Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






ФÆСМОН






Ныйирд и бон. Нызмæ лыд хъæ д,

Сæ цъиу-цъиу нал æ нцайы мæ ргътæ н...

Цæ й, гъа, цы уа, гъеуый та уæ д —

Мæ нæ н дæ р барухс и мæ зæ рдæ.

 

Ды ацыдтæ. Дæ фæ стæ ма

Нæ урс къада тыдта йæ рустæ:

Лæ гæ н хуыздæ р къæ сæ р кæ м уа,

Гъеуым ын у цæ ргæ æ нустæ м, —

 

Уый зоны алчи дæ р. Фæ лæ

Нæ у цард уæ ливыхты къæ ристæ й,

Дæ уд — рæ сугъд æ мæ фæ лмæ н —

Уыдтæ мæ цин, мæ уарзт, мæ риссаг.

 

Фæ хастай, рог зæ дау, дæ хи,

Кæ угæ -кæ угæ, æ цæ гæ лонау,

Мæ сонт къæ сæ й. У цард фыдхин, —

Лæ джы зынтæ н сæ ттын нæ комы.

17. 01. 96

***

Æ з куы ацæ уон, гъеуæ д мыл

Сæ цæ ссыгтæ калдзысты

Мæ сираг æ фсургъ уа, мæ уарзон чызг...

Мæ мад мыл нæ кæ удзæ ни, уымæ н

Нæ уыди кæ уинаг йæ хъæ бул.

Мæ ус дæ р ыскæ ндзæ ни саутæ

Æ фсоны-æ фсæ нттæ й;

Мæ фыд — уый цынæ зынтæ зоны

Йæ хæ сты быдырæ й,

Æ мæ йæ м нæ кæ сдзæ ни диссаг

Мæ уды фæ стаг бон;

Мæ хæ лæ рттæ? — Уыдон мæ ацыд

Нæ уырндзæ ни — зонын,

Кæ д ма мæ æ рымысой искæ д,

Уæ д уыцы афонты

Мæ нæ н хъарм кæ ндзæ н ингæ н

Мæ хырыз ыстджытæ.

ХОХАДЖЫ НЫХАС ХУЫЦАУИМÆ

Хъазгæ мхасæ н

О, худæ г мæ м кæ сыс, Хуыцау,

Лæ джы ысулæ фын нæ уадзыс, —

Æ з дæ р дын кувин, фæ лæ, ау,

Цы хорз кæ ныс, гъеуый-ма радзур!

 

Нæ уаз фыдæ бæ ттæ, нæ зын,

Фæ лдисæ гау, ысты дæ цинаг:

Фæ сайы мах, мæ гуыр, нæ фын,

Æ мæ та афтид у нæ рифтаг.

 

Рæ сугъд, æ рвон рухсау, нæ цард,

Цы уд нæ кæ ны уымæ й сомы,

Фæ лæ дзы нал хæ рын æ з ард,

Дæ уæ й дæ р ницы хорзæ х домын.

 

Кæ м нæ й нæ хохрæ бынты сой, —

Хуычъы, хъæ бæ рхорæ й — мæ дзултæ,

Æ мæ мыл уадз æ мæ кæ сой

Мæ йтæ уа, хуртæ.

30. 01. 96

ХУДÆ ДЖЫ Æ МДЗÆ ВГÆ

Уæ д æ рсæ рфта йæ боцъо

Хаджеты Таймураз

Æ мæ загъта: цæ угæ мын у ныр! —

Кæ д рæ стмæ уа мæ фæ ндаг,

Кæ ндзæ ни мыл хур аз, —

Науæ д афтæ: мæ гуыр у мæ гуыр!

***

Æ з дæ у равзæ рстон ме ‘намонд уарзты фæ стæ,

Рæ сугъд дæ, фæ рдыгау, æ рттывдтытæ калыс,

Дæ цæ стытæ — хохаг цъæ х цадау... Сæ алварс

Ныззоныг ысты, нæ зхъæ дау, дæ къæ лæ т æ рфгуытæ.

 

О, хатыр фод. Дæ уимæ къæ мбыртыл цæ угæ йæ,

Æ з мысын æ ндæ ры... Мæ хивæ ндæ й ма мæ н фæ нды

Мæ рагбонтæ растын кæ нын æ мæ, чи зоны, искуы,

Кæ й уарзтон, гъеуымæ дæ р,

Дæ у фенгæ йæ, сагъæ с æ рхъара.

 

Мæ царды фæ ндæ гтыл æ з раст лæ гæ й зонын мæ хи.

Хызта-иу мæ хион-æ ддагонæ й алчи йæ хи, —

Æ гуыдзæ г æ ррайау.

Дæ уæ н та мæ фенд у дæ рагуалдзæ г æ мæ дæ цин,

Æ мæ дыл цæ уын æ з

Мæ нгард æ мæ хинæ й.

 

Мæ раст уд — хуымæ тæ г: уыд хус къæ цæ л,

Баппар æ й арты,

Æ мæ дын ныггуыпп кæ ндзæ н — рухс æ мæ

Хъарм у дæ къона, фæ лæ уый — рæ стæ гмæ.

Хуылыдз суг та бирæ фæ судзы,

Фæ лæ

Йæ фæ здæ гæ й ныхгæ ны нæ улæ фæ нтæ,

Нæ рухс кæ ны никуы.

Ды ахæ м лæ ппумæ тырныдтай фæ цæ уын чындзы,

Уæ д цы кæ ныс, мæ фынты рæ сугъддæ р,

Æ гуыдзæ г зæ рондæ й?..

Æ рцу-иу Къуыдармæ, æ мæ дын уæ д ард хæ рын,

Нæ дун-дуне Иры къæ сæ рыл кæ й фæ уд кæ ны,

уымæ й...


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.008 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал