Главная страница Случайная страница КАТЕГОРИИ: АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника |
IV. Ахуыйы фондз фырты æмæ Царциаты фондз сыхы. æртæ гуымиры хо, Ахуыйы ус, зæгъы йæ фыртæн иу бон:
22. Царциаты сыхтæ Æ ртæ гуымиры хо, Ахуыйы ус, зæ гъы йæ фыртæ н иу бон: — Нæ цæ рæ нбыууæ ттæ фондзырдыгæ й ис схизæ н. Ныр лæ гтæ дæ р стут æ мæ фондз раны æ рбынат кæ нут. Фыдбылыз уæ м кæ цырдыгæ й цæ уа, уый-иу зондзыстут æ мæ уын тыхгæ нæ г тых нæ фæ раздзæ ни. Ахуыйы фырттæ й хистæ р Суа уыд. Уый æ рлæ ууыди уæ ллаг комы сæ р æ мæ æ рбиноныг ис, йæ ног цæ рæ ны. Дыккаг фырт Фарнæ г дæ ллаг комы æ рбиноныг ис, æ ртыккаг фырт Едысо астæ у комы æ рбиноныг ис, цыппæ рæ м фырт Хæ тгар цæ гат комы æ рбиноныг, фæ ндзæ м фырт, сæ кæ стæ р, Хъæ лæ г та хуссар комы æ рбиноныг ис. Сæ мад баззади йæ зæ ронд ныййарджытимæ. Цыдысты бонтæ, цыдис рæ стæ г дæ р. Сæ цард уыд цуанæ й æ мæ цардамал кодтой Царциатæ. Уæ д иу бон сæ мады ныййаджытæ рарынчын сты. Бирæ нал ахастой, амардысты, уыдон уæ лгъæ д сæ хи мад дæ р амарди. Фондз æ фсымæ рæ й скодтой се ’ртæ зианы кадыл бавæ рын. Суа зæ гъы иннæ æ фсымæ ртæ н: — Абон хъуамæ макæ й бахъыгдарæ м. Махæ н саубон у, исчи кæ д бырса æ мæ нæ цæ ва, уæ ддæ р мацы сдзурæ м нæ мæ рдты тыххæ й. Ацы ныхæ сты рæ стæ джы чысыл Донбеттыр уым февзæ рыди, хъуыста Суайы ныхæ стæ м. Азгъордта æ мæ рафæ змыдта Донбеттæ ртæ н ацы дзырдты. Донбеттыртæ дын куыннæ ныццин кæ никкой. Царциатæ сæ мæ рдтæ н зæ ппадз скодтой, бавæ рдтой сæ мæ рдты æ мæ рацæ йцыдысты. Раст сæ уыцы афон Донбеттыртæ раййæ фтой. Худтысты Царциатыл, фæ лæ уыдон сыбыртт нæ кодтой. Иууыл тынгдæ р сыл худти тыппыр Донбеттыр. Царциаты мыхъхъытæ кодтой, сынæ гæ й сæ цавтой, куы сыл дуртæ дæ р æ хстой, куы та сыл цъыфтæ пырх кодтой. Уæ ддæ р сæ иу сыбыртт никæ мæ й цыди, иу ныхас дæ р сæ ничи сдзырдта. Æ гомыг æ мæ цымæ дзурын дæ р нæ зонынц, сæ хи афтæ дардтой Царциатæ. Бæ ргæ сæ м мæ сты кодтой, фæ лæ сæ нæ фæ ндыди сæ ныхас сайын. Боны суанг хурныгуылæ нмæ сæ фæ хынджылæ г кодтой. Хурныгуылды тыппыр Донбеттыр зæ гъы: — Адагыл сæ сифтындзæ м æ мæ сыл нæ чызджыты сæ вæ рæ м, уадз æ мæ сыл тезгъо кæ ной. Афтæ бакодтой. Царциаты фондзæ й адагыл сифтыгътой. Донбеттырты чызджытæ сындзæ й ехсытæ сарæ зтой æ мæ Царциаты галты тард кодтой. Фæ рæ зтой Царциатæ, уæ дæ цы уыдаид. Уæ д ноджы тыппыр Донбеттыр зæ гъы: — Хицæ н адæ гтыл сæ сифтындзут, кæ ннод нæ чызджытæ се ’ппæ т иу адагыл нæ цæ уынц. Хицæ н фондз ададжы æ рбаластой, Царциатæ й алкæ й дæ р иу адагыл сифтыгътой æ мæ алы адагыл дæ р чызг сæ вæ рдтой. Тыппыр Донбеттыры чызг Суайы адагыл бадт фæ ци. Чызджытæ та сындзын ехсытæ й рацæ фтæ кодтой Царциаты æ мæ сæ аскъæ рдтой. Царциатæ куыддæ р фæ дæ рддзæ ф сты Донбеттыртæ й, афтæ Суа йе ’фсымæ ртæ н зæ гъы: — Луаны [1] фæ змæ цæ ут, уæ дмæ бон дæ р кæ ндзæ н æ мæ ма нын ацы хуылыдз сыдзтæ кæ дæ м ивæ рзынц. Царциатæ иу дугъ акодтой æ мæ сæ Донбеттырты чызджытæ уромын дæ р нал фæ рæ зтой. Луаны фæ змæ ныххæ ццæ сты, уæ дмæ бон дæ р æ рбацис. Уым Царциатæ сæ кæ рæ дзи бæ ттæ нтæ адæ гтæ й феуæ гъд кодтой. Донбеттырты чызджытæ н се ’рдиаг ссыди. Суа сæ м дзуры: — Уæ дæ мах галты тард куы кодтат, уæ д цымæ цы ’нхъæ л уыдыстут. Донбеттыртæ бамбæ рстой се ’намонддзинад. Лæ гъстæ ма кодтой, фæ лæ сæ Царциатæ иннæ абонмæ нал рауагътой, цæ рдзæ ф [2] сæ фæ кодтой, æ мæ ма сæ уадултыл цæ ппузыртæ й сæ цæ ссыг уади. Донбеттыртæ се ’намонддзинад базыдтой æ мæ тыппыр Донбеттыры æ рцахстой æ мæ зæ гъынц: — Дæ аххосæ й фенамонд стæ м. Уый зæ гъы: — Мæ хи чызг дæ р цæ рдзæ ф у Царциатæ й. Царциатæ Донбеттырты чызджытимæ рацыдысты Луаны фæ зæ й, схæ цыдысты Донбеттыртыл æ мæ сæ саубын над фæ кодтой. Донбеттыртæ лæ гъстæ байдыдтой: — Нæ мгæ нæ мауал кæ нут, нæ азымы исæ м нæ химæ, фæ лтау бафидауæ м. Царциатæ сразы сты æ мæ фидыды алдзæ н Донбеттыртæ сæ чызджыты хæ стæ гиуæ джы охыл Царциатæ н ныууагътой. Стыр чындзæ хсæ в дæ р ма скодтой. Царциатæ фондзæ й сбинонджынтæ сты. Донбеттыртæ та сын зынаргъ лæ вæ рттæ ракодтой, афтæ мæ й. Фыццаг къуыри ралæ ууыди æ мæ иу къуырийы мидæ г алы райсомы Суайæ н лæ ппу гуырдис. Уыйадыл Суайæ н авд фырты иу къуыри мидæ г йæ хæ дзары хъазын байдыдтой. Дыккаг къуыри ралæ ууыди æ мæ къуырийы дæ ргъы Едысойæ н дæ р изæ ры лæ ппу гуырди. Иу къуырийы мидæ г йæ хæ дзары авд фырты хъазыдысты. Æ ртыккаг къуырийы астæ у Хæ тгарæ н дæ р иу фырт фæ зынди боны. Цыппæ рæ м къуырийы та Хъæ лæ гæ нфæ зынди иу фырт æ мбисæ хсæ вты. Фæ ндзæ м къуыри ралæ ууыд. Фарнæ джы ус тæ ппалгъ [3] байдыдта. Æ хсæ зæ м къуыриты та хъæ рзын байдыдта, йæ гуырдты арын афон уыди, фæ лæ ус арын нæ фæ рæ зта. Фарнæ гмæ йæ ус дзуры æ вдæ м къуыриты: — Æ з арын нæ фæ разын, фæ лæ мын мæ базыджы бын бакъæ ртт кæ н æ мæ дæ хион уырдыгæ й райс. Фарнæ г йæ усы базыджы бын бакъæ ртт ласта æ мæ райста цæ хæ р кæ лгæ уырдыгæ й лæ ппу. Уыйадыл æ й схуыдтой Базыг. Фарнæ гмæ йæ ус дзуры: — Дыккаг æ нхъæ лцау дæ р йæ фæ стæ ис. Фарнæ г та бавнæ лдта æ мæ дыккаг гуырды дæ р райста. Уый та схуыдта Æ мбазыг. Æ фсымæ ртæ й алчидæ р йæ цæ рæ ны æ рбынат кодта йæ бинонтимæ æ мæ царди царды дзæ бæ хæ й. Афтæ Царциатæ баисты фондз сыхы. Хъæ лæ гæ н ницы уыд зæ нæ гæ й.
|