Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Дыккаг æвдыст






Теллы цæ рæ ндон.

Къонайыл судзы арт. Гом дуарæ й дард хæ хтæ цæ ст ахсы. Гедвигæ, Вальтер æ мæ Вильгельм.

Гедвигæ. Зындзæ н мæ м уæ фыд абон. Хуыцауæ й бузныг, мæ хъæ бултæ, сæ рæ гасæ й нын кæ й баззад: йæ хæ дæ г дæ р, мах дæ р — не ’ппæ т дæ р уый руаджы ныр стæ м сæ рибар; зонут, уæ фыд фервæ зын кодта йæ райгуырæ н бæ стæ!

Вальтер. Нана, æ мæ уыцы сахат æ з дæ р уым куы уыдтæ н, мæ н дæ р дзы рохуаты уадзын нæ хъæ уы. Мæ фыды фат мæ сæ ры æ мбуар мæ нæ н куы атахти, змæ лгæ дæ р нæ фæ кодтон уæ ддæ р.

Гедвигæ (йын хъæ быстæ кæ ны). О, о, нанайы хур, ногæ й та мах бадæ! Дыууæ хатты дæ аргæ ныккодтон, дыууæ хатты стыр маст бавзæ рстон дæ у руаджы! Фæ лæ нæ м ныр мастæ й ницыуал ис: мæ хи та баистут, мæ хи, дыууæ йæ дæ р. Æ мæ нæ м абон æ рцæ удзæ н уæ уарзон фыд!

Бери æ рбазынди дуарæ й.

Вильгельм. Нана, дæ лæ нæ м бери æ рбацыди: исты нæ курдзæ н, æ вæ ццæ гæ н.

Гедвигæ. Мидæ мæ йæ æ рбахон æ мæ йын ратт хæ ринаг, уадз æ мæ фæ рныг хæ дзары кæ й сæ мбæ лди, уый бамбара. (Бауади мидæ мæ æ мæ æ д къус уайтагъд фездæ хт.)

Вильгельм (беримæ). Еблагъуæ [3], нæ фыд! Исты нæ м бануаз.

Вальтер. Мидæ мæ, мидæ мæ — дæ фæ ллад нæ м суадз.

Бери (ракæ с-бакæ с кæ ны тæ рсгæ йæ). Кæ м дæ н, кæ м? Кæ й зæ ххыл дæ н, уый-ма мын зæ гъут.

Вальтер. Кæ д æ мæ уый нæ зоныс, уæ д фæ рæ дыдтæ. Ды дæ Биурглены, Уры кантоны. Ардыгæ й ис фæ ндаг Шехены коммæ.

Бери (Гедвигæ мæ). Иунæ г дæ? Дæ лæ г уæ химæ нæ й?

Гедвигæ. Æ нхъæ лмæ йæ м кæ сæ м. Нæ фыд, цы кæ ныс, цы? Куыддæ р дын тæ рсын дæ цæ стæ нгасмæ гæ сгæ. Фæ лæ уал уый фæ уадзæ м æ мæ басæ тт дæ дойны: фæ ллад дæ. (Къус æ м дæ тты.)

Бери. Кæ д æ мæ дойныйæ тынг тыхсы мæ риу, уæ ддæ р мæ къух бакæ нинаг ницæ мæ дæ н æ з ацы ран, цалынмæ мын уæ хуыдтæ г зæ рдæ бавæ рат, уæ дмæ.

Гедвигæ. Ма мæ м цу хæ стæ г, дæ бынаты лæ уу, кæ д мын исты зæ гъинаг дæ, уæ д!

Бери. Мæ нæ ацы арт, уыцы сыгъд чи кæ ны уазæ гуарзон сыгъдæ й, стæ й бирæ цы сывæ ллæ тты уарзыс, уыдон хатыр бакæ н... (Хъæ быс кæ нынмæ хъавы сывæ ллæ тты.)

Гедвигæ Хъæ угæ дæ цы кæ ны? Ма мын бавнал мæ сабитæ м. Бери нæ дæ! Бæ рæ г у! Уыцы дарæ с у фæ лмаст зæ рдæ йы нысан, фæ лæ дæ умæ базонгæ зæ рдæ йы уагæ й æ ппын ницы иртасын.

Бери. Уæ, хуыцау! Мæ нæ й æ намонддæ р ма уыдзæ н æ гас дунейыл дæ р?

Гедвигæ. Æ намонд адæ ймагæ н зæ рдæ тæ ригъæ д кæ ны, æ з та стыр тасы бацыдтæ н дæ уындæ й!

Вальтер (фæ гæ пп кодта). Нана, баба нын куы ’рцæ уы! (Фезгъоры.)

Гедвигæ. Стыр хуыцау, мæ уд дын нывонд фæ уæ д!

(Хъавы цæ уынмæ, нал тасынц йæ уæ рджытæ æ мæ лæ угæ йæ баззад иу ран.)

Вильгельм (згъоргæ -згъорын). Баба!

Вальтер (сценæ йы фæ стæ). Баба, уæ, баба!

Телль (сценæ йы фæ стæ). О, æ з мæ нæ дæ н, фæ лæ уæ мад кæ м ис? (Æ рбацæ уы.)

Вальтер. Уæ ртæ дуары раз — йæ бынатæ й фезмæ лын йæ бон нал у; гæ ды бæ ласы рызт кæ ны фыр цинæ й æ мæ фыр тæ ссæ й.

Телль. Уæ, мæ сабиты мад Гедвигæ! Хуыцауы æ ххуыс ныл сæ мбæ лди; нал нæ фæ хицæ н кæ ндзæ н ныр нæ тиран.

Гедвигæ (баппæ рста йæ хи Теллы хъæ бысмæ). Телль, æ з дæ мæ стæ й цы бавзæ рстон, уый куы зонис! (Бери сæ м хъусы.)

Телль. Байрох кæ н дæ маст, дæ сагъæ с, зæ рдæ рухсæ й æ рвит дæ цард. Æ з дæ р та дын мæ нæ дæ н — мæ уарзон бинонты ’хсæ н, мæ мæ гуыр хæ дзары, мæ райгуырæ н къонайыл!

Вильгельм. Æ мæ де ’рдын та цы фæ ци? Дæ химæ дын æ й куынæ уал уынын.

Телль. Æ мæ йæ уынгæ дæ р нал фæ кæ ндзынæ н; бафснайдтон æ й сыгъдæ г ран: сырд дзы нал амардзынæ н цуаны.

Гедвигæ. Уæ, мæ цæ стырухс, уæ, мæ уарзон Телль! (Суæ гъд ын кодта йæ къух æ мæ фæ стæ мæ йæ хи фæ ласы.)

Телль. Цæ мæ й тæ рсыс, цæ?

Гедвигæ. Уæ д ма мын радзур, цы хуызæ нтæ й мæ м æ рбаздæ хтæ, цы, ардæ м? Æ нæ æ мбал иунæ г хуыцау! Æ мæ дæ къух райсын та мæ зæ рдæ куыд бакомдзæ н? Уыцы къух...

Телль (æ дæ рсгæ, стæ й хи дæ лæ мæ нæ уадзгæ йæ). Нæ бæ стæ йы фервæ зын кодта уыцы къух. Æ дæ рсгæ сисдзынæ н æ з уый арвы ’рдæ м дæ р. (Бери æ васт фезмæ лыди. Телль сæ ауыдта.)

Гедвигæ. Уæ уу-уа! Мæ рдырох мыл куыд бахæ цыд! Дæ хæ дæ г баныхас кæ æ фсымæ римæ: æ з дзы тæ рсгæ кæ нын.

Бери (æ рбацæ уы хæ стæ гдæ р). Ды Телль нæ дæ, Геслеры марæ г?

Телль. Бæ гуыдæ р дæ н, стæ й Телль кæ й дæ н, уый æ мбæ хсинаг дæ р никæ мæ й дæ н.

Бери. Телль дæ! Уæ дæ хуыцауы фæ ндæ й æ з сæ мбæ лдтæ н дæ хæ дзары.

Телль (æ м æ дзынæ г кæ сы). Бери кæ й нæ дæ, уый бæ лвырд у, фæ лæ чи дæ?

Бери. Дæ къухæ й мæ рдтæ м бацыди бæ стыхицау, дæ фыдызнаг, æ з æ мæ дæ у фыдызнаг дæ р чи уыд, уый. Ныр дзы æ гас бæ стæ фервæ зтысты!

Телль (дзы йæ хи айсгæ йæ). Æ мæ уæ дæ уый ды дæ? Сар куыд фæ ци мæ къона! Сабитæ, тагъд ардыгæ й! Усай, ды дæ р айс дæ хи! Цæ й æ намонд бон равзæ рдтæ, цæ!

Гедвигæ. Æ мæ уагæ р чи у, чи?

Телль. Банцай, ма мæ фæ рс! Сабитæ йæ цæ мæ й нæ фехъусой, афтæ. Тагъддæ р цæ угæ ардыгæ й — дарддæ р, дарддæ р! Иу цары бын нæ фидауы сымахæ н иумæ лæ ууын.

Гедвигæ. Ай та дын хуыцауы æ мбисонд! Цомут, цомут, мæ хъæ бултæ! (Фæ цæ уы йæ лæ ппутимæ.)

Телль (беримæ). Ды дæ Иоганн-герцог. Дæ къухæ й мард фæ ци, хуыцау нын кæ й радта, уыцы паддзах, стæ й ма кæ д уыди дæ фыдæ н йе ’фсымæ р!

Иоганн Паррицида. Уый мын байста тыхæ й мæ фыды бынтæ.

Телль. Ды амардтай дæ фыды æ фсымæ ры æ мæ нæ хицауы, фæ лæ зæ хх змæ лын нæ ма байдыдта дæ быны, марæ гмæ ма уæ ддæ р кæ сы хуры тын.

Паррицида. Телль, хъусгæ мæ м бакæ н!

Телль. Ды йæ фыды æ мæ йæ паддзахы туджы йæ хи чи сæ вдылдта, уый куы дæ, уæ д цы ныфсæ й æ рбацыдтæ мæ хæ дзармæ? Раст адæ мы раз æ рбалæ ууын куыд бахъæ цыд дæ цæ сгом? Стæ й ма уыимæ кæ д агурыс фысым дæ хицæ н!

Паррицида. Мæ зæ рдæ дардтон, тæ ригъæ д мын фæ кæ ндзысты ацы ран, зæ гъгæ, æ з дæ р мæ хæ с райстон, æ з, ды йæ куыд райстай, афтæ. Йæ мад кæ мæ н амæ ла, мады мард уымæ н фæ дзурынц.

Телль. Куыд æ намонд фæ дæ, куы! Паддзахы худмæ тындзгæ йæ, туг акалын иу хъуыддаг у, фыд йæ хъæ бултæ м цы зæ рдæ йы уаг дары, уый та æ ндæ р хъуыддаг у: уыдонæ н иу ран æ рæ вæ рæ н нæ й. Дæ уарзон хъæ булты сæ рыл нæ хæ цыдтæ, мыййаг, дæ хæ дзары фарн мын нæ хъахъхъæ дтай, дæ бинонты мын искæ й фыдæ фхæ рдæ й куы нæ ирвæ зын кодтай! Мæ нæ н мæ зæ рдæ не ’хсайы мæ химæ — сыгъдæ г дæ н: уæ лæ уыцы арвмæ мæ къух сисын æ дæ рсгæ бауыдзæ н мæ нæ н мæ бон. Ме ’нæ уынон фæ у дæ хæ дæ г дæ р æ мæ дæ хъуыддаг дæ р! Мæ ныл хуыцау цы хæ с сæ вæ рдта, уый æ ххæ ст кодтон, ды та, цы нæ æ мбæ лди, уый бафæ рæ зтай. Махæ н нæ дыууæ йы астæ у уаринагæ й ницы ис: кæ д æ мæ марæ г исчи у, уæ д уый ды дæ; æ з нæ мæ нг дунейыл, иу адæ ймагæ н зынаргъдæ р цы уыдзæ н, уый сæ рыл бакодтон мæ хъуыддаг.

Паррицида. Зæ рдæ мын ницæ мæ й бавæ рдтай ды бынтондæ р; æ лгъыстагæ н баззайдзæ н мæ сæ р, зындоны бафтыди мæ уд.

Телль, Уæ нгæ л мын фестади дæ ныхас! Ласгæ дæ хи ардыгæ й! Цæ угæ де ’лгъыстаг фæ ндагыл. Раст адæ мы хæ дзæ рттæ ма ахор дæ тæ ригъæ дæ й.

Паррицида (айсынмæ хьавы йæ хи). Уæ дæ фæ уæ д афтæ; мæ цардæ й мæ мард — хуыздæ р.

Телль. Фæ лæ дыл мæ зæ рдæ риссы, тæ ригъæ д дын кæ нын. Кадджын иунæ г хуыцау! Æ рыгон лæ ппу у, разагъды мыггагæ й, паддзах Рудольфы байзæ ддаг æ мæ ныр ацы ран, куыд марæ г, куыд тард, мæ гуыры дуармæ æ нкъардæ й лæ ууы. (Йæ цæ сгомыл йæ къухтæ й ныххæ цыд).

Паррицида. Кæ д ма дын зæ рдæ ис, уæ д мын батæ ригъæ д кæ н, Телль! Амæ й фыддæ р та ма мын цы фендæ уа! Æ лдар дæ н æ з æ мæ уыдтæ н æ лдар, амонд мын схъарын дæ р нæ хъуыди, мæ фæ ндæ ттыл фæ стæ мæ хæ цын куы бафæ рæ зтаин, уæ д. Фæ лæ мын хæ лæ гдзинад арт бандзæ рста мæ зæ рдæ йыл. Æ мгæ рттæ уыдыстæ м Леопольдимæ, мæ цæ сты раз уый кад æ мæ радимæ хъæ лдзæ гæ й æ рвыста йæ уалдзæ джы бонтæ; мæ нæ н та, ды нырма саби дæ, зæ гъгæ, æ фсæ нттæ кодтой.

Телль. Раст зæ гъын хъæ уы, æ взæ р дæ нæ зыдта дæ фыды æ фсымæ р: исбон æ мæ дын вассалтæ кæ й нæ лæ вæ рдта, уымæ й бæ рæ г у! Зондджын ми кæ й кодта, уый равдыстай ныр дæ хæ дæ г де ’вирхъау хъуыддагæ й. Æ мæ уæ д де ’мбæ лттæ та цы фесты?

Паррицида. Тугисынгæ нæ г дауджытæ сæ кæ дæ м фæ хастой, чи зоны! Æ з сæ уæ дæ й ардæ м нал уынын.

Телль. Æ мæ уæ д нæ ма зоныс, абырæ гыл дæ кæ й банымадтой, дæ хæ ларæ н дæ р сдзурæ н кæ й нæ ис дæ сæ рыл, де знаг та дын цыдæ риддæ р бакæ на, уæ ддæ р æ й æ гъдау зылын кæ й нæ бакæ ндзæ н?

Паррицида. Стыр фæ ндæ гтыл уымæ н нæ цæ уын, искæ й дуар бахойынæ й мæ ныфс куыд нæ й, уый тыххæ й æ дзæ рæ г раныл акæ нын мæ фæ ндаг. Рахæ т-бахæ т кæ нын хæ хты, адæ м мæ тæ рсынц уыцы ран; донмæ куы фенын мæ цæ сгом, уæ д дзы тæ ссæ й айсын мæ хи. Телль, кæ д ма дæ зæ рдæ истæ й тыххæ й фæ тасы... (Зонгуытыл æ рхауди йæ разы.)

Телль (йæ хи аздахгæ йæ). Уæ лæ мæ, æ намонд!

Паррицида. Нæ, не стын, æ ххуысæ й мын зæ рдæ куы нæ бавæ рай, уæ д.

Телль. Йæ бон æ ххуыс кæ нын кæ мæ н у, æ з уыдонæ й нæ дæ н, æ з мæ нкъæ й[4] адæ ймаг дæ н. Фæ лæ уæ лæ мæ, — кæ д æ мæ цыфæ нды æ вирхъау хъуыддаг бакодтай, уæ ддæ р адæ ймаг дæ, æ мæ æ з дæ р ницы дæ н дæ уæ й уæ лдай: лæ г дæ н æ з дæ р. Æ з хъæ стагæ й никуыма никæ й ауагътон. Ме ’ххуысы хай дын бакæ ндзынæ н, мæ фадатмæ гæ сгæ.

Паррицида (фестади, цырдгомау ын æ рцахста йæ къух). Зынудисæ нæ й мæ фервæ зын кодтай, Телль!

Телль. Ныууадз мæ! Дæ хи дæ айсын хъæ уы ардыгæ й. Фидар бынат дын нæ у ацы ран, дæ фæ дагурджытæ й дзы æ дас нæ дæ. Æ мæ уæ ддæ р кæ м ссарынмæ хъавыс æ нцойад?

Паррицида. Телль, уый мæ хæ дæ г дæ р нæ зонын!

Телль. Æ рбайхъус уæ дæ, хуыцау мын мæ зæ рды цы æ рбафтыдта, уымæ: цæ угæ Италимæ, Бетърейы сыгъдæ г сахармæ, дæ зоныгыл æ рхау папайы раз, æ мæ фæ смондзинадæ й ссыгъдæ г кæ н дæ тæ ригъæ дджын уд.

Паррицида. Куы мæ радта ме знаджы къухмæ!

Телль. Цы уа, уый уæ д, — бæ рзонды уазæ г бакæ н дæ хи.

Паррицида. Æ мæ æ нæ зонгæ бæ стæ м та уæ д цы амалæ й фæ цæ удзынæ н? Фæ ндæ гтæ нæ зонын, бæ лццæ ттимæ та мæ ныфс нæ хæ ссын.

Телль. Ме ’вджид дын фæ уæ д — фæ ндагыл дæ æ з сараздзынæ н. Дæ зæ рдыл дар: Ройсы былтыл тагъд цу уæ лæ мæ; йæ змур сугтæ уый скъæ фы нæ хæ хтæ й.

Паррицида (фестъæ лфгæ йæ). Куы йæ мардтам, уæ д нæ м Ройсы дон касти.

Телль. Хауæ н-къæ дзæ хты былтыл фæ ндаг ис уыцы ран; фæ ндагыл цыртытæ сагъд, зæ й кæ й фæ ласта, уыдон уды бæ стæ н.

Паррицида. Æ хсарæ й быцæ у кæ нын æ з мæ уды зынæ взарæ нтимæ, — адæ ймаджы тас цæ мæ йты бацæ уы, уыдон ницæ й хуызæ н фендзынæ н æ з.

Телль. Судзаг цæ ссыг калгæ йæ æ мæ фæ смонгæ нгæ йæ -иу алы цырты раз дæ р æ рхау, стæ й уый хуызæ н тæ ссаг фæ ндагæ й баирвæ зтæ, кæ д дыл хæ хтæ не ’ркалой сæ мит, уæ д та бафтдзынæ иу хидмæ; хидыл доны пырхæ нтæ мигъау бадынц æ дзухдæ р, æ мæ кæ д де ’вирхъау аххосагæ й нæ ныххауа дæ быны, уæ д та иу къæ дзæ хы фендзынæ талынг цæ уæ н, райдианæ й дæ р рухсы цъыртт кæ дæ м нæ кæ сы. Дæ фæ ндаг ыл-иу акæ н: уый дæ бакæ ндзæ н хъæ лдзæ г, дидинæ г уадздзæ н ахæ м фæ змæ, фæ лæ -иу тындзгæ дæ цыды кой кæ н дарддæ р æ нцойад цы ран уа, уый дæ хардз нæ у.

Паррицида. Уæ, Рудольф, Рудольф, мæ тыхджын æ мæ кадджын фыдæ л, ацы ран дæ зæ ххыл, хæ тæ гхуаг куыд фæ ци дæ байзæ ддаг!

Телль. Уыцы хуызæ нæ й, хæ рдмæ цæ угæ йæ, бафтдзынæ Готарды бæ рзæ ндтæ м, æ нусон цадтæ уæ ларвон доны сыгтæ й сæ былтæ й кæ м кæ лынц. Уым хæ рзбон зæ гъдзынæ Германы зæ ххæ н æ мæ дын дарддæ р иу æ ндæ р дон фæ ндаг амондзæ н Италимæ, дæ зæ рдæ йæ кæ дæ м афæ нд кодтай, уырдæ м.

Хъуысы альпаг уадындзты уасын.

Гедвигæ (æ рбазгъордта æ мæ). Цы фæ дæ, Телль? Мæ фыд ардæ м æ рбацæ уы, йæ фæ дыл — йæ цæ дисон æ мбæ лттæ æ нæ хъæ н балæ й.

Паррицида (æ мбæ хсы йæ цæ сгом). Додойаг куыд фæ ци мæ сæ р, гъе! Цæ рын дæ фæ ндæ д фæ рныг адæ мы æ хсæ н, æ мæ дæ бон ма уæ д!

Телль. Усай, марадз, исты йын ахæ рын кæ н; исты йын фæ ндаггаг дæ р; дард æ мæ зын балц у йæ балц: фысым никуы ссардзæ н уый йæ хицæ н. Тагъд бакæ н! Æ рбацæ уынц...

Гедвигæ. Æ мæ чи у, чи?

Телль. Йæ зонын дæ ницæ мæ н хъæ уы! Куы араст уа нæ хæ дзарæ й, уæ д-иу ма акæ с йæ фæ дыл; кæ цы фæ ндагыл ацыди, уый куыд нæ фенай, афтæ иу бакæ н.

Паррицида, йæ зæ рдæ куыд ныккæ рзыдта, уымæ гæ сгæ, тагъд фæ цæ йцæ уы Телльмæ, фæ лæ уый йæ хи айста уыцы ранæ й, Паррицидайæ н къухæ й амонгæ йæ. Дыууæ дæ р араст сты фæ йнæ рдæ м, — афтæ ивд æ рцæ уы декораци.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.016 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал