Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Нагъуы балцы






Нагъуы лæ гдарæ с скодта, бæ хыл сбадти æ мæ Ахуыйы каистæ н фæ дзæ хсы:

— Уæ хæ рæ фырттæ м уæ хъус фæ дарут, кæ д Ахуыйы искуы ссарин. Цæ уын балцы. Кæ д афæ дзмæ æ рцæ уон — хорз, кæ д нæ, уæ д зæ гъдзыстут Ахуыйæ н, кæ й йæ агуырдтон æ мæ кæ й байсæ фтæ н. Араст и балцы: кæ сы æ мæ иу ран авд уæ йыджы быцæ у кæ нынц æ мæ нæ фидауынц. Нагъуы сæ м хъусы. Уæ йгуытæ й иу зæ гъы:

— Лæ джы базындæ н хъæ уы стыр тых. Хъуамæ йæ хатай, цы у йæ хъару, цы у йæ ныфсдзырд.

Дыккаг уæ йыг дæ р зæ гъы:

— Лæ г стыр дуне у, кад æ мæ йын цыт! Хур æ м цард хæ ссы, зæ ххæ й сой исы, мæ йæ у рæ вдыд.

Æ ртыккаг уæ йыг дæ р дзуры:

— Лæ гау лæ г уый у, йæ бæ стæ æ гæ рон чи бауарздзæ ни, цæ мæ й сыгъдæ гæ й хæ сса йæ цæ сгом.

Уæ д цыппæ рæ м уæ йыг зæ гъы:

— Хицæ й чи ’ппæ лы — мæ лæ ты бæ гъа [1], дæ хи фæ стæ дар, цалынмæ дæ уæ й хорз ничи зæ гъа.

Фæ ндзæ м уæ йыг дæ р зæ гъы:

— Лæ джы кæ д уарзыс — арфдæ р æ й бамбар, цаудзыд [2] кæ д федта, уæ д ыл æ цæ гæ й дæ зæ рдæ бадар.

Уæ д æ хсæ зæ м уæ йыг зæ гъы:

— Кæ м ма ис лæ г та? Хуыцау мах дары туацъæ йы [3] хæ рз бын, мæ гуыр Царциаты фыдудæ й мары.

Æ вдæ м уæ йыг дæ р зæ гъы:

— Лæ гау фæ лæ ууæ м, скæ нæ м залдзæ г [4], кæ ннод худинаг. Скæ удзæ ни ныл цæ рдудæ й уалдзæ г.

Нагъуы сæ м бацæ уы æ мæ сæ фæ рсы:

— Уæ, уæ йгуыты стыр мыггаг, уый бæ рц уæ хорзæ х мæ н куы уаид, æ мæ мын куы зæ гъиккат, цæ уыл быцæ у кæ нут? Чи уæ хъыгдары?

Уæ йгуытæ мидлæ уд фæ кодтой, комхæ лиуæ й бакастысты Нагъуымæ æ мæ йæ фæ рсынц:

— Кæ цæ й цæ уæ г дæ? Кæ дæ м цæ уæ г дæ? Куы нын æ й зæ гъис.

— Æ з дæ н цæ уæ нты цæ уæ г, хæ тæ нты хæ тæ г. Æ з агурын ме ’фсымæ ры. Кæ д исты федтат, исты фехъуыстат, уæ д мын æ й зæ гъут. Ныр фæ ндагыл авдиугæ йы дæ н, никæ уыл æ мбæ лын, никæ й уынгæ кæ нын. Сымах федтон, æ мæ ай цы бæ стæ у, цавæ р у?

Уæ йгуытæ зæ гъынц:

— Ай у мах бæ стæ, не ’муæ йгуытæ й хъодыгонд стæ м, хибарæ й цæ рæ м. Æ нæ уый ницы фехъуыстам, ницы. уынгæ фæ кодтам. Æ рмæ ст нын уыдис хо. Моймæ йæ радтам æ мæ сæ гъы цæ фæ й амарди, нæ ныхас дæ р ууыл у.

— Ау, сæ гъы цæ фæ й куыд амардаид? — фæ рсы Нагъуы, — уæ хойы уын куыд амардта?

— Нæ хо чындзы фæ цыдис еугуыппармæ, — зæ гъынц уæ йгуытæ, — фосæ й сæ м уыди иунæ г сæ гъ, сæ дарæ г уыди, нæ йæ м сиахс зылди, нæ йæ м нæ хо касти. Уæ д бадзырдтой афтæ: сæ гъы раззаг хай уæ д еугуыппары, сæ гъы фæ стаг хай уæ д нæ хойы. О, фæ лæ еугуыппар сæ гъæ н хæ рын нæ уагъта æ мæ дзырдта: «Æ хсыр кæ мæ н кæ ныс, уый дын хæ рын кæ нæ д». Сæ гъы дзых разæ й ис, йæ фæ стаг æ рдæ г куыд хъуамæ бахæ ра. Иу бон нæ хо хæ ринаг лæ вæ рдта сæ гъæ н. Уый йæ сæ р фæ хъил кодта, йæ сион [5] нæ хойы тæ ны фæ цавта æ мæ амарди. Ныр не сиахсыл тæ рхон кæ нæ м æ мæ йæ куыд амарæ м, ууыл у нæ дзырд.

— Уæ д уæ сиахс та кæ м ис? — фæ рсы сæ Нагъуы.

Уæ йгуытæ йæ бæ стытæ й æ рбакодтой. Еугуыппар дзуры Нагъуымæ:

— О, арвæ й æ рхаугæ адæ ймаг, фервæ зын мæ кæ н, мæ цард дæ у уыдзæ ни, кæ д дын феххуыс уаин.

Уыцы ныхæ стæ м уæ йгуыты хистæ р арц фæ хъил кодта еугуыппармæ, йæ кæ рон Нагъуыйы худы былыл сæ мбæ лди æ мæ худ зæ хмæ æ рхауди. Се ’ппæ т дæ р æ м фæ кастысты, Нагъуыйы рæ сугъддзинадæ й фæ уадзгуытæ сты æ мæ уæ йгуытæ зæ гъынц:

— Нæ хо амарди, уый бæ рц дæ хорзæ х нæ куы уаид æ мæ нæ иуæ н куы бакомис, уæ д нæ хойы мæ т дæ р нал æ ркæ никкам.

— Йæ хойы сылыстæ гыл чи ивы, уымæ й цæ й адæ ймаг ис!

— Нæ, арвы рæ сугъд, зæ ххы фидыц, уæ д та нын нæ хойы бынаты балæ уу.

— Уый дæ р нæ уыдзæ н. Мæ нæ н ис æ фсымæ р, æ з уый агурæ г зилын, мой кæ нынмæ мæ нырма не ’вдæ лы.

Еугуыппар æ м дзуры:

— Дæ у æ нгæ с лæ джы æ з федтон иу ран, цыди йæ бæ стæ м. Бирæ рæ стæ джы æ ддæ чи фæ хатти, ахæ м уыд.

Уыцы ныхæ стæ м уæ йгуытæ еугуыппары æ рбамарынц. Нагъуыйæ н хъыг уыди, æ ххæ ст нæ базыдта Ахуы цы бæ сты уыди, æ мæ уæ йгуыты азымы бын фæ кодта. Уæ д иу уæ йыг зæ гъы:

— Бахатыр нын кæ н, фæ лæ нæ хойы мæ стæ й нæ хи нал баурæ дтам.

Нагъуы сæ м дзуры:

— Сымах ныхас куы кодтат, уæ д уæ м æ з хъуыстон. Уæ иу дзырдта, зæ гъгæ, лæ джы базындæ н стыр тых хъæ уы, уæ д уæ сиахсы цæ уылнæ базыдтат раздæ р, цæ мæ н æ й мардтат?

Фыццаг уæ йыг зæ гъы:

— О, нæ йæ базыдтам, чи зоны йæ æ наххосæ й амардтам. Хатыр нын бакæ н æ мæ мæ мард хойы номæ й курын: баком мын, хæ сдзынæ н дæ мæ армы.

Нагъуы та зæ гъы:

— Уе ’ннæ куы дзырдта, зæ гъгæ, лæ г стыр дуне у, хур, зæ хх, мæ йы фæ рцы цæ ры адæ ймаг, кæ д уый зонут, уæ д сын кад æ мæ цыг цæ уылнæ кæ нут, уæ сиахсы амарыны бæ сты?

Дыккаг уæ йыг æ м дзуры:

— О, нæ йæ базыдтон, хатыр дæ курын. Мæ хойы маст мæ тыхджын сфыхта, куы мын бакомис, уæ д уый марды æ рбайрох кæ нин.

Нагъуы та зæ гъы:

— Æ ндæ р та уæ афтæ дзырдта, зæ гъгæ, лæ гау лæ г уый у, йæ бæ стæ æ гæ рон чи уарзы. Бæ стæ йы мидæ г не ’ппæ т дæ р стæ м æ мæ, йе сиахсы чи амардта, уымæ н ма цæ й цæ сгом ис?

Æ ртыккаг уæ йыг дзуры:

— О, ма мæ бафхæ р. Ды дæ хуры скасты хуызæ н, фæ лæ дæ курын, баком мын æ мæ мæ æ рбайрох уыдзæ н мæ хойы стыр маст.

Нагъуы та дзуры:

— Уæ дæ уæ иу афтæ куы дзырдта, зæ гъгæ, хицæ й æ ппæ лын худинаг у, исчи дæ хъуамæ раппæ ла, уæ д уый кæ д зоны, уæ д йе сиахсы цæ уыл мардта, худинаг нæ уыд?

Цыппæ рæ м уæ йыг æ м дзуры:

— О, ныххатыр мын кæ н, ацы рæ сугъд уд, æ з фæ рæ дыдтæ н мæ хойы масты тыххæ й, мæ маст æ рцæ уид, куы мын бакомис, уæ д.

Нагъуы та дзуры:

Уæ дæ уæ иу куы дзырдта, зæ гъгæ, лæ джы кæ д уарзыс, уæ д ыл дæ зæ рдæ дар. Цы диссаг уыди, сиахсы уарзыс æ мæ йæ амар, уымæ й цæ й лæ г ис?

Фæ ндзæ м уæ йыг дзуры:

— О, ныххатыр мын кæ н ме ’нæ рхъуыды ми. Куы мын бакомис, уæ д мæ ме стыр фыд æ рбайрох уаид, о дунейы рухс!

Нагъуы ногæ й фæ рсы:

— Ноджы ма уæ иу дзырдта, зæ гъгæ, лæ г та ма кæ м ис, туацъæ йы бын нæ Хуыцау куы дары, уæ д Хуыцауимæ цæ уылнæ дзырдта, йе сиахсы куыд мардта?

Æ хсæ зæ м уæ йыг дзуры:

— О, хурты рухс хур! Ма мæ м фæ хъыг у, мæ мæ стытæ æ рбайрох кæ нин, ком мын куы раттис, мæ хойы дæ р уæ д нал æ рымысин.

Нагъуы та уæ ддæ р зæ гъы:

— Ноджы уæ иу афтæ куы дзырдта, зæ гъгæ, залдзæ г скæ нут, кæ ннод — худинаг. Ау æ мæ залдзæ джы тыххæ й сиахсы мардæ уы?

Æ вдæ м уæ йыг зæ гъы:

— О, зæ гъæ н кæ мæ н нæ й, уыцы диссаджы рæ сугъд! Хатыр дæ курын, куы мын бакомис, уæ д мæ маст æ ртаид, мæ мард хойы дæ р æ рбайрох кæ нин.

— Сымах авдæ й дæ р дзурут æ нæ раны, — зæ гъы сын Нагъуы, сиахс адджын у, кæ д амарди, уæ ддæ р уал аххосаг сбæ рæ г хъуыди, сылгоймаджы дзырдыл æ ххæ ст нæ й æ ууæ ндæ н, æ з дæ р искæ мæ й смой кæ ндзынæ н.

— Оххай, хурæ нгæ с, — зæ гъынц уæ йгуытæ, — кæ й нæ æ взардзынæ дæ хицæ н?

— Сымахæ й никæ й. Раздæ р мæ м ме ’фсымæ ры чи ’ркæ на, уымæ й смой кæ ндзынæ н.

Уæ йгуытæ зæ гъынц:

— Де ’фсымæ ры агурæ г мах ацæ удзыстæ м, æ рмæ ст нын зæ гъ, не ’рцыдмæ нæ фыдмæ баззайдзынæ?

Баззайдзынæ н, — зæ гъы Нагъуы.

Уæ йгуытæ авдæ й Ахуыйы агурæ г фæ цыдысты. Нагъуы баззади сæ зæ ронд фыдмæ, æ мæ йын зæ гъынц:

— Ацы адæ ймаг дæ умæ уыдзæ ни не ’рцыдмæ, мах ын хъуамæ ссарæ м йе ’фсымæ ры.

Авд уæ йыджы фæ цыдысты Ахуыйы агурæ г.

Уæ д зæ ронд уæ йыг фæ рсы Нагъуыйы:

— Уæ дæ кæ цæ й цæ угæ дæ?

— Æ з цæ уын Царциатæ й! — зæ гъы Нагъуы.

— Оххай, уыдон кой æ рыхъуыстон, фæ лæ -ма мæ м дæ цонг æ рбадар. Царциаты тугстæ г æ з цонгæ й рахатын.

Нагъуы йæ м йæ цонг бадары, уый йæ æ рысгæ рстытæ кодта æ мæ зæ гъы:

— Ох, цæ й туг хъазы де уæ нгты, раст ивылд донау, туг де уæ нгты уайы. Чысыл сылдзæ ф дæ, фæ лæ дыл уæ ддæ р нæ лгоймаг райы.

Нагъуы йын зæ гъы:

— Сылгоймаг дæ н мæ хæ дæ г дæ р, фæ лæ нæ лгоймагæ й æ дыхдæ р нæ дæ н. Зæ гъ-ма мын, баст цæ мæ н дæ?

— Уымæ й мæ ма бафарстаис. Уыныс, цы авд уæ йыджы дæ æ ркодтой, уыдон мæ фырттæ сты. Уыдон де ’фсымæ ры не ссардзысты, фæ лæ куы æ рыздæ хой, — сау бон дыл кæ ндзæ н.

Зæ ронд уæ йыг донмæ æ ргуыбыр кодта, йе ’взаг доны стылдта æ мæ йæ сдæ ры, йæ сæ р бахойы æ мæ дзуры:

— Ахриман [6], æ рхау дæ лæ мæ, хъаймæ т скæ н, цæ мæ й ауадзай мæ н мæ лæ тмæ.

Нагъуы йæ фæ рсы:

— Цæ мæ н афтæ тынг тыхсыс, мæ фыдыхай? — О, мæ хъæ бул, уыныс баст дæ н. Мæ ныл мæ ус рацыди фæ лывдæ й. Уарзта мæ уæ дмæ, цалынмæ мæ фырттæ схъомыл сты. Ус сæ м æ взаг хаста, йæ хæ дæ г та сусæ г лымæ н дардта æ мæ, цыфæ нды фæ уа, сылы бафæ ндыд, — цæ удзæ н лымæ нмæ, дæ у та бакæ ндзæ н æ гомыг царæ фтыд. Гъемæ мæ н царæ фтыд фæ кодта. Уæ д мæ усы уæ хстыл бакодтон æ мæ йæ æ рдæ гфыхæ й бахордтон. Уыныс, мæ фырттæ мæ н бастæ й дарынц. Хорз бакæ нис, райхал мæ, стæ й мæ фырттæ й мæ маст райсин. Ды мæ гæ нахы сæ рмæ схиз. Уыдон иумæ зындзысты æ мæ -иу фатфæ дис æ ртæ хатты сæ размæ фехс, стæ й сæ рибар уыдзынæ.

Нагъуы зæ ронд уæ йыджы йæ бастæ й суадзы, гæ нахы сæ рмæ схызти, хъахъхъæ ны. Уæ д суыдта рыг сыстгæ æ мæ дзуры зæ ронд уæ йыгмæ:

— Æ бузылд [7] хабар мæ хъустыл уайы!

— Уæ дæ сын сæ размæ фатфæ дис æ ртæ хатты ауадз.

Нагъуы фатфæ дис æ ртæ хатты ауадзы, сæ мбæ лынц авд уæ йыджы раз, уыдон ратындзынц. Зæ ронд уæ йыг сæ м рацæ уы стыр дзамбыхимæ [8]. Йæ фырттимæ схæ цы, дзамбыхæ й сæ кæ й фæ цæ ф кæ ны, уый авд мусуаты фæ стæ мæ фæ тæ хы. Авд æ фсымæ ры æ ртыхстысты сæ фыдыл. Нагъуы сæ м кæ сы: фырттæ сæ фыдмæ дæ ндагæ й лæ бурдтой, фыд та йæ фырттæ м лæ бурдта дæ ндагæ й. Кæ рæ дзи фыдтæ стонынц æ мæ сæ хомæ й хæ рынц. Зæ ронд уæ йыгæ н йе стæ гдар сзынди. Нагъуы уый куы федта, уæ д æ рхызти, йæ бæ хыл абадт æ мæ зæ гъы:

— Адон кæ рæ дзи афтæ кæ м хæ рынц, уым мæ н дæ р хæ рдзысты æ мæ лидзон.

Нагъуы ралыгъди. Зæ ронд уæ йыгæ н ма йе стæ гдар аззади, уыйонг æ й бахсыдтой, сæ хицæ н та се стджытæ разындысты, стæ й æ рхауынц æ мæ мæ лынц. Сæ иу зæ гъы:

— Ох, нæ фыд, хъæ булхор!

Уый йæ сæ р дурыл ныццæ вы æ мæ амæ лы. Иннæ тæ дæ р æ й бафæ змыдтой æ мæ бабын сты, сæ фыды стæ гдарыл ныххаудтой.

Нагъуы æ рыздæ хти сæ химæ, цы федта, уый радзырдта Ахуыйы каистæ н. Уыдон зæ гъынц:

— Æ лгъыст уыдысты Хуыцауæ й уыцы авд æ фсымæ ры, æ ппынфæ стаг се сæ фт æ рцыди æ мæ сæ уæ йгуыты мыггаг дæ р фервæ зти.

Нагъуы дæ р нал цыди балцыты, фæ лæ æ нхъæ лмæ касти Ахуымæ.

14. Ахуыйы лæ ппуты нæ мттæ

Царциаты Ахуы-иу йæ лæ ппутæ й искæ мæ н «цу-ма» куы кодта, уæ д-иу æ м дзырдта: «Лæ ппу, дæ лæ -ма уый рахæ сс», «Лæ ппу, дæ лæ -ма уый æ рбадав», «Лæ ппу, уæ лæ -ма уый æ рдæ тт»...

Иуæ н-иу «цу-ма» куы загъта, уæ д-иу фондзæ й фестадысты сæ бынæ ттæ й, фондз дæ р лæ ппутæ уыдысты.

Иу бон Нагъуы зæ гъы:

— Дæ фырттыл нæ мттæ сæ вæ р, нæ мттæ.

— Уыдоныл нæ мттæ ахæ мтæ хъуамæ сæ вæ рой, — зæ гъы Ахуы, — хорзыл сæ чи бафтауа, кæ нæ сæ хорздзинад кæ й бафæ нда.

— Омæ сæ уæ д та кæ нгæ искуыдæ м акæ н, ам сæ армадард [1] цы кæ ныс. Хæ дзары сæ рой [2] дæ хæ дæ г дæ, чи зоны, сæ исчи хъулан [3] фырт рауайа.

Ахуы сразы ис Нагъуыйы дзырдыл æ мæ йæ фырттимæ рараст и. Фæ ндагыл сæ м хур худгæ кодта, мæ й кæ сгæ. Æ рбахæ ццæ сты иу къуылдымы бынмæ. Ахуы зæ гъы:

— Æ рулæ фæ м уал ам.

Æ рулæ фыдысты. Ахуы хъуыдытæ кæ ны: «Алкæ мæ дæ р ис цыдæ р миниуæ г, цымæ мæ фырттæ м та цавæ р миниуджытæ ис?» Уæ д æ й лæ ппутæ фæ рсынц:

— Нæ мттæ ныл цæ уылнæ ис, нæ фыд?

— Нæ мттæ æ вæ рджытæ дæ р уæ м фæ зындзæ ни æ мæ арфæ гæ нджытæ дæ р.

Уæ д кæ сынц æ мæ æ рбацæ уынц: зæ ронд лæ г зæ ронд усимæ, æ взонг лæ г æ взонг усимæ æ мæ сывæ ллон. Уыдон дæ р æ рулæ фыдысты æ мæ кæ сынц Ахуыйы фондз фырты хъæ зтытæ м. Сæ хъæ р ссæ уы: «Нæ, æ з хистæ р дæ н», «Нæ, æ з дæ н хистæ р». Афтæ мæ й абыцæ у вæ ййынц.

Ахуы сæ м дзуры:

— Фæ йнæ фаты фехсут, æ мæ кæ й фат цы миниуæ гмæ æ рцæ уа, уымæ гæ сгæ уæ д йæ ном дæ р.

— Æ вдисæ нæ н нын чи уыдзæ ни? — фæ рсынц лæ ппутæ.

— Æ вдисæ н скæ ндзыстæ м уæ ртæ уыцы бæ лццæ тты.

Ахуы æ рбакодта бæ лццæ тты æ вдисæ нæ н. Лæ ппутæ сæ фæ ттæ фехстой æ мæ сын Ахуы зæ гъы:

— Чи куыд раздæ р æ рцæ уа йæ миниуæ гмæ, афтæ йын йæ ном æ вдисæ нтæ ратдзысты æ мæ йын арфæ тæ дæ р ракæ ндзысты.

Лæ ппутæ сæ фæ тты фæ дыл азгъордтой. Иу лæ ппуйæ н йæ фат сæ ргæ хцы ныффидар ис æ мæ йæ афтæ мæ й æ рбахаста. Ахуы зæ ронд лæ гмæ бахатыд:

— Амæ н фæ у ды фæ ндонзæ гъæ г.

Зæ ронд лæ г фат æ д сæ ргæ хц райста æ мæ лæ ппуйæ н арфæ кæ ны:

— Суинаг дæ, кады сæ р су, кадимæ цæ рæ г фæ у æ мæ дæ ном «Суа» хуыйнæ д.

Уыйадыл Суа ссис хистæ р æ фсымæ р.

Уалынмæ дыккаг лæ ппу дæ р фæ зынд, йæ фат цармыл фæ фидар, афтæ мæ й.

Ахуы зæ ронд усæ н зæ гъы:

— Амæ н та ды зæ гъ дæ фæ ндондзинад.

Зæ ронд ус райста фат цармимæ æ мæ зæ гъы:

— Царм уæ лæ дарæ с у, царм фос дарынц, уыдон фарнхæ ссæ г сты æ мæ дæ ном «Фарнæ г» хуыйнæ д, дыккаг хистæ р фæ у.

Уыйадыл дыккаг лæ ппуйы хонын райдыдтой Фарнæ г.

Уæ дмæ æ рбахæ ццæ ис æ ртыккаг лæ ппу дæ р, йæ фат æ рбахаста сыджыты губаккимæ. Ахуы æ взонг лæ гæ н зæ гъы:

— Амæ н та ды фæ у фæ ндонзæ гъæ г.

Æ взонг лæ г райста фат сыджыты губаккимæ æ мæ зæ гъы:

— Сыджыт адæ мы дарæ г у. Гъенырмæ дæ тых нæ басасти æ мæ дæ ном «Едыссæ» фæ уæ д, зæ хджын æ мæ хорджынæ й уæ д дæ цард.

Уæ дæ й фæ стæ мæ æ ртыккаг лæ ппу Едыссæ хуынди.

Фæ зынд цыппæ рæ м лæ ппу дæ р, йæ фат дуры сагъд, афтæ мæ й. Ахуы дзуры æ взонг усæ н:

— Амæ н та ды фæ у фæ ндонзæ гъæ г.

Æ взонг ус райста фат дуримæ æ мæ зæ гъы:

— Нырæ й фæ стæ мæ дурау фидар фæ у, хæ тгæ -агур цард кæ ндзынæ æ мæ дæ ном уæ д «Хæ тгар».

Хæ тгар цыппæ рæ м хистæ р бацис. Уалынмæ фæ зынди фæ ндзæ м лæ ппу, йæ фат хус хæ тæ лы фидар, афтæ мæ й. Хæ тæ лыл цæ хгæ р куы хæ цыди, уæ д æ хситт кодта, размæ йыл куы хæ цыди, уæ д та уасгæ кодта. Ахуы сывæ ллонæ н зæ гъы:

— Амæ н та ды фæ у фæ ндонзæ гъæ г.

Сывæ ллон фат райста хус хæ тæ лимæ æ мæ зæ гъы:

— Кæ стæ р æ фсымæ р фæ у иннæ тæ н, кæ стæ р адджын куыд у, уымæ й фæ цæ р семæ дæ ном «Уадæ г» хуыйнæ д, дæ цагъд уадындзæ й уæ д, дæ зард дæ хъæ лæ сæ й, адæ мы зæ рдæ тæ н æ хсызгондзинад дæ тт нырæ й фæ стæ мæ.

Фæ ндзæ м æ фсымæ ры ном Уадæ г баци.

Ахуы зæ гъы:

— Уæ, мæ хорзæ мбæ лджытæ, ахæ м хорздзинæ дты фæ стæ фысым стæ м.

Уыдон зæ гъынц:

— Мах стæ м ахæ м адæ м, ды кæ й зоныс æ мæ ды кæ й нал зоныс, ацы хатт сæ мбæ лдыстæ м æ мæ дæ м фысым дæ р æ ркæ ндзыстæ м, диссæ гтæ фæ стæ дæ р сты.

15. Ахуыйы фырттæ н лæ вæ рттæ

Ахуы æ мæ йæ фырттæ иуахæ мы рацæ уынц иумæ. Амбæ лынц сыл зæ ронд лæ г, зæ ронд ус, æ рыгон лæ г, æ рыгон ус æ мæ бæ гънæ г лæ ппу. Ахуы йæ мид-зæ рдæ йы дзуры:

— Оххай, адон хуызæ н адæ м ма кæ ддæ р федтон.

Нал сæ хъуыды кодта. Кæ рæ дзийæ н салам радтой, æ рбадтысты иумæ, ныхас сын бацайдагъ ис. Зæ ронд лæ г дзуры Ахуымæ:

— Тылег [1] лæ г мæ ма ранхъæ л, фæ лæ адон дæ фырттæ сты?

— Мæ фырттæ сты, — зæ гъы Ахуы.

— Хуыцау дын сæ зынданæ й [2] бахизæ д, фæ лæ æ нæ ус сты? — фæ рсы зæ ронд ус.

— Нырма æ нæ ус сты, — зæ гъы та Ахуы.

— Мæ арфæ мын сынг бузныгмæ [3] ма айс, хорз лæ г, — зæ гъы æ рыгон лæ г, — фæ лæ сын цардæ мбæ лттæ хъæ уы.

— Мæ хи дæ р бæ ргæ фæ нды, — зæ гъы Ахуы, — лæ г цъус цæ ры.

— Хуыцау сын пысмел [4] сылы къах ма раттæ д, — зæ гъы æ рыгон ус, — фæ лæ сын амонды къах фæ уæ д.

— Лæ ппуты амондæ н æ з хос бæ ргæ зонын, — зæ гъы бæ гънæ г лæ ппу, — фæ лæ сын лæ вæ рттæ хъæ удзæ ни каисты ’рдыгæ й.

— Амонды хос куы зонис, — зæ гъы Ахуы, — уæ д уал дæ уæ лæ дарæ с скæ нис.

— Мæ дарæ сы сконд дæ уыл баст у.

— Гæ р, дæ разы азымджын цæ мæ й дæ н?

Уæ д зæ ронд лæ г зæ гъы:

— Куыд тагъд мæ ферох кодтай, æ ви нал зоныс, æ з дойныйæ куы мардтæ н æ мæ мын дæ хистæ р æ нгуылдзæ й дон куы бадардтай. Уæ д мын хорзы бацыдтæ æ мæ дын хъуамæ хорзы бацæ уон.

— Цы хорзы мын цæ уыс?

Зæ ронд лæ г æ й дурты цæ ндмæ бакодта Ахуыйы æ мæ дуртæ базмæ лыдысты, стæ й бæ хдзоджи [5] фестадысты дуртæ. Зæ ронд лæ г зæ гъы:

— Уæ ртæ зыгъар бæ хы бар сæ уадз, уый дын сæ æ ркæ ндзæ ни уæ химæ. Уый дын мæ лæ вар.

Ахуы дисы бацыди. Зæ ронд ус æ м дзуры:

— Ахуы, куыд тагъд мæ ферох кодтай, дойныйæ куы мардтæ н æ мæ мын дæ амонæ н æ нгуылдзæ й дон куы бадардтай. Хорзы мын бацыдтæ æ мæ дын хъуамæ хорзы бацæ уон.

— Цы хорзы мын цæ уыс?

Зæ ронд ус Ахуыйы уискъутæ ртæ м бакодта. Къутæ ртæ базмæ лыдысты, стæ й фосдзоджи [6] фестадысты, сæ цуры дзуарка [7] сæ гъы ауыдтой æ мæ зæ ронд ус зæ гъы:

— Дзуаркайы бар уадз фосдзоджийы, уый дын сæ уæ химæ æ ркæ ндзæ ни. Гъе уый дын мæ лæ вар.

Ахуы ноджы дисы тынгдæ р бацыдис. Уæ д æ м æ рыгон лæ г бацыди æ мæ йæ м дзуры:

— Куыд тагъд мæ ферох кодтай, æ з дойныйæ куы мардтæ н æ мæ мын дæ астæ уккаг æ нгуылдзæ й дон куы бадардтай. Хорзы мын бацыдтæ æ мæ дын хорзы хъуамæ бацæ уон.

— Цы хорзы мын цæ уыс?

Æ рыгон лæ г æ й нæ удзарм фæ зтæ м бакодта, нæ удзарм фæ зтæ сæ химидæ г базмæ лыдысты æ мæ хоры быдыртæ фестадысты. Æ рыгон лæ г зæ гъы:

— Гъе уыдон дын мæ лæ вар, сæ хъахъхъæ нæ г дæ хæ дæ г у.

Ахуы ныддис кодта, уæ дæ нæ удзарм фæ зтæ хоры быдыртæ куыд фестадысты. Уæ д æ м æ рыгон ус бацыдис æ мæ йын зæ гъы:

— Куыд тагъд мæ ферох кодтай, де ’нæ ном æ нгуылдзæ й мын дон куы дардтай. Хорзы мын бацыдтæ æ мæ дын хорзы цæ уын.

— Цы хорзы мын цæ уыс?

Æ рыгон ус Ахуыйы бакодта сау дурмæ. Дур йæ химидæ г базмæ лыди æ мæ диссаджы цирхъ фестади, æ рыгон ус æ м дзуры:

— Гъе уый дын мæ лæ вар, æ хсæ в æ рттивгæ кæ ндзæ ни, боны дын дæ фыдгулы маргæ кæ ндзæ ни.

Ахуы тынгдæ р ныддис кодта, дур цирхъ куыд фестади, ууыл. Бацыдис æ м бæ гънæ г лæ ппу æ мæ дзуры:

— Куыд тагъд мæ ферох кодтай, æ з дойныйæ куы мардтæ н æ мæ мын ды дæ кæ стæ р æ нгуылдзæ й дон куы бадардтай. Уæ д мын хорзы бацыдтæ æ мæ дын хорзы хъуамæ бацæ уон.

— Цы хорзы мын цæ уыс?

— Ам мæ м фæ лæ уу, — загъта бæ гънæ г лæ ппу æ мæ азгъордта, æ рбакодта фондз рæ сугъд чызджы, кæ сæ нтæ сæ м нæ уыди. Бæ гънæ г лæ ппу дарæ сы февзæ рди æ мæ зæ гъы:

— Адон сты мæ фыдыхотæ, æ взонг лæ г æ мæ ус сты мæ мад æ мæ мæ фыд, зæ ронд ус æ мæ лæ г та мæ фыды ныййарджытæ сты. Мах стæ м иу бинонтæ. Еугуыппартæ й тарстыстæ м ацы чызджытæ н, ныр дæ умæ куы цæ рой, уæ д сын тас нал уыдзæ ни уыдонæ й. Гъе уый дын мæ лæ вар.

Ахуы тынг джитæ нтæ кодта, фæ цин сыл кодта æ мæ зæ гъы:

— Уæ лæ вæ рттæ хорз сты, фæ лæ ныр мæ фырттæ чызджытыл куыд фидаудзысты, уый дæ р мын зæ гъут?

Лæ ппу зæ гъы:

— Алкæ мæ н ис йæ хи миниуæ г, чызджытæ уын сæ хæ дæ г амондзысты.

— Хорз, уæ дæ сæ сфæ лварæ м.

Чызджытæ й иу рацыди размæ æ мæ зæ гъы:

— Уæ ртæ уыцы хъæ ды иухатт мæ кæ рдæ н [8] аззади, чи мын æ й раздæ р æ рбахæ сса, уый уыдзынæ н.

Ахуыйы фондз фырты хъæ дмæ ауадысты, рацагур-бацагур систой æ мæ йæ Суа ссардта, æ рбахаста йæ. Ахуы зæ гъы:

— Уæ дæ ды фæ у Суайы бинойнаг.

Дыккаг чызг рахызти æ мæ зæ гъы:

— Уæ ртæ уыцы пыхсыты иухатт мæ кæ рдæ н баззади, чи йæ æ рбахæ сса, уый уыдзынæ н.

Цыппар лæ ппуйы адугъ кодтой, Фарнæ г æ й ссардта æ мæ йæ æ рбахаста, Ахуы зæ гъы:

— Ды та Фарнæ джы бинойнаг фæ у.

Æ ртыккаг чызг рацыди æ мæ зæ гъы:

— Дæ лæ уыцы хæ мпæ лты иухатт мæ кæ рдæ н ферох и, чи йæ раздæ р æ рбахæ сса, уый уыдзынæ н.

Æ ртæ лæ ппуйы азгъордтой, рацагур-бацагур фæ кодтой æ мæ йæ Едыссæ ссардта. Ахуы зæ гъы:

— Ды та Едыссæ йы бинойнаг фæ у.

Цыппæ рæ ймаг чызг рахызти æ мæ зæ гъы:

— Уæ лæ уыцы къутæ рты иухатт мæ кæ рдæ н баззади, чи йæ раздæ р æ рхæ сса, уый уыдзынæ н.

Дыууæ лæ ппуйы азгъордтой, рацагуырдтой йæ æ мæ йæ Хæ тгар ссардта, æ рбаскъæ фта йæ æ мæ Ахуы зæ гъы:

— Ды та Хæ тгары бинойнаг фæ у.

Уæ д иннæ чызг рахызти æ мæ зæ гъы:

— Мæ нæ й никуы ницы ферох и, фæ лæ мæ кæ д исчи йæ хи хоны, уæ д æ з та уый уыдзынæ н.

Ахуы зæ гъы:

— Уæ дæ ды та мæ кæ стæ р фырт Уадæ джы бинойнаг фæ у.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.041 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал