Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 19 страница






— Жаннæ, нæ дæ ’мбарын, нæ дæ ’мбарын æ ппындæ р. Цытæ дзурыс? Цы кæ ныс? Цæ уыл тыхсыс? Цыдæ р мæ сусæ г кæ ныс, фæ лæ цы? Ныртæ ккæ дæ м фæ цæ уын, æ фсарм æ мæ мæ æ гъдау дæ р нал бауромдзысты — æ мраст уæ хæ дзармæ бацæ удзынæ н.

— Дæ къах дæ р ма равæ р. Хæ рзбон.

— Цы?!. Дæ райгуырæ н бон уæ д та сæ мбæ лæ м.

— Хæ рзбон. Бахатыр кæ н. Стыр хатыр.

— Жаннæ, нæ дæ ’мбарын. Цы кæ ныс? Æ ппындæ р мацæ мæ й тыхс!

— Хæ рзбон, — æ мæ чызг йæ телефон ахуыссын кодта. Афтæ тынг ыл ныххæ цыд, æ мæ йе ’нгуылдз фæ рыст. Æ хсар ма йæ м дзурдзæ н. Æ мæ иу æ мæ дыууæ хатты нæ. Жаннæ телефон афтæ ахуыссын кодта, æ мæ йæ цалынмæ йæ хæ дæ г скусын кæ на, уæ дмæ æ дзæ мæ й лæ удзæ н, уæ дмæ мард у. Абон никæ мæ уал дзуры. Ох-х, Æ хсар, Æ хсар... Чызг йæ хиуыл схæ цыд, сраст. Цы ныллæ хъир? Йæ ас, цы у, æ нхъæ лдæ н, уымæ й фестырдæ р. О! Ныртæ ккæ арвыл амбæ лдзæ н. Дидинæ г куы стонай æ мæ дзæ гæ р хурмæ куы аззайа, уæ д уый йæ базыртæ куыд æ руадзы, йæ уд куыд фæ исы, Жаннæ йæ химæ ахæ м дидинæ джы хуызæ н кæ сы. Жаннæ — дидинæ г. Уæ дæ мæ, Жаннæ — сындз, æ намондхæ ссæ г, ацы дунемæ æ нæ нхъæ лæ джы чи фæ зынд, ахæ м адæ ймаг, ацы дунейæ н æ цæ гæ лон, уæ лдай адæ ймаг. Цæ й, æ гъгъæ д у! Йæ фындз та куы ’руагъта. Æ ви Жаннæ Жаннæ нал у — йæ химæ гæ сгæ: фидар, хъæ ддых адæ ймаг. Æ мæ уый тайы. Тайы...

 

31-æ м августмæ ма баззад 7 боны.

24-æ м август. Къуырисæ р. 2009 аз

Жаннæ йæ бандон стъолмæ бахæ стæ гдæ р кодта. Сбадт. Газеттæ йæ цуры æ рæ вæ рдта. Редакци нымадæ й исы дыууæ газеты: «Рæ стдзинад» æ мæ «Северная Осетия», фылдæ р рафыссын сæ къух нæ амоны. Ацы цард куы нæ ма ралæ ууыд, уæ д, дам, истой дæ с-фынддæ с алыхуызон газеты, журналтæ, республикæ йы районты газеттæ. Ныр сын алы капекк дæ р — нымад. Исты газет кæ сын дæ фæ нды, уæ д ай рафысс, балхæ н æ й. Чызг кусын цы бон райдыдта, уæ д цалдæ р газеты балхæ дта. Уæ дæ й нырмæ алы райсом дæ р йæ фæ ндаг ракæ ны киоскыл. Уый йын фæ тк ссис. Рафæ лдахы сæ, йæ цæ ст сыл ахæ ссы. Цыдæ р æ рмæ джытæ дзы æ нæ мæ нгæ й бакæ сы. Йе ’мкусджытæ йыл фыццаг худтысты:

— Хуыцауы тыххæ й, дæ мæ гуыр капеччытæ цæ уылты хардз кæ ныс.

— /Емæ -гъа, — дзуапп-иу сын радта уый. Ныр газеттæ хъæ бысыдзаг куы ’рбахæ ссид, уæ ддæ р æ м ничи ницы сдзурид.

Йе ’мкусджытæ дæ р ма сæ бакæ сынц. Чи газет æ нæ дзургæ йæ райсы, чи та фæ зæ гъы:

— Æ ри-ма уыцы газет, афæ лгæ сон ыл, — æ мæ йæ райсы. Жаннæ арæ хдæ р æ лхæ ны «Аргументы и факты», «Новая газета», «Независимая газета» æ мæ ма, йæ зæ рдæ кæ мæ фехсайы, уыдон. Алы газетæ н, суанг сæ районы газетæ н дæ р — йæ хи къухдзæ ф, йæ хи цæ сгом. Йæ рæ стæ г арвита, уый тыххæ й сæ нæ фæ кæ сы. Цымæ уыцы газетты та цæ уыл фыссынц? Цы фарстатæ, цы темæ тæ, цы проблемæ тæ хæ ссынц адæ мы размæ? Куыд фыссынц? Цы формæ тæ агурынц? Автор, йæ хъуыды цæ мæ й газеткæ сæ гмæ хуыздæ р бахæ ццæ уа, уый тыххæ й цы мадзæ лттæ агуры? Цæ мæ й сæ ис бафæ змæ н? Жаннæ, газеты куысты йæ дæ ндæ гтæ чи рафтыдта, бирæ азты дæ ргъы редакцийы сыкъайы хуызæ н чи ныхъхъæ бæ р æ мæ чи ницыуал уыны, уыдонæ й нæ уыдзæ н. Ныр, ай-гъайдæ р — нал уыдзæ н. Цæ уыннæ хъуамæ ахуыр кæ на хистæ рты, курдиатджын журналистты фæ лтæ рддзинад?

Чызджы цæ стытæ газетты цъæ пæ райыл æ рæ нцадысты: хæ дзары дæ р сбирæ сты. Йæ зæ рдæ мæ тынгдæ р цы æ рмæ джытæ фæ цæ уы, уыдон ралыг кæ ны æ мæ сæ хицæ н папкæ йы сæ вæ ры, иннæ газеттæ бафснайы, акалы сæ. Уæ ддæ р та хъæ бысыдзаг авæ ййынц.

Жаннæ газеттыл иуварс ахæ цыд: сызгъæ рин æ рмæ джытæ дæ р дзы уæ д, абон сæ нал кæ сы, нал æ й хъæ уынц. Цалдæ р боны фæ стæ редакцийы дæ р æ мæ хæ дзары дæ р нал ракæ л-бакæ л кæ ндзысты. Сæ газеты бæ рнон секретарь хъазгæ мхасæ нты арæ х фæ зæ гъы:

— Жаннæ, газеттæ й нæ цух кæ й нæ уадзыс, æ рмæ ст уый тыххæ й дæ р хъуамæ редакцийы кусис.

Чызг-иу зæ гъынмæ хъавыд: «Сымах дæ р-иу фæ йнæ газеты куы балхæ никкат, уæ д уæ бюджетыл бæ рзæ йсæ ттæ н цæ ф, бæ ргæ, не ’рцæ уид». — Фæ лæ никуы ницы загъта. Адæ ймаджы бафхæ рын — æ нцон, йе сраст кæ нын та — зын. Сæ редакцийы кусджытæ цы мызд исынц? Капеччытæ, сæ къухтæ м æ фтуæ нттæ кæ нынц. Афтæ мæ й сын — бинонтæ, цот. Цæ рын хъæ уы. Уæ дæ ирон æ гъдæ уттæ н дæ р сæ иувæ рсты нæ ацæ удзынæ. Тыхтонайы цæ рдтытæ. Жаннæ йыл та уыцы хæ стæ нæ ма æ нцайынц æ мæ йын æ нцондæ р у. Стæ й йыл нал æ рæ нцайдзысты, тагъд алцæ мæ й дæ р ссæ рибар уыдзæ н.

Йе ’мбæ лттæ й ничима зыны. Райсомæ й сæ фылдæ р афæ стиат вæ ййынц: чи сахатырдæ г, чи æ нæ хъæ н сахат, чи та ноджыдæ р фылдæ р, чи та бон, дыууæ боны дæ р нæ фæ зыны. Ирон хæ дзары, ирон кæ рты бирæ куыстытæ, бирæ змæ лд æ мæ... Ноджы Жаннæ йæ фæ стæ мæ иууылдæ р — бинонджынтæ, уый та нырма иунæ г, æ нæ моймæ дзыд. Сæ рибар. О, хорз сæ рибар у.

Сæ редакцийы ма зæ ронд кусджытæ й чи и? Сæ корректор. Фондз редакторы раивта. Æ мæ сæ бæ рнон секретарь — æ ртæ ’мæ ссæ дз азæ й фылдæ р кусы. Æ мæ уыдон фæ дзурынц: раздæ рты, Советон хицаудзинады рæ стæ г ма куыстмæ байрæ джы кæ н. Бирæ нæ — дæ с, фынддæ с минуты. Иу хатт, дыккаг хатт дæ р дын ныххатыр кæ ндзысты, стæ й дæ фæ д-дæ фæ д фæ стæ мæ фæ цæ уыс. Ныр та?.. Закъон нал и, чи цы архайæ г у, уый бæ рæ г нал у.

Жаннæ закъонтæ æ мæ уагæ вæ рдты ныхмæ никуы уыд, фæ лæ уыдон формалон хуызы æ ххæ ст кæ н, уый дæ р æ м раст нæ кæ сы. Журналист фыссæ г нæ у, фæ лæ уый дæ р сфæ лдыстадон кусæ г у. Болтытæ æ мæ винтытæ чи аразы, ахæ м зырнæ йзилæ г дæ р нæ у. Уæ вгæ, уый дæ р сфæ лдыстад у, йæ зæ рдæ йы хъарм дзы сæ вæ ры, фæ лæ уæ ддæ р...

Журналист йæ куыстмæ байрæ джы кæ ндзæ н кæ нæ иу бон нæ фæ зындзæ н, Жаннæ уым диссагæ й ницы уыны. Йæ æ рмæ гыл цас фæ хъуыды кæ ны, цас рæ стæ г ыл фæ кусы? Куы æ нцонæ й, сахат-дыууæ сахатмæ урс сыфмæ раивылы, куы та йыл бон, цалдæ р боны, къуыри дæ р фæ кусы. Журналистыл йе ’рмæ г фысгæ йæ иу æ мæ дыууæ хатты æ рбабон? Æ гъуыссæ г æ хсæ втæ иу æ мæ дыууæ арвыста? Æ мæ Жаннæ цалдæ р хатты йæ хъуыды зæ гъгæ дæ р кодта. Ноджы — фидарæ й. Уымæ н æ мæ йæ зоны: рæ стдзинад йæ фарс у.

Чызг йе стъолы лагъзæ й гæ ххæ тты цалдæ р сыфы райста. Иу курдиат ныффыссынмæ йæ ноджы фылдæ р гæ ххæ ттытæ райсын хъуыд. Уæ вгæ, ныффысса ма æ ви нæ, уый ма исты уæ лдай у?

Жаннæ йæ ручкæ, стъолмæ хауæ гау, æ рæ ппæ рста. Редакцийы кусджытæ й ничима зыны. Сæ редактор Дауыты æ рбацæ угæ нæ федта, фæ лæ йæ уаты кæ й бады, ууыл иу уысм дæ р нæ дызæ рдыг кæ ньь Æ мбырдмæ -искуыдæ м ма цæ уæ д, æ ндæ р иу минут дæ р никуыма байрæ джы кодта. Жаннæ йы сахат раст куынæ февдисы, уæ д æ й Дауыты æ рбацыдмæ гæ сгæ саразы.

Чызг йæ ручкæ систа. Йе ’нгуылдзты ’хсæ н æ й дыууæ рдæ м кæ ны. Уæ ддæ р курдиат фысса æ ви нæ? Ныффыссын æ й хъæ уы, растдæ р уыдзæ н. Йе ’нгуылдзтæ... цыма зыр-зыр кæ нынц. Нæ, уый уымæ афтæ кæ сы. Иронау æ й ныффысдзæ н. Отпусчы куы фæ цæ уы, уæ д йæ курдиат мадæ лон æ взагыл фæ фыссы. Фыццаг хатт куы ныффыста, уæ д æ й Дауыт цалдæ р хатты бакаст, стæ й гæ ххæ тты сыфыл иуварс ахæ цыд, Жаннæ мæ разылд æ мæ загъта:

— Революци аразыс? Æ мæ революционерæ н нырма æ гæ р æ рыгон дæ.

Чызг цыдæ р уысм æ дзæ мæ й аззад. Йæ курдиат иронау кæ й ныффыста, Дауыт уый тыххæ й исты зæ гъдзæ н, уый æ нхъæ л нæ уыд. Редактор йæ ныхас æ дзухдæ р уымæ й райдайы:

— Ирон æ взагыл газеты фылдæ р æ рмæ г уадзын хъæ уы. Ирыстоны цæ рæ м, нæ район — ирон район æ мæ нæ дзырд мадæ лон æ взагыл адæ ммæ хуыздæ р хъары, ахадгæ дæ р у.

Æ мæ дын уый та, гъе. Йæ уарзон редактор фæ стæ мæ ма нычъчъыллипп кæ нæ д. Æ мæ йæ Жаннæ ахæ мæ й нæ зоны. Чызг сулæ фыд. Цы дзуапп ратта йæ редакторæ н?

— Революци æ дзухдæ р æ рыгæ ттæ фæ кæ нынц.

— Æ мæ æ з дæ р æ рыгæ тты фарс дæ н, фæ лæ...

Жаннæ фæ хъæ ддыхдæ р, Дауыты ныхасы цыдæ р ныфс банкъардта:

— Конституцимæ гæ сгæ нæ м — дыууæ паддзахадон æ взаджы. Дыууæ дæ р — æ мсæ р, æ мдых, æ мбар. Æ мæ иронау курдиат ныффысс, уым, мæ нмæ гæ сгæ, рæ дыдæ й ницы и. Уымæ й нæ паддзахады бындур нæ фæ цуддзæ н.

— Зоныс æ й, паддзахадон гæ ххæ ттытæ иууылдæ р фыссæ м уырыссагау. Уал æ мæ уал азы кусын редакторæ й æ мæ мæ м ирон æ взагыл иу курдиат дæ р никуыма ничи æ рбалæ вæ рдта.

— Цæ й, ацы хатт уыцы фæ тк фехалæ м. — Жаннæ йæ редакторæ н зæ гъынмæ хъавыд: «Цæ й, дæ цæ стытæ фæ цъынд кæ н æ мæ курдиатыл дæ къух бафысс». — Фæ лæ...

— Хорз, — загъта Дауыт. Курдиат та бакаст, цыма дзы ногæ й исты ссарынмæ хъавыд æ мæ дзы йæ къух бафыста, — æ мæ ма йæ ныхасмæ, цыма йæ хиимæ дзуры, ахæ м хъæ лæ сыуагæ й бафтыдта: — Нæ аууонæ й дæ р тæ рсгæ кæ нæ м, цæ рæ нбонты фыртæ ссæ й ныгъуылдæ й цæ уæ м æ мæ иу хатт хи сраст кæ нын дæ р æ мбæ лы. — Редактор бахудт, курдиат ирон æ взагыл кæ й ауагъта, уый йæ хицæ н дæ р æ хсызгон уыд, йæ хицæ й разыйæ баззад æ мæ уый йæ цæ сгомыл зынд.

Уæ д æ мæ уыйфæ стæ дæ р Жаннæ йæ хи бирæ хæ ттыты бафарста: курдиат иронау кæ й ныффыста, уымæ й сæ районыл, Ирыстоныл æ мæ æ нæ хъæ н Уæ рæ сейыл дæ р исты бæ ллæ х æ рцыд? Ницы. Æ рмæ ст, сæ редакцийы кусджытæ уæ дæ й фæ стæ мæ отпуск раттыны тыххæ й сæ курдиæ ттæ фыссын райдыдтой иронау. Æ мæ?.. Æ мæ ничи ницы дзуры, газет куыд цыд, афтæ цæ уы, алчидæ р дзы йæ бынаты æ нцад кусы. Редактор дæ р. Йууылдæ р.

Чызг йæ алыварс акаст, йæ цæ стытæ сæ уатыл æ рзылдысты. Йе ’мкусæ г нæ ма зыны, æ мæ сахат, дыууæ сахаты дæ р куынæ фæ зынид. Цы йæ хъыгдары, фæ лæ... Курдиат... фыссы. Дамгъæ дамгъæ мæ æ фтауы.

Районы газет «Сæ уæ хсид»-ы сæ йраг редактор Малхазты Алыксандры фырт Дауыгмæ газеты уацхæ ссæ г Бæ тæ ты Темыры чызг Жаннæ йæ Курдиат

Курын дæ, æ мæ мын 2009 азæ н отпусчы ацæ уынæ н бар ратт 31-æ м августæ й.

Бсетæ ты Ж. Т.

24.08.2009 аз

Жаннæ сыстад. Цы зæ гъдзæ н Дауыт? Ауадздзæ н æ й? Фæ ззыгон куыстытæ райдыдтой. Сæ район — хъæ ууонхæ дзарадон, адæ мы фылдæ р хай — зæ ххимæ баст, æ мæ ацафон быдырты, хор æ мæ тыллæ джы куыст чи кæ ны, уыдоны тыххæ й газетмæ фылдæ р æ рмæ г фыссын хъæ уы. Уæ вгæ, цæ й быдыртæ ма сæ м и. Зæ ххы фылдæ р хай — æ гуыст, зæ рæ стон, хæ мпæ л æ мæ хъамылты бын фæ ци, алыхуызон къудзитæ æ мæ талатæ дзы хæ рдмæ сæ хи ивазынц. Колхозтæ æ мæ совхозтæ н сæ кой-сæ хъæ р дæ р нал и, раздæ ры дæ ргъæ й-дæ ргъмæ фермæ тæ н æ мæ агъуыстытæ н сæ бындуртæ дæ р нал зынынц. Цалдæ р раны ма дзы цалдæ р цæ джындзы баззад — ивгъуыд царды æ вдисæ г цыртытæ.

Чызг акъахдзæ ф кодта. Азы райдайæ ны редакцийы цы график скодтой, уымæ гæ сгæ хъуамæ отпусчы октябры ацæ уа. Цæ й, кæ д Дауыт ницы зæ гъид. Æ ппынфæ стаг, Жаннæ йæ н уæ лдай нæ у. Æ мæ редакторы уаты дуар бахоста.

— Дæ райсом хорз.

— Жаннæ, мидæ мæ, — Дауыт цыдæ р æ рмæ г каст æ мæ йыл иуварс ахæ цыд. — Æ нхъæ лдæ н æ мæ мын хуын æ рбахастай, — скаст æ м редактор.

— Хуын, — æ мæ йын йæ курдиат йæ цуры æ рæ вæ рдта.

— Отпуск? Æ мæ октябры цæ уынмæ куы хъавыдтæ. — Цъæ хцъар, бæ зджын папкæ йæ химæ ’рбахæ стæ г кодта, гæ ххæ ттытæ фæ лдахы. Отпуск ацæ уыны тыххæ й график систа: — О, октябры.

— Афтæ рауад, æ мæ мæ ныр ацæ уын хъæ уы, æ ртын фыццæ гæ м августы.

— Дзамболат дæ р ныр цæ уы, фыццæ гæ м сентябрæ й. Графикмæ гæ сгæ. Æ мæ уымæ н æ нæ ауадзгæ нæ й: йæ хæ дæ г дæ р — лæ мæ гъ, йæ кæ стæ р чызгæ н йæ бронхæ тæ — хъыгдард, æ мæ йын хохы Фыййагдоны йæ хорз зонгæ иу мæ й йæ квартирæ дæ тты, æ мæ сæ бакъуылымпы кæ нон, уый мæ бон нæ у.

— Дауыт...

— Жаннæ, цы цæ стæ й дæ м кæ сын, уый зоныс. Фæ лæ ныртæ ккæ дæ уæ н отпуск раттынæ н фадат нæ й. Ды дæ р ма куы ацæ уай, уæ д редакци сафтид уыдзæ н. Ноджы ныртæ ккæ фæ ззыгон куыстытæ сæ тæ мæ ныл æ мæ... Октябры, табуафси, дæ курдиат уал уæ дмæ бамбæ хс.

Чызг æ нцад лæ ууы, йæ сæ р æ руагъта. Дауытимæ йæ бон тыхныхас кæ нын нæ у: йæ хорз хистæ р, йæ цардвæ ндаг аразæ г. Отпуск райса, ма райса, æ ппынфæ стаг, уымæ н уæ лдай нæ у, фæ лæ цыма, отпуск куынæ райса, уæ д Дауытыл дæ р æ мæ йе ’мкусджытыл дæ р гадзрахатæ й цæ уы, уæ й сæ кæ ны, афтæ йæ м кæ сы.

— Дауыт, æ нæ цæ угæ мын нæ й.

— Æ нæ цæ угæ... — редактор йæ сæ рыл бæ рзонддæ р схæ цыд æ мæ йæ м кæ сы, цыма йæ м джигул кæ ны, цыма йын йæ сусæ гдзинад базонынмæ хъавы. — Иугæ р афтæ хъæ ддыхæ й ныллæ ууыдтæ, уæ д уый хуымæ тæ джы нæ у. Кæ д... — лæ г йæ мидбылты бахудт: — Кæ д уын, мыййаг, бухархудджынтæ уæ дуар бахойынмæ хъавынц.

— Уæ д æ й фыццагдæ р чи фехъусдзæ н, уый уыдзынæ ды, — бахудт æ м Жаннæ дæ р. Чызг бамоæ рста: редактор сразы, ныртæ ккæ йын йæ курдиат бафысдзæ н.

— Хорз. Хорз. Æ вæ ццæ гæ н дын чидæ р, дæ хорз æ фсымæ р Вадим денджызмæ путевкæ ссардта, æ мæ баулæ ф. Улæ фын дæ р хъæ уы, цард æ рмæ ст куыстæ й нæ у.

Путевкæ... Вадим... Жаннæ цасдæ р джихæ й аззад. Æ цæ гдæ р — путевкæ йæ м и. Фæ лæ кæ дæ м...

— О, путевкæ мæ м и, — цыма йæ хъæ лæ с фæ ивта, афтæ йæ м кæ сы.

— Гъемæ дын мæ зæ рдæ зæ гъы, цæ мæ й хорз баулæ фай. Мах дæ р ам истытæ кæ ндзыстæ м. Фæ лæ æ ртын фыццæ гæ м августæ й цæ мæ н? Фыццæ гæ м сентябрæ й йæ скæ н, иу бон дæ хицæ й давыс.

— Æ мæ... Æ мæ мæ путевкæ уæ д райдайдзæ н, — чызг йæ ныхасыл йæ хæ дæ г бахудт. Цымæ йæ æ ртын фыццæ гæ м августы фæ стæ Дауыт цы схондзæ н?..

— А-а. Уæ д дæ райгуырæ н бон куы у. Цæ й, арфæ тæ кæ нынæ н ма нын фадат уыдзæ н. Дæ курдиат бухгалтермæ ратт, — æ мæ дзы редактор йæ къух бафыста.

Чызг та йæ мидбылты бахудт. О, æ ртын фыццæ гæ м августы фæ стæ йын, фыццæ гæ м сентябры арфæ тæ кæ ндзысты, зæ рдиаг арфæ тæ. Уымæ н æ мæ уæ д уыдзæ н йæ бæ рæ гбон. Стыр бæ рæ гбон. Дывæ р бæ рæ гбон. Жаннæ акъахдзæ ф кодта, фæ лæ йæ редакторы цæ стæ нгас фæ урæ дта:

— Курдиат ныффысс æ мæ дын иучысыл исты баххуыс кæ нæ м, иу сом дæ р пайда у.

— Дауыт, бузныг, стыр бузныг. — Æ вæ дза, сæ редактор зæ рдæ хæ лар, цæ стуарзон адæ ймаг у. Жаннæ йæ н бирæ хæ рзтæ фæ ци. Хуыцау ахæ м адæ мтæ фылдæ р раттæ д, æ мæ уæ д зæ ххыл æ нцондæ р цæ рæ н уыдзæ н. Æ мæ Жаннæ йы сæ ры февзæ рд: разил, дæ цæ нгтæ Дауытыл æ рбатух, зæ рдиаг хъæ быс ын ныккæ н æ мæ йын зæ гъ: «Бузныг, бузныг, Дауыт, æ мæ — хæ рзбон».

Чызг редакторы уатæ й тагъд-тагъд рацыд. Цыдæ р æ хсызгонæ й, цыдæ р зæ рдæ рухсæ й. Цыма цыдæ р хорз хъуыддаг сарæ зта.

Фæ лæ йын уыцы зæ рдæ йыуаг ахаста хæ рз цыбыр рæ стæ г. Путевкæ... Ис æ м путевкæ. Æ мæ йын æ й чи балæ вæ р кодта? Чи?.. Æ мæ йын кæ дæ м у?.. Уый зоны æ рмæ стдæ р иу адæ ймаг. Путевкæ... Уыцы ныхас, уыцы дзырд ын фæ стагмæ цыдæ р æ нæ уынон ссис. Санатори æ мæ туристон балцы никуыма уыд. Иуæ й-иутæ сæ хæ дæ г денджызы былмæ ацæ уынц: Сочимæ, Анапæ мæ, æ ндæ р кæ дæ мдæ рты, æ мæ афтæ дæ р никуы никæ дæ м ацыд. Æ цæ гдæ р, мæ лæ ты мызд мын куынæ исы. Мад æ мæ фыд сæ пенсийы муртæ й цы капеччытæ бамбырд кæ нынц, уыдон хъуамæ йæ хиуыл схардз кæ на? Уыдонæ й йæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н денджызы был улæ фа? Æ мæ цы цæ сгомæ й. Уыцы капсччытæ æ нæ нхъæ лæ джы цыдæ р хъуыддæ гтæ н агæ пп кæ нынц. Аслан...

Фатимæ йæ хъазгæ мхасæ нты фелхыскъ кæ ны. Уымæ н — хъазгæ мхасæ нты, Жаннæ йæ н та — зын, зæ рдæ йы цæ ф. Æ мæ барæ й кæ й фæ дзуры, уый тынг хорз æ мбары.

— Жаннæ йæ хи хæ дзарæ й ратонын нæ зоны. Азтæ ма йыл фылдæ р куы рацæ уа, уæ д та ма куыд уыдзæ н. Санаторимæ путевкæ райс, туристон балцы ацу, фæ сарæ нтæ м дæ р мæ лæ ты зынæ ргъ куынæ у, æ мæ баулæ ф, — фæ зæ гъы хо.

— Ацы мæ й мæ зæ рдæ мæ нæ цæ уы, иннæ мæ й æ нæ мæ нг ацæ удзынæ н. Кæ нæ Парижмæ, кæ нæ Лондонмæ, кæ нæ Кубæ мæ, кæ нæ... — дзуапп ын ратты Жаннæ. Фæ фæ нды йæ: сыст æ мæ иуварс дæ хи айс. Фæ лæ... Фатимæ йæ м ахæ м цæ стытæ й фæ кæ сы, ахæ м хъæ лæ сыуаг ын вæ ййы, цыма йæ хи æ хсыры цады фæ найы. Кæ сыс, мæ къæ бæ да хо, цы æ нæ бон дæ æ мæ дæ куыд хынджылæ г кæ нын. Æ мæ уымæ й цы стыр æ хсызгондзинад фæ исы, уый йæ цæ сгомыл фæ хъазы: цæ стытæ ферттивынц, рустæ й хуры тынтæ фæ ивылынц. Фатимæ мæ уый дæ р фаг нæ фæ кæ сы æ мæ ма йæ ныхасмæ бафтауы:

— Де ’хцатæ кæ дмæ ауæ рдыс, кæ дмæ? Дæ цъындайы хъусы сæ кæ дмæ æ мбæ хсдзынæ, æ ви сæ дæ гобаны бын дарыс?

Æ вæ ццæ гæ н, Фатимæ йы фæ фæ нды: Жаннæ -иу куы смæ сты уаид, йæ маст-иу æ й йæ уæ лныхты куы сисид, йæ хъæ лæ сыдзаг-иу куы ныцъцъæ хахст кæ нид, йæ хъæ лæ сыдзаг-иу куы ныккæ уид. Æ мæ смæ сты вæ ййы, тынг смæ сты вæ ййы, йæ химидæ г йæ оуар фæ ризы. Гыццыл мызд кæ й исы, уый йын йæ хо, Вадим æ мæ суанг Аслан дæ р ма йæ цæ стмæ дарынц. Æ мæ уый нæ фæ нды, стыр æ хцатæ куы исид, уый? Ахæ м мызд сын и, æ мæ цы кæ на.

— Испанийы, денджызы был хæ дзар æ лхæ нын æ мæ сæ уæ дмæ ауæ рдын, — фæ зæ гъы чызг.

— Æ мæ дын æ мбæ лы, æ мбæ лы. Ды дæ зынгæ журналист... нæ хъæ уы, нæ районы, æ мæ дын хъуамæ уа цалдæ р хæ дзары, цалдæ р галуаны, — Фатимæ фæ худы, ома кæ сыс, мæ зæ рдæ йы фæ ндон дæ куыд хъазын. Уымæ н æ мæ æ з — уæ ле кæ мдæ р, ды та бынæ й, бæ рзондæ й дæ м ныллæ гмæ кæ сын. Æ мæ дæ бынат зон, ма хъыллиппытæ кæ н, мæ къæ бæ да, æ нæ бон хо.

Жаннæ стыр мызд, стыр æ хцатæ нæ исы, æ мæ уæ д нæ бæ ззы, уæ д ничи у.

— Æ мæ адæ м хъуамæ се ’ппæ т стыр æ хцатæ исой? Стæ й сæ м кæ цæ й хауынц, уый нæ зонæ м?

— Чи кусы, чи архайы, уыдон хорз æ хца исынц. Дæ уавæ р та... Гæ ды фиумæ куы не ’ххæ сса, уæ д æ й мархо хоны, — зондджынхуызæ й фæ зæ гъы Фатимæ. Ноджы ма Аслан дæ р — иу бон дæ р чи нæ бакуыста, уый дæ р бæ гуылæ гау йæ ныхас æ рбаппары:

— Жаннæ, бомжтæ дæ уæ й фылдæ р æ хца исынц.

Кæ д цæ фæ й нæ мæ лыс, уæ д ма дын — рæ хуыст. Жаннæ йы, æ цæ гдæ р, скæ уынмæ бирæ нал фæ хъæ уы. Фест æ мæ хæ дзарæ й алидз. Искуыдæ м. Дард искуыдæ м. Æ мæ хорз фæ ку. Хæ дзармæ æ мгæ рон дæ р макуыуал æ рцу. Фæ лæ уый сабыр хъæ лæ сæ й фæ зæ гъы:

— Æ з цы мызд исын, уый мын алцæ мæ н дæ р фаг у, — æ мæ сыл сæ рыстырæ й афæ лгæ сы: дзурæ нт, цы сæ фæ нды, уый дзурæ нт.

Жаннæ... йæ хъуыдыты та æ гæ р адзæ гъæ л. Æ ртыхсынц ыл æ мæ сæ йæ хи агонын нал фæ фæ разы. Отпуск райсыны тыххæ й курдиат кæ й ныффыста, уымæ й хорз бакодта. Науæ д цыма йе ’мкусджыты цур цыдæ р аххосджын уыдаид, афтæ йæ м кæ сы.

 

31-æ м августмæ ма баззад 6 боны.

25-æ м август. Дыццæ г. 2009 аз

Жаннæ изæ рыгæ тты цасдæ р рæ стæ г компьютеримæ афæ стиат вæ ййы. Хъæ угæ дзаума, удæ нцой, уæ лдайдæ р та мах рæ стæ джы. Раздæ р, æ й куыд не ’рхъуыды кодтой. Советон цардарæ зтæ н цы зоны. Йæ астæ уккаг цæ джындз куынæ уыд, мыййаг. Чи йæ зоны — уыдон хистæ р фæ лтæ р. Жаннæ цы зоны, уый чингуытæ й, зæ ронд кинонывтæ й, историон цыртыты хуызæ н цы хæ лд заводтæ, фабрикæ тæ, цехтæ, дæ ргъæ й-дæ ргъмæ иугай дуртæ ма цы фермæ тæ й баззад, уыдонæ й. Хистæ р кары адæ мæ н советон цардарæ зт у сæ ивгъуыд, сæ æ взонгдзинад, адджын, æ хсызгон мысинаг, рухс фын: уый сын у дзæ нæ тмæ балцы хуызæ н. Жаннæ ныры æ мæ раздæ ры цард æ мæ æ хсæ над афтечы барæ нтæ й нæ бары. Фæ лæ ацы царды, хъæ ддаг капитализмы дæ р ис йæ хи хорздзинæ дтæ, рухс тæ ппытæ. Мæ нæ компьютер, интернет, мæ нæ ацы чысыл телефон... Советон цард, уæ д сæ ныр дæ р нæ ма зониккам.

Чызг копьютермæ хæ стæ гдæ р бабадт, йæ химидæ г бахудт. Ныры рæ стæ гæ й æ ппæ лы, зæ гъгæ, истæ мæ й дзы разы у, уæ д æ м Темыр æ рбадзагъул кæ ны:


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.018 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал