Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Дыккаг æвдыст. Швицы бæстæйы; Штауффахеры хæдзары комкоммæ






Швицы бæ стæ йы; Штауффахеры хæ дзары комкоммæ. Стыр фæ ндагыл, хиды раз — сусхъæ д бæ лас. Вернер Штауффахер æ мæ Пфайфер дзургæ -дзурын æ рбацæ уынц Лиуцернæ й.

Пфайфер. Афтæ, Штауффахер, куыд загътон, афтæ бакæ нут, ард-ма бахæ рут Австрийæ н. Амал уын цæ йбæ рц уа, уыйбæ рц фыццаджы хуызæ н фидар хæ цут уæ дзырдыл. Уæ ныфс уын хуыцау ныффидар кæ нæ д уæ алы хъуыддаджы дæ р. (Райста йын йæ къух, раст кæ нынмæ хъавы.)

Штауффахер. Фæ фæ стиат у, мæ хæ лар! Ме ’фсин дæ р ныртæ ккæ зындзæ н. Швицы мæ уазæ г дæ, Лиуцерны та æ з уыдзынæ н дæ уазæ г.

Пфайфер. Бузныг, мæ лымæ н! Мæ нæ н абон Герзауы æ нæ сæ мбæ лгæ нæ й. Фæ лæ дæ курын: быхсут уал æ буалгъ бæ стыхицæ утты æ фхæ рдтæ н. Рæ стæ г, æ вæ ццæ гæ н, æ мæ рæ хджы аивдзæ н, мæ хæ лар-имперы уынаффæ бафтдзæ н æ ндæ р адæ ймагмæ. Фæ лæ нæ м бархъомыс дарын куы байдайа, уæ д уый зон, æ мæ йын æ нусмæ баззайдзыстæ м цагъарæ й. (Фæ цæ уы.)

Штауффахер æ рбадт сусхъæ д бæ ласы бын æ мæ хъуыдытыл фæ ци. Æ рбацæ уы Гертрудæ, Штауффахеры ус. Йæ мойы фарсмæ бандоныл æ рбадт æ мæ йæ м цъусдуг æ дзынæ г кæ сы.

Гертрудæ. Цæ й тарæ рфыг дæ, нæ хион! Зæ гъ-ма мын, цы дыл æ рцыди? Иу къорд боны дæ м кæ сын, æ мæ дæ хи уагыл нæ дæ, сагъæ с кæ ныс цæ уылдæ р, — раргом æ й кæ н дæ уарзон бинойнагæ н; дæ мастæ й, дæ сагъæ сæ й хай бакæ н мæ нæ н дæ р.

Штауффахер ын, æ нæ дзургæ йæ, ныххæ цыд йæ къухыл.

Зæ гъгæ ма мын кæ н, цæ мæ н риссы дæ зæ рдæ? Дæ фæ ллойæ н дын арфæ ракодта Хуыцау; хæ дзар æ ппæ тæ й дæ р — йедзаг; дæ фосы дзугтæ, дæ хæ рзхаст бæ хрæ гъау сæ рæ гасæ й æ рыздæ хтысты хæ хтæ й; бæ хдонтæ æ фснайд дæ бæ хтæ н азымæ гмæ; æ лдары мæ сыгау рæ сугъд — дæ хæ дзар: конд у дæ æ взаргæ хъæ дæ рмæ гæ й; айдæ нау æ рттивынц йæ рудзгуытæ, хæ рзаив æ фтыд — йæ нывтæ; зондджын дзырдтæ фыст йæ къултыл; уыдон кæ сынц бæ лццæ ттæ æ мæ дисгæ нæ г сты, цæ мæ цæ уынц, ууыл.

Штауффахер. Рæ сугъд у мæ хæ дзар, хæ рзаив йе ’вæ рд, фæ лæ фидар нæ у йæ бындур!

Гертрудæ. Цы зæ гъынмæ хъавыс, нæ дæ æ мбарын?

Штауффахер. Æ рæ джы бадтæ н æ з ацы ран, сусхъæ д бæ ласы бын, хъæ лдзæ г уыди мæ зæ рдæ нæ ног хæ дзарæ й; уалынмæ дын мæ нæ бæ стыхицау æ рцæ уы æ д фæ сдзæ уинтæ Киунснахæ й æ мæ æ рæ нцад нæ разы. Дисгæ нгæ йæ уыцы каст фæ кодта нæ хæ дзармæ. Уайтагъд мæ бадæ нæ й фестадтæ н, паддзах нæ бæ стæ н хицауæ й кæ й сæ вæ рдта, уымæ бацыдтæ н хæ стæ г, æ гъдауыл. «Кæ й хæ дзар у ацы хæ дзар?» — къахæ гау мæ бафарста, йæ хи нæ зонæ г скодта. Æ з æ м фæ царæ хстæ н æ мæ йын загътон: «Бæ стыхицау, хæ дзар у мæ цытджын паддзах æ мæ дæ хæ дзар, мæ нмæ та у æ фстау лæ вæ рд». Уæ д, дын, афтæ: «Уый та куыд, æ мæ хъæ убæ сты цæ рæ г адæ ймаг зæ рдæ йы фæ ндоныл хæ дзæ рттæ араза æ мæ æ лдары цард кæ на? Æ з уый нæ ныббардзынæ н. Ахæ м уаг, ахæ м хивæ нддзинадæ н æ з, цы æ мбæ ла, уый бакæ ндзынæ н: сæ бындзарæ й сæ стондзынæ н». Уыцы ныхасы фæ стæ бæ стыхицау ацыди хъал æ мæ барджын цыдæ й. Мæ нæ н та уæ дæ й фæ стæ мæ мæ зæ рдæ нал ис мæ риуы; йæ фыдбылызы дзырдтæ мæ стыр мæ т бауагътой.

Гертрудæ. Мæ уарзон хæ лар æ мæ мæ сæ рыхицау! Хъыг дын ма уæ д, мæ хи дын зæ рдиагæ й амонæ г куы скæ нон, уæ д. Æ з райгуырдтæ н гъе уыцы зондджын фыд Ибергæ н, æ мæ мын адæ м ард кæ мæ й хордтой, — мæ хи дзы хъал кæ нын æ дæ рсгæ! Изæ рыгон-иу, æ вæ дза, мæ хотимæ æ рбадтыстæ м æ лвисыныл, афтæ -иу адæ мы хистæ ртæ æ мбырд кодтой мæ фыдмæ; уыдон-иу кастысты имперæ й æ рвыст чингуытæ, тæ рхон-иу кодтой сæ дзыллæ йы амонды сæ рыл. Лæ мбынæ г-иу сæ м хъуыстон æ мæ сын арф бафснайдтон мæ зæ рдæ йы сæ зондджын ныхæ стæ, сæ фæ ндонтæ. Хъуыды дар, цы дын зæ гъон, уый. Рагæ й зыдтон æ з дæ сагъæ с. Бæ стыхицау дæ йæ удхæ ссæ г федта, мæ хæ лар: Швиц дæ у руаджы нæ бафтыд ног хицæ уттæ м; ды равдыстай дæ рагон фыдæ лтау зæ рдæ йы фидардзинад, ды сайдæ й нæ рацыдтæ дæ хи паддзахадыл, дæ имперыл. Афтæ у æ ви нæ у, Вернер? Раст нæ зæ гъын?

Штауффахер. Раст зæ гъыс — хæ рам мæ м уый тыххæ й фæ ци.

Гертрудæ. Фыр хæ лæ гæ й риссы уымæ н йæ зæ рдæ, ды сæ рибарæ й кæ й цæ рыс дæ хи бынтыл, уый йæ фыны дæ р кæ й нæ ма федта, ахæ м бынтыл. Æ фстау райстай дæ хæ дзар паддзахæ н йæ хицæ й. Иу æ лдар цы исбоныл хæ цæ г у, уыцы исбоныл хæ цæ г дæ ды дæ р; паддзахæ й фæ стæ мæ хицау нæ й цæ уæ н; уый та у паддзахæ н йæ æ нæ зынгæ вассалтæ й, йæ хъæ здыгдзинад уæ лæ мæ цæ р, дæ лæ мæ цæ р — йæ рицæ ры пæ лæ з. Гъе уый тыххæ й адæ мы амонд уымæ н у йæ цæ стысындз. Дæ у байсафыныл та уый рагæ й кусы. Сæ рæ гас дæ абоны онг, фæ лæ кæ дмæ бадинаг дæ æ нцад-æ нцойæ, дæ къухтæ дæ роны, афтæ мæ й, дæ фыдгул дын цалынмæ иу фыдбылыз нæ сараза, уалынмæ? Нæ! Æ д-зонц адæ ймагæ н йæ хиуыл æ мбæ лы архайын.

Штауффахер. Æ мæ уæ дæ цы бачындæ уа?

Гертрудæ (фæ цæ уы йæ м хæ стæ гдæ р). Ай дын мæ фæ нд: æ нхъæ лдæ н æ мæ æ нæ зонгæ нæ дæ, бæ стыхицауы цæ йбæ рц нæ уарзынц нæ кантоны, йæ зыд æ мæ йæ налат миты тыххæ й; уæ дæ уый зон æ мæ Унтервальдены, Уры дæ р ссардзынæ бирæ ты, хицæ уттæ й разы чи нæ у. Ацы ран Геслер махæ н цы у, уый у Ланденберг дæ р уыцы ран, цады иннæ фарс. Уырдыгæ й иу бæ лæ гъ цæ р ахæ м нæ ма æ рбацыди, æ нкъард уацхъуыдтæ чи нæ æ рбахаста: адæ мы хурхыл уæ рдæ х сæ вæ рдтой бæ стыхицæ уттæ. Хорз уаид, иу къорд æ мбаргæ лæ джы куы æ рбамбырд уаид, сусæ гæ й сæ фæ нд иу куы скæ никкой, цæ мæ й уыцы уæ ззау æ мæ æ гад уаргъ адæ мы бæ рзæ йæ раппарой. Ныфс мæ ис — хуыцау баххуыс кæ нид уыдонæ н, уыцы раст хъуыддагыл чи сифтындзид сæ хи. Зæ гъ-ма, зæ гъ, дæ зæ рдæ йы сагъæ стæ кæ мæ н сæ ргом кæ най, ахæ м хæ лар дын нæ разындзæ н Уры бæ стæ йы?

Штауффахер. Лæ джы хуызæ н лæ гæ й уыцы ран кæ й нæ зонын, ахæ м дзы бирæ нæ й, æ хсар дæ р кæ мæ разындзæ н, нымады дæ р чи у; стæ й мæ се ’гас дæ р уарзынц, мæ зæ рдæ йы фæ ндон дæ р сын раргом кæ ндзынæ н. (Сыстад.) Усай, мæ сабыр, æ нцад риуы мидæ г мын цы базмæ лын коцтай, кæ рон кæ мæ н нæ й, ахæ м тар æ мæ тызмæ г сагъæ стæ. Ды мын хуры рухсæ й фæ ирд кодтай мæ хъуыдытæ. Мæ фæ сонæ рхæ джы дæ р цы нæ æ фтыди, мæ тæ ппуд зонд цæ мæ й тарст, уыдон мын æ хсарджын ныхасæ й ды мæ зæ рдæ йы бауагътай. Фæ лæ дæ бафæ рсон: дæ фæ нд дзæ бæ х æ рхъуыды кодтай, лыстæ г æ й равзæ рстай, нæ рæ дийыс? Дæ ныхасы кæ рон дæ уæ н уымæ арæ зт у, цæ мæ й нæ быдырты æ рцæ уа кардæ й хæ ст, айхъуыса дзы æ фсæ дты хотыхты нæ рын. Æ мæ уæ д цы бакæ нинаг стæ м мах, сабыр цардуарзаг фыййаутæ, æ гас дунейæ н æ лдарад чи кæ ны, уыимæ? Баууæ нд мыл, æ нæ уи цæ р æ фсон агурынц, цæ мæ й нæ мæ гуыр кæ мттæ м æ рбарвитой сæ тугдзых æ фсæ дтæ, цæ мæ й нын сæ тыхы руаджы байсой ацы ран æ фсонмæ -æ фсонты нæ рагон бартæ, нæ сæ рибар.

Гертрудæ. Æ мæ хæ цæ нгæ рзтимæ сымах дæ р æ нæ арæ хсгæ куы нæ стут; хуыцау та æ хсарджынтæ н у фарсласæ г.

Штауффахер. Стыр фыдбылыз, бынтон бынысæ фты нысан у хæ ст; уымæ й бабын вæ ййынц дзугтæ æ мæ фыййаутæ.

Гертрудæ. Хуыцауы æ фхæ рд — хуыцауы сой, фæ лæ дыл исчи цы æ гады уаргъ сæ вæ ра, уый хæ ссын аккаг нæ у.

Штауффахер. Усай! Нæ ног хæ дзары цæ рынæ й куы нæ ма бафсæ стæ: хæ ст куы байдайа, уæ д дын æ й рыг фестын кæ ндзысты.

Гертрудæ. Цыфæ нды адджын мын фæ уæ д, уæ ддæ р ыл раст мæ хи дыууæ къухæ й арт бандзарин.

Штауффахер. Хæ ст нæ хатыр кæ ны æ нахъом сабитæ н цæ р.

Гертрудæ. Сыгъдæ джытæ сæ хицæ н ссардзысты раст тæ рхон уæ ларвы. Размæ кæ с, мæ хæ лар, размæ, фæ стæ мæ хæ цынæ й ницы рауайдзæ н.

Штауффахер. Хæ сты быдыры амæ лын мах базондзыстæ м, фæ лæ ма сымах цы уыдзыстут нæ фæ стæ?

Гертрудæ. Æ дыхтæ н дæ р ма уыдзæ н фæ стаджы бар: иу къæ дзæ хæ й — сæ ррæ тт, æ мæ уæ д æ нусмæ дæ р — сæ рибар.

Штауффахер (йæ усы хъæ бысмæ йæ хи æ ппаргæ йæ). Ахæ м зæ рдæ йы хицау тох скæ ндзæ н йæ райгуырæ н къонайы сæ рыл, уый нæ фæ тæ рсдзæ н паддзахы тыхæ й! Ацы сахат араст дæ н Урмæ. Уым цæ ры мæ хæ лар Вальтер Фиурст: æ мзонд у мæ нимæ алы хъуыддаджы дæ р. Стæ й дзы фендзынæ н барон Аттингаузены; уый кæ д æ мæ уæ здан мыггагæ й у, уæ ддæ р æ нæ уарзгæ нæ у йæ дзыллæ йы æ мæ йын аргъ кæ ны йæ бартæ н. Бауынаффæ кæ ндзынæ н уыдонимæ, нæ райгуырæ н бæ стæ куыд бахъахъхъæ нæ м фыдгултæ й. Хæ рзбон! Мæ раздæ хынмæ хæ дзар — дæ бар; фæ дзæ хсын дын ницы хъæ уы: кувынмæ цæ уæ г бæ лццон, аргъуантæ н кувæ г бирæ фысым ссардзысты ацы ран. Мæ хæ дзары дуæ рттыл у сæ фæ ндаг. Мæ дуæ рттæ та уазæ гæ н гом сты æ дзухдæ р.

Уыдон мидæ гоз куыд араст сты сценæ йы, афтæ æ рбацæ уынц Вильгельм Телль æ мæ Баумгартен.

Телль (Баумгартенмæ). Ныр дæ мæ сæ р нал хъæ уы. Мæ нæ ацы хæ дзармæ бацу: уым цæ ры Штауффахер, æ фхæ рд адæ мы сæ рыл чи хæ цы, уыцы лæ г. Уæ ртæ дын уый та йæ хæ дæ г! Цом мæ фæ дыл!

Араст сты. Сценæ аивтой.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.009 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал