Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 23 страница






— Уæ дæ ды гъæ йтт-мардзæ лæ г дæ.

— Æ з цæ й лæ г дæ н. Миллиардтæ кæ мæ и, уый дын лæ г. Æ з цы дæ н? Ницы. Мæ химидæ г цыдæ ртæ хыбар-хыбур кæ нын.

— Адæ ймаг æ фсис куыд нæ зоны, уый диссаг у.

— Папæ, ма тыхс. Рæ стæ гимæ æ мцыд хъæ уы.

— Цавæ р æ нæ хайыры рæ стæ г у уый? Адæ м æ лхæ нын æ мæ уæ й кæ нын йеддæ мæ ницыуал зонынц. Нæ хъæ утæ й кæ цыдæ ры, дам, уыди ахæ м хабар. Зæ ронд лæ г сæ хæ дзары цур бады. Арв — тар, æ нтъыснæ г, лыстæ г сæ лфынæ г кæ ны. Æ мæ афтæ — цалдæ р боны. Зæ ронд лæ джы зæ рдæ æ нæ уи дæ р цас рухс уыдаид? Йæ лæ дзæ г йæ риумæ сбыцæ у кодта, йæ зæ рдæ арвы хуызæ н — æ нкъард, тар, рæ дзæ -мæ дзæ кæ ны, афынæ й вæ ййы. Сæ туг арты хуызæ н сæ уæ нгты кæ мæ н хъазы, ахæ м æ взонг лæ ппутæ худгæ, гæ ппытæ, хъæ лдзæ г ныхасгæ нгæ æ рцæ уынц. Се ’взонг туг сæ уæ лæ рвты хæ ссы. Зæ ронд лæ джы цур фæ сабыр сты æ мæ йын салам радтой.

— Бирæ цæ рут, бирæ цæ рут, — зæ ронд йæ сæ рыл схæ цыд, скаст сæ м, стæ й хъуынтъыз арвыл йæ цæ стытæ ахаста æ мæ сæ фæ рсы:

— Лæ ппутæ, уæ лæ ппутæ, хур кæ д ракæ сдзæ н, уый нæ зонут?

Уыдонæ й сæ иу, æ вæ ццæ гæ н, се ’ппæ ты къæ бæ дадæ р, ракæ нондæ р, зæ ронд лæ гмæ хæ стæ гдæ р бацыд, æ ргуыбыр æ м æ мæ, дам, ын тынг хъуыддагхуызæ й загъга:

— Баба, æ мæ нæ м хур куы нал и, цалдæ р боны размæ йæ Америкæ йæ н ауæ й кодтой.

— Диссæ гтæ! Уæ дæ хуры дæ р ауæ й кодтой? Æ мæ ма уæ д куыд уыдзыстæ м? — ныккуыдта, дам, зæ ронд лæ г.

Æ нæ мæ т, æ нæ домд лæ ппутæ хъæ лдзæ г ныхас, гæ ппытæ, схъиудтытæ æ мæ кæ лкæ лгæ нгæ дарддæ р ацыдысты, зæ ронд лæ гмæ -иу ракастысты æ мæ ноджы тынгдæ р ныххудтысты.

— Æ цæ г уыди æ ви йæ адæ м æ рымысыдысты — Хуыцау йæ зонæ г, фæ лæ ныры адæ м æ рмæ стдæ р зонынц æ лхæ нын æ мæ уæ й кæ нын. Фæ лæ уымæ й бирæ рæ стæ г фæ цæ рæ н уа, уый мæ нæ уырны. Хуры дæ р куы ауæ й кæ ной, уымæ й тынг тæ ссаг ссис, — йæ ныхас балхынцъ кодта Темыр.

— Адæ м анекдоттæ й фылдæ р цы дзурынц. — Вадим йæ телефон систа. Чидæ р æ м дзуры, æ мæ уымæ н йæ ныхас нæ хъуысы, фæ лæ Вадимæ н... Цыма хъæ рæ й барæ й дзуры:

— О! Куыд баныхас, кодтам, афтæ. Доны был, кæ м фæ бадæ м, фæ рв бæ лæ сты бын, уым. О! О! Фæ цæ уын. Алцыдæ р ис. — Вадим Темырмæ разылд, Маринæ æ мæ Жаннæ мæ бакаст. — Цæ й, дзæ бæ х ут. Мæ хо, дæ бæ рæ гбоны хорзæ х дæ уæ д, — æ мæ йæ машинæ йы сбадт. Цæ мæ ндæ р уынгмæ йæ фæ стæ ничи ахызт. Жаннæ ма рауад, фæ лæ Вадим йæ хæ дтулгæ афтæ тагъд аскъæ рдта, æ мæ йæ нал ауыдта.

— Бон агæ пп ласта, — дзуры мад. — Дæ куыстмæ нæ цы хъæ уы, æ ххæ ст ма уыдон куы алхæ дтаикам, фæ стæ дæ рмæ сæ цы ’ргъæ вæ м.

— Мамæ, ма тыхс, райсом алцыдæ р балхæ ндзыстæ м. Æ з ма пъолтæ уымæ л пысулæ й расæ рфон.

— Æ мæ сыгъдæ г куы сты.

— Уадз æ мæ райсоммæ сыгъдæ гдæ р æ мæ æ фснайддæ р уæ м.

Чызг пъолтæ сæ рфы, иу къуым, иу ран дæ р æ нæ бафснайгæ нæ ныууадздзæ н, йæ зæ рдæ хъуамæ мацæ мæ ’хсайа. Адæ мы цæ ст уынаг у æ мæ...

Рæ стæ г абон æ нахуыр тагъд цæ уы. Хуры фæ стаг тынтæ кæ мдæ р арвгæ рон судзынц. Чысыл рæ стæ г ма æ мæ йæ хи бамбæ хсдзæ н. Бæ рæ г у, райсом дæ р хорз бон уыдзæ н: ирд, сыгъдæ г.

Жаннæ сæ хæ дзары алы къуым дæ р аивæ й басгæ рста. Сара æ мæ кæ ртыл æ рзылд. Алцыдæ р — æ фснайд.

— Жаннæ, кæ м дæ? — дзуры йæ м мад. — Æ хсæ вæ р цæ ттæ у.

— Зæ рдиагæ й чи бахæ рдзæ н, уый æ з. — Чызг хæ дзармæ бацыд.

— Рауай, рауай, мæ къона, абондæ ргъы дæ цæ нгтæ иу ран не ’руагътай. Ныр баулæ фын дæ р æ мбæ лы.

Бинонтæ æ хсæ вæ р бахордтой. Аслан нæ ма фæ зынд. Æ мæ фæ зындзæ н? Кæ д фæ зына, уæ ддæ р æ рæ джиау. Йе ’хсæ в æ рбахæ сдзæ н.

Жаннæ ваннæ мæ бацыд. Йæ сæ рыфаст... донæ й йæ хъахъхъæ ны. Хъæ рмуст дон йæ лæ гъз буарыл æ хсызгонæ й кæ лы. Цы хорз у! Бафæ ллад, фæ лæ йæ не ’нкъары. Йæ уæ нгты фæ ллад ын хъарм, фæ лмæ н дон йемæ кæ дæ мдæ р скъæ фы. Æ мæ йæ уæ нгтæ, йæ буар рогæ й-рогдæ р кæ нынц. Райсомæ й цы рухсзæ рдæ имæ сыстад, ныр дæ р афтæ рухсзæ рдæ у. Цыдæ р æ бæ рæ г цин риуы гуыры. Цыдæ р уæ з ыл æ нцад æ мæ ныр ахауд, атад... Æ мæ сулæ фыд, къæ лæ тæ й раирвæ зт. Йæ хи æ нкъары æ нахуыр сæ рибар. Жаннæ, цы уæ з ыл æ нцад, уый хорз зоны. Уый раздæ р тайын райдыдта: йæ абонмæ фæ ндагыл фыццаг къахдзæ ф куы акодта, уæ д. Ахсæ в дзы бынтондæ р фервæ здзæ н. Æ мæ йын куыд æ нцон у! Цыма ног райгуырд, ног адæ ймаг у.

Мад æ мæ фыд схуыссыдысты, сæ уатæ й рухс нал кæ лы. Фæ лæ уæ ддæ р Жаннæ йы зæ рдæ æ хсайы: æ нæ уынæ рæ й, цыма хъуызгæ кæ ны, афтæ йæ къахфындзтыл рацыд, талынджы йæ цæ ст цас ахсы, афтæ алырдæ м дæ р акаст, алырдæ м дæ р лæ мбынæ г айхъуыста: хæ дзар — сабыр, æ дзæ м сабыр, фæ лæ райсом æ мызмæ лд кæ ндзæ н. Æ хсæ вы иуæ ндæ сæ м сахат. Темыр æ мæ Маринæ фынæ й кæ нынц. Хæ дзары æ дзухдæ р — бирæ змæ лд. Фæ лæ уыдонæ н куыст куынæ уа, уæ ддæ р исты куыст ссардзысты, æ нцад бадын нæ зонынц, æ мæ сыл изæ рмæ сæ фæ ллад æ ртæ фсы. Фыд фараст сахатыл йæ уат бацагуры, мад дæ р бирæ нал афæ стиат вæ ййы.

Жаннæ, йæ уаты дуарæ й фæ стæ мæ мидæ мæ бахиза, афтæ æ рлæ ууыд. Ракаст. Ныххатыр, ныххатыр ын кæ нæ нт йæ мад æ мæ йæ фыд: зонгæ -зонын сын зын кæ ны, зонгæ -зонын сын сæ зæ рдæ тæ сау хъæ дгæ мттæ кæ ны. Ныххатыр, ныххатыр ын кæ нæ нт. Ацы дунейыл æ м уыдонæ й хæ стæ гдæ р ничи уыд, ацы дунейæ йæ ацыд уыдонæ й зындæ р никæ мæ н уыдзæ н. Æ мæ — хатыр! Хатыр!

Чызг йæ уатмæ бацыд. Йæ фыссæ н стъол — афтид. Йæ лагъзæ й йын къонверт, урс гæ ххæ тты дыууæ сыфы æ мæ ручкæ систа. Цæ ттæ йын уыдысты. Цы цалдæ р дзырды ныффысдзæ н, уадон ын — хъуыдыгонд. Æ мæ иу æ мæ дыууæ боны нæ. Цæ стыты раз февзæ рынц. Уæ ддæ р дыууæ сыфы сцæ ттæ кодта: цынæ вæ ййы, уæ д та фæ рæ дыд. Ручкæ... Тарст, мыййаг, йæ къух, йе ’нгуылдзтæ зыр-зыр куы кæ ной, йæ коммæ куынæ кæ сой. Фæ лæ алцыдæ р у хорз. Æ мæ иу дамгъæ иннæ йы фæ стæ гуыры.

Зонын æ й, мæ химæ мæ къух кæ й систон, уый Хуыцау æ мæ адæ мы цур у стыр тæ ригъæ ддзинад. Йæ зæ рдæ мæ хæ стæ г кæ мæ н уыдтæ н, мæ зæ рдæ йæ н адджын чи уыд, уыдонæ й се ’ппæ тæ й дæ р хатыр курын. Фыццаджыдæ р мæ мад æ мæ мæ фыдæ й. Ныббарут, ныххатыр мын кæ нут, уæ хорзæ хæ й.

Бафæ лладтæ н. Тынг бафæ лладтæ н æ мæ ныр сулæ фдзынæ н.

Ацы дунейæ цæ уын мæ хи фæ ндонæ й, аххосджын иу адæ ймаг дæ р нæ у.

Хæ рзбон.

Жаннæ.

30.08.2009 аз,

22’17».

Гæ ххæ тты сыф бадыдагъ кодта æ мæ йæ къонверты сæ вæ рдта. Чи йæ райсдзæ н, чи йæ м фæ комкоммæ уыдзæ н фыццаг? Мад? Фыд? Нæ! Уыдон ницы уындзысты, уыдон уыдзысты сонты хуызæ н. Сыхæ гтæ й Маринæ æ мæ Темыры цъæ хахстмæ раздæ р чи ’рбазгъора, уыдонæ й йæ м чидæ р фæ комкоммæ уыдзæ н, ирон адæ ймаг цымыдис кæ м нæ у æ мæ, аив у æ ви нæ — куыд ничи йæ ауына, афтæ йæ йæ роны кæ нæ æ ндæ р кæ мдæ р авæ рдзæ н, сусæ гæ й йæ цалдæ р хатты бакæ сдзæ н, стæ й, уæ дмæ адæ м фæ фылдæ р уыдзысты, Жаннæ йæ н йæ горæ таг æ фсымæ р æ мæ хо дæ р æ рцæ удзысты — æ мæ йæ Вадим кæ нæ Фатимæ мæ ратдзæ н кæ нæ йæ фæ стæ мæ аивæ й стъолыл æ рæ вæ рдзæ н æ мæ йын, цыма ницы зоны, афтæ къонвертмæ ацамондзæ н: уый та цы у. Æ мæ йæ цыма фыццаг хатт кæ сы, афтæ цымыдисæ й бакæ сдзæ н.

Хостæ... Чызг компьютермæ бакаст. Уæ ддæ р ацы интернет цæ й диссаг у. Хæ зна, стыр хæ зна. Цыдæ риддæ р дæ хъæ уы, уый дзы ссардзынæ. Фыццаг интернет йæ зæ рды кæ рон дæ р нæ уыд, фæ лæ... Иугæ р ацы дунейæ ацæ уынвæ нд скодтай, ацы зæ ххыл дæ ницыуал уромы, уæ д — куыд хуыздæ р, куыд рæ сугъддæ р и ацæ уæ н? Алцыдæ р хъуамæ аив уа. Æ мæ уый тыххæ й интернеты мацы уа, уый гæ нæ н нæ й. Уæ дæ Аннæ Каренинæ йы хуызæ н йæ хи поезды кæ нæ кæ йдæ р машинæ йы цæ лхыты бынмæ баппара? Нæ! Кæ йдæ р та ма æ наххосæ й æ лгъыстаг цæ мæ н кæ на. Бирæ уæ ладзыгон хæ дзары балкъонæ й, цыма æ нæ нхъæ лæ джы фæ цудыдтай, афтæ рагæ пп кæ н. Нæ! Уый дæ р — нæ! Уæ д ды дæ фæ стæ ныууадздзынæ суйты къуыбылой: демæ чи уыд, уыдоны тæ рхондонмæ ракæ -бакæ кæ ндзысты. Стæ й, æ рхаудтæ æ мæ ныппырх, ныцъцъæ лтæ дæ. Дæ фæ стаг сахат — æ видауц. Хорз бæ ттæ и ссар æ мæ йæ сара кæ нæ скъæ ты хъайванмæ бабæ тт, æ мæ дын уый дæ р æ вæ джиауы мадзал ацы цардæ й ацæ уынæ н. Æ рмæ ст хорз, фидар бæ ттæ н. Туркаг фыссæ джы геройы хабар дыл ма ’рцæ уæ д: йæ хи ауыгъта æ мæ -иу йæ бæ ндæ н куы æ мбыд разынд, куы цы, æ мæ йæ фæ нд сæ ххæ ст кæ нын йæ къухы нæ бафтыд. Чидæ р, дам, йæ хи сæ шифанеры æ рцауыгъта. Чидæ р та, дам, йæ сынтæ джы къухыл. Куыд? Цы хуызы? Дæ венæ тæ фегом кæ н — æ мæ дын уый дæ р иу вариант. Кæ нæ дамбаца ссар, ныр та, æ хца дæ м уæ д, æ ндæ р атомон бомбæ дæ р ссардзынæ — æ мæ йæ дæ зæ рдæ мæ кæ нæ дæ къæ мисæ нмæ сараз, æ мæ æ рхаудтæ. О! Жаннæ мын революционеркæ кæ нæ маршæ л... йæ хи чи фехста, уый кæ мæ й уыд?.. Æ мæ, уый куынæ у, мыййаг. Жаннæ хъуыды кодта: куыд рæ сугъддæ р, куыд æ нцондæ рæ й ацæ уæ н и ацы дунейæ? Интернет... Уым мацы уа?.. Ис! Жаннæ йæ н уыд æ нахуыр æ хсызгон. Цы йæ хъуыд, уый ссардта. Дæ цардыл суæ лæ хох дæ, дæ къух æ м систай, ацы дунейæ дæ ацæ уын фæ нды — табуафси. Цалдæ р варианты дын æ мæ дзы иу равзар: иу укол йе дыууæ уколы, æ мæ ацы дунейæ ахицæ н дæ. Æ нцонæ й. Æ нæ рисгæ йæ. Цыма фынæ й бадæ. Æ мæ, дам, ацы цард, ацы æ хсæ над æ взæ р у. Алы хъуыддаг саразынæ н дæ р дын уавæ ртæ. Хи амарынæ н дæ р. Æ мæ, дам, æ взæ р æ хсæ нады цæ рæ м. Чи загъта уый?

Жаннæ, интернеты цы фыстытæ уыд, уыдон цалдæ р хатты бакаст: кæ цы равзара? Кæ цы вариантыл æ рлæ ууа? Æ мæ равзæ рста. Æ рмæ стдæ р иу укол. Æ мæ дæ фæ нд сæ ххæ ст, цъысымæ й аирвæ зтæ, ссæ рибар дæ. Дохтырæ й дæ рецепт нæ хъæ уы, уыцы «æ вдадзы» хос алы афтечы дæ р ссардзынæ. Стæ й рецепт зын райсæ н у? Дохтырæ н исты авæ р æ мæ дын мин рецепты дæ р рафысдзæ н. Æ хца цы нæ кæ ны. Интернеты фидарæ й фыссынц: нæ фæ сыкк уыдзынæ, гаранти дын — æ нæ хъæ н сæ дæ проценты. Цалдæ р минуты кæ нæ цалдæ р сахаты, æ мæ ницыуал зондзынæ, æ ппæ ты фыццаг амæ лдзæ н дæ сæ ры магъз. Æ мæ ма хорз цæ мæ й у, — фыссынц интернеты, — дæ иннæ оргæ нтæ н цасдæ р рæ стæ г ницы уыдзæ н, æ мæ, гæ нæ н и, æ мæ сæ спайда кæ най: искæ мæ н сæ балæ вар кæ н, йе та сæ ауæ й кæ н. Базарады рæ стæ г нæ цæ рæ м? Цæ ттæ æ хца. Тынг хорз цæ рæ м! Цы ма уа уымæ й хуыздæ р — цыдæ риддæ р дæ фæ нды, уый кæ н.

Жаннæ шифанеры бинаг лагъзы, йæ мидæ ггаг дзаумæ тты ’хсæ нæ й дыууæ флаконы, дыууæ шприцы æ мæ фынæ йы хостæ систа. Ныртæ ккæ алцыдæ р уыдонæ й... уыдонæ й аразгæ у. Уым, йæ дзаумæ тты ’хсæ н сæ барæ й бафснайдта: мыййаг сæ м исчи куы фæ комкоммæ уа, исчи йын йæ фæ нд куы бамбара. Æ мæ та балхæ дтаид, сызгъæ рины кæ рдихтæ куы не сты, мыййаг, фæ лæ... Уæ дæ йæ фæ нд уый тыххæ й ныууагътаид?

Жаннæ уколтæ æ взæ р нæ кæ ны, риссаг къух ын нæ й. Темырæ н цал æ мæ цал уколы скодта. Маринæ йæ н дæ р. Йæ хицæ н дæ р.

Чызг шприцтæ æ мæ хостæ йæ армытъæ нæ ны æ рбалхъывта. Цæ мæ ма лæ ууы? Афон у. О Хуыцау... Цы хорз у. Йæ къухтæ... æ ппындæ р нæ дыз-дыз кæ нынц. Йæ укол... æ ппындæ р ын нæ фæ рыст, цыма йыл бындз дæ р нæ абадт. Иу укол, дам, фаг у. Уый кæ ны дыууæ уколы: хъуамæ йæ зæ рдæ мацæ мæ ’хсайа, æ нæ дызæ рдыг уа.

Жаннæ фестад: шприцтæ æ мæ флаконтæ цæ хæ радоны туалеты ныппарын хъæ уы. Цæ угæ -цæ уын хуыссæ джы хостæ й иуы бæ сты фондз йæ дзыхмæ баппæ рста. Æ мæ, диссаг! Аныхъуырдта сæ. Æ нæ донæ й. Иннæ хæ ттыты хос йæ хъуыры нæ фæ цæ уы, фæ лæ ныр... Йæ хостæ йын хъуамæ мачи базона. Æ мæ ма уымæ н цы уæ лдай у, фæ лæ...

Чызг схуыссыд, цыма йын уазал у, афтæ хъæ ццулæ й йæ хи æ рæ мбæ рзта. Рабадæ гау кодта, базыл йæ хи фæ стæ мæ ауагъта. Ау, цардæ й мæ лæ ты æ хсæ н арæ н афтæ цыбыр у? Цыбыр рæ стæ г — æ мæ нал дæ. Ау...

Цас рæ стæ г рацыд? Нæ... Жаннæ сахатмæ не ’ркæ сдзæ н. Йæ хи цыдæ р æ нахуыр хорз æ нкъары. Йæ фæ стаг минуттæ... Æ мæ... Диссаг! Цыдæ р æ хсызгон уылæ нтæ Жаннæ мæ сæ хи ивазынц, сæ хъæ бысы йæ кæ нынц, тыхсынц ыл... Хъарм, фæ лмæ н, æ хсызгон уылæ нтæ. Диссаг! Æ мæ уый цы у?.. Хуыссæ г... Хуыссæ г... Цы хорз у. Йæ быны йæ ныуæ рды. Æ мæ кæ д уый... Кæ д уый мæ лæ т у. Мæ лæ т?!. Æ мæ, ау, мæ лын афтæ æ нцон у?.. Æ мæ дзы уæ д цæ мæ й тæ рсæ м цæ ргæ -цæ рæ нбонты? Лидзæ м дзы, лидзæ м дзы, æ мæ цæ мæ н?.. Чызг йæ цæ стытæ ахгæ ны æ мæ та сæ байгом кæ ны. Æ мæ кæ д... Кæ д... кæ д йæ царды фæ стаг минуттæ æ рхæ ццæ сты... Хатыр... хатыр... Кæ д искæ мæ н зын ракодта... Хатыр... Ныххатыр ын кæ нæ нт. Цы хорз у. Цыма сæ ваннæ йы хъарм, фæ лмæ н доны ауагъта йæ хи. Æ нахуыр æ хсызгондзинад æ й йæ хъабысы ныуæ рды, йæ хи йыл тухы. Ох-х, цы хорз у... Жаннæ йæ н йæ цæ ссыгтæ, урс-урсид цæ ссыгтæ, къуыбар цæ ссыгтæ йæ рустыл куыд уадысты, уый нал базыдта.

Жаннæ уыдта фын. Æ ви уый фын нæ уыд...

...Стыр Цад. Брытъиаты Елбыздыхъойы Цадæ й дæ р стырдæ р. Тынг стыр Цад. Æ нæ кæ рон Цад, цæ стытæ йыл не ’ххæ ссынц. Сыгъдæ г доны хуыпп æ м никæ цæ й цæ уы, бирæ азты дæ ргъы йæ химидæ г æ мбийы. Цъæ х хъуына йыл сбадт, йæ алывæ рстæ — бырынцъаг, йæ быны сау мила ныббадт. Алырдыгæ й хæ фсытæ уасынц, сау кæ лмытæ дзы дыууæ рдæ м бырынц. Адæ ммæ чъизийæ, фæ лхорæ й, бырæ ттæ й цы и, уыдон уырдæ м фæ калдтой æ мæ калынц. Йе ’взæ р смаг фындзыхуынчъытæ æ хгæ ны, йæ сæ рмæ алыхуызон бындзытæ уылæ нтæ й тæ хынц. Æ мæ Жаннæ уыцы Цады февзæ рд. Куыд? Цы хуызы? Уымæ н ницы зоны. Дуне адæ м ма дзы: сылгоймæ гтæ, нæ лгоймæ гтæ, зæ рæ дтæ, æ рыгæ ттæ... Адæ мы иу хай сау, бырынцъаг, чъизи доны сæ хи найынц, улæ фынц, сæ хъæ лдзæ г ныхас, се ’нæ мæ т худын хъуысы. Цыма æ лгъаг, чъизи, алы хъылмæ йæ йедзаг доны нæ, фæ лæ цæ ссыджы хуызæ н сыгъдæ г цады найынц сæ хи, цæ ссыджы хуызæ н сыгъдæ г доны улæ фынц сæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н. Жаннæ бамбæ рста: ацы дзыллæ тæ рæ стæ гмæ не сты ам, фæ лæ æ дзухдæ р, сæ цард ам æ рвитынц. Æ мæ куыд и ам цæ рæ н? Исты хуызы ардыгæ й куы аирвæ зид. Мæ лы. Хуыдуг кæ ны. Цады æ взæ р смаг ын йæ улæ фæ нтæ æ хгæ ны, йæ хурхысæ ртæ йын арауы. Цады былмæ йæ хи æ ппары, ленк кæ нын хорз зыдта, фæ лæ ныр... Чъизи, бырынцъаг, бæ зджын смаггæ наг дон æ й йæ хицæ й æ ддæ мæ нæ уадзы. Æ мæ чызг йæ дзыхæ й уæ лдæ ф ахсы, фæ дæ лдон вæ ййы, фæ лæ та тыхамæ лттæ й Цады уæ лцъармæ йæ хи сивазы. Сæ фы. Мæ лы. Æ мæ æ рмæ стуый нæ кæ ны ахæ м хъизæ мар. Цады йæ хи хорз чи æ нкъары, уыдон — адæ мы иу хай, фылдæ р хай — ох-х, цы тæ худиаг сты! Иннæ тæ та Жаннæ йы хуызæ н — мæ лынц, хуыдуг кæ нынц, Цадæ й раирвæ зыныл сæ хи хъарынц. Адæ ймæ гты хуызæ н нал сты: æ лгъаг, чъизи, хъуына донæ й сæ буæ рттæ нал зынынц, сæ цæ сгæ мттæ мила æ мæ алы бырæ ттæ й сызмæ стысты. Сæ фынц. Цады былгæ рæ ттæ м бырынц. Хæ рдмæ хилынц. Чи æ рдæ гмæ схæ ццæ вæ ййы, кæ й та ма чысыл фæ хъæ уы раирвæ зынмæ, фæ лæ сæ хи нæ бауромынц æ мæ сæ гуыбынтæ хафгæ бынмæ, æ лгъаг, чъизи доны смидæ г вæ ййынц. Чи раирвæ зы, Цады уæ лбыл чи фæ вæ ййы, ахæ м амондджынтæ дæ р разыны. Æ рмæ ст уыдон сты иугæ йттæ. Ех-х! Уыдонæ й фест. Уыдон дын — амондджын! Æ мæ Жаннæ дæ р хæ рдмæ быры, йæ къæ хты, йæ къухты æ нгуылдзтæ сау бырынцъаг зæ ххы уæ лцъары ныссадзы. Исты... Исты хуызы ацы зындонæ й куы аирвæ зид æ мæ... Æ мæ дзы аирвæ зæ н и?.. Адæ мы иу хай, хæ рдмæ куыд бырынц, хæ рдмæ сæ хи куыд ивазынц, уый дæ р афтæ быры. Йæ хи нал бауромы, ацъыгъгъуытт кæ ны æ мæ та хуыдуггæ нгæ Цадмæ ныххауы. Æ мæ та ногæ й хæ рдмæ хилы æ мæ хилы. Йæ фæ стаг хъарутæ й йæ хи хæ рдмæ ивазы. Йе ’нгуылдзтæ, йæ къухтæ Цады уæ лбылгæ роныл фæ хæ ст сты. Ех-х... Ацы хатт йæ хи куы бауромид, здыйы хуызæ н ныууæ ззау æ мæ... Цыдæ р къутæ ры къалиутæ ацахста. Нал... нал сæ суадздзæ н. Æ мæ... О Хуыцау! Йæ фæ стаг тыхтæ й йæ хи хæ рдмæ æ ппары. Цыдæ р хуызы фæ уæ лбыл. Сулæ фыд. Ау, уыцы цъымара Цадæ й раирвæ зт? Ныр... Лидзгæ! Ардыгæ й лидзгæ! Уыцы цъымара Цадæ й раирвæ зын кæ мæ н бантысы, уыдон фæ йнæ рдæ м сæ хи æ ппарынц. Æ мæ лидзгæ! Лидзгæ дард кæ дæ мдæ р... Æ ндæ р дунемæ...

Жаннæ сыстад. Ау?.. Раирвæ зт?.. Йе тмбæ рц æ мраст слæ ууыд æ мæ размæ йæ хи аппæ рста. Лидзгæ! Лидзгæ! Ардыгæ й лидзгæ. Кæ дæ мфæ нды дæ р уæ д. Æ мæ тæ хы. Хъаруйы мур æ м нал уыд, фæ лæ йæ м ныр йæ тыхтæ фæ стæ мæ здæ хынц, æ мæ размæ! Размæ йæ хи æ ппары. Йæ тых, йæ хъаруйæ згъоры цыдæ р тъунелы. Тъунел рухсæ й-рухсдæ р кæ ны. Æ мæ рухс кæ ны чызджы зæ рдæ дæ р. Раирвæ зт! Раирвæ зт! Ахæ м рухс дуне... Цы хорз у! Жаннæ йæ хæ дæ г дæ р урс-урсид дзаумæ тты фестад, йæ къæ хтæ зæ ххыл нал ныдзæ вынц. Базыртæ... базыртæ йыл фегуырд æ мæ тæ хы уæ лдæ фы. Зæ ды хуызæ н. Урс зæ д. Рухс, æ нахуыр рухс тынгæ й-тынгдæ р кæ ны, йæ химæ йæ ’лвасы, сиды йæ м, æ мæ йæ м чызг тындзы. Мæ нæ цы хорз у! Йæ уд сулæ фыд. Цы хорз у! Рухс. Æ нахуыр рухс дуне. Жаннæ уыцы æ нахуыр рухсы тайы, æ мæ йын у æ нахуыр æ хсызгон. Афтæ æ хсызгон ын никуыма уыд, ахæ м æ хсызгон æ нкъарæ нтæ никуыма бавзæ рста. Рухс. Æ нахуыр урс дуне. Æ мæ уый дæ р уыцы дунейы иу хай ссис.

 

31-æ м август.

Къуырисæ р. 2009 аз

Темыры хæ дзармæ адæ м фæ дисы згъордтой. Жаннæ йы мардæ й чидæ риддæ р федта, уыдон дис кодтой: цыдæ р æ нахуыр, хъæ лдзæ г, рухс цæ сгом ын. Йæ мидбылты худы. Цыма фынæ й аци, цыдæ р адджын, æ хсызгон фын уыны æ мæ ныртæ ккæ райхъал уыдзæ н, ракæ сдзæ н æ мæ зæ гъдзæ н:

— Цы хорз фын федтон...

Йæ фыд Темыр ын йæ дæ рзæ г, куыстдзагъд армытъæ пæ нтæ йæ рустыл хаста, йе схæ ссæ г мад Маринæ йæ м ныггуыбыр æ мæ йæ уыгъта, фæ лæ Жаннæ, Темыры кæ стæ р чызг, нал райхъал. Бафынæ й. Æ нустæ м.

Эпилоджы бæ сты

Дæ сæ м сахат райдыдта, Жаннæ уæ ддæ р нæ ма сыстад. Мад уаты дуарыл зына-нæ зына бахæ цыд: йæ чызг æ гæ р бирæ нæ фынæ й кæ ны? Абон — æ ртын фыццæ гæ м август, йæ райгуырæ н бон, æ мæ сæ истытæ бацæ ттæ хъæ уы. Хæ дзары æ ртæ чъирийæ акувдзысты. Сæ бинонтæ й дæ р сæ м кæ д исчи æ руаид. Вадим знон ам уыд, фæ лæ иннæ тæ... Жаннæ йæ н йæ куыстмæ хуын сцæ ттæ кæ нын хъæ уы, йе ’мбæ лттимæ абадæ нт, баулæ фæ нт. Æ мæ нырма рæ стæ г и, фæ лæ... Уадз йæ хъæ бул уал афынæ й кæ нæ д. Маринæ, дуары уынæ р куыд нæ райхъуыса, афтæ йæ хъавгæ бахгæ дта.

Мад йæ химидæ г куыддæ р тыхсы, цыдæ р ын нæ фаг кæ ны, цæ мæ ндæ р йæ чызгмæ йæ зæ рдæ ’хсайы. Æ мæ авд-дæ с минуты дæ р нæ рацыд, афтæ та дуарыл бахæ цыд, уатмæ бахызт. Йæ чызг... цыдæ р... цыдæ р æ дзæ мæ й хуыссы. Æ мæ афтæ тарффынæ й... Йæ улæ фт... Сылгоймаджы буар æ мхуызонæ й ныззыр-зыр кодта, йæ сæ рыл цыма цыдæ р уæ ззау æ рхауд, ток æ й ныццавта, цæ стытæ атартæ сты. Йæ чызг... йæ чызг нæ улæ фы. Мад сынтæ гмæ йæ хи баппæ рста, ныхъхъæ р, ныцъцъæ хахст кодта:

— Жаннæ! Жаннæ!

Уый æ дзæ мæ й хуыссы.

— Жаннæ?! Мæ чызг, мæ хъæ бул, уый цавæ р фынæ й у? Сыстма...

Уый не змæ лы, ницы дзуры.

— Мæ чызг, уый цавæ р тарффынæ й у? Нæ мæ хъусыс?

Уый ницыуал хъусы, куыд æ дзæ мæ й хуыссыд, афтæ æ дзæ мæ й хуыссы.

Уый... уый фынæ й нæ у. Уый... Йæ чызг... Нæ -æ! Уымæ н уæ вæ н нæ й! Изæ ры дæ цардбарæ г хъæ бул схуыссæ д æ мæ дæ м райсомæ й... Нæ -æ! Уымæ н уæ вæ н нæ й!


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.016 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал