæ райгуырæ н бон æ мæ дын зæ рдиаг арфæ кæ нын. Адæ ймаг йæ хæ дæ г йæ хицæ й фылдæ р никæ й уарзы æ мæ дæ хи зæ рдæ дæ хицæ н цы зæ гъы, уый дыл æ рцæ уæ д. — Йе ’хцадонæ й æ мхæ ст мин сомы систа æ мæ, цыма æ ппынкъаддæ р ссæ дз мины сты, афтæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Исты-иу дзы алхæ н. Цы дæ хъæ уы, уый дæ хæ дæ г хуыздæ р зоныс.

Жаннæ цыдæ р уысм ахъуыды кодта: райса сæ æ ви нæ, хъæ угæ ма йæ цæ мæ кæ нынц, фæ лæ...

— Бузныг, Вадим, бузныг.

— Райсом мын æ руайынæ н фадат нæ уыдзæ н æ мæ — хатыр. Æ мæ кæ м бæ рæ г кæ ндзынæ дæ райгуырæ н бон?

Жаннæ йæ м бахудт:

— Райсом æ й фендзынæ.

— Æ вæ ццæ гæ н, мæ йы размæ горæ ты хуыздæ р ресторантæ й иуимæ баныхас кодтай.

— Бирæ адæ м мæ м æ рцæ удзæ н æ мæ...

— Æ мæ кæ цы ресторан равзæ рстай? «Императрицæ», «Сæ рмæ т», «Регах»... Ис ма æ ндæ р, къаддæ р, æ взæ рст адæ м кæ дæ м цæ уынц, æ нæ бон адæ мæ н йæ дуæ рттæ æ хгæ д кæ мæ н сты, ахæ м ресторантæ, фæ лæ ды зынгæ адæ ймаг дæ, зындгонд журналист, æ хцаджын, цы сæ фæ кæ най, уый нæ зоныс æ мæ дæ циныл цин кæ ндзæ н æ ппæ т Ирыстон дæ р, æ мæ дæ у хъæ уы, цалдæ р залы кæ м уа, ахæ м парахат, уæ рæ х ресторан.

Чызг та бахудт:

— Райсом сæ фендзынæ.

— Финансон магнат дæ æ мæ мин адæ ймагæ й къаддæ р æ рхуыдтай, уæ д мын цы ’нхъæ л дæ. Де ’вæ рд æ хцатыл ма бацæ уæ рд, — Вадим худы.

— Хорз, хорз.

— Жаннæ, картофтæ нæ ахсæ дын хъæ уы, — дзуры мад. Чызг æ м разылд æ мæ бамбæ рста: иу картоф æ хсæ дын дæ р сæ нæ хъæ уы, фæ лæ йæ цæ мæ й Вадимы цурæ й ратона, уый тыххæ й дзуры. Æ мæ ма тыхсæ д: йæ чызгæ й иу тызмæ г ныхас дæ р не схаудзæ н, абон йæ нервытæ, хырхæ й сæ куы лыг кæ най, уæ д дæ р нæ фезмæ лдзысты.

— Хорз, Мамæ, — æ мæ хæ дзармæ бацыд. Фыд æ мæ фырты ныхас уырдæ м дæ р хъуысы. Чызг лæ ууы йæ мады фарсмæ — йæ хъуыдытæ та — Темыр æ мæ Вадимимæ. Фæ стаг рæ стæ г арæ х фæ сагъæ с кæ ны: ис æ нусон проблемæ — ныййарджыты æ мæ цоты ахастдзинæ дтæ. Фæ лæ ма се ’хсæ н ис ноджы æ ндæ р, ахсджиагдæ р, вазыгджындæ р проблемæ тæ. Уыдон сæ æ вæ рынц кæ рæ дзийы ныхмæ, уыдон сæ кæ рæ дзийæ кæ нынц иппæ рд, дардæ й-дарддæ р, кæ рæ дзийæ н сæ æ цæ гæ лæ ттæ аразынц. Уыдон та... Уыдон та сты: рæ стæ г, цард, æ хсæ над. Æ ви Жаннæ рæ дийы?..

— Папæ, адæ ймаг ацы зæ ххыл иу хатт цæ ры, — хъуысы Вадимы ныхас.

— О. О. Æ мæ хъуамæ лæ джы цардæ й фæ цæ ра.

— Ома афтидгуыбын æ мæ гомрагъæ й.

— Æ з афтæ нæ зæ гъын.

— Ныртæ ккæ, стæ й раздæ р дæ р афтæ уыд, фæ лæ йæ уæ д æ ргом нæ дзырдтой, цы кодтой, уый сусæ гæ й. Чи у лæ г? Зæ гъæ м æ й æ ргом: æ хца кæ мæ и, йæ бон æ хца саразын кæ мæ н у, уый. Исбон кæ мæ и, мулк кæ мæ и, уый.

— Кæ д царды æ ндæ р ницы и, уæ д...

— Ницы, Папæ, ницы. УЕхца дæ м куы уа, уæ д алцыдæ р дæ, уæ д алцыдæ р сараздзынæ.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.02 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал