Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Фыццаг æвдыст. Теллы кæрт æмæ хæдзар.






Теллы кæ рт æ мæ хæ дзар.

Телль хъæ ды куыст кæ ны, Гедвигæ архайы хæ дзары; Вальтер æ мæ Вильгельм — сценæ йы, мидæ гоз, иу чысыл фатæ й хъазынц.

Вальтер (зары)

 

Хохаг гуырд — рæ стдзæ вин,

’Ргъæ вы цъиуы цæ ст.

Æ мæ та фæ цæ уы

Къахвæ ндæ гтыл, кæ с.

 

Цъæ х, хæ ххон уæ лвæ зтæ м

Йе ’рдынимæ схызт.

Уым — æ рмæ ст цæ ргæ стæ,

Урс мигъты хъæ быс.

 

Сырд фæ зынæ д, маргъ дæ р

Йе ’ввæ хсты тæ хæ д —

Басуры сæ фат дæ р,

Ссары сæ мæ лæ т.

Фезгъоры йæ фыдмæ.

Ме ’рдынбос аскъуыди, баба, сараз ма мын æ й!

Телль. Ницæ й тыххæ й! Дæ сны фатæ хсæ г хъуамæ йæ хæ дæ г арæ хса.

Сывæ ллæ ттæ фезгъорынц.

Гедвигæ. Æ хсын æ гæ р раджы райдыдтой нæ сывæ ллæ ттæ.

Телль. Уадз æ мæ фæ лварой: хъазгæ -хъазын базондзысты, базонын сыл цы дæ сныйад æ мбæ лы, уый!

Гедвигæ. Хуыцауы бафæ ндæ д, ахæ м дæ сныйад сæ мыггагмæ дæ р куыд нæ базоной!

Телль. Алцыдæ р зонын хъæ уы, алцы! Змæ ст рæ стæ джы куы цæ рай, уæ д гæ рзифтонг у: ахæ м сахат сæ р бахъæ уы хи бахъахъхъæ нынæ н, стæ й знагимæ тох кæ нынæ н.

Гедвигæ. Уауу-æ на! Æ мæ ма уæ д æ нцад-æ нцойæ чи бацæ рдзæ н йæ бинонты астæ у?

Телль. Ме ’фсин, уый æ з дæ р нæ зонын! Фæ лæ дын зæ гъдзынæ н, миниуджытæ чи уары адæ мæ н, алы фæ ндагыл сæ чи аразы, уый мæ не снысан кодта сабыр фосгæ нæ г; æ ппынæ дзух æ з хъуамæ тындзон цæ мæ дæ р. Цæ мæ, уый хорз мæ хæ дæ г дæ р не ’мбарын! Мæ цард мын ад нæ кæ ны, æ вæ дза, алы бон дæ р истæ й æ фсон тох куы нæ скæ нон, уæ д.

Гедвигæ. Де ’нкъард æ фсин та дæ м тæ рсгæ -ризгæ йæ æ нхъæ лмæ фæ кæ сы дæ хæ дзары. Æ з-иу гæ ды хъæ дау срызтæ н фыр тæ ссæ й, хохы куыд фесгуыхтыстут, уыдон-иу дзурын куы байдайынц, уæ д. Дæ кæ ртæ й цал хатты араст вæ ййыс, уал хатты мæ м афтæ фæ кæ сы, цыма дæ нал фендзынæ н бынтондæ р. Зæ рдæ цæ мæ нæ ахсайдзæ н: кæ д мын фæ ндаг нал арыс их цæ нды сæ рыл, кæ д мын искуы айнæ гæ й фæ бырыдтæ æ мæ фæ хауыс... Æ з дæ фенын, цыма дæ сычъи йæ фæ дыл фæ ласы æ нæ бын коммæ, куы та дыл зæ й рацæ йцæ уы бæ рзæ ндтæ й; намæ их дæ быны ныххауы æ мæ дæ йæ быны фæ кæ ны цæ рдудæ й... Æ мæ цы алыхуызон мардæ й нæ амæ лдзæ н фатæ хсæ г — зæ гъæ н дæ р сын нæ й! Тæ ссаг, ницæ йаг куыст у цуаноны куыст — хайыр никæ мæ н ма фæ ци.

Телль. Йæ риуæ мбæ рц чи цæ уа, цырд æ мæ тыхджын чи уа, йæ хуыцауы хай рох кæ мæ й нæ уа, уымæ н тас ницæ мæ й у: хæ хты чи схъомыл, ууыл фыдбылыз не ’рцæ удзæ н къæ дзæ хтыл. (Куыст куы фæ ци, уæ д йæ фæ рæ т æ рæ вæ рдта.) Нæ дуар бирæ фæ лæ удзæ н. Фæ рæ т дæ м уæ д, æ ндæ ра дæ хъæ дæ й дæ сныйы сæ р ницæ мæ н хъæ уы. (Райста йæ худ.)

Гедвигæ. Кæ дæ м та цæ уыс?

Телль. Мæ фыдмæ цæ уын, Альторфмæ.

Гедвигæ. Басæ тт, цыдæ р фыдбылыз æ рæ фтыд дæ зæ рды.

Телль. Уый та дын чердыгон фарст у, не ’фсин?

Гедвигæ. Бæ стыхицæ уттыл фæ нд кæ нынц: Риутлийы æ мбырд уыдысты уынаффæ кæ нынмæ, ды дæ р дзы уыдтæ.

Телль. Æ з дзы нæ уыдтæ н, фæ лæ мæ м куы фæ сидой, уæ д мæ хи нæ фæ ласдзынæ н мæ фыдыбæ стæ й.

Гедвигæ. Тæ ссагдæ р цы ран уа, уырдæ м дæ арвитдзысты, зындæ р цы хъуыддаг уа, уый дын де ’вджид бакæ ндзысты.

Телль. Хæ с у, алкæ мæ н дæ р йæ бон цæ йбæ рц уа, уыйбæ рц саразын.

Гедвигæ. Айагъоммæ цады иннæ фарс фестут Баумгартенимæ, арв æ мæ зæ хх та кæ рæ дзийы хостой. Ирвæ згæ куыд бакодтат, уый у диссагæ н дзуринаг. Фæ лæ ноджы диссагдæ р та ма уый у, æ мæ дæ уæ й бынтондæ р байрох, дæ хæ дзары дын æ нахъом сабитæ æ мæ сæ мад дзæ гъæ лæ й кæ й задысты.

Телль. Уый ма зæ гъ: æ з асагъæ с кодтон, æ мæ æ рмæ ст гъе уый тыххæ й бафтыд мæ къухы кæ йдæ р сывæ ллæ ттæ н сæ фыды фыдбылызæ й бахизын.

Гедвигæ. Уый хуызæ н тымыгъы цады цæ уынæ й цыма нæ рафæ лдисæ г хуыцауы къахыс, афтæ зыны.

Телль. Хъуыддагыл фæ стиат-фæ стиат чи кæ на, уымæ н дзы бирæ пайда æ рхæ ссын нæ бантысдзæ н.

Гедвигæ. Æ ххуыс кæ нынмæ алкæ мæ н дæ р цæ ттæ дæ, фæ лæ дын бахъуаджы сахат дæ хицæ н иу æ ххуысгæ нæ г дæ р нæ разындзæ н.

Телль. Хуыцау мæ бахизæ д ахæ м тыхст рæ стæ гæ й. (Райста фат æ мæ æ рдын.)

Гедвигæ. Уæ д ма æ рдын æ мæ фатæ й та цы кæ ныс?..

Телль. Æ нæ уыдон цыма бынтон æ нæ къухтæ дæ н, уыйау вæ ййын.

Æ рбазгъордтой сывæ ллæ ттæ.

Вальтер. Баба, кæ дæ м, кæ?

Телль. Альторфмæ, нæ цæ уыс мемæ дадамæ?

Вальтер. Цæ уылнæ цæ уын!

Гедвигæ. Бæ стыхицау Альторфы ис, — дæ къонайыл куы бадис фæ лтау.

Телль. Раст кæ нынмæ хъавы абон.

Гедвигæ. Гъемæ уал уæ дæ фæ фæ стиат у, намæ йыл куы сæ мбæ лай, мыййаг. Цы зæ рдæ нæ м дары, уый зоныс дæ хæ дæ г дæ р.

Телль. Æ рдумæ дæ р ын нæ дарын йæ маст; цæ рын рæ стæ й, тас мын нæ у ме знæ гтæ й.

Гедвигæ. Раст адæ мы уындæ й уымæ н йæ цæ стытæ риссынц.

Телль. Уый тыххæ й æ мæ уыдонмæ нæ й къух бакæ нæ н; цыдæ риддæ р уа, уæ ддæ р, æ нхъæ л дæ н, мæ н нæ бахъыгдардзæ н.

Гедвигæ. Æ нхъæ л дæ, фæ лæ уæ д цæ мæ гæ сгæ фервæ ссыдтæ дæ хиуыл?

Телль. Æ рæ джы цуаны уыдтæ н Шехены комы — æ дзæ рæ г хъæ ддаг ран. Уым фæ цæ йцыдтæ н иу фæ свæ д лæ згъæ ры, — æ ндæ р къахавæ рæ н дзы никæ уылты уыди. Мæ сæ рмæ — айнæ г къæ дзæ хы цæ ндтæ, мæ быны та пæ ллæ хъхъæ й фыцы хæ стмаст Шехены дон...

Сывæ ллæ ттæ йæ м хæ рз æ ввахс бацыдысты æ мæ йæ м хъусынц тынг æ нувыдæ й.

Æ васт баиу стæ м бæ стыхицауимæ, уый дæ р фæ цæ уы лæ згъæ ры. Цъиутæ хæ г дæ р дзы нæ уыди, нæ дыууæ йæ æ ндæ р, ныхæ й-ныхмæ фестæ м, нæ разæ й — æ нæ бын ком. Базыдта мæ бæ стыхицау æ мæ хорзау нал фæ ци: бирæ бонтæ йыл нæ ма рацыд, афтæ мæ кæ й бафхæ рдта, æ вæ ццæ гæ н, æ мæ дзы уый рох нæ уыди. Фадат ран ыл фæ хæ ст дæ н, мæ хæ цæ нгæ рзтæ дæ р — мемæ. Дзæ бæ х нал уыд йæ хъуыддаг: уайтагъд афæ лурс, ризын байдыдтой йæ уæ рджытæ; бирæ йæ нал хъуыди — фыр тæ ссæ й фæ цæ йхауди коммæ. Фæ лæ йын фæ тæ ригъæ д кодтон, хæ стæ г æ м мæ хи байстон æ мæ йæ м дзурын: «Уый æ з дæ н, æ з, мæ хицау». Ницы сдзырдта, ауыгъта йæ къух — ома, мæ цыды кой кæ нон. Уыцы ран æ й ныууагътон æ мæ йæ м æ рбарвыстон кæ стæ риуæ ггæ нджыты.

Гедвигæ. Дæ разы, зæ гъыс, йæ зæ рдæ хорзау нал уыди! Хъахъхъæ н дзы дæ хи! Адзалмæ дæ р дзы нал байрох уыдзæ н.

Телль. Фæ свæ д дзы мæ хи куы ласон, уæ д уый дæ р мæ н агурæ г нæ зилдзæ н.

Гедвигæ. Уырдæ м цæ уыны бæ сты уал баздæ х æ мæ цуан акæ н.

Телль. Уæ ддæ р цæ мæ й тæ рсыс?

Гедвигæ. Куыддæ р зæ рдæ рхæ ндæ г дæ н абон. Лæ уу, ма ацу!

Телль. Æ мæ уæ ддæ р цæ й тыххæ й? Цæ мæ гæ сгæ?

Гедвигæ. Ницæ мæ, фæ лæ дын æ дзæ угæ нæ й?

Телль. Дзырд радтон, нæ й мын гæ нæ н.

Гедвигæ. Цæ угæ уæ дæ, фæ лæ мын мæ хъæ булы уадз йæ къонайыл.

Вальтер. Нæ, нана, ауадз мæ — æ з дæ р цæ уын!

Гедвигæ. Вальтер дæ р йæ мады иунæ гæ й ныууадзынмæ хъавы.

Вальтер. Афтæ ма фæ кæ с, нана, — æ з дын хуын куынæ æ рбахæ ссон дадайæ. (Фæ цæ уы йæ фыдимæ.)

Вильгельм. Нана, æ з баззайдзынæ н демæ.

Гедвигæ (йæ хъæ бысы йæ кæ ны). О, о, нанайы цæ стырухс, иунæ г ды ма мыл нæ ивыс дæ зæ рдæ. (Араст кулдуармæ æ мæ бæ лццæ тты фæ стæ бирæ фæ каст.)


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.01 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал