Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Фыццаг æвдыст. Сценæйы арф, рахизварс — фидар «Уры къæлæт» æд аразæнхъæдтæ[2]






Фæ з Альтофы раз.

Сценæ йы арф, рахизварс — фидар «Уры къæ лæ т» æ д аразæ нхъæ дтæ [2] , фыццаг архайды æ ртыккаг сценæ йы куыд уыди, афтæ. Галиуварс — хохæ фцæ г, æ рттивынц ыл бæ рæ ггæ нæ н æ ртытæ. Бон цъæ хтæ кæ ны. Ранæ й-ран хъуысы дзæ нгæ рæ джы хъæ р.

Руоди, Куони, Верни, дурамайæ г æ мæ бирæ æ ндæ р хъæ ууон адæ м; стæ й устытæ æ мæ сывæ ллæ ттæ.

Руоди. Нæ уынут нæ хæ хтыл бæ рæ ггæ нæ нтæ?

Дурамайæ г. Хъусут — дзæ нгæ рджытæ цæ гъдынц?

Руоди. Знаджы фæ сырдтой.

Дурамайæ г. Фидæ рттæ ист фесты се ’ппæ т дæ р.

Руоди. Мах та ма ам, Уры, цæ мæ кæ сæ м, уый нæ зонын; цæ уылнæ ныппырх кæ нæ м ацы фидар, цы боны хорзмæ йыл ауæ рдæ м? Гъау, æ мæ уæ дæ æ ппæ ты фæ стæ мах райсдзыстæ м нæ сæ рибардзинад?

Дурамайæ г. Ахæ стон куыд ныууадздзыстæ м мах нæ сæ рибар бæ сты? Ныппырх æ й хъæ уы!

Се ’ппæ т дæ р. Пырх! Дæ рæ н! Пырх!

Руоди. Кæ м ис нæ уадындзæ й уасæ г?

Уадындзæ й уасæ г. Æ з мæ нæ дæ н. Цы уæ хъæ уы?

Руоди. Схиз мæ сыгмæ, æ фсымæ р, æ мæ ныууас, цæ мæ й дæ уадындзы хъæ р азæ ла æ мæ дзыллæ мæ ардæ м æ рсида.

Уадындзæ й уасæ г фæ цæ уы. Вальтер Фиурст фæ зыны.

Вальтер Фиурст. Фæ лæ уут уал, æ фсымæ ртæ! Ныр ма нæ м ницы уацхъуыд ис Швиц æ мæ Унтервальдены бæ стæ й. Банхъæ лмæ уал кæ сæ м уыдон уацхæ сджытæ м.

Руоди. Цы ма сæ м кæ сыс? Тиран мард æ рцыд, цы рæ стæ гмæ бæ ллыдыстæ м, уыцы рæ стæ г нын ралæ ууыд: нæ хи фервæ зын кæ нынæ н нын фадат æ рзылди.

Дурамайæ г. Пиллон арт куы уадзынц хæ хтæ алырдыгæ й, уæ д ма дæ цавæ р уацхæ ссæ г хъæ уы?

Руоди. Цомут, аразæ нхъæ дтæ ныссæ ттæ м! Йæ цары агъуыст ын фехалæ м, ныппырх ын кæ нæ м йæ къултæ, дур дзы дурыл цæ мæ й нал баззайа!

Дурамайæ г. Æ фсымæ ртæ, амайгæ дæ р æ й мах скодтам, йæ халынмæ дæ р ын кæ д сарæ хсиккам.

Се ’ппæ т дæ р. Цомут! (Алырдыгæ й згъорынц бæ стыхаймæ.)

Вальтер Фиурст. Нырсæ уромæ г нал бауромдзæ н.

Мельхталь æ мæ Баумгартен æ рбацæ уынц.

Мельхталь. Гъе уый дын, гъе, хъуыддаг! Фæ нык фестын кодтой Сарнены фидары, Росбергæ н нал ис йæ кой дæ р; ацы гæ нах та ма уæ д цы боны хорзмæ лæ ууы?

Вальтер Фиурст. Мельхталь, цы хорз уацхъуыдтимæ нæ м фæ зындтæ? Нæ сæ ртæ нæ бар систы? Нæ райгуырæ н бæ стæ фервæ зт не знæ гтæ й?

Мельхталь (æ й кæ ны йæ хъæ бысы). Хæ рзæ ггурæ ггаг дæ м фæ дæ н, нæ хистæ р! Цин кæ н: суæ гъд стæ м нæ къæ лæ тæ й, — иу тиран дæ р нал баззади нæ фыдæ лты зæ ххыл.

Вальтер Фиурст. Радзур-ма мын, радзур, — фидæ рттæ та уæ д куыд райстат?

Мельхталь. Руденц æ хсарæ й бацахста тызмæ г Сарнены, æ з та уый агъоммæ æ хсæ выгон баирвæ зтæ н Росбергмæ. Фæ лæ уал дын радзурон, уыцы ран цы æ рцыдис, уый. Знагæ й фидар куы асыгъдæ г, уæ д ыл арт бандзæ рстам, æ мæ йæ пиллон арвмæ цæ джындзау куыд лæ ууыд, афтæ нæ м бæ стыхицауы хæ цæ нгæ рзтæ хæ ссæ г Дитгельм æ рбатахт æ мæ хъæ р кæ ны: «Бертæ баззад фидары!»

Вальтер Фиурст. Уæ, Хуыцау!..

Аразæ н хъæ дæ рмæ г куыд кæ лы, уый хъуысы.

Мельхталь. Геслер æ й уыцы ран бакодта талынг ахæ стоны. Руденцыл хуссайраг калм цыма фæ хæ цыд, уыйау ма фесхъиудта, бæ ргæ; фæ лæ уый агъоммæ æ ркалдысты фидарæ н йæ агъуыстытæ, стæ й нæ м уый фæ стæ пиллон арты бынæ й æ рбайхъуыст æ намонд адæ ймаджы хъæ р дæ р.

Вальтер Фиурст. Фервæ зын ма йæ кодтат?

Мельхталь. Йæ фервæ зынæ н хъуыди æ хсар æ мæ цырддзинад. Руденцы сæ рыл ничи стох кодтаид махæ й, æ рмæ ст нæ хицау у, зæ гъгæ, уый тыххæ й; фæ лæ уый уыди махæ н нæ цæ дисæ мбал, нæ фарсласæ г; стæ й уыцы иузæ рдион уыдысты Бертæ йыл æ ппæ т дзыллæ дæ р; уыйадыл Руденцы фæ дыл артмæ иууылдæ р бакалдтам нæ хи.

Вальтер Фиурст. Ницы æ рцыд йæ удыл?

Мельхталь. Ницы! Барон æ мæ йæ æ з арты цырынæ й уадзыгæ й рахастам æ мæ куыддæ р раирвæ зтыстæ м, афтæ æ рхаудысты царыхъæ дтæ дæ р! Уалынмæ Бертæ æ рчъицыдта æ мæ арвмæ куыд скасти, афтæ мыл Руденц йæ хи æ рбаппæ рста, æ мæ мæ фыр цинæ й йæ хъæ бысы ныккодта. Уыйадыл нæ иудзинад фидаргонд æ рцыди арты мидæ г, стæ й, нæ хинымæ ры ард схъаргæ йæ, тынгдæ р стыхджын. Ныр дуне иннæ рдæ м куы фæ уа, уæ ддæ р нæ иудзинадæ н тас нал у.

Вальтер Фиурст. Æ мæ уæ д Ланденберг та цы фæ цадаид?

Мельхталь. Бриунены фæ стæ фæ ци. Мæ аххос нæ у, мæ фыды цæ стытæ мын чи скъахта, уый ардыгæ й кæ й аирвæ зт удæ гасæ й; бафтыдтæ н йæ фæ дыл, сурынтæ йæ систон, æ рцахстон æ й; мæ фыды раз æ й æ рбырстон, æ мæ йæ уыцы ран мæ нæ ацы кардæ й фысы æ ргæ вст скæ нон, зæ гъгæ, афтæ мæ фыд йæ сæ рыл сдзырдта, фæ тæ ригъæ д ын кодта, æ з дæ р æ й уый хатырæ й нал амардтон. Куы цыди, уæ д мын ард схъардта, куыд нал æ рбаздæ хдзæ н а бæ стæ м... Æ мæ нæ м цæ угæ дæ р нал æ рбакæ ндзæ н. Нæ ахаст нын базыдта.

Вальтер Фиурст. Стыр хорз хъуыддаг бакодтай, кæ й йæ нæ амардтай, уымæ й, намæ нæ хъуыддаг иу чысыл фæ тар уыдаид.

Сывæ ллæ ттæ (аразæ нхъæ ды сæ стытимæ). Ссæ рибар стæ м мах, ссæ рибар!

Хъуысы Уры уадындзы тыхджын уаст.

Вальтер Фиурст. Нæ сæ м кæ сыс, куыд цин кæ нынц! Базæ ронды бонмæ дæ р сæ нал ферох уыдзæ н.

Чызджытæ хъилыл æ рбахæ ссынц худ, сценæ байдзаг адæ мæ й.

Руоди. Мæ нæ уын ай та, нæ зоныгыл кæ мæ н куывтам, уыцы худ!

Баумгартен. Зæ гъут-ма — цы йæ фæ кæ нæ м?

Вальтер Фиурст. Хуыцау, табу дæ уæ н! Мæ хæ рæ фырт кæ й бын лæ ууыди, гъе уыцы худ!

Бирæ ты дзурын. Сафын æ й хъæ уы! Уый у тыхы дуджы худинаджы цырт! Артмæ, артмæ!

Вальтер Фиурст. Бавæ рæ м æ й, хуыздæ р уыдзæ н. Айагъоммæ уый уыди цагъайраг дуджы нысан, фæ лæ сæ рибардзинады нысан фæ уæ д нырæ й фæ стæ мæ.

Хъæ ууон адæ м — усæ й, лæ гæ й, сывæ ллонæ й — чи лæ ууы, чи бады аразæ нхъæ дтыл; сты хæ рзаив стыр æ рдыны хуызæ н.

Мельхталь. Куыд хъæ лдзæ г у, куы, ацы сахат, уæ нæ цæ дисæ ттæ, тыхдзинады хæ лддзæ гтыл фидар куы æ рцауындзæ м, уæ д! Риутлийы ард цæ уыл бахордтам, уый федтам нæ цæ стæ й!

Вальтер Фиурст. Хъуыддагæ н скодтам сæ р, фæ лæ йын кæ рон нæ ма ис. Нæ иудзинад хъуамæ уа ныр фидардæ р: паддзах, бауырнæ д уæ, афтæ не сбаддзæ н, — уый нæ агурдзæ н йæ бæ стыхицауы туг; стæ й ардыгæ й кæ й фæ сырдтам, уыдон та нæ м ам æ рбалæ ууын кæ ндзæ н.

Мельхталь. Хуыцау зæ гъæ д, æ д æ фсæ дтæ куыд фæ зына ардæ м. Знаджы нæ бæ сты бæ рæ гастæ уæ й кæ м фæ сырдтам, уым нæ м фæ сарæ нтæ й чи бырса, уыдонæ н дæ р хос ссардзыстæ м.

Руоди. Нæ хæ хтæ м бирæ æ рбацæ уæ нтæ нæ й, фæ лæ дзы цы æ рбацæ уæ нтæ ис, уыдон мах нæ хи буæ рттæ й дæ р фидар сæ хгæ ндзыстæ м.

Баумгартен. Знаг нæ нал фæ тæ рсын кæ ндзæ н æ фсадæ й; ард бахордтам мах, æ нусмæ дæ р иу кæ й сыстæ м, ууыл.

Рессельман æ мæ Штауффахер æ рбацæ уынц.

Рессельман. Уæ лæ рвтæ м маст куы бахъары, сæ тæ рхон тызмæ г æ мæ карз уæ д вæ ййы.

Хъæ ууон адæ м. Цавæ р у, цы ма æ рцыди?

Рессельман. Цард ныл бацайдагъ и, зæ гъгæ, уæ д ма истытæ уындзыстæ м.

Вальтер Фиурст. Цавæ р хабар у? Радзур-ма нын æ й. Уый Вернер куы дæ, сæ рæ й! Цы уацхъуыд нын æ рхастай?

Хъæ ууон адæ м. Уагæ р æ мæ цы æ рцыди?

Рессельман. Байхъусут æ мæ ныддис кæ ндзыстут.

Штауффахер. Махæ н тæ ссагæ й дзы ницы ис.

Рессельман. Амардæ уыд императоры.

Вальтер Фиурст. Ме скæ нæ г хуыцау!

Хъæ ууон адæ м Штауффахеры алыварс æ рзылдысты.

Иууылдæ р. Фæ марди? Куыд?.. Император?.. Императоры амардтой?..

Мельхталь. Уый нæ уыдзæ н! Чи уын æ й дзырдта:

Штауффахер. Бæ лвырд хабар у. Бручы раз амардæ уыд Альбрехт-къаролы. Кæ уыл нæ баууæ ндай, ахæ мæ й йæ нæ фехъуыстон: уацхъуыд æ рбахаста намысджын адæ ймаг — Иоганнес Миуллер, сафгаузенаг.

Вальтер Фиурст. Æ мæ ахæ м æ буалгъ хъуыддагмæ кæ мæ н батасыд йæ къух?

Штауффахер. Йæ ном ын зæ рдæ зæ гъын дæ р нæ комы. Йæ марæ г кæ д разынд герцог Иоганн, йе ’фсымæ ры фырт.

Мельхталь. Æ мæ цæ й фæ дыл бакодта ахæ м æ вирхъау хъуыддаг?

Штауффахер. Паддзах ын йæ фыды бынтыл тыхæ й æ рхæ цыд, стæ й йæ м фæ нд уыди: иудадзыгдæ р сæ йæ хи куыд бакæ на, æ лдарыл та куыд æ ркæ на алчеры худ. Æ мæ уый фæ дыл æ взонг æ лдар бакаст йæ хæ лæ ртты коммæ. Æ ххуысгæ нджытæ йын уыдысты Эшенбах, фон Варт, фон Тегерфельд æ мæ Пальм. Йæ хæ дæ г йæ хи къухæ й сфæ нд кодта паддзахæ й йæ маст райсын.

Вальтер Фиурст. Æ буалгъ хъуыддаг куыд æ рцыди, уый нын радзур.

Штауффахер. Къарол фæ цæ йцыди Штейнæ й Баденмæ, Рейнфелды ’рдæ м дæ лæ мæ, йемæ Иоганн-æ лдар æ мæ Леопольд-æ лдар, стæ й йæ уæ здан адæ м. Куыддæ р Ройсы комкоммæ æ рхæ ццæ сты, доны уайын сæ кæ м хъуыди, уырдæ м, афтæ марджытæ бæ лæ гъ бацахстой, паддзахы йæ адæ мæ й фæ хицæ н кодтой. Уый фæ стæ уæ рæ х быдыры араст сты; куыд дзурынц, афтæ мæ й уыцы ран кæ ддæ р уыди муртакк адæ мы сахар, ныр та дзы бæ рзæ ндты дардмæ æ рттивы рагон фидар — Габсбург, габсбургæ гты уæ здан мыггаг кæ м равзæ рди. Уым паддзахæ н Иоганн хъама йæ хурхы атъыста. Пальм æ й арцæ й ныррæ хуыста, фон Эшенбах та йын йæ сæ ры кæ хц кардæ й дыууæ дихы фæ кодта. Паддзах, тугкалгæ, мардæ й уæ лгоммæ ахауди йæ хæ стæ джыты къухæ й, йæ хи райгуырæ н зæ ххыл. Доны иннæ фарсæ й йæ м, хъæ лæ кк, кастысты йæ адæ м, сæ кæ уынæ й къардиутæ бæ ргæ азæ лдысты, фæ лæ цы бакодтаиккой! Йæ разы фæ ци иу зæ ронд ус, æ мæ уый уæ рджытыл йæ уд систа паддзах.

Мельхталь. Исбонæ й бафсис кæ мæ н нæ уа, уый ингæ н къахы йæ хицæ н цæ рдудæ й.

Штауффахер. Бæ стæ фыр тæ ссæ й кæ рæ й-кæ ронмæ æ мризæ джы ризы: хохы фæ ндæ гтыл маргъ атæ хæ н дæ р нал ис; алчи хъахъхъæ ны йæ зæ ххы арæ нтæ; фыдæ лтыккон Циурих марджытæ æ мæ тугисджыты тæ ссæ й йæ дуæ рттæ сæ хгæ дта, дæ с æ мæ ссæ дз азы цы дуæ рттæ нæ бассыдта, уыдон. Венгыры ус-паддзах, хæ стмаст Агнесæ, рараст ис æ д æ фсæ дтæ; хъоды бакодта сылгоймаджы фæ лмæ н зæ рдæ йы уагыл; уый ард бахордта, йæ фыды марджытæ й йæ туг кæ й райсдзæ н: сæ тъымы-тъымайы онг дæ р сыл кæ й нæ бацауæ рддзæ н, йæ маст кæ й исдзæ н сæ кусджытæ й дæ р ма, сæ цотæ й, сæ цоты цотæ й, йæ маст исдзæ н раст сæ хæ дзары дуртæ й дæ р. Ард хордта, æ гас бинонтæ й сæ йæ фыды ингæ ны кæ й ныккалдзæ н, сæ тугæ й йæ хи кæ й цæ хсдзæ н, уалдзыгон æ ртæ хæ й куыд æ хсай, афтæ.

Мельхталь. Паддзахы куы амардтой, уый фæ стæ алырдæ м ныххæ лиутæ сты, цæ мæ й кæ рæ дзийы цæ сгом мауал феной адзалы онг; Иоганн герцог та, дам, хæ хбæ сты йæ хи æ мбæ хсы.

Вальтер Фиурст. Се ’вирхъау хъуыддаг сын уæ дæ ницы пайда фæ ци. Маст райсынæ й фос ничима скодта; æ намонд, æ нæ хайыр, чъизи хъуыддаг у уый; мастæ н йæ райсын циндзинад вæ ййы, фæ лæ йæ чи райсы, уый та дзы æ рæ джиау фæ вæ ййы фæ смонгонд.

Штауффахер. Марджытæ н ницы пайда вæ ййы се ’взæ р хъуыддагæ й, фæ лæ дзы мах нæ сыгъдæ г къухæ й нæ хицæ н æ ртондзыстæ м тæ худиаджы дыргъ. Нæ уд кæ мæ й нал уыди, уыцы зæ рдæ марæ н тасдзинадæ й фервæ зтыстæ м: сæ рибардзинады знæ гтæ н сæ тæ ккæ тыхджындæ рæ н йæ зынг бахуыссыди æ мæ, куыд дзурынц, афтæ мæ й скипетр Габсбурджы мыггагæ й æ ндæ р искæ мæ бафтдзæ н. Имперы фæ нды, паддзах равзарыны бар адæ мæ н сæ химæ куыд уа, афтæ.

Вальтер Фиурст æ мæ ма бирæ тæ. Уæ дæ кæ й кæ нынц? Кæ й æ взарынц?

Штауффахер. Лиуксембург-графы, дам, æ взарынц адæ мæ н сæ фылдæ р.

Вальтер Фиурст. Имперыл сайдæ й кæ й нæ рацыдыстæ м, уымæ й хорз бакодтам: ныр рæ стдзинад фæ лгъауын æ дæ рсгæ уыдзæ ни нæ бон.

Штауффахер. Ног хицау бæ лвырдæ й дæ р йæ хицæ н агурдзæ н хæ лæ рттæ.

Хъæ ууон адæ м хъæ быстæ кæ нынц кæ рæ дзийæ н. Петерман æ мæ имперы уацхъуыдхæ ссæ г.

Петерман. Мæ нæ дын адон нæ дзыллæ йы намысджын хистæ ртæ.

Рессельман æ мæ ноджы бирæ тæ. Сымах та ма нын цы зæ гъинаг стут?

Петерман. Имперы уацхъуыдхæ ссæ г нæ м æ рбахаста чиныг.

Се ’ппæ т дæ р (баздæ хтысты Вальтер Фиурстмæ). Бакæ с нын æ й!

Вальтер Фиурст (кæ сы). «Швиц, Ур æ мæ Унтервальдены базонгæ цæ рджытæ н ацы чиныджы фыстæ й хорздзинæ дтæ лæ вар кæ ны Елизаветæ».

Бирæ йы дзурын. «Æ мæ мах уый къухы куынæ уал стæ м, уæ д ма йæ цы хъуыддаг ис махимæ?»

Вальтер Фиурст (кæ сы). «Стыр æ намонд хъуыддаг йæ сæ р баййæ фта уымæ н йæ мойы мардæ й; йæ зæ рдыл дары уый уæ уарзондзинад æ мæ уæ иузæ рдиондзинад».

Мельхталь. Амондджын цардæ й куы царди, уæ д дзы рох уыдыстæ м.

Рессельман. Сабырдæ р, кæ рæ й-кæ ронмæ йæ м байхъусæ м!

Вальтер Фиурст (кæ сы). «Æ мæ, йæ раст адæ ммæ йæ хи баздахгæ йæ, ныфс æ й ис уыдонæ й — æ наккаг марджытæ м кæ й смæ сты уыдзысты, уазæ г кæ й не скæ ндзысты æ взæ ргæ нджыты, фæ лæ сæ кæ й агурдзысты æ нувыдæ й, кæ й сæ ратдзысты тæ рхонмæ, Рудольф-паддзахы мыггаджы уарзондзинад æ мæ дзæ бæ хдзинæ дтæ сæ зæ рдыл даргæ йæ».

Адæ мæ н хъыг куыд уыди, уымæ гæ сгæ базмæ лдысты.

Бирæ йы дзурын. Уарзондзинад æ мæ дзæ бæ хдзинæ дтæ!

Штауффахер. Дзæ бæ хдзинæ дтæ лæ вæ рд уыдысты махæ н йæ разагъды фыдæ й; фыртæ й раппæ линаг ницæ мæ й стæ м. Цы бартæ нын лæ вæ рд уыди, уыдон нын не сфидар кодта, уый размæ паддзæ хтæ куыд кодтой, афтæ. Раст æ мæ хæ рамæ н хаста иу тæ рхон. Æ фхæ рд адæ мы фарс никуы фæ ци, сæ сæ рыл никуы сдзырдта. Минæ вæ рттæ йæ м æ рвыстам æ мæ сæ уый, æ гæ р-мæ гуыр, никуы бауагъта йæ химæ дæ р, нæ сæ м байхъуыста. Ницы хорздзинад дзы дарæ м нæ зæ рдыл; æ мæ, æ вæ дза, не ’хсарæ й нæ хи хъахъхъæ нын куы бафæ рæ зтаиккам, уæ д нын уый нæ феххуыс уыдаид. Уæ дæ ма йын арфæ та цæ й фæ дыл кæ нæ м? Бузныг дзы цæ мæ й фæ уæ м, ахæ м хъуыддагæ й ницы сарæ зта мах бæ стæ йы. Фæ лæ, раст зæ гъын хъæ уы, уыди йын фадат, цæ мæ й йæ баргонд адæ мтæ м кастаид, фыд йæ хъæ бултæ м куыд кæ сы, афтæ. Фæ лæ уый йæ арм дардта æ рмæ ст йæ хионтыл, æ мæ йыл уæ дæ хъыг дæ р уыдон кæ нæ нт.

Вальтер Фиурст. Йæ мардыл ын мах нæ фæ райдзыстæ м, стæ й не ’фхæ рдтæ нымайыныл дæ р не сбаддзыстæ м ацы ран. Фæ лæ нын хорздзинадæ й чи никуы ницы фæ ци, уый туг агурыныл дæ хи сифтындз, стæ й ма дæ зæ рдыл маст кæ мæ й нæ дарыс, уыдонмæ лæ бур, уыдонæ н фыдбылыз араз. Уый мах нæ сæ рмæ не ’рхæ сдзыстæ м, — сæ р та сæ рмæ хæ ссын хъæ уы. Уарзондзинадæ н та нæ й рафæ лгъауæ н — зæ рдæ вæ ндоны уаргъ у! Стæ й адæ ймаг, æ вæ дза, фæ цъынд и, афтæ йæ хæ стæ иууылдæ р ахицæ н вæ ййынц! Ныр мах дæ р хæ сджын нал стæ м.

Мельхталь. Хъарджытæ йыл кæ нæ д паддзахы хæ дзары йæ ус, мауал æ нцайæ д дзыназынæ й, уæ лæ рвтæ м йæ риу хойынæ й. Ацы ран ды уыныс, сæ уаргъ сæ уæ лæ кæ мæ н нал ис, уыцы адæ м. Уыдон дæ р сарæ зтой уæ ларвмæ сæ риутæ æ мæ йæ м æ рвитынц арфæ тæ. Рох не ’мбæ лы: тæ ригъæ д ын кодтой, зæ гъгæ, кæ й фæ нды, уый тауæ д уарзондзинад æ нæ вгъау!

Уацхъуыдхæ ссæ г араст.

Штауффахер (адæ мы ’рдæ м). Æ мæ нын Телль та уæ д цы фæ уа? Мах астæ у цæ уылнæ ис? Уый нын куы радта сæ рибар; уыйбæ рц нæ никæ мæ н нæ дæ р æ нтысгæ бакодта, нæ дæ р нæ исчи зындзинæ дтæ бавзæ рста. Æ фсымæ ртæ, уæ дæ йын цæ угæ уæ м йæ хæ дзармæ! Уыйбæ рц зындзинæ дтæ й кæ й руаджы фервæ зтыстæ м, мах уымæ н арфæ ракæ нæ м.

Се ’ппæ тдæ р араст вæ ййынц.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.016 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал