Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Хæтгары бинонты сæфт






Хæ тгар иугæ ндзон хæ тæ нты хатти, иуахæ мы та фæ цыди кæ дæ мдæ р æ мæ йын йе ’рцыдмæ Тутыры номыл галы адавдæ уыд. Давгæ йæ Тутыр йæ хæ дæ г акодта. Æ ртæ гуымир æ фсымæ ры йын зонгæ уыдысты, уыдонмæ галы ныккодта æ мæ сын зæ гъы:

— Ацы гал мæ номыл нывонд у. Хæ тгар мын æ й байста æ мæ йæ хъахъхъæ нут.

Хæ тгар йæ хæ тæ нæ й æ рцæ йцыди æ мæ йыл йæ галы давды хабар сæ мбæ лди. Фæ маст кодта бæ ргæ, исдуг йæ хи æ рсабыр кодта æ мæ та ногæ й хæ тæ нты ацыд, фырмæ стæ й йæ разы чи фæ вæ ййы, уыдоныл йæ тых бакалы. Стæ ры цæ уыны размæ йæ усы бафæ дзæ хста:

— Ме ’рцыдмæ мæ авд фыртмæ дæ хъус дар, тагъд дæ м зындзынæ н.

Хæ тгар араст и, йæ хицæ н зæ гъы:

— Ныр цæ угæ кæ нын, фæ лæ кæ дæ м? Уæ д та мыл исты æ рцыди, уæ д мæ кæ м агурдзысты Царциатæ, кæ нæ мæ фырттæ? Ехх, цæ уон уæ ддæ р! Цард æ мæ мæ лæ т кæ рæ дзи сурынц, уыдон фыдæ хæ й зæ ххон адæ м та сырх зынгæ й судзынц.

Цас мæ мард дарддæ р уа, уыйас хуыздæ р.

Цæ уы Хæ тгар æ мæ уыны диссаг: æ ртæ гуымир æ фсымæ ры бадынц, ныхас кæ нынц æ мæ ныхас быцæ умæ цæ уы, сæ иу зæ гъы:

— Цымæ айк раздæ р фæ зынди æ ви карк?

Иннæ зæ гъы:

— Цымæ дон раздæ р фæ зынди æ ви зæ хх?

Æ ртыккаг зæ гъы:

— Цымæ бон раздæ р фæ зынди æ ви æ хсæ в?

Сæ фæ рстытæ н сæ хæ дæ г дзуапп дæ ттынц, фæ лæ нæ фидауынц: чи дзырдта айк раздæ р фæ зынди, фæ лæ йæ уæ д чи æ рæ фтыдта; чи дзырдта зæ хх раздæ р фæ зынди, фæ лæ йæ м уæ д дон чи рауагъта; чи дзырдта бон раздæ р фæ зынди, фæ лæ уæ д æ хсæ в кæ цæ й æ рхастæ уыди?

Хæ тгар сæ м бацыди æ мæ уымæ н сæ быцæ уы хабар ракодтой. Хæ тгар сæ фæ рсы:

— Æ з æ й куы базонон уæ фарсты, уæ д мын цы ратдзыстут?

— Ратдзыстæ м дын Тутыры номыл нывонд цы гал уыди, уый. Авд ивазны йæ дæ ргъ у, æ ртæ ивазны — йæ уæ рх.

Хæ тгар ахъуыды кодта, зæ гъгæ, Тутыры номыл нывонд гал мæ нмæ куы уыдис, уæ д æ й адонмæ чи æ ркодта? Фæ рсы сæ:

— Мæ мады æ рвадæ лтæ й стут, фæ лæ -ма зæ гъут, нывонд галы уæ м чи æ ркодта?

— Тутыр йæ хæ дæ г, — зæ гъынц гуымиртæ.

— Хорз уæ дæ, æ лутон нуæ зт бакæ нæ м нырма æ мæ уæ быцæ у цæ уыл у, уый дæ р базондзыстæ м.

Нуазæ нтæ систой, æ гæ р куы нуæ зтой, уæ д иу гуымир зæ гъы:

— Нозт фыдбылыз у, дуне бахæ рдзæ н, уый æ дзæ сгомæ й арвы дуар дæ р сæ рæ й бакæ ндзæ н.

Дыккаг гуымир дæ р зæ гъы:

— Нуæ зтæ й иу сыкъа — цардæ н у фæ дзæ хст, дыккаг та — арфæ, фæ лæ æ ртыккаг — æ рхæ сдзæ н мæ лæ т.

Æ ртыккаг гуымир зæ гъы:

— Фыццаг сыкъа у зæ рдæ йыл хæ цæ г, дыккаг — расыгæ н, а æ ртыккаг та — фыдбылыз хæ ссæ г.

Хæ тгар сæ м уæ д дзуры:

— Æ лутонæ й расыг кæ ны зындонмæ: цыфæ нды кæ най, нæ бакæ сдзæ ни дæ зонд, дæ коммæ.

Нал фидыдтой гуымиртæ, барасыг сты. Хæ тгар сæ ноджы кæ рæ дзийыл ардауы, иуæ н зæ гъы: «ды раст дæ», стæ й иннæ мæ н зæ гъы: «нæ, ды дæ раст». Уый фæ стæ æ ртыккагæ н зæ гъы: «Нæ, ды бынтон раст дæ». Уæ д сæ иу фæ зæ гъы гуымиртæ й:

— Ау, рæ дийын?

Дыккаг дæ р бакæ ны:

— Æ мæ æ з рæ дийын?

Æ ртыккаг дæ р фæ зæ гъы:

— Æ гæ р, æ з кæ м рæ дийын?

Уыйадыл æ ртæ гуымиры схыл сты æ мæ кæ рæ дзи амардтой. Хæ тгар дзы иуы хъустæ ралыг кодта æ мæ сæ иннæ йы дзыхы батъыста. Дыккаджы фындз ралыг кодта æ мæ йæ æ ртыккаджы дзыхы бавæ рдта.

Хæ тгар сыл фæ худти, ныууагъта сæ, йæ галы ракодта æ мæ Царциатæ м рацыд. Царциаты донуадзæ ны тæ вд гал доны æ рхуыссыди æ мæ дон ныццауæ зта. Царциатæ фæ фæ дис сты. Уынынц сæ дондзæ уæ ны Хæ тгары гал ныххуыссыди. Царциатæ зæ гъынц:

— Дæ галы акæ н, Хæ тгар, дон сцад ис æ мæ нæ ласдзæ ни.

Хæ тгар сæ м дзуры:

— Нуæ зтджын дæ н æ мæ мын æ хсыр бадарут.

— Ныр дын цалынмæ æ хсыр хæ ссæ м, уæ дмæ Царциатæ донласт фæ уыдзысты. Иу сыхы нæ фесафтай дæ усы аххосæ й, ныр та нæ дæ галы аххосæ й сафыс?

Хæ тгар фæ мæ сты, галы сыкъатæ м фæ лæ бурдта, дон ракалди æ мæ Царциаты раласта. Царциатæ йæ м дзурынц:

— Фервæ зын нæ кæ н, Хæ тгар, нæ хъуццытæ дын ратдзыстæ м æ мæ бануаз æ хсыр, цас дæ хъæ уы, уыйас.

Хæ тгар галы йæ сыкъатæ й фелвæ ста, зæ ххыл æ й фæ кодта æ мæ ауæ рм ис, дон уæ рммæ калди æ мæ йæ тых фæ састи. Дыккаг ран æ й ныццавта галы æ мæ ног уæ рмæ й зæ хх аззади, уæ д доны тых тынгдæ р æ рсасти. Æ ртыккаг ран дæ р галы зæ ххыл ныццавта æ мæ та зæ хх ауæ рм ис, доны тых бынтон асасти. Царциатæ зæ гъынц:

— Хæ тгары тыххæ й та сæ фтыстæ м, исты йын бакæ нæ м.

Маммийы бафарстой æ мæ сын уый загъта:

— Йæ химæ йын ма февналут, ницы йын кæ ндзыстут, фæ лæ фондз сыхы стут, алы сых дæ р ын йæ лæ ппутæ й иуы амарæ д.

Царциатæ м уый хорз фæ ндон фæ касти. Хæ тгар йæ галы сæ ргæ вста æ мæ йæ усæ н зæ гъы:

— Цæ уын балцы, ацы гал уал уын фаг уыдзæ ни.

Хæ тгар фæ цыди хæ тæ ны. Царциаты фыццаг сых бацыдысты æ мæ Хæ тгары авд фыртæ й иуы ракодтой æ мæ йæ цардæ гасæ й къæ дзæ хыл бабастой. Лæ ппу йæ уд уым систа, амарди. Уæ д дыккаг сых дæ р бацыдысты Хæ тгары хæ дзармæ æ мæ дыккаг лæ ппуйы рахастой, иу бæ ласыл æ й сауыгътой, æ мæ йæ уд уым систа. Æ ртыккаг сых дæ р бацыдысты, Хæ тгары зæ нæ гæ й иуы ракодтой, хохы цъуппыл æ й бабастой æ мæ уый дæ р йæ уд уым систа. Цыппæ рæ м сых дæ р иу лæ ппуйы рахастой, иу айнæ гыл æ й байтыгътой æ мæ уым амарди. Фæ ндзæ м сых бацыдысты æ мæ ракодтой Хæ тгары фырттæ й иуы æ мæ йæ доны был дурты бын бакодтой, уым амарди. Уæ д фондз сыхы дзурынц Маммимæ:

— Хæ тгары зæ нæ гæ й иуы ды дæ р исты фæ кæ н, кæ ннод азым махыл бады.

Мамми дæ р Хæ тгары зæ нæ гæ й иуы рахаста, цады йæ ныппæ рста æ мæ уым амарди. Хæ тгарæ н ма баззади иунæ г лæ ппу Хæ тæ го. Царциатæ Хæ тгары усы бафæ дзæ хстой:

— Дæ лæ гæ н исты куы зæ гъай, уæ д дæ амардзыстæ м. Куы дæ фæ рса йæ цæ уæ тæ й, уæ д-иу зæ гъ: «Дæ агурынмæ фæ цыдысты æ мæ нырма нæ зынынц».

Усæ н дæ р цы йæ бон уыди æ мæ сразы ис, зыдта Царциаты фыдмитæ.

Уалынмæ Царциатæ æ рцыдысты æ мæ Хæ тгар дæ р семæ. Хæ тгар сæ химæ бауади, фæ рсы йæ усы:

— Мæ зæ нæ г кæ м сты? Цы хуызæ н мæ м кæ сыс, нæ дын кæ уыны уынд ис, нæ худыны уынд, нæ æ нкъарддзинады уынд.

— Дæ зæ нæ г дæ агурæ г фæ цыдысты, кæ д дзы исчи фесæ фти, уæ д кæ удзынæ н; кæ д дзы исчи уæ ззау раны ис, уæ д æ нкъард кæ ндзынæ н; кæ д ма дзы исчи æ гас у, уæ д худдзынæ н.

Хæ тгар ницыуал загъта, зæ гъгæ, фæ зындзысты мæ фырттæ. Баизæ р и, уæ ддæ р нæ зындысты Хæ тгары æ хсæ з фырты. Уæ д Хæ тæ го дзуры йæ фыдмæ:

— Дæ фыртты мауал агур. Царциаты фондз сыхæ й ам чи уыди, уыдонæ й сæ агур.

Хæ тгар йæ усы рабырста, уæ хст стæ вд кодта æ мæ йын æ й йе ’взагыл сæ вæ рдта, фæ рсы йæ:

— Тагъд мын зæ гъ, кæ м сты мæ фырттæ!?

Ус мæ лæ тæ й фæ тарсти æ мæ зæ гъы:

— Царциатæ фæ йнæ сыхæ й фæ йнæ фырты акодтой, иуы та дзы Мамми акодта, мæ н бафæ дзæ хстой, мацы сдзурон, кæ ннод мын рахастой тæ рхон — мæ лæ т. Агур сæ уыдонæ й.

Хæ тгар Царициатыл ныхъхъæ р кодта:

— Мæ фыртты мын цы фæ кодтат, уый зæ гъут, кæ ннод уæ мæ маст авд хатты фылдæ рæ й сисдзынæ н!

Царциатæ се ’гас аххосджын нæ уыдысты, иутæ дзы Хæ тгаримæ уыдысты æ мæ уыимæ æ рцыдысты, бынаты чи уыд, аххосджын уыдон уыдысты. Уæ д Хæ тгармæ Мамми дзуры:

— Царциаты тæ ссаг фæ ндагыл ацу æ мæ дыл дæ фырттæ æ мбæ лдзысты.

Хæ тгар цæ уы иу къæ дзæ хы бынты æ мæ йæ м зарæ г райхъуысти:

Уæ лæ къæ дзæ хыл хъæ дур хор,

Махæ н Хæ тгар — хъæ булхор.

Хæ тгар къæ дзæ хмæ фæ касти æ мæ уæ лæ йæ мард фырт зары. Æ риста йæ, йæ сæ р нынкъуыста, йæ фырт ма йæ м сдзырдта:

— Худинагхæ ссæ г вæ ййы æ гæ нон. Йæ ном дæ р сафы, адæ мы ’хсæ н та уыдзæ н æ нæ ном.

Хæ тгар йæ химæ худинагæ й æ ркасти, йæ фырты æ рæ вæ рдта иу ран æ мæ хъæ ды фæ цæ уы, мæ стæ й тъæ ппытæ хаугæ. Уæ д та йæ м зарæ г æ рыхъуыст:

Хъæ ды сæ рмæ мын хъæ дур хор,

Махæ н Хæ тгар — хъæ булхор.

Хæ тгар иу бæ ласы сæ рмæ фæ касти æ мæ йæ дыккаг фырты базыдта, æ риста йæ бæ ласæ й, йæ фырт æ м дзуры:

— Дæ намыс сафыс, — нæ дæ уæ д раст лæ г, дæ цæ сгом чъизи, æ мæ дæ æ взæ рæ н хæ сдзысты адæ м.

Хæ тгар йæ химæ æ дзæ сгом æ ркасти, йæ фырты иннæ йы цур æ рæ вæ рдта. Цæ уы та дард дæ р хохыл, фехъуыст æ м зарæ г:

Хохы цъуппыл хъæ дур хор,

Махæ н Хæ тгар — хъæ булхор.

Хæ тгар фæ касти, хохы цъуппыл — йæ æ ртыккаг фырт, æ риста йæ æ мæ йæ м йæ мард фырт дзуры:

— Дæ фыдгулыл у уæ лæ хох, зон йæ, куыддæ р фæ тыхсай, фæ тых дыл уыдзæ н йæ хæ дæ г зондæ й.

Хæ тгар уыцы ныхæ стæ м йæ химæ æ нæ зонд æ ркаст, æ рæ вæ рдта иннæ ты цур уый дæ р æ мæ фæ цæ уы айнæ джы бынты, фехъусы та зарæ г:

Айнæ джы фарсмæ хъæ дур хор,

Махæ н Хæ тгар — хъæ булхор.

Хæ тгар фæ зылди айнæ гмæ, суыдта йæ цыппæ рæ м фырты, æ риста йæ, фырт æ м мардæ й дзуры:

— Гæ ды дзырд рæ гъмæ ничи хæ ссы, чи йыл баууæ нда, уый йæ хи сæ рæ н маст дæ р æ рхæ ссы.

Хæ тгар ахъуыды кодта, зæ гъгæ, гæ ды дзырды аххосæ й фесæ фтысты мæ зæ нæ г. Уый дæ р иннæ ты цур æ рæ вæ рдта æ мæ доны былтыл араст и. Фехъусы та зарæ г:

Мæ нæ доны был хъæ дур хор,

Махæ н Хæ тгар — хъæ булхор.

Хæ тгар тынг смæ сты ис, йæ сæ р батылдта æ мæ йæ фæ ндзæ м фырты иннæ ты цур æ рæ вæ рдта. Уый дæ р æ м дзуры:

— Мæ нгард лæ гæ н-иу йæ дзыхы арф фæ д ныууадзы сау калм, æ мæ свæ ййы дзыллæ ты сафæ г.

Хæ тгар йæ химæ мæ нгард æ ркасти, калмыл йæ хи абарста. Фæ цæ уы цады былтыл, фехъусы та зарæ г:

Уæ цады фарсмæ хъæ дур хор,

Махæ н Хæ тгар — хъæ булхор.

Фæ касти цадмæ Хæ тгар æ мæ йæ æ хсæ зæ м фырты уырдыгæ й мардæ й райсы. Мард фырт æ м дзуры:

— Æ цæ г лæ г тохы нæ сæ тты сомы, тæ ппуд лæ гæ н та судзгæ разайы цъутхал йæ комы.

Ам дæ р та Хæ тгар йæ химæ тæ ппуд æ ркасти, йæ хи æ цæ г лæ гыл нал банымадта, уыцы фырты дæ р иннæ ты цур æ рæ вæ рдта. Маст сыл кæ ны æ мæ фæ рсы йæ хи: «Ау, мæ фырттæ Царциатæ н цы кодтой? Цавæ р æ нæ зæ гъ [1] хабар мыл сæ мбæ лди? Æ гæ р, афтæ рæ дийын?» Зондæ й бацæ уын хъæ уы Царциатæ м, уымæ н æ мæ «Дыууæ уды ’хсæ н „ау“ дæ р хылы хос, æ дылыимæ зæ ндджын лæ г никуы аскъæ рдзæ н хизмæ йæ дзуг фос».

Рахæ ссы Хæ тгар йæ æ хсæ з фырты мардæ й æ мæ йæ усы ауыны йæ дзыккутæ й бастæ й. Фæ рсы йæ хи Хæ тгар: «Ай та ма цы кодта?» Æ риста усы дæ р æ мæ рацыд сæ химæ, æ рæ вæ рдта сæ иу ран Ныхасы æ мæ фæ рсы Царциаты:

— Зæ гъут мын, чи уыди аххосджын мæ фырттæ æ мæ мæ усы марды, кæ ннод мын авд хатты туг бафидут.

Царциатæ н гæ нæ н нал уыдис æ мæ Маммимæ бацыдысты, ныззоныгыл æ м кодтой, зæ гъынц ын:

— Мах дæ фыд, дæ мады уазæ г, сæ фæ м Хæ тгарæ й. Ацы хатт нæ фервæ зын кæ н, кæ ннод нæ авд хатты фервæ зын кæ н, кæ ннод нæ авд хатты сисдзæ н туг.

Мамми ныхасмæ рацыдис, мæ рдтæ м бакасти æ мæ Хæ тгармæ дзуры:

— Адон Царциаты къухæ й мард не сты.

— Уæ дæ кæ й къухæ й мард сты? — афарста Хæ тгар.

— Дæ мард фыртты куы æ мбырд кодтай, уæ д дын ницы загътой?

— Загътой, — зæ гъы Хæ тгар, — мæ фыццаг фырт дзырдта: худинагхæ ссæ г æ гæ нон у; дыккаг фырт дзырдта: намыс сафæ г лæ г нæ у; æ ртыккаг дзырдта: фыдгулыл уæ лæ хох хъæ уы; цыппæ рæ м дзырдта: гæ ды дзырдмæ хъусын нæ хъæ уы; фæ ндзæ м фырт дзырдта: мæ нгард лæ г калм у; æ хсæ зæ м дзырдта: тæ ппудæ й лæ г хъуамæ ма цæ ра. Сæ зарæ джы мæ хъæ булхор хуыдтой.

— Омæ дын раст дзырдтой, — зæ гъы Мамми, — аххосджын сæ мад уыд, æ гæ нон уыд, намыс сафæ г, уæ лæ хох кодта дæ уыл, гæ ды ныхас дын кодта, калмы æ взагæ й дæ м дзырдта, тæ ппуд дæ хуыдта. Лæ ппутæ ма дын сæ зæ рдæ йæ амыдтой хъæ дур хор, æ ртыдтаис æ й кæ нæ къæ дзæ хы, кæ нæ хъæ ды, кæ нæ къуыппыл, кæ нæ айнæ джы цур, кæ нæ донбыл, кæ нæ цады цур, уæ д дæ фырттæ фервæ зтаиккой. Ды уый нæ бакодтай, æ мæ амардысты. Дæ ус йæ хицæ н фæ тарсти æ мæ йæ дзыккутæ й йæ хи æ рцауыгъта. Ам Царциатæ аххосджын цæ мæ й сты?

Хæ тгар ницыуал загъта, зæ ппадзы бавæ рдта йе ’хсæ з фырты æ мæ йæ усы та зæ ппадзы сæ рыл хъенæ й сæ вæ рдта. Цы иунæ г фырт ма йын баззади, уый хуынди Хæ тæ го. Царциатæ та Маммийы фæ рцы аирвæ зтысты.

Цæ ры Хæ тгар йæ иунæ г фырт Хæ тæ гоимæ. Уымæ н ус æ ркодта Донбеттыртæ й. Хæ тгар æ ддæ мæ нал касти, зæ ронды хуыз райста йæ бинонты фæ стæ. Хæ тæ го арæ х цуаны цыди йæ фыдау, куы та хæ тæ нты хатти.

Хæ тæ го иуахæ мы фæ цыди хæ тæ ны. Иу хохыл суыдта саг, æ стдæ ссион уыд, сурынтæ йæ систа, фехста йæ фатæ й. Саг фæ цæ ф и, фæ лæ аирвæ зти. Хæ тæ го йæ тугвæ дыл цыди æ мæ бахауди иу лæ гæ тмæ. Хъуыды кæ ны: бацæ уид лæ гæ тмæ æ мæ уæ д та исты фыдбылызыл сæ мбæ лди, ма бацæ уа æ мæ уый та худинаг, тæ ппуды нысан у, чи йæ базона, уый йыл худдзæ ни. Зæ гъы:

— Æ нæ пайда лæ г — уæ лдай уаргъ хæ ссын. Хъару кæ мæ нæ й, уый цы баххуыс уа дæ уды тæ ссæ н?

Алæ ууыди цасдæ р, стæ й байхъуыста лæ гæ тмæ æ мæ дзы хъæ рзын цæ уы. Хæ тæ го фæ ныфсджын ис, фæ фидар æ мæ зæ гъы: «Цæ й, бацæ уон!» Бацыди лæ гæ ты хуылфмæ, уыны дуар, бакодта йæ къахæ й, бахызти мидæ мæ æ мæ мæ нæ иу ус хуыссы сынтæ гыл, хъæ рзы. Хæ тæ го йæ м дзуры:

— Цæ уыл хъæ рзыс, мæ хойы хай?

— Дæ хойы фæ ндиаг у, фæ лæ Хæ тгары фырт Хæ тæ гойыл йæ мад йæ рустæ фæ тона, уый мæ фехста æ мæ мæ лын. Æ з Царциатæ м уынынмæ цыдтæ н, фехъуыстон: сæ иу сых байсæ фти æ мæ саджы хуызы цыдтæ н. Хæ тæ го та мæ н æ хсгæ фæ кодта.

Хæ тæ го хорзау нæ фæ ци, фæ лæ зæ гъы:

— Оххай, уæ дæ мæ хо куы дæ, нæ дæ базыдтон, æ з Хæ тæ го дæ н. Мæ нæ н мад нал ис, нал дæ р — æ фсымæ ртæ, нæ дæ р мын хо ис, фæ лæ дын ницы хос ис де сдзæ бæ х кæ нынæ н?

— Бæ ргæ мын ис, хъуазы æ хсыр мæ куы уаид, уæ д фервæ зин.

Хæ тæ го лæ гæ тæ й рагæ пп ласта, хъæ ды смидæ г ис, иу хъуазы рацахста, йæ фæ дыл æ й раласта лæ гæ тмæ. Дзуры рынчынмæ:

— Мæ нæ дын хъуаз.

Ус хъуазы радыгъта, хъарм æ хсыр ацымдта æ мæ фервæ зти. Хъуазы ауагътой æ мæ сæ кæ рæ дзийыл фæ цин кодтой. Хæ тæ го йæ фæ рсы:

— Цæ мæ н иунæ г дæ, кæ нæ дын лæ г нæ уыди, кæ нæ — зæ нæ г?

— Лæ г мын бæ ргæ уыди, — зæ гъы ус, — иухатт цуаны уыди æ мæ амардта сагтæ, йæ фæ ндаг уыди Уарппы бæ рзæ ндыл. Уым дауджытæ бадтысты, мæ лæ гæ н йæ сагты байстой. Уый сæ нæ лæ вæ рдта æ мæ фæ хыл сты, уæ лдайдæ р Тутыр, æ мæ мын мæ лæ джы сæ арты баппæ рстой, физонæ джы сыгъд бакодта, уæ дæ й нырмæ дæ н иунæ г. Мæ лæ джы тыххæ й мæ хи саг уымæ н фестын кодтон, сфæ лмæ цыдтæ н мæ цардæ й, зæ гъын, Царциатæ м фæ цæ уон æ мæ ныр зоныс, цы мыл æ рцыдис, уый.

— Уæ дæ æ з дауджытæ й дæ лæ джы туг райсон, — зæ гъы Хæ тæ го.

— Иунæ гæ й цæ уæ н дын нæ й, раздæ р фен дæ фыды, уый дын зæ гъдзæ н, цы дæ хъæ уы аразын, уый. Дæ усы дæ р-иу демæ акæ н, феххуыс дын уыдзæ ни.

Хæ тæ го сæ химæ æ рцыди, йæ фыдæ н зæ гъы:

— Æ з Царциаты идæ дз усы федтон лæ гæ ты цæ ргæ, хъуамæ йын йæ лæ джы туг райсон бардуæ гтæ й, тынгдæ р Тутырæ й, æ мæ ма дæ у афæ рсынмæ æ рцыдтæ н, афтæ мын загъта Царциаты идæ дз.

— Раст дын загъта, — загъта Хæ тгар, — уымæ н йæ лæ джы бардуæ гтæ амардтой бæ лвырд. Дæ мады кæ рдæ н дæ цонгыл бабæ дт æ мæ дын мады зæ рдæ йы ныфс дæ тдзæ н. Мæ хотых райс æ мæ дын дæ фыды тых дæ тдзæ н, дæ усы демæ акæ н æ мæ дын дæ хъару фылдæ р кæ ндзæ н, уæ д басæ тдзынæ бардуæ гты.

Хæ тæ го райста йæ фыды хотых, йæ мады кæ рдæ н йæ цонгыл æ рбаста æ мæ йæ усы, Донбеттырты чызджы, йемæ акодта Уарппы бæ рзæ ндмæ. Бардуæ гтæ уым тымбылæ й уыдысты. Тутыр ауыдта Хæ тæ гойы æ мæ зæ гъы:

— Чидæ р нæ м ссæ уы, йæ мады кæ рдæ н йæ цонгыл тыхт, йæ фыды хотых йæ армы, йемæ Донбеттырты чызг.

Бардуæ гтæ хъуыдытæ кодтой, уæ дæ чи уыдзæ ни, зæ гъгæ, банхъæ лмæ кастысты. Уæ дмæ Хæ тæ го схæ ццæ ис æ мæ дзуры бардуæ гтæ м:

— Сымах ацы арты кæ й сиахсы басыгътат?

— Никæ й басыгътам, — зæ гъынц уыдон.

— Басыгътат, мæ хо идæ дзæ й бады.

Райдыдта сæ цæ гъдын Хæ тæ го. Хæ тæ гойыл исчи тас куы æ рцæ йуадзы, уæ д Донбеттыры чызг ныцъцъæ хахст ласы æ мæ уый дурдзавдæ й аззайы, афтæ мæ й сæ æ мбис фæ кодта. Сæ сæ ры къуыдыртæ сын Уарппы бæ рзæ ндæ й бынмæ тылдта æ мæ сæ зæ ппадзы размæ æ мбырд кодта. Хæ тгар сæ уыдта æ мæ цинæ й марди, йæ фырт Хæ тæ го афтæ кæ й басгуыхти, ууыл. Бардуæ гтæ й иу Чырчы [2] хуынди, лæ гæ т арæ зт ын уыди æ мæ бардуæ гтæ уырдæ м сæ хи бакалдтой. Бахизæ ныуæ ззау дуртæ ныффæ лдæ хтой. Хæ тæ го сæ пырхытæ систа. Уацилла сæ м касти æ мæ Хуыцауæ н зæ гъы:

— Кæ нæ Хæ тæ гойы амар, кæ нæ де ’мсæ р бардуæ гты фервæ зын кæ н, бынысæ фт кæ нынц.

Хуыцау смæ сты ис Хæ тæ гомæ. Хох рафæ лдæ хта æ мæ Хæ тæ го йæ быны фæ цис. Уæ д Хæ тæ гойы ус ныцъцъæ хахст кодта, Хуыцау дзы фæ тарсти æ мæ агæ пп ласта. Хæ тæ гойы ус йæ цæ гат — Донбеттыртæ м фæ уади æ мæ сæ м дзуры:

— Уæ, бынысæ фт фæ уат! Хæ рынæ й цæ рынмæ кæ й фæ рцы цардтæ н, уыцы Хæ тæ гойыл Хуыцау хох рафæ лдæ хта æ мæ йæ фервæ зын кæ нут.

Донбеттыртæ рафæ дис кодтой. Бардуæ гтæ Хæ тæ гойы марды нæ лæ вæ рдтой, æ гас къуыри фæ ратухæ н-батухæ н кодтой. Уæ д сыл æ рталынги æ мæ æ рулæ фыдысты, Добеттыртæ талынджы Хæ тæ гойы марды рахастой, фæ маст ыл кодтой æ мæ йæ бавæ рдтой йе ’фсымæ рты зæ ппадзы. Бардуæ гтæ нæ базыдтой Хæ тæ гойы Добеттыртæ куыд ахастой, уый, æ мæ кæ рæ дзи фæ рсынц:

— Хæ тæ гойы мард хохы бын куы ис, уæ д Царциатæ кæ й æ вæ рынц сæ зæ ппадзы?

Хуыцау сын зæ гъы:

— Царциатæ ахæ м адæ м сты, сæ мард искуы нæ ныууадздзысты, Хæ тæ гойы марды хохы бынæ й ахастой.

Уæ д Хæ тæ го мардæ й рагæ пп ласта æ мæ зæ ппадзы бахизæ ны хæ лиу ныллæ ууыди, зæ гъы:

— Нæ бахиздзынæ н зæ ппадзмæ, уадз хурмæ сау кæ нон, цалынмæ мын бардуæ гтæ й иуы нæ ныффæ лдисат Бардуæ гтæ сæ м кæ сынц æ мæ дзурынц:

— Цымæ, цæ уыл тухæ н кæ нынц Царциатæ, сæ марды цæ уылнæ бавæ рынц?

— Æ з æ й базондзынæ н, — зæ гъы Тутыр, — æ з сæ м бакæ сон.

Тутыр Царциатæ м фæ раст и. Донбеттыртæ йæ ауыдтой æ мæ йæ æ рцахстой, Хæ тæ гойæ н æ й ныффæ лдыстой, стæ й Хæ тæ го зæ ппадзмæ йæ хæ дæ г бахызти. Тутыр фæ лдыстæ й раздæ хти фæ стæ мæ, ныггуыбыр кодта йæ хи, ссыди бардуæ гтæ м æ мæ сын зæ гъы:

— Цы не ’мбæ лы, ахæ м ми мын бакодтой Царциатæ, ныффæ лдыстой мæ Хæ тæ гойæ н.

Хуыцау зæ гъы:

— Уæ дæ абонæ й фæ стæ мæ фæ ткæ н уæ д мардæ н фæ лдисындзинад. Дæ уæ н та, Тутыр, нырæ й фæ стæ мæ дæ боны кусарт мауал чындæ уæ д, фæ лдыст кæ й æ рцыдтæ, уый тыххæ й.

Æ цæ гдæ р Тутыры бон кусарт ничиуал кæ ны ныр дæ р.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.025 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал