Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






AElig;ртыккаг æвдыст






Альторфы уыгæ рдæ н.

Сценæ йы разæ й — бæ лæ стæ; мидæ гоз рæ бынæ й хъилыл худ ауыгъд. Дард ран æ рæ хгæ дтой хъодыгонд хъæ д æ мæ хæ хтæ, сæ фæ стæ арвмæ фæ цыдысты митæ й æ мбæ рзт æ фцджытæ.

Фрисгард æ мæ Лейтхольд хъахъхъæ нынц.

Фрисгард. Мæ хæ лар, дзæ гъæ лы хъахъхъæ нæ м ацы ран. Ардæ м ничиуал цæ уы худæ н кад æ мæ цыт бакæ ныны тыххæ й. Афтæ мæ й та, хуыцау базона, мæ лдзыджыты губаккау-иу адæ м æ мызмæ лд кодтой ацы ран; фæ лæ тæ рсынгæ нæ н куы æ рцауыгътой хъилыл, уæ дæ й фæ стæ мæ дзы бындз атæ хæ г дæ р нал фендзынæ.

Лейтхольд. Адæ мæ н сæ тæ ккæ æ нæ сæ рæ нтæ, сæ тæ ккæ ницæ йæ гтæ цæ уынц ауылты æ мæ фелвасынц уайтагъд сæ дæ рдджын худы гæ бæ зтæ; фæ лæ дардыл азилынц сæ рæ н адæ м, æ ндæ р фæ ндагыл, цæ мæ й сæ ма бахъæ уа худæ н кувын.

Фрисгард. Айагъоммæ бонæ мбис ацы фæ зыл дзыллæ йæ н сæ фæ ндаг уыди нæ рæ зты. Мæ хинымæ р дзырдтон, додой мын куыд фæ ци сæ къона, искæ й дзы ахсдзынæ н. Æ нхъæ л уыдтæ н: иу дæ р дзы нæ бахæ сдзæ н йæ сæ рмæ худæ н бакувын. Уæ д æ васт сæ астæ у фæ зынди сæ сауджын Рессельман. Сыгъдæ г лæ вæ рттимæ фæ цæ йцыди рынчыны хæ дзарæ й, æ мæ йын цыма хъуыдыгонд уыди раздæ р, афтæ хъилы раз æ рлæ ууыди, йе ’ххуысгæ нæ г та ныххоста дзæ нгæ рæ г; адæ м æ ркодтой зоныгыл, цы бамбарын æ й хъæ уы, худы раз нæ, фæ лæ сыгъдæ г лæ вæ ртты раз.

Лейтхольд. Байхъус-ма мæ м, æ вæ дза, иу чысыл ахъуыды кодтай, уæ д сбæ рæ г уыдзæ н, ацы ран æ дылы лæ удæ й кæ й лæ ууæ м, уый. Æ гад у æ фсæ ддон лæ гæ н афтид худ хъахъхъæ нын. Чи нæ м æ рбакæ са, мæ хæ лар, уыдон ныл худæ гæ й мæ лдзысты, адæ мы кувын кæ нынц худæ н, зæ гъгæ. Мæ нырдыгонау, æ дылы хъуыддаг у ацы хъуыддаг.

Фрисгард. Омæ цы! Фæ уæ д цыфæ нды афтид дæ р! Ды дæ р кувыс афтид сæ рæ н.

Гильдегардæ. Мехгильдæ æ мæ Эльсбетæ æ рбацæ уынц сывæ ллæ ттимæ æ мæ хъилы алыварс æ рлæ ууыдысты.

Лейтхольд. Цы загъдæ уа дæ уæ й дæ р! Ницæ й тыххæ й дæ р адæ ймаджы бафхæ рыныл фæ стиат нæ кæ ныс. Цæ уæ д, кæ й фæ нды, уый, æ з мæ хи æ нæ уынæ г скæ ндзынæ н, куыд никæ й æ рцахсон, афтæ.

Мехтгильдæ. Сабитæ, мæ нæ уын уый та нæ бæ стыхицау, акувут ын!

Эльсбетæ. Хуыцауы дзыхæ й уый рацæ уæ д, æ мæ йæ хи ардыгæ й куыд айса, йæ худ нын куыд ныууадза йæ хи бæ сты — хуыздæ р йеддæ мæ нын фыддæ р нæ уыдзæ н.

Фрисгард (сæ фæ суры). Усайтæ, æ мæ цы ми кæ нут? Цы слæ ууыдыстут уын куы зæ гъын? Уæ хи айсут иуырдæ м! Сымах дзы ницæ мæ н хъæ ут. Рарвитут нæ м уæ сæ рыхицæ утты; мах сæ м æ ркæ сæ м, кæ ддæ ра куыд хъæ батыр разыниккой.

Устытæ ацыдысты. Телль æ д фат, æ д æ рдын æ рбацæ уы, йæ лæ ппуйы къухыл хæ цгæ; худмæ нæ кæ сынц, афтæ мæ й араст сты йæ рæ зты.

Вальтер (амоны хъодыгонд хьæ дæ й æ мбæ рзт хæ хтæ м). Æ з фехъуыстон, уым, дам, ис ахæ м бæ лæ стæ, æ мæ сæ искæ цыйы фæ рæ тдзæ ф фæ кодтай, уæ д дзы туг ракæ лы. Цымæ уый æ цæ г уа!

Телль. Æ мæ дын уый чи дзырдта?

Вальтер. Нæ фыййау. Уыдон, дам, сыгъдæ г æ мæ дзуарджын бæ лæ стæ сты, æ мæ, дам, сæ чи фæ цагайа, уымæ н йæ ингæ ныл æ рзайдзæ н къух.

Телль. Сыгъдæ г æ мæ дзуарджын кæ й сты, уый бæ лвырд у. Уæ лæ ма скæ с уыцы митджын къæ дзæ хтæ м, арвыл чи æ мбæ лы, уыдонмæ.

Вальтер. Уый цъитийы бынат куы у; æ мбисонд вæ ййы уыдон хъæ р, æ хсæ выгон сыл зæ йтæ æ д саха куы рауайынц, уæ д.

Телль. Мæ хæ лар, мах уыцы хъæ д куы нæ хъахъхъæ нид, уæ д нын зæ йтæ æ мæ цъититæ афонмæ нæ цæ рæ н бæ стæ — Альторф сæ быны баныгæ дтаиккой. Уыцы хъæ ды руаджы ирвæ зæ м — уый у махæ н нæ хъахъхъæ нæ г.

Вальтер (иу чысыл ахъуыдыгæ нгæ йæ). Æ мæ хæ хтæ цы ран нæ й, ахæ м бæ стæ тæ дæ р ис?

Телль. А бæ рзæ ндтæ куы фæ уадзай дæ фæ стæ, æ мæ дарддæ р куы ацæ уай дон-дон, уæ д афтдзынæ тыгъд быдырмæ, цæ ст кæ уыл не ’ххæ ссы; дæ ттæ уыцы ран хъæ р дæ р нæ кæ нынц, фынк дæ р, фæ лæ цадæ ггай цæ уынц размæ; фæ зæ н уым йæ кæ рон цæ ст нæ ахсы, хуымтæ нæ зынынц алы хоры мыггагæ й, æ мæ бæ стæ кæ рæ й-кæ ронмæ у цæ хæ радоны хуызæ н.

Вальтер. Баба, уæ дæ афонмæ дæ р цæ уылнæ алыгъдыстæ м уыцы диссаджы бæ стæ м, цæ й тыххæ й ма цæ рæ м ай хуызæ н тас æ мæ фыдбылызджын ран?

Телль. Раст зæ гъын хъæ уы, бæ стæ йæ æ взæ р бæ стæ нæ у: йæ хъæ здыгдзинадæ н æ мбал нæ й, хор дзы тынг хорз зайы, фæ лæ хуымгæ нæ гæ н уым йæ фæ ллой йæ хи нæ у.

Вальтер. Уый та уæ д цæ мæ н афтæ у? Æ мæ цы хуымтæ афæ лдахынц, уыдон сæ хи не сты, дæ уæ н дæ хуымтæ дæ хи куыд сты, афтæ?

Телль. Нæ, мæ саби, фыдæ лтæ й баззад æ мбисонд: хох — дзуарджын, быдыр — æ лдарджын. Уым зæ хх кæ нæ паддзахы у, кæ нæ аргъуаны.

Вальтер. Цуан кæ нын дæ р сæ нæ уадзынц хъæ ды?

Телль. Нæ, сырд дæ р циу, уымæ й иууылдæ р паддзахы у.

Вальтер. Æ мæ кæ сæ гтæ ахсæ нт цæ угæ дæ тты, цады, денджызы!..

Телль. Денджыз уа, цад уа, дон уа — иууылдæ р сты паддзахы.

Вальтер. Ау, æ мæ уагæ р цавæ р паддзах у, дзыллæ йы уыцы тасы бынаты чи дары?

Телль. Уый, мæ къона, уыдонæ н у сæ иунæ г дарæ г æ мæ сæ иунæ г хъахъхъæ нæ г.

Вальтер. Æ мæ сæ хуыдтæ г сæ хи бахъахъхъæ нынæ н не сты?

Телль. Уыцы бæ сты иу адæ ймаг иннæ йыл нæ баууæ нддзæ н.

Вальтер. Нæ, мæ фыд, æ з дзы батыхсин ахæ м бæ сты, фæ лтау ацы ран, нæ хæ хты, цæ рдзынæ н.

Телль. Раст загътай, мæ хъæ бул, — дæ чъылдыммæ сау зæ рдæ адæ мы бæ сты цъититæ куы лæ ууой, уæ д дын фыддæ р нæ уыдзæ н.

Сæ цыды кой кæ нынц дарддæ р.

Вальтер. Скæ с-ма, баба, уæ лæ хъилыл худ!

Телль. Нæ фæ ндаг дарæ м — ницы нæ кæ сы уымæ.

Цæ уынмæ куыд хъавы, афтæ йын Фрисгард арцæ й йæ развæ ндаг æ рцахста.

Фрисгард. Императоры номæ й дæ м дзурын: къахдзæ ф дæ р мауал акæ н, æ нцад æ рлæ уу!

Телль (арцмæ фæ лæ бургæ йæ). Мæ фæ ндагыл мæ цæ уын нæ уадзыс?

Фрисгард. Бардзырд нæ сæ ххæ ст кодтай. Цом мемæ.

Лейтхольд. Уымæ н æ мæ нæ бакуывтай худæ н.

Телль. Ауадз мæ, и, мæ хæ лар!

Фрисгард. Амал нæ й! Цæ угæ ахæ стонмæ!

Вальтер. Уый та куыд! Мæ фыды мын ахæ стонмæ? Фæ дис, сæ р нæ бахъуыд! (Хъæ р кæ ны сценæ йы фæ стæ мæ.) Гъей, цы фестут, уайгæ ут ардæ м, фезмæ лут. Фæ кæ нынц æ й ахæ стонмæ!

Сауджын Рессельман, кистер Петерман æ рбазгъорынц æ ртæ лæ гимæ.

Петерман. Циу, цавæ р у?

Рессельман. Цæ мæ н æ й æ рцахстай?

Фрисгард. Императорæ н знаг у, йæ ард фæ сайдта.

Телль (æ м дзæ бæ х бавнæ лдтытæ кодта, афтæ мæ й). Мæ нæ й зæ гъыс? Ард æ з фæ сайдтон?

Рессельман. Рæ дийыс, мæ хæ лар. Уый Телль куы у, Телль. Растдæ р адæ ймагæ н скæ нæ н нæ й.

Вальтер (Вальтер Фиурсты фенгæ йæ, фезгъоры йæ размæ). Дада, уæ, дада! Æ намонд хъуыддаг сæ мбæ лди мæ фыдыл!

Фрисгарц. Ахæ стонмæ, ахæ стонмæ!

Вальтер Фиурст (æ рбазгъоргæ йæ). Фæ лæ уу-ма! Æ з ын фидар лæ ууын! Телль, хуыцауы хатырæ й цы бакодтай, цавæ р у?

Мельхталь æ мæ Штауффахер æ рбацæ уынц.

Фрисгарц. Бæ стыхицауы дзырд ницæ мæ дары; æ ххæ ст æ й нæ кæ ны.

Штауффахер. Телль æ й ницæ мæ цары? Уый нæ уыдзæ н.

Мельхталь. Мæ нг дзурыс, æ наккаг!

Лейтхольц. Худæ н нæ бакуывта, фæ цæ йцæ угæ йæ.

Вальтер Фиурст. Æ рмæ ст гъе уый тыххæ й ахæ стонмæ? Мæ хæ лар, ныууадз æ й, æ з ын фидар лæ ууын.

Фрисгарц. Фидар лæ уу дæ хицæ н, кæ д æ мæ дæ бон у, уæ д, — махæ н цы зæ гъынц, уый æ ххæ ст кæ нæ м. Цом!

Мельхталь (хъæ ууон адæ ммæ). Амæ й та ма уæ дæ тыхмидæ р куыд вæ ййы! Куыд æ рхæ сдзыстæ м мах нæ сæ рмæ, æ мæ нын нæ астæ уæ й, нæ цæ ст уынгæ йæ, Теллы аласой!

Петерман. Тых махмæ фылдæ р ис. Нæ й йын ауадзæ н. Ме ’фсымæ ртæ, нæ хионтæ й хуыздæ р ма кæ й сæ рыл сдзурдзыстæ м, кæ?

Фрисгарц. Æ мæ уæ д кæ й бон у ацы ран, бæ стыхицау цы дзырд радта, уый ныхмæ æ рлæ ууын?

Æ ртæ хъæ ууон лæ джы (базгъоргæ йæ). Цæ вут сæ! Ма сыл ауæ рдут! Мах дæ р ам стæ м!

Гильдегардæ, Мехтгильдæ æ мæ Эльсбетæ æ рбаздæ хынц.

Телль. Мæ хæ лар адæ м, нæ хи бар нæ ныууадзут. Куы мæ бафæ ндыдаид, уæ д сын мæ хæ дæ г дæ р æ гъгъæ д уыдтæ н: сæ æ рцытæ й мæ нæ фæ тæ рсын кодтаиккой.

Мельхталь (Фрисгардæ н). Куыд æ й ахонай, уый бæ рæ г уыдзæ н.

Вальтер Фиурст æ мæ Штауффахер. Хорз адæ м, сабырдæ р!

Фрисгард (хъæ р кæ ны). Сæ ард басастой! Дзыллæ сызмæ лыдысты!

Хъуысы цуанонты уадындзы уаст.

Устытæ. Бæ стыхицау нæ м æ рбацæ уы.

Фрисгард. Бакъуырма стут? Сæ хуыцау сыл рахатт! Мæ нгардæ й разылдысты!

Штауффахер. Хъæ рдæ рæ й йæ зæ гъ, хайуан, дæ хъæ лæ с куыд афæ да!

Рессельман æ мæ Мельхталь. Нал банцайай?

Фрисгард (ноджы тынгдæ р). Фæ дис! Æ гъдауыл чи хæ цы, уыдонæ н баххуыс кæ нут! Фæ дис!

Вальтер Фиурст. Бæ стыхицау, уæ ртæ! Раны фестæ м, гъе! Бæ рæ г нæ м уыдзæ н!

Геслер бæ хыл, хъæ рццыгъа йæ къухы. Рудольф Гаррас, Бертæ æ мæ Руденц; сæ фæ дыл бирæ адæ м æ д хæ цæ нгæ рзтæ, сценæ бацахстой æ гасæ й дæ р.

Рудольф Гаррас. Фæ ндаг! Бæ стыхицау! Бæ стыхицауæ н фæ ндаг!

Геслер. Фæ сур сæ фæ йнæ рдæ м! Цæ уыл æ мбырд кæ нынц адæ м? Фæ дис чи хъæ р кодта? Куыд мын æ й бамбарын кæ нат, афтæ...

Сыбыртт дæ р нал цæ уы.

(Фрисгардмæ.) Ацырдæ м! Чи дæ? Цы дæ? Цæ мæ н ыл хæ цыс? Цы ракодта? (Хъæ рццыгъа скъæ рæ гмæ дæ тты).

Фрисгард. Мæ хицау! Æ з дæ н уыцы адæ ймаг, дæ уæ н зæ рдиагæ й чи кусы. Мах сæ вæ рдтой худ хъахъхъæ нæ г. Ацы лæ г дын дæ худæ н кад нæ радта, æ мæ йыл уыцы хуызæ нæ й æ з фæ хæ ст дæ н; фæ лæ мын æ й адæ м мæ бар нæ уадзынц.

Геслер (иу цъусдуг ницы сдзырдта, стæ й). Телль, уый æ нхъæ л дын нæ уыдтæ н, æ мæ ды дæ паддзах æ мæ уымæ н йæ бæ стыхицауы афтæ ницæ мæ дардзынæ: æ гæ р-мæ гуыр худæ н цы кад раттын æ мбæ лди, мæ дзырдмæ гæ сгæ, уый дæ р нæ бакодтай. Уымæ й та æ ргом кæ ны, иуырдыгæ й — хицæ уттыл иузæ рдион чи у, сæ фарс чи хæ цы, сæ фæ нд, сæ дзырдмæ сын чи хъусы, аннæ мæ й та сæ ныхмæ чи лæ ууы, хæ рамдзинад сæ м чи дары... Æ рдумæ дæ р не ’рдардтай ды мæ дзырд.

Телль. Хицау, бахатыр мын кæ н! Бауырнæ д дæ, дæ дзырд æ гадмæ æ рцæ уа, зæ гъгæ, мыл рæ дыд уый тыххæ й нæ сæ мбæ лд! Сомы дын фæ разын, мæ зæ рды кæ рон дæ р нæ уыди дæ дзырды сæ рты ахизын... Ныббар мын æ й!..

Геслер (хъусæ й алæ ууыд иу цъусдуг, стæ й). Телль, тынг, дам, арæ хсыс æ рдын æ мæ фатæ й — хуыздæ р фатæ хсæ гыл нымайынц дæ у.

Вальтер. Уый æ цæ г у, хицау; мæ фыд, цы фæ ткъуы йæ бафæ нда, уый сæ дæ къахдзæ фмæ бæ ласæ й раппары йæ фатæ й.

Геслер. Уый дæ лæ ппу ма уæ д, Телль?

Телль. Мæ лæ ппу у, хицау.

Геслер. Ис ма дын æ ндæ р лæ ппу?

Телль. Дыууæ мын сты, хицау.

Геслер. Фылдæ р дзы кæ цыйы уарзыс?

Телль. Уæ лдай уарзт сæ никæ й кæ нын.

Геслер. Уæ дæ афтæ, Телль: кæ д æ мæ уыйбæ рц арæ хсыс фат æ мæ æ рдынæ й, уæ д дын фадат æ рцыди дæ хи равдисынæ н: райс дæ фат, де ’рдын æ мæ мын дæ хъæ булы сæ рæ й фæ ткъуы раппар дæ фатæ й. Ноджы ма дын мæ уынаффæ: хорз бахъав. Куыддæ р, æ вæ дза, фæ ткъуы нæ атылди иу æ хстæ н, афтæ, уый зон, æ мæ дæ хи сæ р нал баззайдзæ н дзæ бæ хæ й.

Фыр тæ ссæ й се ’ппæ т дæ р сагъдæ й баззадысты.

Телль. Æ вирхъау фæ нд æ рымысыдтæ, хицау! Мæ сабийы сæ рæ й æ з атулын кæ нон хъуамæ... Уый та куыд уыдзæ н! Нæ, æ вæ ццæ гæ н, дæ дзæ бæ х нæ бамбæ рстон! Мæ рафæ лдисæ г! Дæ зæ рдæ та уый куыд бакомдзæ н, æ мæ фыд ахæ м нывонд æ рхæ сса йæ хи къухæ й?

Геслер. Ныууадз, Телль, уæ лдай ныхас! Æ з дын зæ гъын, дæ фырты сæ рæ й фæ ткъуы куыд æ рæ ппарай, афтæ.

Телль. Ай дын хуыцауы диссаг! Æ мæ мын мæ хъæ булы сæ р хъабахъæ н цæ й фæ дыл æ вæ рыс? Мæ цардæ й ма цы кæ нын æ з уый фæ стæ?

Геслер. Æ хсгæ дын куы зæ гъын! Намæ сæ фут уæ дыууæ дæ р.

Телль. Йæ фыды къухæ й мæ рдтæ м куыд бацæ уа мæ хъæ бул? Зæ нæ г цы ад кæ ны, хицау, уый нæ зоныс — нæ й дын, æ вæ ццæ гæ н, æ мæ уымæ н.

Геслер. Цæ й зондджын æ рбадæ, Телль, æ виппайды. Афтæ мæ й та, мæ хъустыл куыд æ рцыд, уымæ гæ сгæ, ды фылдæ р цæ уыс дæ зæ рдæ йы фæ ндæ й — зондмæ уыйбæ рц хъусаг нæ дæ. Адæ мы æ гъдæ уттæ дæ зæ рдæ мæ нæ хæ ссыс; уарзыс æ нахуыр, чи нæ ма æ рцыди, ахæ м хъуыддæ гтæ æ мæ диссæ гтæ; æ мæ дын, гъе уыдæ ттæ зонгæ йæ, æ з дæ р сарæ зтон дæ химæ гæ сгæ хъуыддаг. Чи зоны, æ мæ æ ндæ р исчи фæ стæ мæ фæ хæ цыдаид йæ хиуыл, фæ лæ Телль хъуамæ йæ цæ ст дæ р ма фæ ныкъула, афтæ мæ й сразы уа алцыппæ тыл дæ р.

Бертæ. Æ гъгъæ д у, бæ стыхицау, хъазынæ н! Нæ сæ м кæ сыс, ризæ г сыл куыд бахæ цыд, сæ хуыз куыд афæ лывтой; уыйбæ рц дын нæ ма фæ цахуыр сты дæ хъазæ н ныхæ стыл.

Геслер. Æ мæ дын чи загъта, хъазгæ кæ нын, уый? (Бæ ласæ й фæ ткъуы æ ртыдта.) Ай уын фæ ткъуы. Фæ йнæ рдæ м айсут уæ хи! Куыд æ мбæ лы, санчъехтæ афтæ банымайут... Цыппарыссæ дзæ м санчъех арæ н фæ уæ д: нæ дæ р — къаддæ р, нæ дæ р — фылдæ р, кæ й уын загътон, уымæ й. Йæ хицæ й мын æ ппæ лыди, сæ дæ къахдзæ фмæ, дам, мысан нæ ивгъуыйын. Ныр дæ лæ джы сæ р бахъуыди, фатæ хсæ г: хъахъхъæ н, ивгъуыйгæ ма фæ кæ н.

Рудольф. Ме скæ нæ г хуыцау! Ай æ цæ г куы сфæ нд кодта, хъазынхъус куы нæ у... Саби, тагъддæ р бæ стыхицауы раз дæ зонгуытыл æ рлæ уу æ мæ дзы ракур, цæ мæ й дын ныббара.

Вальтер Фиурст (сабырæ й Мельхталæ н, фыр мæ стæ й ма йæ хиуыл хæ цын чысыл чи фæ разы). Фæ сабыр у, мæ хæ лар, дæ хи фæ уром!

Бертæ (Геслерæ н). Æ гъгъæ д у, хицау, кæ рон ын скæ нын хъæ уы! Стыр фыдми у ныййарæ джы зæ рдæ йæ афтæ хъазын. Кæ д æ мæ æ цæ гæ й дæ р уыцы чысыл зылыны тыххæ й æ мбæ лди ууыл амæ лын, уæ д æ й æ рдæ бонсарæ й йæ фаг фæ ци зындзинадæ й — йæ уд тæ быны халæ й нарæ гдæ р фестад. Ауадз æ й йæ хæ дзармæ: ныр ын базонын кодтай дæ хи — ацы хъуыддаг дын уый нæ, фæ лæ ма дын æ й йæ тъымы-тъыма дæ р нал байрох кæ ндзысты.

Геслер. Фæ йнæ рдæ м! Тагъддæ р уын куы зæ гъын! Дæ фæ стиат ма цæ мæ н у? Дæ зылын дæ хицæ н нæ зоныс? Мæ нæ й æ ндæ р дæ у æ гасæ й нал ауагътаид, фæ лæ дын æ з, мæ зæ рдæ йы хæ лардзинадæ й, дæ адзал дæ ттын, мæ нг дын чи нæ кæ ны, гъе уыцы къухмæ. Йæ адзал та йæ хи къухмæ кæ мæ н радтон, уый бон хъуамæ мауал уа мæ н азымы дарын, хæ рам кæ нын. Дæ рæ стдзæ фæ й кæ м æ ппæ лыдтæ, уым мын æ й ныр хъуамæ равдисай. Раст зæ гъын хъæ уы, нысайнаг дæ р бæ рзонд у, йæ лæ вар дæ р — стыр. Мысаны зиллакк ныццæ вын уыйбæ рц стыр хъуыддаг нæ у, бирæ тæ н дæ р бантысдзæ н. Фæ лæ æ цæ г фатæ хсæ г уый разындзæ н, иу хатт дæ р йæ зæ рдæ кæ мæ н нæ фехсайдта йæ химæ, цæ ст æ мæ къух кæ й коммæ кæ сынц æ дзухдæ р.

Вальтер Фиурст (æ рхауди хицауы размæ йæ зонгуытыл æ мæ). Хицау! Стыр кад кæ нæ м мах дæ бæ рзонд номæ н, фæ лæ нын дæ зæ рдæ йы хорзæ х равдис. Мæ исæ н дын зæ рдиагæ й балæ вар кæ ндзынæ н йе ’мбис, намæ æ гасæ й дæ р фæ уæ д дæ фæ хъхъау, æ рмæ ст нын фервæ зын кæ н лæ ппуйы фыды!

Вальтер Телль. Дада, сыст уæ лæ мæ: ахæ м фыдадæ ймаджы раз зоныгыл ма лæ уу уый аккаг нæ у. Кæ м æ рлæ ууон, зæ гъут мын? Æ з нæ тæ рсын; мæ фыд тæ хгæ -тæ хын маргъ нæ ивгъуыйы, фат нæ ныссадздзæ н уый йæ фырты зæ рдæ йы.

Штауффахер. Дæ зæ рдæ ныккæ рзæ д уæ д та сабийы æ нахъомдзинадæ й!

Рессельман. Рох дæ ма уæ д, хуыцау кæ й ис уæ лæ рвты мидæ г, уый дæ дзуапп агурдзæ н дæ хъуыддæ гты тыххæ й.

Геслер (амоны лæ ппумæ æ мæ). Сбæ ттут æ й уæ ртæ уыцы сусхъæ д бæ ласмæ!

Вальтер Телль. Цы? Бæ ттын мæ кæ ны? Уый нæ уыдзæ н! Уæ рыккæ й бирæ сабырдæ р лæ удзынæ н: змæ лгæ нæ, фæ лæ улæ фгæ дæ р не скæ ндзынæ н. Фæ лæ мæ куыддæ р бабæ ттат, афтæ мæ хъæ р араудзæ н нæ хæ хтæ, дæ ндагæ й хæ рдзынæ н мæ бæ ттæ нтæ.

Рудольф Гаррас. Лæ ппу, цæ й æ мæ дын уæ д та дæ цæ стытæ бабæ ттæ м.

Вальтер Телль. Уæ д цæ мæ н? Дæ уæ й афтæ, мæ фыд цы фат суадза, æ з уымæ й фæ тæ рсон! Æ нхъæ лмæ йæ м кæ сын! Мæ цæ ст дæ р нæ фæ ныкъулдзынæ н. Фæ стиат мауал кæ н, мæ фыд! Уый дын дæ рæ стдзæ фыл не ’ууæ нды, фæ лæ йын æ й равдис. Нæ дыууæ йы сæ фтмæ дæ р бæ ллы æ нæ хуыцауыхай, фæ лæ йын фыддæ радæ н ми бакæ н: раст фехс æ мæ фæ ткъуы акъуыр. (Сусхъæ д бæ ласмæ фæ цæ уы. Фæ ткъуы йын æ вæ рынц йæ сæ рыл.)

Мельхталь (хъæ ууон адæ ммæ). Гъау, æ мæ уый та куыд! Куыд баззайдзыстæ м кæ сгæ йæ ай хуызæ н æ нæ гъдау хъуыддагмæ? Уæ д ма ард та цы хордтам!

Штауффахер. Уæ дæ цы бакæ нинаг стæ м, нæ бон циу? Хæ цæ нгарзæ й нæ æ гæ рмæ гуыр лæ дзæ г дæ р никæ мæ ис. Фæ лæ ма уæ ртæ уырдæ м бакæ с: саухъæ ды хуызæ н сæ арцытæ.

Мельхталь. Гъæ й-джиди, æ мæ уайтагъд куы райдыдтаиккам хъуыддаг кæ нын! «Æ мгъуыдмæ йæ ныууадзæ м» чи загъта, уымæ н йæ хуыцау хуыздæ р фæ уæ д!

Геслер (Телльмæ). Байдай! Хæ цæ нгарз хъазæ н дзаума нæ у! Æ дзух фатимæ хæ тын фыдбылызмæ дæ р асайы: хаттæ й-хатт фатæ хсæ гæ н йæ адзал фатæ й æ рцæ уы. Хъæ убæ сты адæ м сæ хи афтæ сæ рибар кæ й дарынц, уый бæ стыхицæ утты хистæ рæ н у уайдзæ фаг: гæ рзтæ дарыны бар хъуамæ уымæ н уа æ рмæ ст, йæ хæ дæ г хицауад чи кæ на. Æ рдын хæ ссын дын уыйбæ рц адджын кæ м фæ ци, уым дын æ з та мысан сарæ зтон.

Телль (æ рдынбос æ лвасы хъæ ддыхдæ р æ мæ дзы æ вæ ры фат). Фæ йнæ рдæ м алæ уут! Бынат раттут!

Штауффахер. Телль!.. Фæ лæ уу!.. Ма-ма байдай!.. Æ нцад нæ ма у дæ зæ рдæ, ризы дæ къух, дæ уæ рджытæ ризынц дæ быны...

Телль (æ рдын æ руадзгæ йæ). Мæ цæ стытæ й нал уынын!

Устытæ. Стыр Хуыцау, табу дын, табу дын!

Телль (бæ стыхицаумæ). Ма мæ фехсын кæ н. Мæ нæ дын уый мæ риу; цæ вæ нт æ й дæ хотыхджынтæ, аннæ рдæ м дзы куыд азыной æ рцытæ.

Геслер. Дæ мардмæ дын нæ бæ ллын, — фæ нды мæ, фатæ й куыд арæ хсыс, уый мæ хи цæ стæ й фенын. Дæ хи куы æ руагътай, афтæ мæ й та хуыскъыссад кардæ й уæ лдай куы нæ дæ алцæ мæ дæ р. Æ рдынæ й куыд арæ хсыс, афтæ рæ вдз дæ бæ лæ гъаразæ нæ й дæ р; искæ й фервæ зын кæ нын дæ куы бафæ нды, уæ д куы нæ фæ тæ рсыс цыфæ нды фыдбонæ й дæ р. Сæ р дæ бахъуыди, æ ппæ ты ирвæ зынгæ нæ г, — фервæ зын кæ н ныр дæ хи!

Телль лæ ууы, мæ стæ й æ хсиды; ризынц йæ къухтæ; зæ рдæ састæ й кæ сы куы бæ стыхицаумæ, куы та арвмæ.

Æ васт фатдонæ й фат фелвæ ста æ мæ йæ аивæ й авæ рдта йæ роны. Геслер ын кæ сы йæ алы фæ зылдмæ дæ р.

Вальтер Телль (сусхъæ д бæ ласы бынæ й). Баба, æ хсгæ! Мæ нæ н ма тæ рс!

Телль. Æ хсын. (Æ рсабыр йæ зæ рдæ æ мæ æ рдынбос æ лвасы.)

Руденц (йæ маст тыхтæ й-амæ лттæ й уромгæ йæ бацыди Геслермæ). Æ гъгъæ д фæ уæ д, æ гъгъæ д, бæ стыхицау! Æ ппæ тдæ р фæ ткыл! Фæ лваринаг цы уыдтæ, уый дын фæ лвæ рст фæ ци, — дæ къухы бафтыди. Фæ лæ æ гæ ргæ нæ г æ гæ р кæ ны: хъæ ддых æ лвæ ст æ рдынбос æ рдыны сæ тты.

Геслер. Курын дæ, æ мæ куыд банцайай, афтæ! Æ з демæ нæ дзурын.

Руденц. Ды нæ дзурыс, фæ лæ хъуамæ æ з дзурон... Тынг зынаргъ у мæ нæ н паддзахы намыс. Ахæ м митæ й фыдбылыз ракъахдзынæ, маст бауадздзынæ. Æ з та зонын, паддзахы уый кæ й нæ фæ нды, стæ й мæ адæ м æ взæ р хъуыддагæ й куы ницы сарæ зтой, афтæ сын цæ й тыххæ й кæ най? Ахæ м бартæ нæ й дæ умæ.

Геслер. Куыд мæ м уæ ндыс?..

Руденц. Нырмæ иу дзырд дæ р никуы сирвæ зти мæ нæ й; барæ й нæ уынæ г скодтон мæ хи, цæ мæ й ма кæ сон дæ у тыхдзинæ дтæ м, мæ нæ тгæ зæ рдæ йы рис куыд бамынæ г уа, ууыл архайдтон, фæ лæ ныр æ гъгъæ д фæ уæ д: æ з хъæ рæ й дзурын куынæ байдайон, уæ д мæ ард фæ сайдтон мæ паддзах æ мæ мæ фыдыбæ сты раз.

Бертæ (йæ хи сæ астæ умæ байсгæ йæ). Хуыцау дын ма уæ д! Тынгдæ р æ й смæ сты кодтай!

Руденц. Æ з мæ адæ мы байрох кодтон, ныууагътон мæ хæ стæ джыты; мæ хæ лар, ме ’мгæ рттæ й ахицæ н дæ н, цæ мæ й сымахимæ тыхджындæ р сиу уон. Æ нхъæ л уыдтæ н, паддзахы хицауад ам куы сфидар уа, уæ д нын хуыздæ р уыдзæ н, зæ гъгæ. Фæ лæ ныр æ рхауди мæ цæ стыты бæ ттæ н æ мæ федтон æ з, арф къахæ ны был кæ й лæ ууын. Æ ууæ нкæ й мæ баластат уæ химæ æ мæ мыл сайдæ й рацыдыстут... Æ нæ хай фæ цæ йкодтон мæ адæ мæ й.

Геслер. Æ нæ уаг, куыд уæ ндыс дæ хицаумæ дзурын ахæ м æ взаджы хаттæ й?

Руденц. Ды нæ дæ мæ хицау, — мæ хицау мæ нæ н император! Æ мæ дæ кæ д фæ нды, уæ д схæ цæ м рицæ рты хæ стæ й: æ з цæ ттæ дæ н. Стæ й уый зон, æ мæ паддзахы номæ й æ рвыст куы нæ уыдаис а бæ стæ м, стыр аргъ кæ мæ н кæ нын, уыцы паддзахы номæ й, уæ д дæ м ме ’рмкъух, хъæ лæ кк, фехстаин; æ мæ мын уæ д рицæ рау дзуапп раттаис. Ныр дæ р дæ цы фæ нды, уый бакæ н, æ рбасид тагъддæ р дæ салдæ ттæ м... Фæ лæ æ з æ нæ гæ рзтæ нæ дæ н мæ нæ ацы адæ мы хуызæ н! (Дзыллæ мæ амонгæ йæ.) Нæ, мæ нæ н мæ кард мæ фарсыл. Уæ дæ ма мæ м исчи æ рбауæ ндæ д хæ стæ г æ рбацæ уын дæ р...

Штауффахер (схъæ р кодта). Фæ ткъуы атылди!

Адæ м Руденц æ мæ бæ стыхицауы ныхасыл куыд фесты, афтæ Телль йæ фат суагъта.

Рессельман. Ницы уыди лæ ппуйæ н!

Бирæ ты дзурын. Акъуырдта фæ ткъуыйы.

Вальтер Фиурсты æ рхауынмæ бирæ нал хъæ уы æ мæ йыл Бертæ хæ цы.

Геслер (джихæ й аззади). Цы? Фехста? Æ нæ басæ ттон. Хъуамæ æ цæ г?..

Бертæ. Саби æ гасæ й баззади! Телль, дæ зæ рдæ де ’муд æ рцæ уæ д.

Вальтер Телль (æ рбазгъордта æ д фæ ткъуы). Ай дын фæ ткъуы, баба. Æ з дын куы загътон, ды дæ фырты нæ фæ цæ ф кæ ндзынæ, зæ гъгæ.

Телль уыцы тарстæ й лæ угæ йæ баззад, цыма фаты тахтмæ касти, уыйау, фæ лæ йæ м лæ ппу куы æ рбахæ стæ г, уæ д æ рдын аппæ рста, фæ йнæ рдæ м йæ цæ нгтæ фæ хаста, афтæ мæ й азгъордта йæ хъæ булы размæ, ныхъхъæ быс æ й кодта, æ мæ æ руагъта йæ хи йæ уæ рджытыл. Адæ м фегуыппæ г сты, сæ зæ рдæ тæ ныккæ рзыдтой.

Бертæ. Уæ, тæ ригъæ дгæ наг стыр хуыцау!..

Вальтер Фиурст (фыд æ мæ фыртæ н). Мæ сабитæ, мæ сабитæ, мæ сабитæ!

Штауффахер. Табу хуыцауæ н!

Лейтхольд. Афтæ ма фехсгæ уыдзæ н! Æ нусмæ дæ р йæ кой кæ ндзысты.

Рудольф Гаррас. Цалынмæ нæ айнæ г къæ дзæ хтæ фидар лæ ууой нæ хæ хты мидæ г, уалынмæ Теллы таурæ гъ нæ байрох уыдзæ н. (Фæ ткъуы дæ тты бæ стыхицаумæ.)

Геслер. Цæ рдхуынкъ фæ ци фæ ткъуы! Нал ис хуыздæ р фехсæ н!

Рессельман. Хорз æ хст та ма уæ дæ куыд вæ ййы! Фæ лæ сар уый къона, æ хст кæ й руаджы æ рцыди, арвыл фæ лварæ гау чи архайдта.

Штауффахер. Æ рцæ уæ д дæ зæ рдæ йе ’муд, Телль! Дæ бар дæ хи у ныр æ мæ цадæ ггай цæ угæ, дæ хæ дзар бацагур.

Рессельман. Цæ угæ, цæ угæ, сабийы йæ мадмæ бахæ ццæ кæ н.

Геслер. Телль, æ рбайхъус-ма мæ м!

Телль (æ м баздæ хгæ йæ). Цы мын зæ гъдзынæ?

Геслер. Бамбæ хстай мæ иу фат. Æ з æ й федтон. Зæ гъ мын, цæ мæ н æ й бамбæ хстай?

Телль (рохстауæ й). Хицау, ахæ м æ гъдау нæ бæ сты рагæ й ис.

Геслер. Уый мæ нæ н дзуапп нæ у, Телль: дæ зæ рды æ ндæ р фæ нд уыди, æ вæ дза. Ма мын æ й басусæ г кæ н, фæ лæ раст циу, уый зæ гъ æ ргомæ й. Мацæ мæ й тæ рс: цыдæ риддæ р уа — ды æ нæ азымæ й баззайдзынæ. Цæ мæ н ма дæ хъуыд дыккаг фат?

Телль. Кæ д æ мæ мын тас нæ уыдзæ н мæ удæ н, уæ д дын æ цæ гдзинад æ ргомæ й чи зæ гъдзæ н, уый — æ з. (Райста фат йæ ронæ й æ мæ бакаст бæ стыхицаумæ йæ цæ стызулæ й.) Ацы фатæ й дын æ з байхæ лдтаин дæ зæ рдæ, мæ фыртыл æ нæ нхъæ лгæ исты зиан куы æ рцыдаид, уæ д; æ мæ, раст зæ гъын хъæ уы, йæ раны сæ мбæ лдаид мæ фат.

Геслер. Уæ дæ, афтæ, Телль! Тас нæ уыдзæ н дæ удæ н: дзырд кæ м раттон, уым æ й рицæ рау æ ххæ ст бакæ нын дæ р мæ бон бауыдзæ н. Фæ лæ мæ м цы фыд-зæ рдæ йы уаг дарыс, уый базонгæ йæ, æ з нал ауадздзынæ н ныр дæ у, æ мæ дæ бафснайдзынæ н ахæ м ран, хуры рухс кæ м никуы фенай дæ адзалы бонмæ, мæ й дæ м кæ дæ м никуыуал бакæ са. Мæ н мæ сæ ры кой бакæ нын хъæ уы, цæ мæ й æ дас уон дæ фатæ й. Салдæ ттæ, кæ м стут, ардæ м! Сбæ ттут æ й!

Бæ ттынц Телллы.

Штауффахер. Уый та куыд, хицау? Стыр хуыцауы руаджы ирвæ згæ фæ кодта, ды та йæ рæ хыстæ й бæ ттыс!

Геслер. Фендзыстæ м, кæ ддæ ра ма йæ дыккаг хатт исчи фервæ зын кæ нид. Акæ нут æ й тагъд мæ бæ лæ гъмæ: æ з æ й Киуснахтмæ арвитдзынæ н мæ хæ дæ г.

Рессельман. Уый бакæ нын кесæ ры бон дæ р нæ у: нæ чингуыты нын цы бартæ фыст ис, уыдон сæ рты хизы дæ хъуыддаг.

Геслер. Æ мæ кæ м сты уæ дæ? Сфидар сæ кодта кесæ р? Уый сыл йæ къух куы нæ æ рæ вæ рдта. Ахæ м хорздзинад ссардæ уыдзæ н æ рмæ ст уисæ нæ й, коммæ гæ сынæ й, сымах та, ныхмæ чи лæ ууы, уыдон стут змæ нтæ г: загъд æ мæ хъæ лæ ба нæ цух кæ нынц уæ зæ рдæ тæ й. Ме ’нæ зонгæ не стут: уæ зæ рдæ ты æ мбæ хстæ й цы дарут, уый дæ р ма уын æ нæ зонгæ нæ дæ н! Ныр æ й фæ ласын æ з сымахæ й; фæ лæ уый зонут — аххосагæ й Телльмæ цæ йбæ рц ис, уыйбæ рц хайджын дзы стут сымах уе ’ппæ т дæ р. Æ мбаргæ дæ р уæ чи у, уый ахуыр кæ нæ д йе ’взагыл хæ цын, йæ сæ р ныллæ г дарын!

Фæ цæ уы, йæ фæ дыл араст сты Бертæ, Руденц, Гаррас æ мæ æ фсæ ддон адæ м;

Фрисгард æ мæ Лейтхольд баззадысты.

Вальтер Фиурст (зæ рдæ састæ й). Байсæ фтæ н бынтондæ р, йæ маст исгæ йæ, уый сфæ нд кодта æ д бинонтæ мæ н фесафын.

Штауффахер. Цы бакодтай? Тираны дæ къахын нæ хъуыди.

Телль. Æ з цы фыдæ взарæ ны фæ дæ н, уым уæ исчи куы фæ цадаид, уæ д æ мбарид: хиуыл ныххæ цын афтæ æ нцон кæ й нæ уыди мæ раны.

Штауффахер. Бæ стæ байсæ фт! Дæ фæ стæ, Телль, сызмæ лæ н нал уыдзæ н махæ н дæ р: æ фсæ н рæ хыстæ й нæ сбастой иууылдæ р.

Хъæ ууон адæ м (æ рæ мбырд сты Теллыл). Дæ фæ стæ фыдæ нхъæ л фестæ м бынтондæ р!

Лейтхольд (Телльмæ йæ хи баласгæ йæ). Риссы дыл мæ зæ рдæ! Фæ лæ мын ницы гæ нæ н ис: хæ с мын циу, уый кæ нын.

Телль. Хæ рзбонтæ!

Вальтер Телль (зæ рдæ уынгæ гæ й). Мæ фыд, уæ, мæ уарзон фыд!

Телль (арвмæ амонгæ йæ). Уæ лæ уыцы ран дæ фыд! Уымæ -иу кув, мæ хæ лар!

Штауффахер. Цы фæ дзæ хсыс де ’фсинмæ, Вильгельм?

Телль (зæ рдиаг хьæ быстæ кæ ны йæ фыртæ н). Саби баззад æ гасæ й, æ з та æ нхъæ лмæ кæ сын хуыцаумæ. (Æ васт сæ йæ хи айста æ мæ фæ цæ уы, йæ алыварс салдæ ттæ й хъахъхъæ нджытæ.)


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.037 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал