Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Уæларвон зынг






Зæ дтæ æ мæ дауджытæ Хуыцаумæ хуынды уыдысты иу бонæ й иннæ бонмæ Хуыцау йæ уазджыты фæ хыгъта, стæ й зæ гъы:

— Чысыл куы атезгъо кæ никкам.

Сразы сты уазджытæ æ мæ араст сты Уарппы [1] бæ рзондмæ, акастысты хæ тæ лæ гæ й [2] алы рæ ттæ м æ мæ зæ ххыл сæ цæ ст ахастой. Хуыцау зæ гъы:

— Зæ ххыл змæ лæ г фæ зынди æ мæ дидинæ г калы.

Зæ дтæ й иу зæ гъы:

— Ныр сæ куы фениккам.

Рараст вæ ййынц Зæ хмæ. Цæ рддзой æ мæ Бонвæ рнон сæ халагъуды хъæ быс-хъæ быс улæ фыдысты æ мæ никæ й бафиппайдтой. Уæ д Хуыцау Æ рвон дуры адавы æ мæ зæ гъы йе ’мбæ лттæ н:

— Адон зынджы ад базондзысты æ мæ фæ стагмæ уæ лæ рвтæ м тæ хдзысты. Æ рвон дур сæ нæ хъæ уы.

Уырдыгæ й та кæ мттыл ацыдысты, сагтæ ацахсынц æ мæ Уарппы бæ рзондмæ ссæ уынц. Хуыцау зæ гъы:

— Нæ хи фæ милдзых [3] кæ нæ м.

Сразы сты Хуыцауы æ мбæ лттæ. Уарппы бæ рзондыл æ рвон дурæ й æ зныгъдзагъд акæ нынц æ мæ æ ртытæ бандзарынц. Хуыцау зæ гъы:

— Цæ й, ацы арт нывонд арт фæ уæ д.

Сразы вæ ййынц иууылдæ р. Зæ ххыл æ рцахсгæ фосæ й физонджытæ акæ нынц, сæ хус смаг дардыл ацæ уы.

Цæ рддзой фехъал æ мæ фæ рсы Бонвæ рноны:

— Ай цæ й хус смаг кæ лы?

Бонвæ рнон зæ гъы:

— Бæ лвырд ам чидæ р уыди.

Халагъудæ й ракæ сынц æ мæ Уарппы бæ рзондмæ скæ сынц. Уым арт цыренæ й судзы æ мæ дзуарæ й, дауæ гæ й йæ алыварс бадынц.

Бонвæ рнон зæ гъы:

— Уыцы арт не ’рвон дуры арты тæ ф кæ ны.

Асгæ рста Бонвæ рнон йæ химæ æ мæ дур уым нал уыди.

Цæ рддзой дзуры:

— Æ нæ цæ угæ мын нæ й Уарппы бæ рзондмæ.

— Фæ лæ уу, афтæ цæ угæ йæ дын нæ у.

Бонвæ рнон лалымæ стыгъд акæ нын кæ ны æ ртæ сырды, донæ й сæ айдзаг кæ ны æ мæ зæ гъы Бонвæ рнонæ н:

— Мыййаг, дæ куы базоной, уæ д дæ м зынг æ ппарæ н кæ ндзысты. Ды ма фæ тæ рс. Лалымы доны-иу зынгыл ауадз, кæ ннод сæ м нæ бахаудзынæ.

Цæ рддзой æ ртæ лалымы донæ й йедзаг ахæ ссы йемæ. Хуыцау æ мæ йе ’мбæ лттæ физонджытæ кæ нынц, хæ рынц æ мæ нуазынц. Уæ д Рыны бардуаг йæ хи хъуыды ацыди æ мæ Цæ рддзойы ауыны, фездæ хы æ мæ зæ гъы:

— Зæ ххон лæ г ссæ уы.

Уыдон ыл тæ вд уæ хсджытæ аппæ рстой. Цæ рддзой тæ вд уæ хсджытыл дон ауадзы æ мæ æ руазал сты. Уæ д артмæ донлалым фехсы, дон артыл акæ лы. Иууылдæ р фæ тарстысты æ мæ зæ гъынц:

— Нæ артыл нын дон ауагъта Цæ рддзой, фæ лæ цæ уæ м.

Иууылдæ р ацыдысты уæ ларвмæ. Цæ рддзой арты цуры ссары йе ’рвон дуры, райсы йæ, зынг рахæ ссы æ мæ Бонвæ рнонмæ раздæ хы. Уæ ларвон зынгæ й арт скæ нынц æ мæ та физонджытæ райдайынц фыцын. Кæ нынц сæ цард Цæ рддзой æ мæ Бонвæ рнон.

Хуыцау æ мæ йе ’мбæ лттæ м хъыг æ ркасти, Цæ рддзой сын сæ нывонд уæ ларвон артыл дон кæ й ауагъта, уыцы хабар. Тæ рхон байдыдтой Цæ рддзойы амарыныл.

Зæ дтæ зæ гъынц:

— Хуыцау, де сфæ лдисгæ у æ мæ йæ ды амар, махæ й никæ й бон бацæ удзæ ни Цæ рддзойы амарын.

Хуыцау зæ гъы:

— Æ з рафæ лдисдзынæ н тыхджынæ й тыхджындæ рты зæ ххыл. Уадз, уыдон æ й амарой, кæ ннод мæ м Хур фæ тигъ [4] уыдзæ ни.

— Уый дæ р раст зæ гъыс, Хуыцау, — загътой йе ’мбæ лттæ.

Хуыцау рафæ лдисы зæ ххыл Еугуыппарты, сæ зонд сын зыгъуыммæ скæ ны æ мæ сæ сардауы кæ рæ дзийыл.

Бонвæ рнон зæ гъы Цæ рддзойæ н:

— Адон дæ у афтæ мæ й нæ ныууадздзысты, фæ лтау бавдæ л, æ мæ де ’рвон дурæ й æ фсæ н фатфындзтæ [5] сараз, цы ма дзы аззайа, уымæ й — цилхъ, уæ д дын ницыуал кæ ндзысты.

Бонвæ рнон дойнаг дуртæ м фатфындзтæ рацагъта, цилхъ сарæ зта æ мæ æ хсон дурыл сыссыди цилхъы. Афтæ цыргъ æ й скодта æ мæ æ рду йæ комыл дыууæ кодта.

Еугуыппарты размæ ралæ ууыд Цæ рддзой. Фæ ттæ й сæ æ хсы, цилхъæ й сæ кæ рды æ мæ сæ сау скъуыдтæ акæ ны.

Хуыцау кæ сы æ мæ зæ гъы:

— Уарппы хохыл цы æ рвон дур ныууагътам, уый Цæ рддзойы къухы бахауди, скодта дзы хæ цæ нгарз æ мæ Еугуыппарты сау цагъд кæ ны.

Хуыцауы æ мбæ лттæ зæ гъынц:

— Афтæ сараз, Хуыцау, æ мæ йыл тыхсгæ куыд æ ркæ ной.

Еугуыппартæ та Цæ рддзойыл æ ртыхстысты. Уæ д Цæ рддзой йæ сынæ г доны ’рдæ м скодта. Еугуыппартæ донмæ нæ уæ ндыдысты æ мæ та сæ фыд дæ р цагъд фæ кодта.

Хуыцау зæ гъы:

— Уæ фендæ й ницы рауад, Цæ рддзой йæ сынæ г донмæ скодта æ мæ йын тых нæ арынц.

Зæ дтæ та зæ гъынц:

— Фæ лтау доны цæ рджыты дæ р рафæ лдис, уыдон дæ р æ й куыд цæ вой.

Хуыцау рафæ лдыста доны цæ рджыты дæ р. Донбеттырты уæ лдайдæ р æ мæ Хуыцау бафæ дзæ хста:

— Цæ рддзой сымахмæ куы бырса, уæ д æ й цæ вут.

Иннæ хатт дæ р та Еугуыппартæ самадтой тох Цæ рддзойимæ. Цæ рддзой та йæ сынæ г доны ’рдæ м скодта. Уæ д æ й чъылдымы ’рдыгæ й Донбеттыртæ цæ вын байдыдтой æ мæ суынгæ г ис Цæ рддзой. Разæ й, сур зæ ххæ й йæ Еугуыппартæ цавтой, чъылдымы ’рдыгæ й — Донбеттыртæ, æ мæ йын гæ нæ н нал уыди. Цæ рддзойы буар сыхырнайау хуынчъытæ кодта. Бирæ фæ цагъта Еугуыппартæ й, Донбеттыртæ й. Йæ цилхъ фехста æ мæ Бонвæ рноныл халагъуды сæ мбæ лдис. Бонвæ рнон цилхъ фелвæ ста æ мæ разгъордта, фæ лæ уæ дмæ Цæ рддзой амарди. Бонвæ рнон цилхъæ й Цæ рддзой алыварс хох æ ркодта æ мæ скуывта:

— Ме сфæ лдисæ г, ам мын зæ ппадз куыд феста, Цæ рддзой йæ мидæ г цы фæ уа.

Йæ дзырд æ рцыди æ мæ Цæ рддзой зæ ппадзы баззади. Еугуыппартæ æ мæ Донбеттыртæ усмæ нæ февнæ лдтой, сæ мæ рдты рæ дзæ гъдтæ й хастой æ мæ сæ ныгæ дтой.

Баззади Бонвæ рнон йæ халагъуды иунæ гæ й цæ ргæ йæ. Цæ рддзойы цилхъ йæ нывæ рзæ ны нывæ рдта æ мæ касти йе ’нхъæ лцаутæ кæ д уыдзысты, уымæ. Бонвæ рнон нымадта рæ стæ г æ мæ æ нцад æ нцойæ дардта йæ хи йæ æ нхъæ лцаутæ м.

6. Уæ ларвон зынг (вариант)

Иуахæ мы та Хуыцаумæ зæ дтæ хуынды уыдысты,

Хордтой, нуæ зтой, цæ л-минас кодтой.

Фæ схорд афонты Уæ рыппы сæ рмæ

хи ирхæ фсынмæ ратезгъо кодтой.

Уæ д сыл сæ мбæ лди физонæ джы тæ ф.

Уый Цæ рддзой кодта адджын физонæ г.

Йæ хи хорз федта æ мæ æ рулæ фыди.

Хуыцаумæ тæ лм [1] æ ркаст ацы стыр цау.

Зæ гъы дын афтæ:

— Цæ рддзой ныр артыл физонæ г кæ ны,

æ рвон дурæ й уый æ зныгъддзагъд кæ ны,

уæ д ма ныр мах та цæ й хуыцæ уттæ стæ м.

Ныры бардуаг Хуыцаумæ дзуры:

— Куы мæ ауадзис, уæ д ын йæ зынгы

Дыууæ уысммæ ам фестын кæ нин.

Хуыцау æ й рауадзы Ныры бардуаджы.

Ныры бардуаг фынæ й Цæ рддзойыл сынтæ рацæ уы

йæ æ рвын дурын уайтагъд адавы,

Хуыцаумæ ссæ уы, ратты йæ м æ рвон дуры.

Хуыцау фæ зæ гъы:

— Скæ нæ м стыр арт уæ ларвон дурæ й,

цæ мæ й фæ дзæ хст уа йæ ахæ ссыны алдзæ н [2].

Арт стыр скæ нынц æ мæ йæ снывонд кæ нынц.

Уæ д дын Цæ рддзой ныр райхъал вæ ййы,

Агуры æ рвон дуры, фæ лæ йæ нæ ары.

Уæ ларвон цæ рджыты Уæ рыппы фены,

Лалым стыгъд акæ ны æ ртæ сырды,

Донæ й сæ айдзаг кæ ны æ мæ араст и Уæ рыппы сæ рмæ.

Зæ дтæ, дауджытæ Цæ рддзойы нæ уагътой,

Цæ рддзой фæ стæ мæ комгæ нæ кæ ны.

Тæ вд æ фсæ н уæ хстытæ Цæ рддзоймæ аппарынц,

Цæ рддзой нæ фæ тарст, дон сыл ауадзы.

Æ нæ нхъæ лæ джы сæ астæ у февзæ рд,

йæ доныхуыппæ й нывонд артыл бамизы,

нывонд артæ н дын йæ сыф-сыф ссыди.

Дзуæ рттæ дын лидзынмæ фесты.

Æ рвон дур дæ р сæ адæ ргæ й айрох.

Уæ лæ рвтæ м ма сæ хи бæ ргæ айстой,

фæ лæ дын Хуыцау тыхджын смæ сты.

Еугуыппарты дын Цæ рддзойыл сардауы.

Донбеттырты дæ р ууыл бандзары.

Цæ рддзойы ма дын æ нцой кæ м уадзынц.

Æ рвон дурæ й дын цилхъ ацаразы.

Дурты æ хсæ нæ й адзæ бæ х кæ ны,

Æ хсон дуртыл æ й тынг сцыргъ кæ ны,

Ралæ ууыди дын Еугуыппарты уæ д,

иннæ рдыгæ й та Донбеттырты цагъта.

Рæ дзæ гъдтæ й дын сæ арвмæ самайы,

Сæ тугæ й бæ стæ лæ сæ нтæ акæ ны.

Йæ цонг нæ фæ ллайы Цæ рддзойæ н хæ сты,

фæ лæ стæ вд и, донмæ йæ хи байсы.

Æ нæ ауæ рдгæ йæ йыл доны Донбеттыртæ

тыхджын схæ цынц, дон ын нæ дæ ттынц.

Цæ рддзой стыхсти, йæ ком сур кодта.

Йæ тугты цъырдта дойны мондагæ н,

йæ туджы калдта бынтон æ нæ вгъау.

Уæ д дын фæ стагмæ йæ тых æ рсасти.

Йæ карды фехсы, кард дæ р атæ хы,

йæ халагъуды тæ рвазыл фындзсагъд авæ ййы.

Хуыцауы хæ рæ фырты чызг Бонвæ рнон уыди.

Бонвæ рнон та Цæ рддзойæ н йæ лымæ н уыди.

Кардмæ февналы æ мæ базыдта

Цæ рддзойы хъуыддаг. Цæ рддзой фесæ фти.

Бонвæ рнон Цæ рддзойæ н цырд зæ ппадз скæ ны,

Уым æ й бавæ ры, стæ й рацæ уы йæ халагъудмæ.

Æ нхъæ лцау уыди æ мæ æ нхъæ лмæ касти.

Кæ д æ ппын æ мæ йæ маст искуы ссæ уид.

III. АХУЫ Æ МÆ НАГЪУЫЛЛÆ

7. Ахуы æ мæ Нагъуыллæ

Уæ д дын иухатт Бонвæ рнон æ руæ ззау. Уæ ззау та афтæ æ рци æ мæ йæ м фæ кæ сæ г нал уыд. Тыхсы, фæ лæ кæ мæ фæ дзурид. Йæ тыхстдзинад ын зæ ронд Донбеттыр бамбæ рста. Ракодта йæ фæ ндаг Бонвæ рноныл æ мæ йæ м дзуры:

— Уазæ г нæ уадзут?

— Мидæ мæ, кæ цы дæ?

Зæ ронд Донбеттыр халагъудмæ бахызти, дзæ ццæ г [1] æ рбадти æ мæ кæ сы Бонвæ рноны тæ ппалгъ [2] хуыссæ нты дæ р нæ цæ уы, нæ дæ р сыстын йæ бон у, афтæ мæ й хъæ рзы.

Зæ ронд Донбеттыр æ м бадзуры:

— Цы кæ ныс, мæ фысым, кæ нæ дæ уазæ джы размæ цæ уылнæ рахизыс?

— Ма мыл бахуд, уазæ г. Æ з æ нхъæ лцаутæ хъуамæ ныййарон. Нæ й мæ м фæ кæ сæ г æ мæ тухæ нæ й мæ лын.

Зæ ронд Донбеттыр къахæ гау дзуры:

— Ныр дæ æ з фервæ зын кæ нин, фæ лæ дæ сæ ронæ й [3] тæ рсын.

— Сæ рон ма удмидæ г куы уаид, уæ д мæ н никæ й æ ххуыс хъуыди, фæ лæ зæ ппадзы æ мбийы.

Зæ ронд Донбеттыр та ноджыдæ р зæ гъы:

— Ныр цы раттис дæ фервæ зыны тыххæ й?

— Цы æ нхъæ лцаутæ ныййарон, уыдон æ м хъаны [4] раттин афæ дзы фæ стæ.

— Хъан дæ р та стæ й йæ фыды уæ зæ джы агурдзæ н, фæ лæ хуыздæ р уаид, ахсæ в нæ уат иу куы ’ркæ никкам, уæ д дæ байзæ ддаджы афæ дзы фæ стæ æ з хъаны хаст скæ нин.

Бонвæ рнонæ н гæ нæ н нал уыд æ мæ загъта:

— Мæ афон нæ у, ныртæ ккæ гуырдтæ ныййардзынæ н, фæ лтау мæ м фæ кæ с, стæ й уый фæ стæ дæ хъуыддаг араз.

Зæ ронд Донбеттыр ныццин кодта, Бонвæ рноны фервæ зын кодта. Бонвæ рнонæ н райгуырди дыууæ фаззоны, чызг æ мæ лæ ппу. Лæ ппу куы гуырди, уæ д зынтæ й гуырди æ мæ зæ ронд Донбеттырмæ бадзырдта, зæ гъгæ, мын, аххуыс кæ н. «Ахуы» куыд загъта, афтæ лæ ппу райгуырди, уыйадыл æ й Ахуы рахуыдтой. Чызг куы гуырди, уæ д та Бонвæ рнон хъавыд зæ гъынмæ «нал мæ хъæ уы», кæ нæ «науæ д уæ д». Уыйадыл æ й рахуыдтой Нагъуыллæ.

Бонвæ рнон фервæ зти æ мæ йæ м зæ ронд Донбеттыр дзуры:

— Нæ дзырд хъуамæ дзырд уа.

Бонвæ рнон зæ гъы:

— Цæ рддзой зæ ппадзы æ мбийы, уæ д та йæ м куы суаис æ мæ куы зæ гъис: «Гъе, Цæ рддзой, де ’нцой чи уыди, уый ныр мæ фæ ндиаг кæ ны», æ мæ -иу раздæ х.

Зæ ронд Донбеттыр ныццин кодта æ мæ зæ ппадзмæ азгъордта. Бонвæ рнон Цæ рддзойы карды дуары тæ рвазыл афидар кæ ны, йæ ком æ ддæ мæ, афтæ мæ й. Зæ ронд Донбеттыр зæ ппадзмæ суади æ мæ бахъæ р кодта:

— Гъе, Цæ рддзой, де ’нцой чи уыди, уый ныр мæ фæ ндиаг кæ ны.

Цæ рддзойы стджытæ базмæ лыдысты. Мæ къуыстæ г ратахти æ мæ зæ ронд Донбеттыры цæ стыл сæ мбæ лыди. Зæ ронд Донбеттыр фæ лидзæ г ис, æ рмæ ст ма загъта:

— Æ з мæ фæ нд афтæ сæ ххæ ст кæ ндзынæ н æ мæ дæ хæ ррæ гъ стджытæ фæ нык куыд фестой.

Разгъордта зæ ронд Донбеттыр халагъудмæ. Уæ д Бонвæ рнон рухс ахуссын кодта. Зæ ронд Донбеттыр æ м бадзырдта:

— Уæ, Бонвæ рнон, дæ сæ рон мын аккаг хорз фæ цис æ мæ дæ дывæ р маст исдзынæ н. Рухс дæ м цæ уылнæ ис?

— Мæ хи æ хсын, æ рбахиз, дæ цæ ст уынгæ йæ мæ хи куыд æ рæ хсон, сылыстæ г куы дæ н.

— Уый мæ м тæ лм нæ кæ сы, — зæ гъы зæ ронд Донбеттыр, фæ мидæ г вæ ййы хæ дзары хуылфмæ, фæ лæ йæ ных сцавта Цæ рддзой кардыл æ мæ сæ ры тенка цармæ фæ хауди, æ рфгуытæ й дæ лæ мæ та размæ бахаудта.

Зæ ронд Донбеттыры Бонвæ рнон бæ ласыл сауыгъта æ мæ йæ тæ ф уырдыгæ й калди. Донбеттыртæ йæ м лæ гъстæ мæ цыдысты:

— Ратт нын нæ марды, — æ дзухæ й йын дзырдтой.

Бонвæ рнон загъта:

— Мæ гуырдты мын къуыримæ схæ ссут, кæ фы æ хсырæ й сæ хорз хъомыл кæ нут, къуыриты фæ стæ уæ д уæ марды ардыгæ й ахæ сдзыстут.

Цы гæ нæ н уыди Донбеттырæ н, къуыри æ мгъуыдæ й хорз зылдысты Бонвæ рноны сывæ ллæ ттæ м, æ мæ диссаджы мыхъылтæ систы. Ахуы æ мæ Нагъуыллæ сæ къæ хтыл къуыримæ азгъордтой æ мæ загътой:

— Ай дын дæ гуырдтæ.

Бонвæ рнон сын радта зæ ронд Донбеттыры марды. Марды тæ фгæ нгæ аластой æ мæ ма сæ м Бонвæ рнон адзырдта:

— Гъе уый тæ ф фæ кæ нут, донхортæ.

Ахуæ æ мæ Нагъуыллæ тагъд хъомыл кодтой, къуыри мæ йдзыд кодтой, мæ й та — афæ дздзыд, рахъомыл сты æ мæ Ахуы цуанхъом фæ ци.

Ахуы фæ рсы Бонвæ рноны:

— Цымæ мæ фыдæ й æ ппын ницы баззади?

Бонвæ рнон загъта:

— Куыннæ баззади, мæ нæ йæ цилхъ, уæ ларвон дурæ й арæ зт. Дæ лæ быдыры йæ фæ тты фатфындзтæ, цыма дæ хъæ уы. Мæ нæ дын зæ ронд Донбеттыры сæ ры тенка æ хсыр дуцынæ н, дæ фыды цилхъ æ й слыг кодта.

Ахуы æ рбамбырд кодта фатфындзты, фæ ттæ сарæ зта, æ рдын скодта, цилхъ йæ химæ райста æ мæ фырцинæ й хæ рдмæ фæ хаудта. Цилхъ йæ къухæ й феппард ис æ мæ йæ мады зæ рдæ йы амидæ г и.

Бонвæ рнон æ рхауди æ мæ йæ мæ лæ т æ рæ ввахс. Ахуы нынкъард и, Нагъуыллæ йæ рустæ тыдта. Уæ д Бонвæ рнон дзуры:

— О, мæ хъæ бултæ, уæ хи ма хæ рут, фæ лæ æ з амæ лдзынæ н. Мæ дзыккутæ й мын ракæ нут, æ рдынбос сæ абийут, кæ ннод æ рдынбос скъуыдтæ кæ ндзæ н. Мæ рдты уæ фыдимæ сæ мбæ лдзынæ н æ мæ зæ гъдзынæ н, зæ гъгæ, нæ номыл кæ стæ ртæ ныууагътам. Уæ хи хизут, цалынмæ уæ хиуыл феввæ рсат. Мæ н Донбеттыртæ мæ рдтæ й дæ р нæ ныууадздзысты. Стыр арт-иу скæ нут. Арты фæ здæ г мигътæ м куы хæ ццæ кæ на, уæ д мæ фатыл уырдæ м фехсут, стæ й уæ м уæ ларвæ й æ рвылæ хсæ в мæ цæ ст дардзынæ н.

Бонвæ рнон амарди. Ахуы æ мæ Нагъуыллæ стыр арт скодтой. Фæ здæ г мигътыл æ мбæ лыди. Фатыл сæ мады æ рæ вæ рдтой, фæ лæ æ рдынбос аскъуыди. Уæ д сæ мады фæ дзæ хст сæ зæ рдыл æ рбалæ ууыди æ мæ сæ мады дзыккутæ й æ рдынбос абыдтой. Æ рдыныл æ й абастой æ мæ фатыл сæ мады мигътæ м фехстой. Мигътæ æ рбатымбыл кодтой сæ хи. Зилгæ дымгæ сыстади æ мæ Бонвæ рноны фæ уæ лæ джин [5] кодтой. Хуыцауы хæ рæ фырт сæ йæ химæ кæ м бауагътаид, фæ лæ сæ бон Хур хъахъхъæ дта Ахуы æ мæ Нагъуыллæ йы, æ хсæ в та — Мæ й, райсомырдæ м та Бонвæ рнон.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.021 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал