Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






МÆ АДÆМÆН






Мæ н нæ фæ нды, уæ фæ тк уа,

Уæ ныхас æ мбарын:

Нæ уын фæ дæ н хорзæ н —

Ныббарут!..

Мæ ацыды бон-иу, тæ рккъæ вда

Куы уара,

Уæ д, курын —

Хъæ рæ й-иу ныззарут!

Цы уыди, цы нæ уыди,

Уыдæ ттæ, оххай,

Уыдысты

Цыбыр царды койтæ.

***

Уæ дæ ма цæ уыл у мæ маст,

Мæ зæ рдæ та бары

Æ гуыдзæ г, фыдлæ джы хъæ рахст, —

Йæ фæ ллæ йттæ уары!..

 

Кæ м нæ у дзырдарæ хст, уæ ндон, —

У ницыйæ исты!..

Рæ стæ й йæ м ысдзырдтай, уæ д зон,

Хъуын нал уадзы хъисыл.

 

Æ з аудын ууыл — у Лæ г!

Нæ у аив дæ кары

Тæ ппуд ми, æ дылы, хæ лæ г

Цыфæ нды бынаты.

 

Фæ лæ йын ныккæ нæ н кæ м и

Йæ судзгæ фæ лдыстæ н?

Йæ фæ рцы æ з адæ мæ н дæ н

Фæ свæ дæ й æ лгъыстаг!

ЗÆ РДÆ ЙЫ ХЪУЫДЫТÆ

Рæ сугъддæ р амонд нæ й лæ гæ н,

Куы уа йæ аивад йæ артдзæ ст,

Кæ м нæ у тæ ригъæ ддаг, уæ вгæ, —

Фæ хонынц æ й хъæ батыр, дардцæ ст.

 

Фæ лæ йыл раскъæ рынц, бæ гуы,

Фæ свæ дæ й дам-думтæ уа, койтæ

Æ мæ ныффæ ллайы, мæ гуыр, —

Нæ йыл кæ лы, фæ рныгау, сойтæ

 

Цæ угæ царды... Æ мæ та ног,

Уæ ддæ р у адæ мæ н сæ хъæ бул,

Ныр мæ нæ баххæ сти йæ цонг

Фæ ндонхорзмæ, уæ д цард фæ къул и!..

 

Цæ мæ бæ ллыс? Поэты кадмæ?

Æ мæ дзы уа-диссаг цы ис:

Фæ литой дæ — цæ рдзынæ адæ н,

Ды та-иу бауром дæ рис!

 

О, нæ, йæ царды рухс нæ фæ уы,

Цынæ тæ йæ м кæ нынц хæ лæ г,

Фæ лæ, æ гæ р-мæ гуыр, куыд кæ уа

Йæ цин уа, йе ‘намондыл лæ г!..

***

Æ рвон рухс мын дæ удæ й кодта рухс.

Æ з ахæ стмæ цыдтæ н,

Ды та æ нкъардæ й

Мæ уазал былтыл авæ рдтай дæ рус,

Æ мæ ма хъуысти амонды хъæ р дардæ й.

 

Æ мбæ хстай алцы ды...

Æ з дæ р, мæ гуыр,

Кæ м нæ зыдтон Хуыцауы раз мæ рæ дыд,

Æ мæ ма иу: нæ хицæ ны рад ныр

Рæ стæ гмæ — нæ, æ нусбонтæ м ныллæ ууыд.

 

Æ рыздæ хтæ н, уæ д айсысы нæ цин,

Æ мбæ хсæ м-ма — фыдхахуыртæ й уа, хъустæ й —

Кæ рæ дзи мах нæ адæ мы фæ рцы:

Дæ лæ гæ й — ды,

Æ з та — мæ усæ й!


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.013 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал