![]() Главная страница Случайная страница КАТЕГОРИИ: АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника |
УÆЛМÆРДЫ
Ам хуыздæ рты уæ лмæ рд у, зон æ й! — Æ рцахста сæ се ‘нусон фын, Сæ ингæ ны къæ йты бын, оххай, Ныгæ д у сæ бæ ллиц, сæ ныфс.
Ныр уыдоны, цардмæ бæ лгæ йæ, Сæ раздахын бауæ д дæ бон, — Сæ рибары артуд дымгæ йæ Ысулæ ф хæ сты размæ ног...
Йæ цæ ст нын куы уарзид хъысмæ тæ н Хъадамантæ аппарын, уæ д, Дæ лбартæ нæ скæ на ног — зæ дтæ н Нæ бантысид никуы сæ фæ нд!
Фыдгæ нæ джы цæ сгомыл хъазы Уæ лахиз... Йæ номыл — гуыпхъазт... Æ гаддæ р нæ й кадæ й, чи разынд Цæ гъайраджы цæ ссыгтыл хаст!
Хуыздæ р у уæ д ахæ ст йе ингæ н, — Кæ м хуыссынц нæ хъулон фырттæ, — Дæ намыс, дæ кад уа — дæ хицæ н Кæ й фæ кодтай мингай цырттыл!.. Джон Китс *** Куы фæ тæ рсын, æ рхæ стæ г ис мæ лæ т, Æ мæ мæ сис æ рхаудзæ нис мæ къухæ й, Нæ хордонмæ куы нæ бахауа уæ д Зæ фцыфыдæ й, цы хор байтыдтон, уымæ й;
Куы фенын изæ р стъалыты рæ дзагъд, — Нындзыг вæ ййы фырадæ ргæ й мæ зæ рдæ. Нæ бамбæ рстон бæ рзонд хорзæ н йæ ад, Нæ дæ р æ й искуы ‘мбардзынæ н — æ взæ р дæ н;
Æ нкъарын æ з, æ рдзон мæ лæ т йæ рады Мæ риссаг риуæ й атондзæ н дæ сурæ т, — Уæ д уарзты намыс нал иу кæ ны мах, Уæ д иунæ г æ з æ рвон тыгъдады былыл
Лæ ууын æ мæ хъуыды кæ нын: Ныргъæ встысты нæ Кад уа, йе нæ Уарзт. ГРЕКЪАГ АДÆ МОН ЗАРДЖЫТÆ Й СКИЛЛОДИМ [5] Æ хсæ вæ р кæ нынмæ цъæ х нæ ууыл æ рбадт Скиллодим. Йæ фарсмæ та — уацайраг, дзагдарæ н бадти Иренæ. — Æ ркæ -ма мын, сау рæ сугъд, дар мын сæ урайсоммæ сæ н, Гъестæ й уæ д фæ цу поликартимæ [6] д’ артдзæ ст, дæ къæ смæ. — Æ з цагъайраг нæ дæ н, цæ мæ й дын сæ н кæ нон, О Дим, Æ з архонты[7] чызг дæ н, стæ й йæ усаг хъæ батыр Проестæ н[8]. Уæ д сæ умæ йæ сæ разы дыууæ фæ ндаггоны фæ зынд, — Æ нæ даст — дыууæ йæ дæ р, цæ сгæ мттæ сау-сауид дарынц; Скиллодиммæ æ рбацæ уынц æ мæ йын ракæ нынц арфæ: — Уæ нт дæ райсомтæ хорз, Скиллодим! — æ мдзыхæ й ысдзырдтой. — Дзæ бæ хтæ мын ут! Фæ лæ чи стут? Кæ цæ й у уæ фæ ндаг Йе, фæ ндаггон цæ мæ й зоны, æ з Скиллодим кæ й дæ н, уый? — Скиллодимæ н салæ мттæ хæ ссæ м йæ уарзон æ фсымæ р Спиросæ й. — Ау, мæ уарзон æ фсымæ р! Æ мæ йæ, мæ хуртæ, кæ м федтат? — Мах æ й федтам Янины, дзынæ зта æ нуд тæ фмæ хъоргъы. — Æ фсæ н хъадамантæ й уыд баст уый йæ къухтæ й йæ къæ хтæ м. Ныббогъ кодта уæ д Скиллодим, йæ сæ р хойгæ, лидзæ г фæ ци. — Фæ лæ уу, Скиллодим! Æ фсымæ рæ й лидзыс, нæ балхон? Ау, нæ мæ базыдтай? Æ рцу-ма, ныхъхъæ быс дын кæ нон! Дыууæ æ фсымæ ры кæ рæ дзийы базыдтой уæ д, Фæ кодтой сæ уæ хсчы тъæ ппытæ й кæ рæ дзийæ н пъатæ, Рустæ й цæ ссыг æ рсæ рфы тызмæ г Скиллодим æ мæ дзуры: — Цæ й, æ рбад-ма, мæ мадызæ нæ г, æ мæ тагъдгомау радзур: Кæ д, йе цавæ р уавæ рты фæ лыгъдтæ Албайнаджы къухтæ й? — Иу фыдæ хсæ в æ з атыдтон, сонтау, мæ хъадамантæ, Ныссастон мæ ахæ сты рудзынг, æ ргæ пп кодтон зæ хмæ, Мæ нæ иу бæ лæ гъ — донбыл, цæ ргæ сау ыл бахстон мæ хи. Ныр æ ртæ боны рацыд, куы схызтæ н нæ сæ рибар хæ хтæ м. КЛЕФТЫ ФÆ СТАГ ХÆ РЗБОН [9] Ныссæ рбын кæ, басхой-иу доны уылæ нтæ м дæ хи, Сæ уæ лæ -иу аппар дæ уæ нгтæ, бæ лæ гъы фыййæ гтау Уæ д — размæ... Дæ коммкоммæ иу бæ рзонд был, Фæ хæ ццæ уыддзынæ ды уырдæ м дæ хъаруйы фæ рцы. Æ мæ кæ д — хуыцауæ й уа, зæ дтæ й — ды арфæ йаг уай, Фæ рниаг уыдзæ ни нæ хæ стон æ мбæ лттæ н дæ фæ ндаг — Æ мбырд-иу кæ м кодтам, кæ м нæ рыд рæ сугъд зард, хъæ ртæ, Кæ м-иу байдзаг зæ рдæ рæ дауы зынгæ й æ мæ цинæ й. Бæ гуы, уым фæ рсдзысты мæ хæ лæ рттæ: уый та кæ м ис? Фæ лæ -иу сын ма зæ гъ: мнæ йуыйыл рухс бон нытталынг! Зæ гъ-иу, уый, дам, ракуырдта дард бæ сты ус: Æ намонд лæ гæ н, дам, ныр сау зæ хх йæ бинойнаг ссис, Йæ усы мад — уазал къæ й, Æ фсымæ рæ н — судзгæ æ хсон дур! Генрих Гейне *** Денджызы быгъдæ г къæ сæ рыл Тар æ рæ нцад. Дон хъæ рзы, Мæ й ныррухс кæ ны йæ сæ рмæ, Уылæ н уылæ ны фæ рсы:
— Чи у а æ нахуыр уазæ г, Уарзты къахыл кæ д лæ ууы Йе æ дылы у: куы — хъазы Урс тыччытæ й, куы — кæ уы?
Мæ й сæ м хиндзæ стæ й ныккасти: — Диссаг уæ м кæ сы йæ фенд? — Уый æ дылы у фыруарзтæ й, Иннæ ахæ м та — поэт!.. *** Ныддæ вдæ г мæ кодтой, уæ ууæ й, Мæ цæ сгом — фæ лурсдæ р мæ лæ тæ й, — Сæ иутæ — сæ уарзты фæ рнæ й, Уæ д иннæ тæ — знаджы кæ лæ нтæ й.
Марг кодтой мæ къæ бæ р, мæ цæ ххыл, Мæ донæ й мын баназæ н нæ й: Сæ иутæ — ызнаджы фыдæ хæ й, Уæ д иннæ тæ — уарзты фæ рнæ й.
Æ мæ сæ æ ппæ ты рæ сугъддæ р Цы чызг уыд, æ рвонау, — фæ лмæ н, Мæ номыл уый хаста йæ уд дæ р, Фæ лæ... Уый нæ бауарзта мæ н! Адам Мицкевич БУДРИС Æ МÆ ЙÆ ФЫРТТÆ Ис æ ртæ фырты Будрисæ н: уæ нгтæ — дурнад куыристæ, Мæ нæ рацыд æ мæ сæ м фæ дзуры: — Цæ й, хъæ бултæ, — уæ бæ хтæ м, уæ нт цыргъыссад уæ кæ рдтæ, Растут дард балцмæ абон, мæ хуртæ.
А дзырд суссæ ггаг нал у. Ныр æ ртæ бæ стæ м хъуамæ Вильнæ й ацæ уой исагур хæ стмæ. Паз — поляктæ м, уæ д Ольгерд — гуымыдза пруссагтæ м, Хивæ нд Кестут — Уырысы къæ сæ рмæ.
Стут æ взæ нгтæ, хъæ батыр, хæ сты ма кæ нут хатыр, (Фонт уæ фарсмæ литоваг хуыцæ уттæ), Стут æ ртæ æ мæ мæ нæ æ ртæ раст фæ ндаджы Ис уæ разы, цæ ут сыл æ мвæ ндæ й.
Суг-иу бафтæ д дæ артыл бæ рзонд Новеграды, Ды — сæ хистæ р — фæ тагъд кæ Уырысмæ. Сты сæ устытæ — артдзæ ст, сты сызгъæ ринæ й арæ зт, Уым мæ гуырæ н нæ тыхсынц йæ рыстыл.
Иннæ афтæ д пруссагтæ м, уым æ нæ мæ нгæ й, уастæ н, Лæ г ыссары æ ппæ тдæ р æ мбойны. Уым цы нæ ис — æ хцайæ йе ысгæ ллад хъуымацæ й, Йе та дзиндзи-янтарæ й, мæ боныл.
Ды — мæ кæ стæ р фырт — ляхтæ м фездах уайтагъд дæ бæ хы, Уым нæ й уа-диссаг ницы хæ знайæ. Хорз æ ндон ис сæ кæ рдтæ н, фæ лæ мын æ нæ мæ нг Иу чындзаг ды фæ кæ н-иу дæ разæ й.
Нæ й рæ сугъддæ рæ й ницы уыцы чызгæ н йæ хицæ й: Хъæ лдзæ г, худаг, раст пецы раз — гæ ды. У йæ цæ сгом — сырхуадул, урс йæ уæ нгтæ — æ хсырау, Сты йæ цæ стытæ судзгæ цырæ гътæ.
Æ з куы уыдтæ н æ взонгдæ р, — уый, мæ райстбавæ рд бонты, — Иу полякаг чызг равзæ рстон усæ н, Æ мæ гъеуæ дæ й ардæ м мæ нæ а къæ сæ й дардмæ Уыцы зæ хмæ æ рхуымæ й фæ кæ сын.—
Фырттæ загътой хæ рзбонтæ æ мæ асхуыстой тохмæ. Бон-изæ рмæ сæ м касти зæ ронд лæ г. Нæ й сæ иу зынæ г никуы, зæ рдæ сонтау нынниуы, Цæ й, фæ мард ысты, — загъта, — мæ зæ нæ г.
Мит, æ рвгæ лæ гау, уары. Мæ нæ разыны барæ г. Уаргъ йæ фæ сарц нымæ тæ й æ хгæ д у. «Цæ й, цы дæ м ис уый, гъа-ма? Кæ д æ хцатæ уой хъуамæ», — «Нæ, мæ фыд, уый полякаг рæ сугъд у».
Мит æ нæ вгъауæ й уары. Ног та февзæ рди барæ г. Минас ауад Будрисæ н йæ фындзыл: «Цæ й, цы уыдзæ н дæ фæ сарц? Кæ д нывæ фтыд ысгæ ллад? « «Нæ, мæ фыд, — уый дæ хъæ бул, дæ чындз у».
Мит æ нæ нцойæ уары. Разынд æ ртыккаг тары. Сау нымæ ты йæ пайда æ мбæ хсы. Будрис нал дзуры ницы, фæ лæ хоны фырцинæ й Ныр æ ртæ чындзæ хсæ вмæ хъæ убæ сты. Леопольд Стафф МÆ ГУЫР ЛÆ ДЖЫ КУЫВД ХУЫЦАУМÆ Æ нæ рай, уæ гъдæ ппæ рст ныхæ стæ й, Хуыцау, Æ з кувын дæ умæ... О, нæ дæ федтон никуы, Фæ лæ -иу мæ гуырмæ ды ма æ рхæ сс фау, — Дæ фæ лдыст у дуне: рæ суг дон уа, цъиуæ й.
Мæ нмæ иу хæ рæ г ис. У мæ дарæ с лæ зæ рд, Уый къæ рныхы нæ бафтаудзæ н дистыл, Фæ лæ алыгъди хур, уæ д мæ артдзæ ст — лæ гæ т, Урс дон дзулимæ — уый у мæ минас.
Ферох кодтай ды мæ н æ мæ — табу дæ хицæ н! — Иунæ г хорзæ х дæ курын: мæ хæ рæ джы аууон Бауадз улæ фын мæ н. Æ з дæ хæ рзтæ й — сæ рибар,
У мæ пайда — рæ сугъд бон, сыгъдæ г арв — мæ цинаг, Стæ й дыууæ хорзы царды — мæ уды фæ ндиаг: Уый — мæ хауæ ггаг цард, стæ й — гæ взыччы сæ рибар. Шандор Петефи
|