Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






AElig;ртыккаг æвдыст. Къæдзæхджын фæндаг Киуснахтмæ.






Къæ дзæ хджын фæ ндаг Киуснахтмæ.

Æ фтынц æ м хæ хты астæ уæ й лæ згъæ ртæ, æ мæ бæ лццон цалынмæ авансценæ мæ æ рхиза, уалынмæ фæ зыны бæ рзæ ндтæ й. Сценæ йы алыварс — къæ дзæ хтæ: уыдонæ й размæ рацыди иу къутæ рджын хох.

Телль (æ рбацыди æ д фат æ мæ æ рдын). Мæ нæ ауылты у йæ фæ ндаг: Киуснахтмæ нæ й æ ндæ р фæ ндаг. Ацы ран сæ ххæ ст кæ ндзынæ н, æ нæ нхъæ лгæ мæ размæ цы хъуыддаг æ рзылд, уый. Ацы ран, къудзиты аууонæ й мæ фатæ й нал фæ цæ удзæ н; мæ хицæ н дзы ницы тас у: къæ дзæ хты æ хсæ нты фæ дисæ й аирвæ здзынæ н. Тагъддæ р, бæ стыхицау, дæ хи æ назым скæ н зæ хх æ мæ арвæ й! Дæ фæ стаг сахат æ рхæ ццæ — дæ адзал æ рцыди! Нырмæ æ з цардтæ н мæ хицæ н æ нцад, æ нæ сагъæ сæ й: мæ фат-иу æ з баздæ хтон æ рмæ ст сырдтæ м; искæ й марынмæ разы баддзынæ н, уый мæ хъуыдыйы дæ р никуы уыди, фæ лæ мæ ды мæ къонайæ хæ тæ гхуаг фæ кодтай, мæ зæ рдæ йы мын марг бауагътай, калмы марг; сахуыр мæ кодтай æ взæ р кæ ныныл: йæ хи хъæ булы сæ рыл фат чи суагъта, уый ма знаджы риу куыд февгъуыйдзæ н, куыд ма йыл бацауæ рддзæ н! Мæ сывæ ллæ ттæ, ме ’нхъæ лцау сабитæ, сæ ныййарæ г мад, — уыдон æ з дæ фыдæ хардæ й хъуамæ баиргъæ вон. Ме ’рдынбос хъæ ддыхдæ р куы æ лвæ стон мæ ризгæ къухæ й, мæ зæ рдæ низыл мын дæ хи худæ гæ й куы хастай, мæ хи фатæ й мын мæ фырты сæ р куы æ хсын кодтай, мæ табуафситæ мын куы ницæ мæ æ рдардтай, æ нæ гъдау фыдгæ нæ г, раст гъе уыцы сахат ард схъардтон æ з мæ хицæ н, æ буалгъ ард, — хъусгæ мæ м кодта æ рмæ ст арв, мæ дыккаг æ хстæ н дæ риу кæ й скæ ндзынæ н æ з мæ фыццаг мысан. Уыцы уынгæ г сахат, катайтæ гæ нгæ йæ, цы ард схъарын бафæ рæ зтон, уый мын у стыр хæ с: ахæ м хæ сæ н нæ й æ нæ ххæ ст! Бардарæ г ды дæ, паддзахы бæ сты æ вæ рд лæ г, фæ лæ дæ уæ н цы батардта дæ зæ рдæ, уый паддзах дæ р нæ бакодтаид. Æ рбарвыста дæ ардæ м дзыллæ йæ н фидауцы хосæ н, цæ мæ й сын аразай карз, фæ лæ раст тæ рхон, ды та мын сбадтæ сæ туг нуазгæ. Фæ лæ дæ рох ма уæ д — мæ гуырты сæ рылхæ цæ г, сæ мастисæ г хуыцау кæ й у. Дæ сæ р мæ бахъуыди гъе ныр, гъе, мæ фыдбылызаразæ г; дæ умæ у ныр ме скаст: дæ уæ й хуыздæ р хæ зна мын нал ис, нал, ацы сахат. Мысан дын арæ зтæ й лæ ууы: уый нæ æ ндæ втой мæ лæ гъстæ тæ, нæ йæ м бахъардтой мæ табуафситæ, фæ лæ дæ у бауромын йæ бон нал бауыдзæ н уымæ н, æ вæ ццæ гæ н. Уæ, ме стыр ныфс, уæ, ме ’нхъæ лцау æ рдын! Ды мын æ мбалы ад лæ вæ рдтай хъæ лдзæ г рæ стæ джы, базыртæ -иу базад дæ у руаджы мæ фатыл; ай хуызæ н тæ ссаг рæ стæ джы мæ фыдæ нхъæ л ма фæ кæ н! Сайдæ й мыл ма рацу, и, ме ’рдын, ацы сахат дæ р ма! Ма фæ мæ нг у: мæ фæ стаг фат у ацы фат.

Бæ лццæ ттæ фæ цæ уынц сценæ йы.

Дурыл æ рбадон ацы ран, — фæ ллад бæ лццæ ттæ н æ й сарæ зтой. Уыдонæ й алчидæ р, ам цæ угæ йæ, йæ хи хъуыдытыл у, дард сты сæ кæ рæ дзимæ; иу дзы аннæ йы сагъæ с нæ кæ ны. А фæ ндагыл фендзынæ: хæ дзардзин сæ удæ джеры, дингæ нæ г адæ ймаджы æ д хызын, хуыцауæ н кусæ г моладзаны, фендзынæ дзы тæ ппуд хуыснæ джы, хъæ лдзæ г зарæ ггæ нæ джы, чъырласæ джы æ д бæ х, æ д уæ ргътæ дардбæ стаг базайрæ гтимæ. Сæ хъуыддæ гты фæ дыл цæ уынц уыдон ауылты, мæ н та лæ гмарынмæ æ рбахаста ардæ м мæ маст! (Æ рбадти.) Мæ уарзон сабитæ! Куыд цингæ нгæ -иу згъордтат уæ фыды размæ, æ з уæ м-иу фæ стæ мæ куы æ рыздæ хтæ н уæ д; æ дзух уын-иу хаста: кæ нæ дидинджыты баст Альпы хæ хтæ й, кæ нæ æ нахуыр маргъ... Фæ лæ къæ дзæ хтыл хицæ н сырд агуры уый ацы сахат: рындзыл, комы бады, æ нхъæ лмæ кæ сы йе знагмæ, цæ мæ й йын бахуыссын кæ на йæ зынг. Фæ лæ уæ ддæ р йæ сагъæ сы сæ р сымах стут, сымах, мæ уарзон хъæ бултæ!.. Фыдгæ нæ г бæ стыхицау уыл йæ пырх цæ мæ й нæ акала, æ рмæ ст уый тыххæ й фатдонæ й систа йæ фат. (Сыстад.) Сæ рджын саджы размæ бадын æ з рындзыл. Иуæ й-иу цуанон зымæ джы хъызты бон-изæ рмæ, æ нæ фæ лмæ цгæ йæ, ратæ х-батæ х кæ ны кæ м къуыппытыл, кæ м дзыхъхъыты; комæ й коммæ, къæ дзæ хæ й хохмæ фæ уайы дугъы, йæ къæ хтæ н сæ туджы пырхæ нтæ фæ кæ лынц, бæ рзæ ндтæ й куыд нæ рахауа, æ мæ амары æ рмæ стдæ р ницæ йаг сæ гуыт. Мæ сырды хай у мæ нæ н ацы хатт мæ фыдты фыдызнаг, мæ байсафыныл чи куыста.

Дардæ й хъуысы хъæ лдзæ г музыкæ, стæ й æ рбахæ стæ г кæ ны.

Мæ цæ ргæ -цæ рæ нбонты никуы фæ цух хотых мæ къухæ й, ме ’взонджы рæ стæ г мæ хи фæ лтæ рдтон фат æ мæ æ рдынæ й; иу мысан, иу хъабахъ никуы февгъуыдтон, мæ рæ стдзæ фы руаджы мæ никуы аирвæ зтысты, мысан цæ вæ ггаг цы хæ рзаив дзауматæ æ вæ рд вæ ййынц, уыдон; фæ лæ æ хстау æ хст фæ кæ ндзынæ н æ з мæ фат ацы бон æ мæ мын мæ бæ стæ йы стыр цыт скæ ндзæ н.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.008 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал