Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






К.Д. Бальмонт. 11 страница






Иу ахæ мофембæ лд. Фæ ндзæ м рæ нхъы фемдзаст дæ н ахуыргæ нæ гимæ. Йæ цæ стытæ доны зилынц, йæ сæ р бынмæ æ руагъта, йæ уæ хсчытæ стъæ лфынц. Æ мæ бамбæ рстон:. профессор кæ уы. Кæ уы сусæ гæ й. Стæ й сыстад æ мæ, куыд ничи ницы бафиппайа, афтæ йæ цæ сгом æ мбæ хсгæ тагъд-тагъд аудиторийæ ацыд.

Цæ уыл куыдта сылгоймаг? Цы йын нынкъуысын кодта афтæ тынг йæ зæ рдæ? Мæ ныхас? Уæ кой? Уырызмæ г, ды мæ къул халынмæ кæ й нæ уагътай, куы фæ хуыфон, зæ гъгæ, уыцы хабар? Цоты узæ лд ныййарæ гыл? Æ вæ ццæ гæ н... Æ вæ ццæ гæ н... Чи зоны, йæ цотæ й чидæ р йæ зæ рдæ йы фæ ндон нæ рауад, йæ цард дæ р æ мæ бинонты цард дæ р сызмæ ста, сæ над æ й кодта. Мады зæ рдæ сусæ г рисæ й судзы, æ рвылбоны маст ын йæ зæ рдæ хъæ дгом кæ ны. Æ мæ куыдта сылгоймаг. Куыдта, æ мæ дæ, Уырызмæ г, никуы федта, фæ лæ йæ цæ стытыл уадтæ ды. Æ мæ мæ м мæ зæ рдæ афтæ дзуры: хæ лæ г кодта, хæ лæ г кодта мæ нмæ, ахæ м фырт кæ мæ н и. Уымæ н та... Æ мæ сылгоймаджы цæ стытæ доны зылдысты...

Диссаг, Уырызмæ г, хъæ булы ацыд афтæ зын цæ мæ н у? Уыцы цæ ф зæ рдæ йы афтæ арф цæ мæ н хизы? Афтæ -иу дзырдтон: «Мæ сæ рыл куыройы фыдтæ нæ разылд, æ ндæ р цынæ бавзæ рстон, ахæ м мын ницыуал баззад». О, куыд тынг рæ дыдтæ н! Мæ бавзаринæ гтæ нырма разæ й уыдысты, æ мæ уый цæ мæ й зыдтон!

Уырызмæ г, иухатт гыццылæ й дæ хъуыртæ куы ахгæ дтой, уæ д дæ зæ рдæ йы цъæ хахст Хуыцаумæ фехъуыст. О, фехъуыст не Сфæ лдисæ гмæ, æ мæ дын дæ цард нæ аскъуыдта. Уыцы сау нæ мыг дæ зæ рдæ йыл куы сæ мбæ лд, уæ д дын иу ныхас зæ гъын дæ р нал бантыст. Иу-цалдæ р ныхасы дæ уæ д та куы схаудаид. Æ рмæ стдæ р цалдæ р ныхасы! Уæ д... Дæ у хуызæ н раст æ мæ сыгъдæ г адæ ймаджы зæ рдæ йы цъæ хахст не Сфæ лдисæ гмæ нæ фехъуыстаид, уый мæ нæ уырны.

О мæ бон, Уырызмæ г, куыд цыдтæ ацы дунейæ? Æ з иухатт амардтæ н... Мæ фыны... Æ мæ мæ цæ рæ нбонтæ м нал ферох уыдзæ н.

...Сæ рдыгон нæ фатеры лоджæ йы диваныл афынæ й дæ н. Æ мæ федтон æ нахуыр фын. Февзæ рдтæ н нæ хъæ уы — Хъарман-Сындзыхъæ уы, нæ хæ дзары. Нæ хæ дзар... Адæ ймаг кæ м райгуыра, фыццаг къахдзæ фтæ кæ м акæ на, йæ сывæ ллоны бонтæ кæ м арвита, уый йын кæ ддæ риддæ р адджын у, зынаргъ. Уыцы хæ дзар, уыцы зæ хх цæ ргæ -цæ рæ нбонты йсмæ æ мдзу кæ нынц. Астæ уккаг скъола каст куы фæ дæ н, уæ д афтыдтæ н нæ хъæ уæ й, царды фæ ндæ гтæ мæ сæ сæ рыл ахастой. Нæ бинонтæ ралыгъдысты Беслæ нмæ. Фæ лæ æ з æ дзухдæ р мæ фынты уыдтон нæ хæ дзар, нæ хъæ у.

Мæ фыны фестадтæ н нæ хæ дзары, нæ кæ рты. Æ рмæ ст æ з уыдтæ н мард. Мæ чырын уæ рæ х кæ рты астæ у дыууæ бандоныл æ вæ рд. Мæ рддзыгой адæ м мардмæ куыд фæ цæ уынц, афтæ цыдысты. Сылгоймæ гтæ й чи куыд хиондæ р у, афтæ мæ м хæ стæ гдæ р лæ ууыд æ мæ куыдтой, сæ цæ ссыгтæ -иу мыл æ рызгъæ лдысты. Чидæ ртæ дзы хъарæ г кæ ныныл фæ лвæ рдтой, фæ лæ ма ныртæ ккæ йы сылгоймæ гтæ й хъарæ г кæ нын чи зоны? Искуы иу. Диссаг! Æ мæ æ з кæ д мард уыдтæ н, уæ ддæ р алцыдæ р æ мбæ рстон, мæ цæ стытæ кæ д цъынд уыдысты, уæ ддæ р алцыдæ р уыдтон, æ рмæ ст мæ бон нæ фезмæ лын уыд, нæ — ракæ сын, æ мæ мæ химидæ г хъуыды кодтон: «Хъарæ г кæ нын дæ р курдиат у, Хуыцауæ й лæ вæ рд, æ мæ дын иугæ р лæ вæ рд нæ у, уæ д æ й фæ лтау ма кæ н. Исты хъуыддаг æ взæ р, фыдынд кæ ныны бæ сты фæ лтау ма кæ н. Ехх, Магкæ ты Кеза ма æ гас куы уаид, уæ д мыл уый бæ ргæ ныхъхъарæ г кæ нид. Йæ хъарæ гмæ зæ рдæ тæ фæ йнæ рдæ м гæ базгай хауиккой, дуртæ дæ р æ м кæ уиккой!»

Уыдтон, бирæ тæ мыл æ цæ гæ й дæ р зæ рдæ йæ кæ й кæ уынц, уый. Уыди, æ нæ бары чи куыдта, ахæ мтæ дæ р, сæ къухмæ рзæ нтæ сæ цæ стыты бынты хастой, цыма кæ угæ кæ нынц. Æ цæ гдзинадæ й та — цæ ссыг сæ нæ хауд. Æ мæ сыл æ з мæ химидæ г худтæ н. Кæ д дæ м кæ уын нæ цæ уы, уæ д дæ хи цы тыхлæ мæ рст кæ ныс? Фæ лтау æ нæ дзургæ йæ иуварс слæ уу æ мæ дæ удæ н дæ р æ мæ мардæ н дæ р зын ма кæ н. Уыцы кæ нгæ митæ... Куыд нæ сæ уарзын, куыд нæ, Уырызмæ г! Цæ ссыг, дам, марды фæ ндаг рухсгæ нæ г у, фæ лæ дæ хицæ н тыхми цæ мæ н кæ ныс? Дæ хи дæ зæ рдæ йы бар уадз.

Йæ зæ рдæ æ цæ гæ й кæ мæ н риссы, уый кæ удзæ н. Чи зоны, цæ ссыг дзы ма кæ ла, фæ лæ йæ зæ рдæ йæ риуы тыппырхæ лдтæ кæ ндзæ н. Æ з, Уырызмæ г, фылдæ р хатт уæ лмæ рдмæ, дæ цурмæ ацæ уын иунæ гæ й. Чидæ ртæ мын дзырдтой: иунæ гæ й ма цу, уæ д та исты кодтай. Нæ зонын. Афтæ мын æ нцондæ р у. Дæ цырты цур фæ лæ ууын, дæ ингæ ны алыварс куы иуырдæ м ацæ уын, куы иннæ рдæ м, дæ цуры сбадын æ мæ фæ кæ уын. Куы — хъæ рæ й, куы та — æ нæ уынæ рæ й. Мæ хицæ н. Мæ хинымæ р. Дæ цуры куы вæ ййын, уæ д мæ ничи фæ хъæ уы, суанг нæ бинонтæ дæ р. Нæ мæ фæ хъæ уынц. Æ рмæ стдæ р æ з æ мæ ды. Ды æ мæ æ з. Иунæ гæ й дæ м бацæ уын æ мæ иунæ гæ й рацæ уын. Фыд æ мæ фыртæ н æ нæ æ вдисæ нтæ, æ нæ искæ й иумæ алæ ууæ н и?..

Оркестры æ нкъард мыртæ æ рсабыр сты. Æ мæ бамбæ рстон: ныртæ ккæ байгом кæ ндзысты саударæ н æ мбырд. Зæ гъдзысты мын фæ стаджы фæ ндараст, мæ чырыныл мын лæ ппутæ схæ цдзысты æ мæ мæ уæ лмæ рдтæ м ахæ сдзысты. Уæ лмæ рдтæ — нæ цуры, дардмæ хæ ссын мæ нæ хъæ уы.

Уырызмæ г, цы нæ уарзын: æ ппæ лæ н ныхас, цæ стмæ хъус ныхас. Иуæ й-иутæ н та уый йеддæ мæ мацы ратт.

О мæ бон, Уырызмæ г, ныр фыны мæ рдтыбæ стæ м куы цæ уин, уæ д мын мæ лын куыд зын уыд, мæ рдтæ м фæ ндагыл куыд удхар кодтон, афтæ нæ удхар кæ нин. Уымæ н æ мæ зонин: уым сæ мбæ лдзынæ н мæ раст, мæ сыгъдæ гзæ рдæ фыртыл. Сæ мбæ лдзынæ н демæ, ды дæ сæ р æ руадздзынæ мæ уæ хскыл, æ з дæ афбахъæ быс кæ ндзынæ н. Æ хсызгон хъæ быс. Адджын хъæ быс.

Охх, куыд зын у мæ лын! Охх, куыд зын у мæ рдтыбæ стæ м цæ уын? Цæ мæ н? Цæ мæ н афтæ зынаргъ у цард? Æ мæ, æ цæ гдæ р, цæ мæ н у афтæ зынаргъ цард? Хатгай нæ цард — тухæ н, иугæ ндзоны, æ рвылбоны тухæ н, катайаг æ мæ удхайраг, уæ ддæ р æ й уæ гъд нæ уадзæ м, ныххæ цæ м ыл. Фæ хицæ н дзы уæ м, уый нæ цæ уылнæ фæ фæ нды? Куы йæ зонæ м: иубон уæ ддæ р мæ лгæ кæ ндзыстæ м. Афæ дзырдæ г раздæ р амæ лдзынæ, дыууæ -æ ртæ азы раздæ р амæ лдзынæ, цы уæ лдай у. Нæ! Иу улæ фт ма скæ ндзынæ, уый дæ р зынаргъ у. Æ мæ цæ мæ н? Цæ мæ н у афтæ зынаргъ цард? Æ вæ ццæ гæ н, уымæ н, æ мæ нæ Хуыцау цæ рынæ н сфæ лдыста. Фæ лæ нæ уыцы иу рæ стæ г мæ лынæ н дæ р радта. Æ мæ иугæ р афтæ у, уæ д дзы цæ мæ н тæ рсæ м?

Уыцы æ нахуыр фын куы федтон, ууыл рацыд ссæ дз азы бæ рц. Æ ви уый фын нæ уыд? Æ ви æ цæ гæ й лæ ууыдтæ н цардæ й мæ лæ ты арæ ныл? Нæ зонын. Нæ зонын. Бирæ кæ мæ ндæ рты йæ дзырдтон, дохтыртæ н дæ р. Æ мæ мын чидæ ртæ загътой: уæ д æ з æ цæ гæ й дæ р, æ вæ ццæ гæ н, лæ ууыдтæ н цардæ й мæ лæ ты арæ ныл, æ з уыдтæ н клиникон мард. Æ вæ ццæ гæ н, зæ рдæ йæ куыстæ й банцад. Æ вæ ццæ гæ н, хæ рз цыбыр рæ стæ г, мæ нæ н та — æ гæ рон даргъ.

О мæ бон, Уырызмæ г, уæ д бæ ргæ куынæ уал райхъал уыдаин, уæ д дæ зын нæ федтаин.

Адæ ймаг куы фæ мæ лы, уæ д, дам, йæ развæ ндаг — сау тъунел, æ мæ уымæ н йæ кæ рон ныррухс вæ ййы, æ мæ уыцы рухсмæ фезгъоры æ хсызгонæ й, бахауы рухс, райдзаст дунемæ. Уыдон, мæ лæ тæ й чи раздæ хт, уыдоны мысинæ гтæ. О, цы амондджын сты уыдон! Фæ лæ махæ н, Уырызмæ г, ды, æ хсæ вæ й-бонæ й дæ м куы? нхъæ лмæ кæ сæ м, уæ ддæ р нал раздæ хдзынæ.

Уырызмæ г, цымæ ды та цы фæ ндагыл цыдтæ уыцы æ дзæ м сау дунемæ? Дæ цæ нгтæ уæ рæ х байтыгътай æ мæ цъæ хнæ уу фæ ндагыл уыцы ирд, рухс тъунелы дæ уæ з не ’пкъаргæ йæ, рог æ мæ æ хсызгонæ й згъордтай, æ ви... æ ви æ мбæ рстай: фæ цæ уыс, фæ цæ уыс ацы дунейæ æ мæ... О, цы загъдæ уа Удхæ ссæ гæ н, кæ стæ р, хистæ р чи нæ зоны.

Уырызмæ г, цалдæ р хатты мæ сæ ры февзæ рд æ нахуыр хъуыды. Ахæ м хъуыды, æ мæ дзы мæ хæ дæ г дæ р нырризын, ныккæ рзын. Ныр æ й мæ химæ æ мгæ рон нал уадзын. Ахæ м æ вирхъау хъуыды: зæ гъын, фæ лтау куынæ райгуырдаис... Куынæ райгуырдаис, уæ д дæ нæ зыдтаиккам, уæ д нын нæ амардаис, уæ д ахæ м цардбæ ллон лæ ппу ацы дунейæ нæ фæ хицæ н уыдаид...

Уыцы хъуыдымæ -иу, цыма мыл тæ фсæ г бахæ цыд, афтæ къæ хтæ й сæ рмæ ныррызтæ н. Уый цавæ р хъуыды у? Царды иу бон куы ацæ рай, уæ ддæ р бирæ йы аргъ у. Бæ ргæ, урсзачъе зæ ронд лæ джы карæ нмæ куы фæ цардаис, дæ цоты куы федтаис, дæ хъæ булты хъæ булты авдæ нтæ куы аузтаис, фæ лæ...

Уырызмæ г, лæ пиуйы зæ рдæ йы зæ йау цы æ нкъарæ нтæ фæ ивылынц, йæ уæ лныхты йæ цы уæ лмонц æ нкъарæ нтæ сисынц, фæ ззыгон æ нкъард, æ нтъыснæ г рæ стæ г ыл уазал уæ ззау æ ртæ хты бæ сты арвæ й урсцæ хæ р стъалытæ цы рæ сугъд æ нкъарæ итæ й фæ хауы, кæ д уыцы уæ лвонг æ нкъарæ нтæ демæ ахастай, кæ д уыдон дæ р демæ сау ингæ ны хай баисты? Кæ д дæ риуы уарзондзинады арт сыгъд æ мæ уый дæ р дæ зæ рдæ имæ басыгъд. Хиуылхæ ст уыдтæ.

Дæ уæ н дæ р æ мæ де ’фсымæ ртæ н дæ р уæ удты скондæ й æ ппæ ты тынгдæ р мæ зæ рдæ мæ цы цæ уы? Искæ й фыдгой, цыдæ р дамдумтæ, цыдæ р ардауæ н ныхас уæ никæ д фехъуыстон. Цыма уыдон дæ уæ н дæ р æ мæ де ’фсымæ ртæ н дæ р табугонд сты, афтæ мæ м кæ сы. Арвæ й стъалытæ не скъæ фтай, Уырызмæ г, де ’фсымæ ртæ дæ р афтæ, стæ й уый сæ йрагдæ р нæ у. Хуымæ тæ джы лæ ппутæ, раст æ мæ сыгъдæ г, уæ здан æ мæ æ нæ маст.

Фæ стаг азты адæ м æ ддæ г-мидæ г ауадысты, сæ хи хуызæ н мæ м нал кæ сынц, раст æ мæ зылын, рæ сугъд æ мæ чъизийы æ хсæ н арæ н сиу.

Дзурынц: фæ скъæ вда нæ горæ ты уынгтæ й иуы фæ цæ йцыд уæ зласæ н машинæ «ЗИЛ», йæ шофыр — æ рыгон лæ ппулæ г. Йæ фарсмæ кабинæ йы бадт йæ фондзаздзыд лæ ппу. Уæ зласæ н машинæ йы фæ рсты асыххуытт кодта цыдæ р фæ сарæ йнаг зынаргъ хæ дтулгæ, урс, цæ хæ ркалгæ. Æ васт цæ хгæ р фæ зылд æ мæ уæ зласæ н машинæ йы ныхмæ дзыхълæ уд фæ кодта. Баст куыдз йæ бынатæ й куы феуæ гъд уа, уый хуызæ н, дам, дзы рагæ пп кодта æ рыгон лæ ппу, шофырмæ балæ бурдта, ды дæ машинæ йы цæ лхытæ й къæ вдайы дон кæ й хæ дтулгæ йыл бакалдтай, зæ гъгæ. Уæ зласæ н машинæ йы шофыр, дам, æ м дзуры: ницы федтон, бахатыр кæ н. О, куыдз, схъиудта лæ ппу, ды дæ хæ дæ г дæ р, дæ бинонтæ дæ р, дæ хæ дзарвæ ндаг дæ р мæ «Мерседесы» иу цалхы аргъ не стут æ мæ хъуамæ ды афтæ тæ уæ ндай? Ды ницы дæ! Æ мæ... Æ мæ, дам, йæ къухты дамбаца февзæ рд. Цалдæ р гæ рахы. Æ мæ уæ зласæ н машинæ йы шофыр йе ’нахъом лæ ппуйы цур йæ туджы мæ цгæ йæ уд систа. Лæ ппу, цыма бындз дæ р нæ амардта, афтæ æ нцад-æ нцойæ йæ дамбаца йæ дзыппы сæ вæ рдта, йæ урс-урсид хæ дтулгæ йы сæ рыстырæ й сбадт æ мæ ацыд. Æ мæ йæ æ рцахстой? Ахæ стоны иу сахат дæ р фæ бадт? Куыд нæ! Уый, дам, уыд цыдæ р хъæ здыджы фырт. Хъæ здгуытæ н — сæ хи закъонтæ, уыдон æ ндæ р æ хсæ нады цæ рынц.

Уырызмæ г, ды кæ дæ м ацыдтæ, уым дæ р кæ д раст æ мæ зылын, сыгъдæ г æ мæ чъизийы æ хсæ н арæ н бæ рæ г нал и? Кæ д уым дæ р цæ стфæ лдахджытæ, давджытæ, адæ мы исбон йæ хи чи бакодта, уыдоны хъæ батыртæ хонынц? Кад æ мæ сын намыс. Æ мæ уæ д се ’хсæ н куыд уыдзынæ? Чи цы бынаты аккаг у, уым цæ уылнæ и? Уæ лæ уыл дæ р æ мæ мæ рдтыбæ стæ йы дæ р? Кæ д уыцы æ лгъаг адæ м дзæ нæ т сæ хи бакодтой, сыгъдæ гудты та зындоны баппæ рстой? Кæ д мæ рдтыбæ стæ дæ р сызмæ ст, æ ддæ г-мидæ г ауад, раст æ мæ зылын, зындон æ мæ дзы дзæ нæ т бæ рæ г нал и? Цыфæ нды куы уа, уæ ддæ р, Уырызмæ г, ды сыгъдæ гудтимæ уыдзынæ, дæ бынат дзæ нæ ты и.

Уырызмæ г, дæ æ вирхъау бæ ллæ х æ рвнæ рдау куы айхъуыст, уæ д, æ вæ ццæ гæ н, кæ йдæ р сау хъоппæ гцæ ст чызг цавддурау фæ ци, йæ зæ нгтæ адон сты æ мæ ма диванмæ тыххæ й баирвæ зт. Мыййаг, кæ д дæ фæ стаг бон дæ сау чырынмæ адæ мы ’хсæ нты сусæ гæ й каст, стæ й згъорæ гау сæ химæ ацыд æ мæ йæ хæ къуырцц кæ уын нал сабыр кодта. Æ ви уыцы бон йæ хæ дæ г марды хуызæ н уыд? Æ дзæ мæ й диваныл ныххауд æ мæ дзагъырцæ стæ й цармæ каст, цыдæ р уысм-иу ницыуал базыдта...

Уырызмæ г, дæ цыртыл дын дидинджытæ сæ вæ рæ м. Дидинджытимæ дæ м бацæ уынц де ’мбæ лттæ, де ’мгæ рттæ, нæ хæ стæ джытæ. Чи зоны, нæ къæ сæ рæ й цы зæ ххон зæ д хъуамæ æ рбакуывтаид, кæ д уый дæ р æ фсæ рмытæ гæ нгæ, йæ цæ стытæ доны зилгæ дæ цыртыл дидинджытæ сæ вæ ры... Чи уыд уыцы чызг, Уырызмæ г? Дæ хорз æ мгæ рттæ й иу — Чермен — дæ ацыдæ й цасдæ ры фæ стæ дæ мадæ н дзырдта: нæ цурмæ хæ стæ г стыр уынджы цы нырыккон дукани и, уырдæ м, дам-иу, лæ ппутимæ арæ х бауадтæ æ мæ -иу афæ стиат дæ дæ хи хуызæ н бæ рзонд, нарæ гастæ у хурдзæ сгом æ взонг чызгимæ. Йæ ном, йæ мыггаг дæ р мын загъта. Хуымæ тæ джы-иу бауадтæ? Æ рыгон риуы цы рухс арт ссудзы, дæ риуы уыцы рæ сугъд арт ссыгъд, æ ви ссудзынмæ хъавыд? Бæ ргæ, мах дæ р æ й куы базыдтаиккам, фæ лæ..

Ды, Уырызмæ г, цалдæ р хатты æ хсызгонæ й кæ й цур æ рлæ ууыдтæ, уый махæ н дæ р адджын у. Æ мæ Аллæ йæ хиуыл куы фæ хæ цыд, уæ д, фенон æ й, зæ гъгæ, дуканимæ ацыд. Фæ стæ мæ кæ угæ ’рбаздæ хт, цалдæ р сахаты дæ сынтæ джы цур фæ бадт.

Аив уыд æ ви нæ, фæ лæ æ з дæ р уыцы чызджы фенынмæ ацыдтæ н. Куьш мын æ й амыдтой, уымæ гæ сгæ йæ уайтагъддæ р базыдтон. Йæ дзыккутæ уæ хсчытыл сæ хи æ руагътой, фырсауæ й æ рттывтой, йæ хъоппæ г цæ стытæ — фæ лмæ н æ мæ æ фсæ рмхуыз. Куы мæ, зæ гъын, бафиппайа, æ мæ уайтагъд фæ зылдтæ н. Цалдæ р хатты ахъавыдтæ н: мæ хи йын бацамонон. Фæ лæ та-иу мæ хиуыл ныххæ цыдтæ н. Цыдæ р рæ узонд мæ куы фенхъæ ла. Кæ д, дыууæ æ рыгон зæ рдæ йы æ хсæ н цы арт ссудзы, уе ’хсæ н уыцы арт нæ ма ссыгъд? Кæ д ссыгъд, æ мæ йын йæ рыст зæ рдæ ноджы тынгдæ р куы фæ риссын кæ нон. Стæ й... Уырызмæ г, æ з, дæ æ ртиссæ дзаздзыд урссæ р фыд, тарстæ н: уыцы зæ ххон стъалы, дæ зæ рдæ йæ н хæ стæ г адæ ймаджы цур куы æ рлæ ууон æ мæ мæ цæ ссыгтæ куынæ бауромон. Йæ къæ сæ рæ й нал бахызтæ н дуканийæ н, стæ й, æ вæ ццæ гæ н, цалынмæ уыцы чызг уым куса, уæ дмæ нæ бахиздзынæ н. Цыдæ ртæ мæ алхæ нын фæ хъæ уы — мæ фæ ндагыл ис, фæ лæ йæ иувæ рсты ацæ уын. Зонын æ й: дуканимæ куы бацæ уон, уæ д мæ цæ стытæ мæ коммæ нал кæ сдзысты æ мæ агурдзысты уыцы чызджы, ныджджих æ м уыдзысты, ратонын дзы нал комдзысты. Ныр дæ р, уыцы супермаркеты рæ зты куы фæ цæ уын, уæ д мæ цæ стытæ джигулгæ нгæ рудзгуытыл фæ зилынц, бæ рзонд нарæ гастæ у саулагъз чызджы фæ агурынц.

О мæ бон, Уырызмæ г, кæ д дæ фæ стаг уысмты дæ цæ стыты раз уыцы чызг фестад, худти дæ м, худтæ йæ м ды дæ р, йæ къухтæ дæ м ивæ зта. Рухс фæ лмæ н хъарм дæ буарыл æ мбæ лд. Йæ къухтæ дæ м тылдта æ мæ сау фæ лмы ныгъуылд. Ды дæ р дæ къухтыл схæ цынмæ хъавыдтæ, фæ лæ... о мæ бон, ныддур дын сты, æ нустæ м дын зæ ххы æ муæ з баисты.

Кæ д дæ сусæ г уарзт сау ингæ нмæ демæ ахастай?.. Кæ д дын уыцы сау нæ мыг дæ зæ рдæ имæ дæ сыгъдæ г уарзт дæ р скарста?..

Уырызмæ г, нæ хæ дзары æ нæ дæ у цы фыццаг æ хсæ в арвыстон, уый знаг арвитæ д. Цæ й хуыссæ г æ мæ цæ й цыдæ р! Дæ куыст афтæ уыд, æ мæ -иу арæ х æ нафонтæ м баззадтæ, хæ дзармæ -иу æ рбацыдтæ æ хсæ вы дыууадæ с сахатыл, ноджы фæ стæ дæ р. Æ з æ мæ -иу Батрадз бафынæ й стæ м, фæ лæ дæ мад æ мæ Ацæ мæ з, цалынмæ æ рбацыдтæ, уæ дмæ сæ хуыссæ г сæ хицæ н никæ д садджын кодтой, æ нхъæ лмæ -иу дæ м кастысты. Ды-иу хыл кодтай: цæ мæ й мын тæ рсут? Уæ хи æ гъуыссæ г цæ мæ н кæ нут? Æ мæ дын цæ мæ й тарстыстæ м, уый æ рцыд, æ рмæ ст æ хсæ вы тары нæ, фæ лæ бонсихорафон, горæ тæ н йæ тæ ккæ астæ у.

Уырызмæ г, кусгæ куы кодтай, уæ д-иу зыдтам: æ рбацæ удзынæ, фæ лæ уыцы æ хсæ в ницæ мæ уал æ нхъæ лмæ кастыстæ м. Зыдтон æ й — дуар нал æ рбайгом кæ ндзынæ, нæ къæ сæ ры сæ рты нал æ рбахиздзынæ. Æ нхъæ лмæ дæ м нал кастæ н. О, дæ фыдгул йæ хъæ булмæ мауал æ нхъæ лмæ кæ са! Фыдыбæ сты Стыр хæ стæ й йæ сау гæ ххæ тт кæ мæ н не ссыд, уыдонмæ сæ хæ стæ джытæ абон дæ р ма æ нхъæ лмæ кæ сынц: кæ д ма фæ зыниккой, сæ зæ рдæ тæ ма цæ уылдæ р лæ ууынц, сæ ныфс нæ ма асаст. Фæ лæ мах ницæ мæ уал æ нхъæ лмæ кæ сæ м. Æ з диваны къуымы бандзыг дæ н, ды та, о мæ бон, Уырызмæ г, — уазал морджы, райсом дæ дохтыртæ бæ рæ г кæ пдзысты, уыцы сау нæ мыджы фæ дтæ агурдзысты...

Кæ ддæ рты бон æ рбацъæ хтæ. Фыдрайсом. Балкъонмæ ахызтæ н. Уæ лдæ фмæ мæ сæ р разылд, фæ цудыдтон, балкъоны хъæ л ацахстон. Æ мæ мæ химæ дзурын: «Ма ахау. Ма ахау, æ нцад лæ уу, фидар лæ уу».

Кæ рты нæ сыхы нæ лгоймæ гтæ цалдæ рæ й батыгуыр сты. Уырызмæ г, нæ сыхбæ стæ н дæ р сæ зæ рдæ тæ скъахтай. Сусæ ны мæ йы Ирыстоны цæ рджытæ фæ бæ рæ г кæ нынц Хетæ джы Уастырджийы бæ рæ гбон. Мах дæ р, нæ кæ рт, æ ртæ чъирийы скæ нæ м.

Уыцы аз, дæ ном хъуыды кæ нгæ йæ, не стыр кæ рты, æ ртæ фондзуæ ладзыгон хæ дзары цæ рджытæ иумæ йаг куывд не скодтой. Бæ ргæ сын дзырдтон, фæ лæ... Алчи йе ’ртæ чъирийы йæ хæ дзары скуывта. Нæ иумæ йаг хæ дзарæ й цасдæ р рæ стæ г фæ ндыры цагъд æ мæ зарын нæ райхъуыст.

Уырызмæ г, тынг дыл фæ рыстысты адæ м. Цыма дæ уау никæ уыл фæ рыстысты, афтæ мæ м кæ сы. Ныр дæ р ма нæ м дæ иомæ й æ рбадзурынц. Дæ мадыфыд Хетæ г-иу арæ х хъазгæ йæ дзырдта:

— Ныр, нæ ртон адæ м куынæ уыдаиккой, уæ д та дæ фырттыл цы нæ мттæ сæ вæ рдтаис?

— Хетæ г, уæ ддæ р бирæ ирон хорз нæ мттæ ис, æ мæ дзы искæ цытæ сæ вæ рдтаиккам.

Мæ н сымахыл исты нæ мттæ æ вæ рын нæ фæ ндыд. Афтæ мæ м кæ сы, цыма алы ном дæ р удæ гас у, йæ хи фарн, йæ хи уæ з ын и, цыма ном æ мæ, уыцы ном чи хæ ссы, уыдон кæ рæ дзиуыл фидар баст сты, кæ рæ дзийæ сын фæ иртасæ н нæ й. Хорз ном адæ ймаджы фæ рнджын кæ ны. Бæ рион æ й кæ ны, уæ ззау уаргъ ыл æ вæ ры. Цымæ, Къостайыл æ ндæ р ном сфидыдтаид? Æ ндæ р ном афтæ æ хсызгон æ мæ зæ рдæ райгæ йæ дзуриккам? Нæ адæ мæ н æ ндæ р ном афтæ адджын æ мæ зынаргъ уыдаид? Зонын æ й, уыцы иом Ирыстонæ н Къоста садджын кодта, фæ лæ уæ ддæ р...

Уырызмæ г, хæ дзармæ æ рбацæ уын, ды нал дæ, уый мæ æ рбайрох вæ ййы, фæ цæ йдзурын:

— Гъе, Уырызмæ г, Ацæ мæ з æ мæ Батрадз, кæ м стут?

Кæ д бадгæ кæ нат, уæ д фестдзыстут, мæ размæ рауайдзыстут, æ мæ уын æ з уæ къухтæ райсдзынæ н. Фæ лæ цыдæ р уысм мæ хи æ рæ мбарын æ мæ мæ дæ ндæ гтæ кæ рæ дзимæ нылхъивын, мæ цæ стытæ цæ мæ й ма адон уой, уый тыххæ й мæ хи иуварс фæ зилын. Мæ хи хъахъхъæ нын, уæ ддæ р...

— Гъей, лæ ппутæ, Уырызмæ г, Ацæ мæ з æ мæ Батрадз, кæ м стут?..

Ацæ мæ з æ мæ Батрадз мæ размæ рацыдысты, сæ къухтæ сын райстон, æ мæ æ нæ дзургæ йæ мæ цуры лæ ууыдысты. Лæ ууыдысты æ мæ мæ м кастысты. Каст мæ м уæ мад дæ р. Ды... ды, Уырызмæ г, мæ размæ нæ рацыдтæ.

О мæ бон, ды кæ дæ м ацыдтæ, уырдыгæ й фæ стæ мæ рацæ уæ нтæ куы уаид, фæ лæ... Æ з та ма дæ м æ нхъæ лмæ кæ сын.

Нæ бинонтæ цавддуртау лæ ууыдысты. Æ вæ ццæ гæ н, фенхъæ лдтой: нæ хистæ рæ н йæ сæ рызонд фæ цыд. Уыцы æ дзæ м сабыр ахаста цалдæ р уысмы, стæ й, цыма дзырд бакодтам, афтæ ныккуыдтам. Чи йæ цæ ссыгтæ сæ рфгæ иннæ уатмæ ацыд, чи дзуццæ джы сбадт, йæ уæ рджытыл йæ сæ р æ руагъта, чи æ дзæ мæ й лæ ууыд. Алчи нæ йæ хицæ н куыдта. Фæ лæ уый уыд, хъæ рæ й куы кæ уай, уымæ й зындæ р. Уæ ддæ р та æ з, бинонты хистæ р, фыд, цы хуызы сæ басабыр кæ нон? Æ мæ загътон:


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.017 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал