Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






ПУШКИНЫ ФÆЗ МÆСКУЫЙЫ






Хъызыд. Мæ хуыздæ р цин — дæ у фенын,

Нæ алвæ рсты тыфылтæ калдта уад.

Нæ цуры та лæ ууыд уырыссаг гени

Йæ пæ лæ зы — уæ нгуагъд æ мæ æ нкъард.

 

Цыдтæ мæ нæ й. Цæ ссыгамæ хст — дæ цæ сгом...

Цæ уыл ма дзурæ м, уый бæ рæ г нæ уыд:

У не ‘намондыл дун-дуне æ вæ смон,

Нæ амондыл, бæ гуы, нæ цыди дзырд.

 

Æ мбæ рстон æ й: фæ свæ д ныхæ стæ, хахуыр,

Дæ у баййардтой. Цы уыд мæ бон зæ гъын! —

У а хъуыддаг нæ адæ мтæ н сæ ахуыр,

Сæ къахайстау ыл нал хъуыды кæ нынц.

 

Æ мæ хъызыд. Рæ хуыста уад йæ арцæ й.

Бæ рзонд поэт хъуыдыдзастæ й лæ ууыд.

Нæ зыдтон æ з, кæ мæ н нæ кодта уайдзæ ф

Дæ уæ й, мæ нæ й? — Фæ лæ цы уыд, уый уыд!

 

Мæ нæ й та уæ д уыди æ ппæ тдæ р рохы,

Поэт лæ гмар куы нæ вæ ййы, бæ ргæ,

Фæ лæ цыдтæ н дæ хорзы номыл тохмæ —

Цæ ргæ уа йе — мæ лгæ!

2. АЛАНТÆ

Æ рдз нызмæ лыд фæ дисхъæ рæ й, —

Дурты расхуыста хох, —

Уый алантæ сæ хистæ рæ й

Сидтау айхъуыстой: тох!

 

«Тох! Тох!» — азæ лыд быдырты,

Кæ рдтæ ферттывтой рог,

Тагъд ызнæ гты сæ ркъуыдыртыл

Калдзæ н рухс цæ ссыг бон.

 

Æ мæ фесхуыстой хуссæ ртты:

«Лæ уу фæ стæ дæ р, æ рдхорд!»

Зæ хх сын фехсы сæ дугъæ тты,

Стæ й сæ ацахсы ног.

 

Гъæ тт, кæ дæ м тырныс, сахъ хæ стон,

Нæ у дын уа-зынаргъ цард? —

Уæ д дæ хибар, æ нкъард къæ сы

Чи ыссудздзæ нис арт?..

 

Хивæ нд — уый у æ рвондзæ дис,

Сахъ иронæ н — йæ фæ тк...

Цас поэттæ ныццагъды ис

Уыцы сау хæ сты уæ д!

 

Ныр дæ кой дæ р куы нал хъуысы,

О мæ фыдæ л, мæ туг!

Æ ви афтæ дæ сау къæ сыл

Хинæ й разылди дуг?..

3. ПУШКИНМÆ

Ужасная судьба отца и сына —
Жить розно и в разлуке умереть.

М. Ю. Лермонтов

Æ з дæ карæ й фæ хистæ р дæ н,

Фарн дæ м бадзурæ д, цардхæ рæ фырт! —

Ныр мæ рдтыбæ сты диссагæ н

(Уый нæ зыдтай) мæ дзырд

 

Ды кæ сдзынæ... Ехх, барджынау,

Цæ ссыг ахсы мæ хъуыр:

О, ирон туджы дадзинтæ,

О, нæ уды мæ гуыр!

 

Дуне афтæ æ вæ лмон у:

Амонд — цæ хх æ мæ дзул!..

Нал фыд зоны йæ хъæ булы,

Нал йæ фыды — хъæ бул.

 

Иунæ г туг ма нæ фæ цуды,

У историйæ н куырд.

Байрай, гъе уæ дæ, сау лæ ппу,

Уаз ирон мады фырт!


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.007 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал