Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






К.Д. Бальмонт. 8 страница






Уæ ддæ р... уæ ддæ р куыд æ рцыд ацы бæ ллæ х? Де ’мбал лæ ппу... Уыйфæ стæ базыдтон: цалдæ р хатты, дам, нæ кæ ртмæ дæ р æ рбацыд, фæ лæ фатермæ никуы схызт. Уырызмæ г, ды сæ м иу æ ви дыууæ хатты хæ дзары дæ р уыдтæ. Иумæ арæ х æ мбæ лдыстут куысты дæ р, улæ фты рæ стæ джы дæ р. О, фæ лæ йæ фæ лтау куынæ базыдтаис, фæ лтау йемæ куы никуы сæ мбæ лдаис...

Прокуратурæ йы уыцы хъуыддаг кæ й бар бакодтой, уыимæ цалдæ р хатты сæ мбæ лдтæ н. Дæ уæ й дыууæ -æ ртæ азы хистæ р лæ ппу. Къух æ й тыххæ й урæ дта, ахæ м дынджыр том мæ м рахаста. Хъуамæ йæ æ з бакастаин æ мæ дзы мæ къух сæ вæ рдтаин. Кæ рæ й-кæ ронмæ йæ фæ кастæ н, хицæ н сыфтæ — цалдæ р хатты. Уырызмæ г, мæ царды æ вæ ндондæ р æ мæ зындæ рæ н цы бакастæ н, уый уыди уыцы фыст. Алы дзырд, алы хъуыдыйад дæ р дзы дзырдтой дæ у тыххæ й. Нæ! Нæ дзырдтой! Цъæ хахст кодтой, зæ рдæ рæ хуыстой, судзгæ æ хсидæ втæ й йыл хаудысты. Бæ ргæ æ мбæ хстон мæ цæ ссыгтæ, фæ лæ...Прокуратурæ йы кусæ г, уæ здан удысконды хицау. Мæ зæ рдæ йы уаг, мæ катай мын æ мбæ рста æ мæ -иу æ ддæ мæ рацыд. Цалдæ р минуты фæ стæ -иу фæ зынд, цыдæ ртæ -иу афыста, телефонæ й адзырдта, компьютеримæ цыдæ ртæ архайдта, аивæ й-иу мæ м æ рбакаст, æ мæ та-иу уатæ й ацыд. Æ з бадтæ н æ мæ кастæ н. Кастæ н æ мæ куыдтон. Куыдтон æ мæ кастæ н.

Уыцы лæ ппуйы, дæ уæ н дæ цард чи аскъуыдта, уый хъуыддаджы фæ дыл тæ рхондонмæ цы цалдæ р хатты бацыдтæ н, уыдон мын уыдысты зындонмæ цæ уæ гау. Раздæ р тæ рхондоны агъуысты мидæ мæ бахизæ ныл дæ цæ стытæ ахæ сс, ахъахъхъæ н, уыдонæ й дзы исчи ис æ ви нæ й: ничи дзы ис, уæ д тагъд-тагъд бацу, тæ рхон цы залы цæ уы, уым афтæ сбад, æ мæ, цы гæ нæ н æ мæ амал и, уымæ й сæ м дарддæ р куыд уай, цы гæ нæ н æ мæ амал и, афтæ сæ къаддæ р куыд уынай. Зонын æ й, уыдонæ н дæ р æ нцон нæ у — дæ фыдгулы къухæ й æ нæ бары исчи мæ рдтæ м бацæ уа, дæ фыдгул туджджын фæ уа. Уыцы лæ ппу уыцы æ вирхъау боны размæ йы адæ ймаг нал уыдзæ н. Йæ хиуыл сæ вæ рдта марæ джы ном. Уыцы гакк сæ вæ рдта йæ ныййарджытыл дæ р, йæ хойыл дæ р. Зын сын у, фæ лæ махæ н та милуан æ мæ милуан хатты зындæ р у. Махæ н та хуры тыны хуызæ н лæ ппу нал и, хуры тын скаст, йæ хи нæ ма анывæ ста, афтæ мæ й фескъуыд.

Тæ рхондонмæ цыдтæ н иунæ гæ й. Бинонтæ й дæ р, хæ стæ джытæ й дæ р никуы никæ мæ н загътон: зонгæ -зонын сæ зындоны цæ мæ æ ппарон, зонгæ -зонын сын сæ зæ рдæ тæ цæ мæ риссын кæ нон. Уадз, мæ зæ рдæ риссæ д. Дæ цæ ссыгтæ нал уромыс æ мæ дæ сæ р иуварс азил, куыд ничи дæ бафиппайа, афтæ сæ асæ рф. Дæ кæ уындзæ г дæ хъуырмæ схæ ццæ æ мæ, цæ мæ й ма скæ уай, уый тыххæ й схуыф. Бауром æ й, бауром æ й, лæ г дæ.

О мæ бон, Уырызмæ г, дæ уæ н исчи барæ й дæ цард аскъуына, уый мæ нæ уырны. Æ мæ мæ куыд уыриа? Цæ мæ н? Цæ й тыххæ й? Уæ д та, цыдæ р, цыдæ р чысыл æ фсон ын нæ хъæ уы? Уæ вгæ, мах рæ стæ джы адæ ймаджы амарын æ хсынæ н æ ркъæ рцц кæ нынæ й уæ лдай нæ у. Бындзы мард куыд фесæ фы, афтæ цал æ мæ цал адæ ймаджы фесæ фт? Афтæ мæ й нæ хицауад сæ риутæ хойынц: мах паддзахады, мах æ хсæ нады, мах рæ стæ джы адæ ймаг куыд зынаргъ у, афтæ ницы, махæ н адæ ймаг — хæ знаты хæ зна. Бæ ргæ, æ цæ гдæ р, паддзахад адæ ймагыл куы тыхсид. Фæ лæ, оххай, нæ хицауад цы дзурынц æ мæ цы кæ нынц, уыдон кæ рæ дзимæ — дард, уыдоны æ хсæ н — стыр тыгъд быдыртæ. Советон хицаудзинад, дам, бæ рзонддæ р æ вæ рдта паддзахад, адæ ймаг та, дам, кæ мдæ р иуварс аззад, паддзахады аууон. Æ мæ нæ м ныр, Уырызмæ г, паддзахад дæ р куынæ уал и æ мæ адæ ймаг дæ р куы никæ йуал хъæ уы.

Уырызмæ г, дæ фæ стæ мæ ницыуал æ ндавы. Уырны дæ, смæ сты дæ м вæ ййын. Цæ мæ н, уый зоныс? Уæ д та нын искуы чысыл, цыдæ р чысыл маст, цыдæ р зын куы скодтаис. Æ ппынфæ стаг, уæ д та ныхасæ й, æ ппынфæ стаг, уæ д та цæ стæ нгасæ й. Фæ лæ... Фæ лæ никуы. Æ мæ нын фæ лтау куы смаст кодтаис, уæ д-иу æ й ныр æ рымысиккам æ мæ....

Уырызмæ г, дæ фæ лтæ р артæ й доны æ хсæ н бахауд. Нæ ног æ хсæ над... Хъæ ддаг капитализмы уылæ нтæ сæ сæ уæ лныхты систой æ мæ сæ раппар-баппар кæ нынц, тызмæ г фурды уылæ нтæ æ хсныфтæ й куыд фæ хъазынц, афтæ сæ хъазынц. Æ ппæ ты бæ ллæ хдæ р та уый у, æ мæ сын сæ удтæ сафтид кодтой. Ахæ м æ мтъеры, æ нæ закъон рæ стæ г дæ хæ дæ г дæ хицæ н — хъыбыллæ, дæ рохтыл æ рхæ ц æ мæ дæ хæ дæ г дæ хи раст фæ вдагыл араз. Фæ ндаг — бырынцъаг, цы минут фæ бырдзынæ, уый бæ рæ г нæ у; фæ ндаг — гуыргъахъхъ, цы минут фæ кæ лдзынæ, уымæ н ничи ницы зоны; дæ фæ ндагыл — бирæ цæ лхдуртæ, дæ къах сыл кæ д бакъуырдзынæ, чи йын цы зоны; фæ ндаг — саджилтæ, хъавгæ нæ цæ уыс, лæ мбынæ г æ м нæ кæ сыс — кæ дæ м дæ ахæ сдзæ н, чи зоны.

Уырызмæ г, дæ фæ лтæ рæ й иуæ й-иутæ нæ бафæ рæ зтой рæ стæ гæ п, тызмæ г, æ нæ хатыр æ хсæ надæ н, æ мæ карз иозтыл фесты, дыууын фыццæ гæ м æ нусы æ вирхъау низ — наркотикты амæ ддаг баисты.

Ног æ хсæ над цы æ взæ р, чъизи, æ лгъаг уылæ нтæ æ рбахаста, уыдоны æ вджид бахаудтой.

Ды, Уырызмæ г, карз нозтмæ хæ стæ г не ’рцыдтæ, карз нозтмæ цæ мæ н — бæ гæ ны дæ р-иу кæ д искуы иу хатт ахуыпп кодтай, æ ндæ р никæ д. Иу хатт æ ртæ арахъхъы — водкæ банызтай. Уæ д ма студент уыдтæ. Уæ ахуыргæ нджытæ й уæ иу зынгæ профессор цалдæ р лæ ппуйæ хохмæ акодта, уым ын хæ дзар, æ мæ мæ м фæ кæ сут, зæ гъгæ. Фæ скуыст хорз фынг сарæ зта. Зæ рдæ хæ лар профессор уæ м бахатыд, æ мæ ды дæ р æ фсæ рмæ й æ ртæ чысыл агуывзæ йы дзаг водкæ банызтай. Нæ дæ хъуыди, дæ хицæ н кодтай тыхми, фæ лæ æ фсæ рмæ й. Уæ д банызтай фыццаг æ мæ фæ стаг хатт. Куы мын æ й дзырдтай, уæ д загътон:

— Ныр лæ г дæ, æ мæ дын цыдæ ртæ амонон, уый раст нæ уыдзæ н. Дæ хæ дæ г хъуыды кæ н. Карз нозтæ й дæ хи кæ й хъахъхъæ ныс, уый хорз у. Нозт адæ ймаджы хорзмæ никæ д æ ркæ ндзæ н.

Цард тох у, æ нусон тох, æ рвылбоны тох... Поэты загъдау, æ нусон тох, æ нцойдзинад нæ фынты уынæ м æ рмæ стдæ р.

Æ мæ уыцы æ нусон, æ рвылбоны тохы чысыл лæ мæ гъдзинад дæ р равдыстай, уæ д царды фæ ндагæ й иуварс ахаудтæ, адæ м дыл сæ къæ хтæ й бацæ удзысты, уæ лдайдæ р та ныры æ мтъеры, æ гъатыр рæ стæ джы.

Махæ н, ирон адæ мæ н, не ’ртæ дзыхоны, не ’ртæ чъирийы æ рмæ ст уый тыххæ й нæ баззадысты, æ мæ дзы нæ хи хорз бафсадæ м, хорз баназæ м. Уыдон нæ удварны уидæ гтæ сты. Хорз бахæ рын, хи хорз бафсадынæ н нæ зондджын фыдæ лтæ æ ндæ р истытæ æ рхъуыды кодтаиккой.

О мæ бон, Уырызмæ г, дæ фæ стæ нын нæ фынг дæ р, не ’ртæ чъирийы дæ р ад куы нал кæ нынц.

Уæ мад-иу æ ртæ чъирийы куы ракодта, уæ д-иу уæ м фæ дзырдтон:

— Лæ ппутæ, рауайут, не ’ртæ чъирийы акувæ м.

Æ мæ -иу сымах куыдхистæ рæ й мæ цуры æ рлæ ууыдыстут. Агуывзæ -иу фыццаг авæ рдтон дæ умæ. Зонын æ й: кувæ ггаг кæ стæ рмæ авæ рынц, фæ лæ махæ н цоты номыл фыццаг ды фæ зындтæ, фыццаг аходæ г нын ды уыдтæ, æ мæ, де ’фсымæ ртæ куы фæ зындысты, уæ д дæ р афтæ баззад. Фыццаг-иу кувæ ггагæ й ацахуыстай ды, стæ й Ацæ мæ з, стæ й Батрадз. Æ мæ æ рбадтыстæ м. Куыд æ хсызгон мын уыд, нæ бинонты-иу æ мхуызонæ й фынджы алыварс куы федтон, уæ д. Хуыцауыл дæ бинонты бафæ дзæ хс, Уастырджийæ дæ кæ стæ ртæ н фæ ндаджы хорзæ х ракур, дæ бинонтæ н нæ Иры зæ дтæ м скув, уадз амонд семæ æ мдзу кæ нæ д.

Уырызмæ г, ды шампайнаджы агуывзæ дæ р кæ ронмæ никуы банызтай, цалдæ р хуыппы дзы акæ н æ мæ йæ иуварс æ рæ вæ р. Де ’фсымæ ртæ дæ р цыма дæ у фæ змынц: нозтмæ æ мгæ рон нæ цæ уынц. Æ мæ мын æ хсызгон у.

Уырызмæ г, ныр дæ р дæ мад бæ рæ гбоны æ ртæ чъирийы скæ ны. Куыд-иу дзырдтон, афтæ дзурын:

— Лæ ппутæ, рацæ ут, не ’ртæ чъирийы акувæ м.

Æ мæ мæ м цыдæ р уысм афтæ фæ кæ сы: сымах æ ртæ йæ рацæ удзыстут, ды де ’фсымæ рты уæ ле æ рлæ удзынæ, æ з дæ м агуывзæ авæ рдзынæ н... Æ мæ Ацæ мæ з æ мæ Батрадз бæ ргæ рацæ уынц, фæ лæ ды нæ фæ зыныс, дæ бынат, кæ м лæ ууыдтæ — хистæ р æ фсымæ ры бынат, уый афтидæ й баззайы. Уæ ддæ р, мæ цурмæ не ’рбацæ удзынæ, уый мæ нæ ма фæ уырны æ мæ мæ сæ р дуары ’рдæ м разилын: мæ нæ, мæ нæ ныртæ ккæ фæ зындзынæ, æ рбакъахдзæ ф кæ ндзынæ... Фæ лæ... Æ мæ мæ кæ уындзæ г мæ хъуырмæ схæ ццæ вæ ййы, мæ цæ стытæ цæ мæ й ма адон уой, уый тыххæ й агуывзæ мæ къухы æ рбалвасын, мæ дæ ндæ гтæ кæ рæ дзимæ нылхъивын.

Нæ зонын, нæ бинонтæ исты бафиппайынц æ ви нæ, фæ лæ, куы ницы базониккой, уый мæ тынг фæ фæ нды: уыдонæ н та ма зын цæ мæ н кæ нон, сæ хъæ дгом зæ рдæ тæ сын зонгæ -зонын цæ мæ н рæ хойон.

Нæ кувинæ гтæ скувын, уæ дæ цы чындæ уа, Уырызмæ г. О, Хуыцау нæ бафхæ рдта. О, кæ стæ рты амонды фæ ндагыл аразæ г Уастырджи дæ фæ ндараст нæ фæ кодта. Дæ хæ дзарæ й райсомæ й цардбарæ г лæ ппуйы афæ ндараст кæ н æ мæ дæ м изæ рæ й мауал æ рбацæ уæ д, дæ кувæ ндон хæ дзар изæ рæ й æ виппайды кæ уинаг фæ уæ д, дæ хæ дзарæ й дæ лæ ппуты хъæ лдзæ г ныхас æ мæ худыны бæ сты райхъуысæ д хъарæ г æ мæ марой. Цы ма вæ ййы æ фхæ рддæ р?! Куыд раст у уый?..

Бирæ хорз куывдтытæ нæ м ис, Уырызмæ г. Фæ лæ мæ м дæ ацыды фæ стæ кæ стæ рты цардамонды тыххæ й куывд уæ лдай тынгдæ р хъарын райдыдта.

Аргъæ утты бæ стæ йы кæ й нæ цæ рæ м, уый хорз зонын. О, ис амонд, ис хъысмæ т, фæ лæ дæ хи æ рмæ ст уыдоны æ вджид бакæ н, уæ д уый дæ р раст нæ у. Уырызмæ г, адæ ймагмæ царды цыдæ р нысан куынæ уа, цыдæ р хорз бæ ллицмæ куынæ тырна, уæ д дзæ гъæ лы цæ ры, йæ цард афтид у.

Нысан... Хорз нысан. Хорз бæ ллиц. Фæ лæ хорз дæ р æ мæ æ взæ р дæ р алчи йæ хирдыгонау æ мбары. Беслæ ны фыццаг скъолайы уыцы æ вирхъау хъуыддаг чи бакодта, уыцы адæ м, уæ вгæ, уыдон цæ й адæ м сты — лæ гсырдтæ — æ мæ уыдонмæ дæ р, сæ химæ гæ сгæ, хорз нысан уыд. Сау нысантæ сау зæ рдæ тæ æ мæ сау хъуыдытæ й гуырынц. Æ мæ цæ мæ н? Кæ м сты сæ уидæ гтæ? Æ ви уыдон дæ р адæ ймаджы хуызæ н æ нусон сты? Æ ви сын æ ндæ р бындур и? Рæ стæ г? Цард? Æ хсæ над? Æ вæ ццæ гæ н. Æ вæ ццæ гæ н. Рæ сугъд æ хсæ нады адæ ймагмæ рæ сугъд хъуыдытæ гуыры, раст, сыгъдæ г æ хсæ над адæ ймаджы уд сыгъдæ ггæ нæ г у. Фæ лæ, нæ -æ... Алцы рæ стæ г, æ хсæ над æ мæ царды аххос кæ н, уæ д уый раст нæ у. Нæ хицæ й дæ р, алы адæ ймагæ й дæ р бирæ аразгæ у, Уырызмæ г.

Уырызмæ г, æ мæ ды бæ ргæ фидар къахдзæ фтæ й фæ цæ йцыдтæ размæ, царды æ гъатыр уылæ нты ныхмæ дæ хи бæ ргæ æ хсыстай. Фæ лæ уыцы сау нæ мыг... Цалдæ р ныхасы зæ гъын дæ р дæ нал бауагъта, мах та саударджытæ систæ м, мах та кæ уинаг фестæ м. Æ мæ æ рмæ ст мах нæ...

Нæ тути... Æ вирхъау бæ ллæ х куы ’рцыд, уæ д æ й æ д къалати нæ сыхæ гтæ м сæ вæ рдтой. Æ ртыккаг бон æ й æ рбахастой. Тути йæ хи хуызæ н нал уыд, нынкъард, йæ химæ ныхъхъуыста. Йæ хъæ лдзæ г зард æ дзæ м сабырмæ раивта. Цæ мæ н? Кæ д, йæ зонгæ бынаты кæ й нæ уыд, æ бæ рæ г ранмæ кæ й бахауд, уый тыххæ й? Кæ д, цы бæ ллæ х æ рцыд, йæ чысыл зæ рдæ уый банкъардта? Йæ хъæ лæ с фыццаджы хуызæ н нал зæ лланг кодта, къалатийæ -иу рахызт æ нæ бары, фыццаджы хуызæ н цъыбарцъыбургæ нгæ нал ратæ х-батæ х кодта. Хордта æ нæ бары, цыма йæ хицæ н тыхми кодта, афтæ. Кæ д рынчын фæ ци?

Иубон тути къалатийæ ратахт. Дæ къам — чингуыты тæ рхæ гыл, уый цур абадт æ мæ, тути куыд фæ кæ сы, афтæ дæ м кæ сы: йæ сæ р иуварс азилы, æ ркъул æ й кæ ны æ мæ дын дæ къаммæ æ дзæ мæ й, джихæ й кæ сы, цыма дæ м тæ фæ рфæ сгæ нæ г адæ ймаг кæ сы, йæ зæ рдæ кæ мæ н фæ рыст, йæ зæ рдæ сау хъæ дгæ мттæ кæ мæ н фæ кодтай, ахæ м адæ ймаг. Ныртæ ккæ... йæ къуыбар цæ ссыгтæ æ рызгъæ лдзысты. Æ мæ ма мын цы бамбарын хъуыд: нæ тути дæ цалдæ р боны нæ федта æ мæ дæ агуырдта. Йе та, кæ й нал дæ, йæ чысыл зæ рдæ уый банкъардта æ мæ йæ химæ ныхъхъуыста, йæ чысыл зæ рдæ катайаг фæ ци. Афтæ уыдаид. Куыд бирæ йæ уарзтай! Æ мæ дæ куыд бирæ уарзта уый дæ р! Æ мæ уыцы уарзон адæ ймаджы нал уыдта, уыцы уарзон адæ ймаг йæ цуры нал и.

Уырызмæ г, кæ д уый дæ р мах хуызæ н сау дардта. Æ вæ ццæ гæ н... Æ вæ ццæ гæ н... Ахæ м бæ ллæ хмæ дурæ й дæ р цæ ссыгтæ кæ лы, уæ д уый та — зондджын тути... Куыддæ р-иу хæ дзармæ æ рбацыдтæ, афтæ -иу йæ къалатийæ ратахт æ мæ -иу дæ сæ рыл кæ нæ дæ рахиз, кæ нæ дæ галиу уæ хскыл абадт æ мæ хъæ лдзæ г хъæ лæ сæ й йæ хицæ н цыдæ ртæ зарыд. Рацу-бацу кæ ныс, цыдæ ртæ архайыс, хæ рыс, уæ ддæ р уый бады. Суанг ваннæ мæ дæ хи æ хсынмæ цæ уыс, уæ ддæ р-иу дæ уæ гъд нæ уагъта, тыххæ й йæ дæ хицæ й райс. Æ мæ -иу уæ д йæ хъæ р, йæ цъæ хахстæ н кæ рон нал уыд. Мæ стджын ратæ х-батæ х кодта. Цыма афтæ дзырдта: «Æ з дæ бирæ куы уарзын, уæ д мæ ды дæ хицæ й цæ мæ н сурыс». Йæ цыргъ къæ дз бырынкъæ й-иу дын дæ хъус æ рхостаид кæ нæ -иу ыл ныххæ цыд æ мæ йæ ивæ зта, дæ хъус-иу ссырх. Уæ д-иу дæ м истæ уыл мæ стджын уыд æ ви дæ м йе стыр уарзондзинад æ вдыста — Хуыцау йæ зонæ г.

Нæ тути цæ хæ р калдта, йæ цъæ х базыртæ кæ ркæ -мæ ркæ æ рттывтой. Рæ сугъддæ р ма цы вæ ййы! Уæ дæ куыд æ мбаргæ уыд! Фæ лæ йæ ды цæ мæ ндæ р хуыдтай «Гуырымыхъхъ» — «Урод». Æ мæ дæ иухатт бафарстон:

— Уырызмæ г, афтæ йæ цæ мæ н хоныс?

— Æ мæ -гъа.

Чи зоны, дзурын кæ й нæ зыдта, уымæ н æ й афтæ хуыдтай. Æ мæ уый нæ хи аххос нæ уыд: гыццылгай йæ фæ цахуыр хъуыд дзурыныл. Чи зоны, фырбуцæ н ыл ахæ м ном сæ вæ рдтай.

Цыфæ нды дæ р фæ уæ д, нæ тутийыл «Гуырымыхъхъ» ном сбадт. Йемæ -иу хынджылæ г кодтат. Цалдæ р хатты йæ ды æ мæ Ацæ мæ з, дыууæ дæ ргъæ й-дæ ргъмæ лæ ппуйы, ваннæ мæ бахастат æ мæ йæ ныннадтат. Цалынмге бахус, уæ дмæ -иу йæ бон тæ хын нæ уыд æ мæ -иу æ нцад бадт, сагъæ схуызæ й ракæ с-бакæ с кодта, лæ ппутæ, цæ уыл мæ тухæ нæ й марут, зæ гъгæ. Стæ хынмæ -иу хъавыд, фæ лæ йæ йæ хуылыдз базыртæ нæ фæ рæ зтой, æ мæ -иу æ рхауд, сымах та-иу худæ гæ й бакъæ цæ л стут. Куы-иу бахус, уæ д йæ хи куыд дзæ бæ х æ нкъардта! Спæ р-пæ р-иу кодта æ мæ та дæ уæ хскыл абадт. Æ рбацæ уыс, уæ д-иу дæ размæ ратахт, æ вæ ццæ гæ н-иу дæ дæ къæ хты хъæ рæ й базыдта.

Æ нхъæ л уыдтæ н, цалдæ р боны фæ стæ нæ тути йæ химæ æ рцæ удзæ н, йæ раздæ ры гаччы сбаддзæ н. Фæ лæ, нæ! Бынтондæ р йæ химæ ныхъхъуыста, нынкъард, æ нæ бары цыдæ ртæ хордта. Агуырдта дæ у. Æ нæ дæ у йæ цард цард нал уыд.

О мæ бон, Уырызмæ г, нæ тути дæ р ма дыл сау дардта, уæ д мах цы зæ рдæ тæ й цæ рæ м?..

Тути исты куы кæ на, цæ мæ й дзы тагъддæ р ферох уай, уый тыххæ й йæ Ацæ мæ з æ мæ Батрадз нæ сыхаг лæ ппуйæ н радтой. Æ мæ цасдæ ры фæ стæ йæ химæ æ рцыд, æ рдзæ бæ х. Цæ ры. Уый бæ ргæ цæ ры, фæ лæ нын ды нал дæ. Ды нын нал дæ, Уырызмæ г!

Æ мæ та мæ хъуыдыты ногæ й февзæ рдтæ н рынчындоны. Цал æ мæ цалæ м хатт?

...Фæ талынггæ рæ ттæ. Фæ лæ уæ ддæ р — æ нуд. Уæ лдæ ф цыдæ р æ нахуыр бæ зджын у.

Рынчындоны кæ рты адæ м фылдæ рæ й-фылдæ р кæ нынц. Раздæ р куыд лæ ууыдысты, афтæ къордтæ -къордтæ й лæ ууынц, сæ хъуыдытæ, сæ ныхас — дæ у тыххæ й.

Уырызмæ г, уæ д, дæ зæ рдæ ма фæ стаг минуттæ кусы, уый нæ ма зыдтон. Цыдæ р ныфс ма мæ уыд. Цыма ацы цардæ й ацæ уын нæ бакомдзынæ, цыма не Сфæ лдисæ джы ацы дунейæ дæ ацæ уын нæ бафæ нддзæ н.

Уыцы минутты æ з цардтæ н, мæ риуы цы чысыл рухсы цъыртт тæ пп-тæ пп кодта, уымæ й. Мæ хъуыдытæ зилдух кодтой дæ алыварс. Фæ лæ цалдæ р хатты Батрадз мæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд. Кæ м и? Цы ми кæ ны? Цы уавæ ры и? Æ ртындæ с-цыппæ рдæ саздзыд лæ ппуйы туг нырма цас фидар у. Ды рынчындонмæ кæ й бахаудтæ, уæ ззау уавæ ры кæ й дæ, уый фехъуыстаид æ мæ... Телефонæ й бадзурын кодтон — кæ д хæ дзары и, уæ д макæ дæ м ацæ уæ д, ма тæ рсæ д, сыхæ гтæ й нæ м исчи æ руайæ д.

Иурæ стæ г ахъуыды кодтон: «Нæ бинонтæ... æ мæ зын уавæ ры хъуамæ иууылдæ р иумæ уæ м». Батрадзмæ машинæ арвыстон.

Зæ рдæ, зæ рдæ, Уырызмæ г, уый алцыдæ р раздæ р базоны. Æ мæ кæ д дæ кæ стæ р æ фсымæ р рынчындоны нæ уыд, уæ ддæ р зæ рдæ йæ алцыдæ р зыдта. Хионтæ, зонгæ тæ йæ м цалдæ р хатты телефонæ й æ рбадзырдтой, Уырызмæ гæ н операци скодтой, ма тæ рс, зæ гъгæ. Фæ лæ зæ рдæ... Уый уæ ддæ р тарст æ мæ -иу куы лоджæ мæ рауад, куы балкъонмæ. Нæ сыхæ й рынчындонмæ фæ дисы ацæ уын кæ мæ н нæ бантыст, уыдон кæ рты къордтæ -къордтæ й лæ ууыдысты, сæ химидæ г æ нкъардæ й цæ уылдæ р дзырдтой. Батрадз-иу балкъонмæ куы рацыд, уæ д-иу æ м цыдæ р тæ ригъæ ддаг цæ стæ й скастысты, сæ цæ стытæ дзы æ мбæ хстой. Æ мæ лæ ппу фатеры йæ хицæ н бынат нал ардта. Æ мæ куыннæ! Йæ уарзон æ фсымæ р кæ мдæ р рынчындоны цардæ й мæ лæ ты арæ ныл лæ ууы, уый та ам, фатеры. Æ мæ иурæ стæ г лидзæ гау æ ддæ мæ йæ хи райста. Кæ рты йе ’мбæ лттæ лæ ууыдысты æ мæ уыдонмæ бацыд. Нæ сыхæ гты ус мын фæ стæ дæ р дзырдта:

— Батрадзмæ мæ зæ рдæ ’хсайдта æ мæ йын ныфсытæ авæ рон, зæ гъгæ йæ м лæ ппуты цурмæ æ рцыдтæ н, æ рбахъæ быс æ й кодтон. Загътон ын, «операци хорз ацыд, ма тæ рс». Йæ цæ стытæ доны разылдысты, стæ й сæ урс-урсид цæ ссыгтæ æ ргæ р-гæ р кодтой, ныккуыдта. Мæ хъæ бысæ й йæ хи атыдта, иуварс слæ ууыд æ мæ куыдта.

Уырызмæ г, дæ пырх зæ рдæ йæ куыстæ й нæ ма банцад, афтæ мæ й нын нæ бинонты — хистæ рæ й, кæ стæ рæ й — кæ уинаг фæ кодтай.

Батрадзы æ рбаластой. Фæ стæ дæ р дзырдта, зæ гъгæ, машинæ йæ м нæ фæ зынд, уæ д йæ хæ дæ г рынчындонмæ ацыдаид. Æ рмæ стдæ р, ды кæ цы рынчындоны дæ, уый нæ зыдта æ мæ сыл зылдаид. Уый — изæ рыгон, фæ талынг, афтæ мæ й.

Уырызмæ г, мах нæ мад æ мæ нæ фыдæ н уыдыстæ м æ хсæ з лæ ппуйы æ мæ æ ртæ чызджы. Ныр ма уыйбæ рц цот кæ мæ н и? Уыйоæ рц цот чи схаста, уыдон æ цæ г хъæ батыртæ уыдысты. Не ’фсымæ ртæ й æ ртæ нал и. Æ мæ мах, хотæ æ мæ ’фсымæ ртæ, кæ рæ дзиуыл баст куыд нæ уыдыстæ м æ мæ куыд не стæ м абон дæ р? Цалдæ рæ й-иу хордтам иу къусæ й. Фæ лæ уæ ддæ р цыма сымах, æ ртæ ’фсымæ ры, кæ рæ дзиимæ бастдæ р, кæ рæ дзиуыл иузæ рдиондæ р, æ нувыддæ р уыдыстут, цыма сымах кæ рæ дзимæ ноджы хæ стæ гдæ р уыдыстут, кæ рæ дзийы фылдæ р уарзтат, афтæ мæ м кæ сы. Æ ртæ йæ -иу диваныл фæ рсæ й-фæ рстæ м куы бадтыстут, науæ д-иу хъæ бысæ й куы хæ цыдыстут, æ ртæ йæ -иу куы хынджылæ г кодтат, уæ д сымахмæ кæ с æ мæ кæ с. Батрадз — уæ кæ стæ р, уæ хъазæ нхъул. Уæ вгæ уæ йæ хиуыл йæ хæ дæ г ардыдта: куы-иу уæ иуыл рахæ цыд, куы — иннæ уыл: куы-иу уæ иуы басхуыста, куы — иннæ йы, ратон-батон уæ кодта. Мыст къахта æ мæ — гæ дыйы сæ р. Тарстген иу, æ гæ р æ й куы фæ риссын кæ нат, æ гæ р æ й куы асхойат, фæ лæ сымах уый риссын кодтат?

Мах, уæ ныййарджытæ, хъæ здыг уыдыстæ м, тынг хъæ здыг. Æ ртæ фырты кæ мæ н и, уый хъæ здыг нæ у? Ноджы... æ нæ маст лæ ппутæ. Æ рмæ ст нын уæ иу скодта æ гæ рон маст. Уый уыдтæ ды, Уырызмæ г.

Æ з дæ р-иу, Уырызмæ г, демæ æ мæ Ацæ мæ зимæ хъæ бысæ й хæ цыдтæ н. Цæ й хъæ бысæ йхæ ст уыд уый? Афтæ, уемæ мæ хи рæ вдыдтон. Гъей-джиди, уыцы бонтæ н ма фæ стæ мæ раздахæ н куы уаид! Демæ хъæ бысæ й никæ дуал рахæ цдзынæ н, уый зонын, де уæ хскыл мæ къухтæ никæ дуал æ рæ нцайдзысты, мæ риумæ дæ никæ дуал æ рбалвасдзынæ н. Фесты, фесты уыцы бонтæ, Уырызмæ г, ды сæ демæ ахастай.

Уырызмæ г, адæ мы фарн бирæ у, æ мæ адæ мы æ хсæ н дæ хи адæ мы уагыл дар. Фæ лæ иунæ гæ й аззадтæ, уæ д дæ гуыдырæ вæ рд æ нкъарæ нты рохтæ суадз. Фæ зæ гъын: мæ хи ныхъхъæ ддых кæ ндзынæ н, ме ’нкъарæ нты рохтæ нал суадздзынæ н, фæ лæ та демæ баст хъуыдытæ куы æ рбагуылф кæ нынц, демæ баст æ нкъарæ нтæ й риу куы байдзаг вæ ййы, уæ д сæ азары бахауын, сæ уæ лныхты мæ сисынц. Ноджы, уæ лдай сын нæ у: æ мбисæ хсæ в райхъал уон, фистæ гæ й фæ цæ йцæ уон, трамвайы бадон, искæ имæ дзурон, мæ рддзыгой адæ мы æ хсæ н лæ ууон... Демæ баст хъуыдытæ æ мæ æ нкъарæ нтæ н нæ рæ стæ г и, нæ — афон — зæ йау ракæ лынц æ мæ мæ сæ сæ рыл сисынц.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.016 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал