![]() Главная страница Случайная страница КАТЕГОРИИ: АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника |
Рухсаг у 26 страница
— Цы... цы та кодтам? — Ницы, ницы, ма тæ рс, — йæ фыдыусмæ разылд Вадим. — Иу фæ нд нæ м ис æ мæ... — Фæ нд?.. — Нæ хæ дзар уæ й кæ нæ м. Сылгоймаг дзагъырæ й баззад. Цы дзуры Вадим? Цы? Хæ дзар уæ й кæ нынц? Уый та куыд? Цæ мæ н? Уыцы капеччытæ м æ рхаудтой? Цы хъусы уый? Æ мæ йæ цæ мæ н уæ й кæ нынц? — О. Нæ хæ дзар уæ й кæ нæ м, — кæ сы йæ м Фатимæ. Маринæ йы цæ стытæ та ногæ й дыууæ лæ ппу æ мæ чызгыл æ рзылдысты. Цы хъусы уый? Кæ д фын уыны? Æ ндæ р... Куыд хъуамæ ауæ й кæ ной сæ фыды хæ дзар, сæ райгуырæ н къæ с? Адæ ймаг кæ м райгуыры, кæ м схъомыл вæ ййы, уымæ й йын зынаргъдæ р куы ницы ис. Йæ райгуырæ н хæ дзар чи уæ й кæ ны, уый йæ хæ дзаримæ уæ й кæ ны йæ ивгъуыд, йæ фыдæ лты фарн. Цы дзурынц Вадим æ мæ Фатимæ? Алчи фæ стæ мæ йæ фыдæ лты бынæ ттæ куы агуры. Алчи фæ стæ мæ йæ мæ сыг ногæ й куы аразы. Æ ви адонæ н йе ивгъуыд нæ й, йе фидæ н? — Хæ дзар... Æ мæ... Æ мæ йæ цæ мæ н уæ й кæ нут? — Аслан æ й уæ ддæ р нæ бахъахъхъæ ндзæ н. Мæ й — дыууæ мæ йы фæ стæ ам хæ дзар нал уыдзæ н, — æ рбакаст æ м Фатимæ. Йæ хъæ лæ сыуаг æ мæ йæ хуыз фидарæ й дзурынц: ацы хъуыддаг лыг у, уæ лдай ракæ -бакæ дзы нал хъæ уы. Маринæ йæ сæ р æ руагъта. Цытæ уыны? Цытæ ’взары? Ау, цард бынтондæ р карды комыл цæ уæ гау у? Адонæ н ацы фæ нд абон æ мæ зноны фæ нд нæ у. Æ вæ ццæ гæ н ыл рагæ й хъуыды кодтой. Æ вæ ццæ гæ н сын, сæ фыд ма æ гас куы уыд, уæ д дæ р хъуыдыгонд уыд. Æ вæ ццæ гæ н ын йæ амæ лынмæ æ нхъæ лмæ кастысты. Сылгоймаджы цæ стытæ доны разылдысты. Уый дæ р куы амæ лид æ мæ... Сæ хо æ мæ сæ фыд мæ рдтæ м нæ ма бахæ ццæ сты, нæ ма æ руазал сты æ мæ... О, мæ бон бакæ ла, уæ д та Жаннæ æ мæ Темыр фæ стæ мæ раздæ хтысты... — Æ мæ... — Æ мæ ды мацæ уыл тыхс, — йæ ныхас ын фескъуыдта Вадим. — Цыппар стæ м æ мæ нæ хæ дзарæ й цы æ хца райсæ м, уый цыппар дихы акæ ндзыстæ м. Алкæ мæ н дæ р, суанг уыцы сæ фтæ н дæ р — æ мхуызон. Стæ й... Ды уынджы нæ баззайдзынæ: уæ хæ дзар — дæ фыды хæ дзар — нырма хорз, цæ рæ н хæ дзар. Мацæ уыл тыхс, мацæ уыл тыхс, Маринæ. — Мæ н ницы хъæ уы, — загъта сылгоймаг. — Фæ лæ Аслан цы фæ уыдзæ н? Тæ ригъæ д нæ у? Цыфæ нды дæ р фæ уæ д, фæ лæ адæ ймаг у, уе ’фсымæ р у. — Уый адæ ймаг рагæ й нал у. Махæ н ахæ м æ фсымæ р нал и, — разылд æ м Фатимæ. Сылгоймаг йæ сæ р банкъуыста: мæ нæ цы æ нæ хатыр сты йæ бинонтæ æ мæ сæ куыд нæ зыдта. Мæ нæ цы диссæ гтæ уыны. Мæ нæ адæ м цы æ нæ хатыр систы. Ау, адæ ймагдзинад бынтондæ р фесæ фт? Маринæ базмæ лыд, йæ хиуыл схæ цыд. Фæ лæ сыстын йæ хъару нæ у, йæ зæ нгтæ ныддур сты. — Уæ хо æ мæ уæ фыды дыууиссæ дзæ м бонмæ дæ р нал æ нхъæ лмæ кæ сут? — Кæ д хæ дзар уæ дмæ нæ ауæ й уа, уæ д сæ ам скæ ндзыстæ м. Æ рмæ ст иумæ. Адæ мы æ гæ р цæ мæ н тыхсын кæ нæ м. Кæ д хæ дзар ауæ й уа, уæ д та — нæ химæ, — сыстад Вадим, фæ лæ фæ стæ мæ сбадт. Сылгоймаджы сæ р ницы ахсы. Кæ дæ м тагъд кæ нынц? Фæ сте сæ исчи суры? Адæ мæ й худинаг нæ у? — Æ мæ адæ м, хионтæ та цы зæ гъдзысты, худинаг нæ у? — Худинаг? — бахудт Фатимæ. — Кæ мæ й? Цæ мæ н? Цымæ Ахуырбег дæ р афтæ хъуыды кæ ны? Куыд ницы дзуры? Æ мæ йæ куыд бафæ рса Маринæ. — Ацы фæ нд уе ’ппæ ты фæ нд у? — Ахуырбег чысыл æ ндæ рхуызон хъуыды кæ ны, фæ лæ гæ нæ н нæ й, — йе ’фсымæ рмæ скаст Вадим. — Уый хæ дзар ауæ й кæ нын нæ фæ нды. — Æ мæ йæ ма ауæ й кæ нæ м. Дæ хæ дзар ауæ й кæ н, уый дæ авдæ н ауæ йгæ нæ гау у. Нæ хæ дзарвæ ндаджы бындур ардыгæ й рацыд æ мæ уый фесаф, уый раст нæ у, — загъта Ахуырбег æ мæ уый дæ р стъолы фарсмæ сбадт. Вадим ын йæ уæ хскыл йæ къух æ рæ вæ рдта: — Ме ’фсымæ р, дæ рæ сугъд, кæ ркæ -мæ ркæ, фæ лæ цардæ й иппæ рд ныхæ стæ та райдыдтай. Ахуырбег Вадимыл, Фатимæ йыл æ мæ Маринæ йыл радыгай йæ цæ стытæ ахаста æ мæ ныуулæ фыд, зæ ронд лæ г куыд ныуулæ фы, афтæ. Сылгоймаг ахъуыды кодта: Темыр дæ р-иу афтæ ныуулæ фыд. Фыд æ мæ фырт æ нгæ стæ сты, хуызæ й дæ р, удыхъæ д, зондахастæ й дæ р. Ахуырбеджы хуызы Темыры туг оынтон нæ ма фесæ фт. Маринæ йæ н уыцы хъуыдыйæ куыддæ р фенцондæ р. Нæ! Темыры туг бынтон нæ фесæ фдзæ н. Туг авд фæ лтæ ры хæ ссы. — Кæ д хæ дзарæ н æ нæ уæ йгæ нгæ нæ й, уæ д æ й æ з æ лхæ нын. Цас æ й кæ нут? — Цы? — дисгæ нæ гау æ м скаст Фатимæ. — Ды йæ ’лхæ ныс? Æ мæ дæ цæ мæ н хъæ уы? Цы дзы кæ ныс? — йæ сæ р банкъуыста Вадим. — Стæ й, уыйбæ рц æ хца дæ м и? — Æ з æ й балхæ ндзынæ н. Фатимæ диванæ й сыстад, Ахуырбеджы цур æ рлæ ууыд: — Æ з фарстон, æ мæ ахæ м хæ дзары аргъ рæ стæ мбис нымадæ й у миллион æ мæ дыууæ сæ дæ мин сомы. Фæ лæ базар базар у: ис дзы аппарæ н, ис æ м бафтауæ н дæ р. Маринæ йæ сæ р æ уагъта. Дæ цæ стытæ бацъынд кæ н æ мæ мацы уын, къуырма фест æ мæ мацы хъус, уæ д уый уаид æ ппæ тæ й хуыздæ р, фæ лæ... Æ нхъæ лдæ н, Вадим æ мæ Фатимæ хæ дзар ауæ й кæ нын раджы сфæ нд кодтой. Жаннæ æ мæ ма Темыр æ гас куы уыдысты, æ вæ ццæ гæ н, уæ д дæ р сæ фæ нд конд уыд æ мæ ныр йæ сæ ххæ ст кæ нынæ н æ вæ джиауы фадат фæ ци. О, мæ бон куыд бакалд, бирæ ты æ хца æ мæ исбон йеддæ мæ куыд ницыуал хъæ уы, уый куыд диссаг у, куыд диссаг. Вадим сыстад æ мæ йе ’фсымæ рмæ кæ сы: — Ацы хæ дзар дæ цæ мæ н хъæ уы, уый мæ сæ р нæ ахсы. Стæ й... Уыйбæ рц æ хца кæ м ссардзынæ. — Мæ машинæ ауæ й кæ ндзынæ н. Уый хорз райсдзæ н. — Дæ машинæ? Æ мæ æ вгъау нæ у? — Нæ у. Маринæ Ахуырбегмæ бакаст. Æ фсæ рмы нæ кæ ны, зæ гъгæ, уæ д сыстид æ мæ йын ахъæ быс кæ нид. Сылгоймаг тыххæ йты сыстад æ мæ загъта: — Мæ н ацы хæ дзарæ й ницы хъæ уы. Уæ хо æ мæ уæ фыдæ н сæ дыууиссæ дзæ м боны кæ ндтæ куы скæ нæ м, уæ д ацæ удзынæ н. Ахуырбег Маринæ йы цурмæ бацыд: — Макæ дæ м ацу, ацы хæ дзар дæ хæ дзар дæ р у, хæ дзар хистæ рæ й фидауы æ мæ нын Темыры фæ стæ хистæ рæ н ды баззадтæ. — Æ з куыд зæ гъын, афтæ хуыздæ р уыдзæ н, — скаст æ м Маринæ, йæ цæ стытæ доны зилынц. Куы не скæ уид. — Дыууиссæ дзæ м бон ахæ ссын æ мбæ лы, уæ фыды æ ртыккаг сабатизæ ры сын сæ дыууиссæ дзæ м бонтæ иумæ скæ ндзыстæ м. — Уый раст хъуыды у, — йæ сæ р разыйы тылд бакодта Вадим. — О, афтæ хуыздæ р у, — загъта Фатимæ. — Уæ дæ баныхас кодтам, — фезмæ лыд хистæ р æ фсымæ р, фæ лæ фæ лæ ууыд. — Дыууиссæ дзæ м боны кæ ндтæ н цы хъæ уы, уыдонæ н уæ м æ хца ратдзынæ н. Маринæ, Ахуырбег иу мæ й ам уыдзæ н æ мæ дæ м фæ кæ сдзæ н. Стæ й, ныр æ й хъуыддæ гтæ ис æ мæ афæ стиат уыдзæ н. Æ мæ ма... Зонут æ й, Жаннæ йы тыххæ й цы ’хца æ рæ мбырд, уыдон дæ р мæ нмæ сты. Нæ хойыл дæ р æ мæ нæ фыдыл дæ р цы хæ рдзтæ бахъæ удзæ н, уыдон банымайдзыстæ м æ мæ ма æ хцайæ цы баззайа, уыдон байуардзыстæ м. Мæ н дзы сымахæ й уæ лдай капекк дæ р нæ хъæ уы. — Мæ н дзы ницы хъæ уы, — йæ къух хæ рдмæ сисæ гау кодта сылгоймаг, цыма йын Вадим йæ дзыппы тыххæ й æ хца тъыссы. — Мæ н дæ р ницы хъæ уы, — загъта Ахуырбег. — Уæ ирон ныхæ стæ ныууадзут, — Вадим акъахдзæ ф кодта. Йæ фæ стæ ацыд Фатимæ дæ р. Маринæ æ мæ Ахуырбег лæ угæ йæ баззадысты. Фæ лæ Жаннæ æ мæ Темыр уыдæ ттæ н ницыуал базыдтой. Уыдон ницыуал уыдтой. Уыдон ницыуал хъуыстой. Жаннæ æ мæ Темыр уæ лзæ ххон дунейы цæ рæ г нал уыдысты. Арæ х уæ лмæ рдмæ фæ цæ йцæ уы кардзыд, азты уæ зæ й чи фæ гуыбыр, ахæ м сылгоймаг. Жаннæ, Темыр æ мæ Лизæ йы ингæ нты цур æ рлæ ууы. Йæ мигъбадт цæ стытæ й цыртытæ м æ дзæ мæ й фæ кæ сы. Жаннæ йы кæ нæ Темыры ингæ ны тигъыл иуцасдæ р æ нæ змæ лгæ йæ фæ бады. Иуафон йæ хиуыл схæ цы æ мæ, йемæ цы пысул рахæ ссы, уымæ й, кæ дæ м æ ххæ ссы æ мæ йæ хъару куыд у, цыртытæ афтæ ныссæ рфы æ мæ та сбады. Афтæ æ дзæ мæ й фæ бады, æ мæ йæ дардмæ чи фена, уый банхъæ лдзæ н: зæ ронд ус бафынæ й кæ нæ, уæ лмæ рды йæ рыст, йæ хъæ дгæ мттæ зæ рдæ нал бафæ рæ зта æ мæ бадгæ йæ баззад. Зæ ронд ус иу кæ ддæ р рæ стæ г сысты, цыртытæ æ мæ ингæ нтыл ногæ й йæ цæ стытæ æ рзилынц, йæ армытъæ пæ нтæ сыл æ рхæ ссы æ мæ сабыргай, йæ къæ хтæ уæ ззау исгæ, уæ лмæ рдæ й рацæ уы. Уыцы кардзыд сылгоймаг у Маринæ. 2009 аз, июль —2011 аз, август
|