Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Цыппæрæм æвдыст






Сценæ йы, фæ ндагыл хæ рдмæ фæ цæ уынц чындзхæ сджытæ, Телль кæ сы сæ фæ дыл, æ рдыныл æ нцойгæ нгæ йæ.

Фатæ хсæ г Штиусси йæ м фæ цæ уы.

Штиусси. Уый нæ беридоны уæ тæ ргæ с, мерлисахенаг, ус хæ ссы, цæ рæ г адæ ймаг у: бирæ рæ гъæ уттæ йын хизы Альпы хæ хты. Ус хæ ссы Имензæ й, æ мæ Киунснахты аизæ р уыдзæ н чындзæ хсæ в. Цом мемæ: æ хсызгон сын уыдзæ ни нæ бацыд.

Телль. Чындзæ хсæ вы æ нкъард уазæ г нæ фидауы.

Штиусси. Дæ сагъæ с уал байрох кæ н, кæ д æ мæ фæ рухсдæ р уаид дæ зæ рдæ. Ноджы æ взæ р рæ стæ г у ныры рæ стæ г, — хъæ лдзæ гдзинадæ й хи ласын нæ хъæ уы. Кæ м — чындзæ хсæ в, кæ м та — фæ кæ с æ мæ — судзгæ мард.

Телль. Стæ мæ й-стæ ммæ та иумæ дæ р æ рцæ уынц.

Штиусси. Æ вæ дза æ мæ дунейы арæ зт афтæ у. Кæ м зæ гъай, æ мæ кæ м сты, кæ, хъуаг мастæ й уа, æ намонддзинадæ й уа! Гларисы та хох фехæ лд æ мæ йын йæ иу хай йæ быны фæ кодта.

Телль. Хæ хтæ дæ р ма кæ м згъæ лынц ацы ран, уым ма цы разындзæ н зæ ххыл фидардзинадæ й?

Штиусси. Дзурынц ма ноджы иу диссаг! Иу баденагæ й йæ фехъуыстон: паддзахмæ фæ цæ йцыди цавæ рдæ р рицæ р, куырм бындзытæ йыл æ васт сæ хи ныццавтой, — йæ бæ х фæ ци мæ лæ тдзаг æ мæ фистæ гæ й бафардæ г.

Телль. Лæ вæ рд у æ дыхтæ н дæ р ахæ м уæ нг, сæ хи цæ мæ й хъахъхъæ ной.

Армгардæ æ д сывæ ллæ ттæ æ рбацæ уы æ мæ фæ ндагыл æ рлæ ууы.

Штиусси. Куыд дзурынц, афтæ мæ й уый цæ уы кæ нæ æ намонддзинадмæ, кæ нæ стыр æ буалгъ хъуыддагмæ.

Телль. Фыдбылызы хъуыддæ гтæ иудадзыг æ нæ нысанæ й дæ р цæ уынц.

Штиусси. Амондджын у уый, æ мæ фæ свæ д ран чи цæ ры, йæ хæ дзар чи нæ уадзы æ мæ æ нцад-æ нцойæ чи къахы гутонæ й йæ зæ хх.

Телль. Цыфæ нды сабырæ н дæ р нæ й æ нцад фæ цæ рæ н, йæ æ взæ р сыхаджы хорзæ хыл куы нæ сæ мбæ ла, уæ д. (Сырдгастгæ нгæ фæ лгæ сы фæ ндагмæ.)

Штиусси. Хæ рзбон! Куыд уынын, афтæ мæ й æ нхъæ лмæ кæ сыс кæ мæ дæ р.

Телль. О, æ нхъæ лмæ кæ сын кæ мæ дæ р.

Штиусси. Уæ дæ æ гас хæ дзар ссар! Ураг дæ? Уырдыгæ й нæ м æ рбацæ удзæ н абон нæ кадджын бæ стыхицау.

Бæ лццон (цæ угæ -цæ уын). Абон æ м æ нхъæ лмæ ма кæ сут. Дæ ттæ уарынæ й раивылдысты æ мæ хидтæ й иу дæ р йæ бынаты нал ис: фæ ластой сæ.

Телль слæ ууыди.

Армгардæ (сæ м æ рбацæ уы хæ стæ гдæ р). Уæ дæ, зæ гъыс, ам нæ сæ мбæ лдзæ н?

Штиусси. Уымæ æ рбацыдтæ?

Армгардæ. О, уымæ.

Штиусси. Æ мæ уæ д фæ ндаджы бæ рæ гастæ у та цæ мæ н слæ ууыдыстут?

Армгардæ. Мауал мын аирвæ за æ мæ уымæ н, цалынмæ йын мæ хъаст ракæ нон, уалынмæ.

Фрисгард (тындзгæ æ рбацæ уы æ мæ дардæ й хьæ р кæ ны.) Иуварс фæ ндагæ й! Бæ стыхицау æ рбацæ уы мæ фæ д-фæ д. Фæ ндагæ й айсут уæ хи!

Телль цыдæ р æ рбаци.

Армгардæ (цырдгомау). Бæ стыхицау — йæ фæ дыл!

Æ д сывæ ллæ ттæ авансценæ йы æ рлæ ууыди. Геслер æ мæ Рудольф Гаррас бæ хтыл æ рбазындысты дардæ й.

Штиусси (Фрисгардмæ). Æ мæ дæ тты та куыд æ рбахызтыстут? Хидты, дам, дон куы фæ ласта.

Фрисгард. Тымыгътимæ стох кодтам цады, уыйас диссаг нын нал сты ныр, Альпæ й цы доны сыгтæ рацæ уынц, уыдон.

Штиусси. Æ мæ ай хуызæ н тымыгъы уыцы ран бæ лæ гъы æ рбацыдыстут?

Фрисгард. Бæ гуыдæ р, æ мæ йæ мæ лæ тмæ дæ р нал байрох кæ ндзынæ н.

Штиусси. Радзур-ма йæ, дæ хорзæ хæ й!

Фрисгард. Нæ й мын фæ рæ з, — тагъд кæ нын фидармæ, бæ стыхицау кæ й æ рбацæ уы, уый фехъусын кæ нон.

Штиусси. Диссаг та куыд нæ у: æ вæ дза, бæ лæ гъы бады раст, хуыцауы конд адæ м, уæ д бынмæ афардæ г уыдаиккой, фæ лæ уыдон хуызæ тты дон дæ р нæ ласы, арты дæ р нæ судзынц. (Алырдæ м фæ лгæ сы.) Уæ д ныхас кæ имæ кодтон, уыцы фатæ хсæ г та цы æ рбаци? (Фæ цæ уы.)

Геслер æ мæ Рудольф Гаррас бæ хтыл.

Геслер. Цыфæ нды фæ дзурай, уæ ддæ р уый зон, æ мæ æ з паддзахы цагъар кæ м дæ н, уым архайдзынæ н, цæ мæ й йын арон йæ хорзæ х. Адæ мы сфыдуаг кæ нынмæ не ’рбарвыста мæ н ардæ м; уый агуры, цæ мæ й коммæ кæ сой. Фæ рсын дæ: ацы ран æ лдарад чи хъуамæ кæ на — сау кусæ г лæ г æ ви паддзах?

Армгардæ. Афон у! Цæ уын æ м. (Йæ хи сæ м фæ ласы, тæ рсгæ йæ.)

Геслер. Альторфы мæ худ лæ дзæ гыл æ ркодтон хъазыны уагыл нæ, фæ лæ адæ мы бафæ лварынæ н, цæ мæ й сæ риутæ афтæ схъæ лæ й мауал хæ ссой, тасын байдайой; барæ й æ рцауыгътон мæ худ æ з бæ рæ г ран, адæ мы цæ сты раз, цæ мæ й сæ зæ рдæ йæ цух ма кæ на сæ хицау, намæ сæ байрох бынтондæ р.

Рудольф. Уый афтæ фæ уæ д, фæ лæ адæ м дæ р бынтон æ бар не сты.

Геслер. Ацы сахат нæ уыдон æ взарынмæ не ’вдæ лы, æ рцæ уынмæ цæ ттæ у стыр хъуыддаг æ мæ хъуамæ æ рцæ уа! Императоры мыггаг рæ зы: фыд афтæ хорз кæ й райдыдта, уый кæ ронмæ ахæ ццæ кæ нын нымайы хæ сыл фырт йæ хицæ н. Ницæ йаг адæ м æ рлæ ууыдысты йæ ныхмæ; цыдæ риддæ р ма æ рцæ уа, уæ ддæ р хъуамæ басæ ттой, æ ртасой.

Цæ уынмæ хъавы дарддæ р. Армгардæ зоныгыл æ рхауди йæ размæ.

Армгардæ. Дæ хорзæ х мæ уæ д, хицау, батæ ригъæ д мын кæ н!

Геслер. Цæ мæ н мын æ рæ хгæ дтай уæ д мæ фæ ндаг? Айс дæ хи!

Армгардæ. Мæ лæ г ахæ стоны хиты, ацы ран та мæ сабитæ æ нæ къæ бæ рæ й сæ фтмæ цæ уынц. Хицау, фæ тæ ригъæ д мын кæ н, æ ркæ с мын мæ зындзинадмæ!

Рудольф. Чи дæ? Кæ й ус дæ?

Армгардæ. Мæ мой — Ригы хохаг, къæ дзæ хты тигъыл, бæ рзæ ндтыл, фос кæ дæ м нæ хæ ццæ кæ нынц, уыцы ран кæ мтты сæ рмæ, кæ рдæ джы цъуппытæ кæ рдæ м æ мæ гъе уымæ й цæ рæ нхостæ аразæ м нæ хицæ н.

Рудольф (бæ стыхицаумæ). Мæ рафæ лдисæ г, цы зын цардæ й цæ рынц! Мæ хатыр бакæ н, æ мæ йын йæ мойы ахæ стонæ й рауадз! Кæ д æ мæ цыфæ нды рæ дыд фæ кодта, уæ ддæ р æ й рауадзын хъæ уы: уæ лæ уыл зындон куы фиды йæ цардæ й. (Армгардæ мæ.) Дæ хъуыддаг дын сараздзысты. Киуснахтмæ æ рбацу, ацы ран нæ уымæ не ’вдæ лы.

Армгардæ. Змæ лгæ циу, уый дæ р нæ фæ кæ ндзынæ н мæ бынатæ й, цалынмæ мын бæ стыхицау мæ лæ джы рауадза, уалынмæ!

Геслер. Айс фæ ндагæ й дæ хи! Ныууадз мæ дын куы зæ гъын!

Армгардæ. Раст тæ рхонхæ ссæ г мын фæ у, табуафси! Паддзахы бæ сты нын тæ рхон ды кæ ныс ацы ран: уый дæ хæ с у. Фæ лæ дыл цæ мæ й хуыцауы хорзæ х сæ мбæ ла, уый тыххæ й хорз кæ н дæ хæ дæ г дæ р махæ н.

Геслер. Иуварс! Исчердæ м æ й фæ кæ нут ацы æ дзæ сгомы!

Армгардæ (идоны рохтæ æ рцахста). Ды цæ мæ хъавыс, уый нæ уыдзæ н! Цы фæ дæ н, уый фæ дæ н! Ратт мын исты дзуапп, бæ стыхицау, намæ дын ардыгæ й нал ис фæ цæ уæ н. Цыфæ нды цæ хæ ртæ куы калой дæ цæ стытæ, уæ ддæ р æ з нал тæ рсын. Мах ран чи фæ ци, мах хуызæ н æ намонд æ мæ тыхст адæ м чи у, уыдон ницæ мæ уал æ рдардзысты дæ масты.

Геслер. Ауадз мæ! Бæ хы къæ хты бын дæ æ ууæ рдын!

Армгардæ. Ма бацауæ рд! Мæ нæ дæ н! (Схойы сывæ ллæ тты æ мæ семæ зæ ххы фæ дæ лгом.) Фæ ндагыл адаргъ дæ н мæ хъæ бултимæ. Скафæ д, и, дæ бæ х æ намонд сидзæ ртыл, — фыццаг фыдракæ нд дын куы нæ у, мыййаг! Æ взæ рдзинадæ й цы нæ сарæ зтай, ахæ мæ й дын ницыуал баззад.

Рудольф. Бынтондæ р фæ дзæ гъæ л йæ сæ р.

Армгардæ (фыр мæ стæ й). Цы ма дæ фæ нды? Æ гас бæ стæ куы бассæ стай дæ къахы бын. Уæ, лæ г мæ цы хуыцау нæ фæ кодта! Уæ д мыл цы æ мбæ лдаид, уый базыдтаин, бæ ргæ, æ мæ ацы ран, дæ разы, мæ гуыбыны цъарыл нæ лæ син дæ лгомæ й.

Чындзхæ сджыты музыкæ йы цагъд та æ рбайхъуыст дардæ й.

Геслер. Мæ кусджытæ цы фесты? Мæ цæ ст æ й куыд нал уына, афтæ! Намæ фæ смон кæ уыл фæ кæ нон, ахæ м хъуыддаг сараздзынæ н.

Рудольф. Хицау, чындзхæ сджытæ фæ ндаг бацахстой, æ мæ дзы иуырдæ м дæ р нал ис азмæ лæ н!

Геслер. Æ гæ р лæ мæ гъ хицау дæ н æ з ацы адæ мæ н. Сæ дзырды суагъдæ н нæ ма зонынц бæ рæ г бæ рц ацы ран. Нæ, куыд æ мбæ лы, афтæ мæ й дзы иу хъуыддаг дæ р нæ ма ис йæ бынаты. Фæ лæ дын ард хæ рын: æ з нæ уыдзынæ н, хъуыддæ гтæ куы нæ атæ рон сæ ног фæ дыл, æ з сын се ’вирхъау хивæ нддзинад басæ тдзынæ н. Ног æ гъдау рауадздзынæ н æ мæ сæ цæ уы сыкъайы... (Фат ыл сæ мбæ лд; фæ хæ цыд йæ зæ рдæ йыл, алырдæ м цудгæ йæ, йæ ныхас кæ ны сабыр хъæ лæ сæ й.) Хуыцау, ныббар мын!..

Рудольф. Цы кодтай, бæ стыхицау! Уæ, знаг куыд амарди!

Армгардæ (фестгæ йæ). Фат ыл сæ мбæ лд, фат! Фæ мард! Фæ хауы!

Рудольф (бæ хæ й æ ргæ пп ласта). Уæ, цы бон дыл бакодта, цы, рицæ р! Хуыцауы ном ссар: дæ адзал æ рхæ ццæ!

Геслер. Уо, уый мæ Телль фехста! (Рудольфы хъæ бысмæ рахауди бæ хæ й: бандонмæ йæ æ руагъта.)

Телль (къæ дзæ хыл фæ зынгæ йæ). Кæ й риуыгъд уыди, уый ма базыдтай, сæ рæ й! Ныр хуыдымы къæ цæ л саст фæ ци, нæ хъадамантæ й суæ гъд стæ м. Рæ стдзинадмæ нал баххæ сдзæ н дæ къух: дæ бæ стæ н фыдбылыз аразын нал у дæ бон. (Къæ дзæ хты аууон фæ ци.)

Адæ м згъорынц.

Штиусси (разæ й). Цы уыл æ рцыди, цы, ацы ран?

Армгардæ. Бæ стыхицау фатæ й фæ мард.

Чындзхæ сджытæ н сæ раззæ гтæ сценæ мæ æ рбахæ ццæ вæ ййынц, аннæ тæ баззайынц бæ рзондыл, музыкæ йæ цагъд нæ уадзы.

Рудольф. Туг дзы нал баззайдзæ н. Цы фестут, фæ кæ сут нæ м! Тагъддæ р, тагъддæ р! Марæ джы ма ауадзут! Цæ й æ намонд разындтæ фæ стаджырдæ м! Куы мæ м байхъуыстаис, уæ д дыл ацы ми не ’рцыдаид!

Штиусси. Стыр хуыцау, мах дæ фæ дзæ хст! Æ цæ гæ йдæ р ныллæ ууыди йæ уд исыныл...

Къорды дзурын. Æ мæ йæ чи амардта, уый чи уыди?

Рудольф. Цæ й æ наккаг адæ м стут, цæ! Хуыцау уæ ферра кодта æ ви цавæ р у? Ацы ран лæ г йæ уд исы, уым та музыкæ цæ гъды. Банцайут!

Музыкæ фæ сабыр. Сценæ байдзаг адæ мæ й.

Бæ стыхицау, кæ д ма дæ бон у, уæ д нын зæ гъ, цы нын фæ дзæ хсыс.

Геслер йæ къухæ й цыдæ р амоны, фæ лæ йæ не ’мбарынц, уый куы базыдта, уæ д йæ къухы тылд ноджыдæ р фæ тынгдæ р кодта.

Кæ дæ м? Киуснахтмæ? Нæ дæ бамбæ рстон! Хуыцауы хатырæ й, мæ сты ма кæ н; байрох кæ зæ ххон хъуыдытæ иууылдæ р, фæ лæ цæ мæ й уæ ларвимæ æ рфидауай, ууыл бацархай.

Чындзхæ сджытæ мæ лæ г адæ ймагмæ тæ рсгæ -ризгæ йæ æ цæ гæ лон цæ стæ й кæ сынц.

Штиусси. Куыд афæ лурс! Уазал кæ нын байдыдта. Йæ цæ стытæ æ рцъынд сты.

Армгардæ (сывæ ллоны сисгæ йæ). Саби, бакæ с, тугнуазæ г цы мардæ й мæ лы, уымæ!

Рудольф. Хуыцау дæ куы сæ рра кодта! Цавæ р зæ рдæ йы хицау дæ? Цы хуызæ н ныхæ стæ дын сты? Исчи мæ м фæ кæ сæ д, — фыдбоны фат ын сласæ м йæ риуæ й.

Устытæ (сæ хи фæ стæ мæ айсгæ йæ). Хуыцау йæ хæ дæ г кæ й амардта, æ ххуыс — уымæ н!..

Рудольф. Арв уæ æ рцæ ва, мæ нæ адæ м! (Йæ карды сæ рыл фæ хæ цыд.)

Штиусси (рацахста йын йæ къух, афтæ мæ й). Сабырдæ р! Уе ’лдарады кæ рон æ рхæ ццæ. А бæ сты тиран нал ис. Нæ хицæ н тых кæ нын нал бауадздзыстæ м. Сæ рибар стæ м ныр мах не ’ппæ т дæ р.

Иууылдæ р (хъæ рæ й). Ссæ рибар стæ м, ай-гъай!

Рудольф. Иу æ взаджы хаттæ й сдзырдтой! Тас циу æ мæ уисæ н, уыдонæ н сæ м сæ кой дæ р нал ис. (Чи æ рбацыди, уыцы æ фсæ ддон адæ мæ н дзуры.) Цы æ намонд мардæ й амард, уый федтат, — адзалæ н нæ й амал; дзæ гъæ лы агурдзыстæ м мах марæ джы: пайда дзы нал ис; стæ й нæ уымæ нал æ вдæ лы: æ ндæ р сагъæ стыл сыстæ м ацы сахат. Киуснахтмæ тагъддæ р саразæ м нæ ных. Цæ мæ й фидар мах бауа, уый тыххæ й бахъарæ м нæ уд. Адæ м фæ сонт сты фыр мæ стæ й; сæ ард байрох кодтой, уисæ нæ й сæ м ницыуал ис.

Уыцы ныхæ сты фæ стæ адæ м куыд араст сты, афтæ фæ зындысты тæ ригъдгæ нæ г æ фсымæ ртæ [1] .

Армгардæ. Фæ ндаг раттут! Æ фсымæ ртæ æ рбацæ уынц!

Штиусси. Холы уæ д — сынтытæ зындзысты.

Тæ ригъæ дгæ нæ г æ фсымæ ртæ (марды алыварс æ рлæ ууыдысты æ мæ ивазгæ зарынц).

Мæ лæ т æ виппайды цæ уы,

Нæ зоны уый рæ стæ г, æ мгъуыд.

Фæ ндагыл дæ куы ссара, куы —

Дæ уд æ рцæ удзæ нис ыскъуыд.

Мæ лынмæ уай, нæ уай цæ ттæ —

Дзуапп ратт хуыцауы раз уæ ддæ р!

Фæ стаг рæ нхъытæ куыд райдайынц зарын, афтæ æ руадзынц æ мбæ рзæ н.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.014 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал