Главная страница Случайная страница КАТЕГОРИИ: АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника |
Хурæмæйы амард
Хурæ мæ й Хуыцауы хæ рæ фырт уыдис. Сфæ лмæ цыди йæ цардæ й, бакуырм, бакъуырма ис æ мæ дзырдта: — Мæ чызг, Бонвæ рнон, макæ д ма разын боны, æ хсæ вы та дæ у уынæ г дæ р ма уæ д! Фæ лмæ цыди йæ царды Хурæ мæ й, алцы йæ м талынгæ й зынди æ мæ -иу йæ чызджы куы æ рымысыди, уæ д йæ хъарæ г, йæ сагъæ с хъуысти: — Мæ разæ й мæ рдтæ м бацыдтæ, æ мæ мæ уыйонг дæ хорзæ х уæ д, æ з дæ р кæ м амæ лон. Боныцъæ хты-иу дæ рухс мæ м рауадз. Фæ лæ изæ ры мæ йрухсы тынтæ мæ нмæ дæ р бауадз. Тухæ нæ й марди Хурæ мæ й æ мæ куырдта Хуыцауæ й мæ лæ т, куывта йæ м: — Æ з æ ддæ с [1] куы дæ н æ ппæ тæ й, базæ ронд дæ н, Хуыцау, мæ цард фæ уæ д мæ лæ тæ й. Хуыцау æ м дзуры: — Дæ уæ н уæ ларвыл нæ й ныгæ нæ н, дæ цæ уæ т зæ ххыл цæ рæ г сты æ мæ дæ мард дæ р, гъе, уырдæ м хæ сгæ у. — Оххай! Мæ цæ уæ ты зæ нæ г кæ д Зæ ххон сты, уæ ддæ р зæ ххы рафæ лдисæ г дæ хæ дæ г куы дæ, зæ ххылцæ рджытæ дæ у тынгдæ р зонынц, дæ ном дын арынц. Хуыцау мæ сты уыдис йæ хæ рæ фыртмæ, Мæ й йын кæ й батых кодта, уый тыххæ й. Йе стыр цау зæ ххыл кæ й æ рцыди, уымæ гæ сгæ зæ гъы йæ хæ рæ фыртæ н: — Нырæ й фæ стæ мæ æ гъдауæ н бауæ д, зæ ххыл чи гуыра, уымæ н уæ ларвы ныгæ нæ н ма уæ д. — Омæ æ з уæ ларвы цæ рæ г куы дæ н, — зæ гъы Хуыцауы хæ рæ фырт, — уæ ларв мæ баныгæ н. Хуыцау сразы ис Хурæ мæ йы фæ ндоныл æ мæ йæ амары. Хабар фехъуыста Бонвæ рнон, æ рцыдис æ м. Хуыцау йе ’мсæ рты фæ рсы: — Уый та ма дзы кæ цы у? — Дæ хæ рæ фырт Бонвæ рнон, — зæ гъы иу дуаг, — Цæ рцойы бинонтæ уыди, æ рдæ гмард, æ рдæ гæ гас у. Бонвæ рнон бахъарæ г кодта йæ мадмæ: — О, ныййарæ г мад! Дзурын дæ м мæ рдон æ взагæ й, кæ д мæ аргæ ныккодтай, уæ ддæ р. Нæ фехъуыстон ма зæ гъ. Райсомы дын дæ бон изæ рæ й хицæ н кæ ндзынæ н, изæ рæ й та дын де ’хсæ в бонæ й хибар кæ ндзынæ н. Ды мæ м мады зæ рдæ дар, мæ рдты иумæ цæ рдзыстæ м. Нырæ й фæ стæ мæ фæ ткæ н баззайæ д: уарзондзинад — хъæ булмæ уæ д, зæ нæ джы равзæ рд ныййарæ гæ н адджын-иу фæ уæ д. Ацы æ гъдау зæ нæ гæ н æ нæ згъæ [2] ма уæ д, кæ ннод мад мæ рдты авд марды кæ ндзæ ни, мадарæ й [3] цæ удзæ ни. Кæ стæ ры бон та æ суæ ны райсом [4] фестæ д. Дуагтæ й сæ иу зæ гъы: — Ай ма дзурын куы бауадзæ м, уæ д нæ сæ ртæ салф [5] рафтаудзысты, марды бавæ рæ м. Хуыцау сразы ис. Хурæ мæ йы бахастой зæ ппадзмæ, йæ сæ р ын скæ сæ нырдæ м скодтой, тæ рхæ гыл æ й равæ рдтой. Хурæ мæ й рабады мардæ й æ мæ зæ гъы: — О, ме сфæ лдисæ г! Цæ рын ма мæ бауагътаис Хурты хурзæ рин, мæ йты бардуаг! Хуыцау зæ гъы: — Оххай, раст æ й нæ ныгæ нут, йæ сæ р ын цæ гатмæ скæ нут. Хурæ мæ йы сæ р цæ гаты ’рдæ м скодтой, уый та рабады мардæ й æ мæ зæ гъы: — О, ме сфæ лдисæ г! Цæ рын ма мæ бауагътаис уазал цæ гаты. Хуыцау ногæ й зæ гъы: — Раст та йæ нæ ныгæ нæ м, йæ сæ р ын хуссары ’рдæ м скæ нут. Хурæ мæ йы сæ р хуссарырдæ м фæ зылдтой. Уый та мардæ й рабады æ мæ зæ гъы: — О, ме скæ нæ г! Цæ рын ма мæ бауагътаис хуссайраг хъарммæ. Хуыцау ногæ й зæ гъы: — Йæ сæ р ын ныгуылæ нырдæ м фæ кæ нут, кæ ннод ныгæ нын нæ бакомдзæ ни. Хурæ мæ йы сæ р ныгуылæ нырдæ м фæ кодтой. Мард йæ къæ хтæ фæ хъил кодта æ мæ зæ гъы: — О, дзæ нæ ты бынат, къахæ й дæ м цæ уын хъæ удзæ н! Хуыцау та зæ гъы: — Худинаг кæ нæ м, йæ къæ хтыл ын дзуарцыртæ вæ р [6] æ рæ вæ рут. Марды къæ хтыл дзуартывæ р æ рæ вæ рдтой æ мæ Хурæ мæ й нал ракасти, нал дæ р истыуал сдзырдта. Хуыцау зæ гъы: — Амæ й фæ стæ мæ фæ ткæ н баззайæ д: марды сæ р ныгуылæ нырдæ м æ вæ рд цæ уæ д, рухс мауал уынæ д, къæ хты ’рдыгæ й та йыл цырт сагъд цæ уæ д. Уæ дæ й баззади фæ ткæ н марды сæ р ныгуылæ нырдæ м æ вæ рын æ мæ къæ хты ’рдыгæ й та цырт садзын. 9. Ахуыйы хъæ зтытæ Ахуы сидзæ р уыдис æ мæ Царциатæ й уыдис. Фыдфыдуаг рацыдис æ мæ йын макæ зæ гъæ г нæ уыди. Рæ з тагъд кодта. Иухатт сфæ нд кодта, зæ гъгæ, мæ м цас тых ис, уый базонын. Йæ хо Нагъуыллæ йæ н зæ гъы: — Æ з мæ тыхтæ хъуамæ базонон. Йæ хо дзуры: — Ма ацу, ам иунæ гæ й цы аразын. — Цæ мæ й тæ рсыс, кæ д дæ м исты тас цæ уа, уæ д-иу рындзыл хæ ргæ сындзытæ й арт скæ н. Æ з сæ сæ тæ фæ й базондзынæ н æ мæ дæ м зындзынæ н. Ахуы ахызти, иу суангыл ссæ уы, рагъыл бахизы, иннæ суангмæ бафты, стæ й та, кæ м коммæ, кæ м фæ змæ афты. Бирæ фæ цыдис æ мæ суадоны раз æ рбадти. Кæ сы æ мæ æ ртæ гуымир уæ йыджы æ рбацæ уы. Сæ цæ нгтæ аххæ рджыты стæ вдæ н, сæ дзых куы схæ лиу кæ нынц, уæ д цыма къутутæ сты, раст афтæ фæ зынынц. Æ ртæ гуымир уæ йыджы зæ гъынц: — Цæ й, ахъазæ м. Сразы сты. Сæ иу дур хæ рдмæ фехста, йæ сæ р йæ м бадардта æ мæ дур фæ стæ мæ ратахт, гуымир уæ йыджы сæ рыл сæ мбæ лыди æ мæ фæ йнæ рдæ м хуыртæ й акалди. Дыккаг гуымир уæ йыг йæ къух саггомæ й бæ ласы цæ нгтыл фидар ныххæ цыди æ мæ йæ æ д уидæ гтæ стыдта, зæ ххыл æ й фæ кодта æ мæ схъисгай ныппырх и. Æ ртыккаг гуымир уæ йыг, доны йæ цонг нытътъыста, йæ комы тæ ф æ м бауагъта, цонгыл авд ивазны бæ рц их схæ цыди, уыцы ихы стыдта, цонг дуртыл ныццавта æ мæ ихтæ къæ ртгай фæ йнæ рдæ м фæ тахтысты. Ахуымæ диссаг фæ кастысты æ ртæ гуымир уæ йыджы хъæ зтытæ æ мæ йæ бафæ ндыди уыдонимæ ахъазын. Æ ргом сæ м рацыди æ мæ зæ гъы: — Фарн уæ хъазты уа. — Фæ рнæ йдзаг у, лæ ппу. — Диссаджы хъæ зтытæ кодтат æ мæ мæ зæ рдæ мæ тынг фæ цыдысты. Уыдон ныххудтысты æ мæ зæ гъынц: — Ды нырма быммиз цыдæ р дæ, уагæ ры хъæ бысæ й куы фæ хæ цæ м, уый куы фенис. — Хъæ бысæ й æ з дæ р рахæ цин, фæ лæ кæ имæ, иу ахæ м мын ам ничи ис. — Дæ уæ й цæ й хъæ бысæ йхæ цæ г ис, мæ нæ нæ хъæ зтытæ дæ у дисы куы быфтыдтой, уæ д? Ахуы та загъта: — Уæ хъæ зтытæ мæ н бафтыдтой дисы, фæ лæ мæ хъæ зтытæ та сымах бафтаудзысты дисы. — Уæ дæ -ма нæ хъæ зтытæ й ахъаз. Ахуы уæ йыджы дурæ й æ ртæ хатты стырдæ р фелвæ ста æ мæ йæ хæ рдмæ фехста. Дур афтæ уæ лиау стахти æ мæ ма йæ цæ ст гæ зæ мæ уыдта. Уæ дмæ йæ иу цонджы доны атъыста æ мæ йыл ныффу кодта. Цонгыл дыууадæ с ивазны бæ рц их сбадти. Йæ иннæ къухы кæ стæ р æ нгуылдзæ й æ ппæ ты ставддæ р бæ ласы цонгыл ныххæ цыдис. Уалынмæ дур æ хситгæ нгæ æ ртæ хы. Ахуы их æ мæ бæ ласы иумæ стыдта. Тæ хгæ дур куы æ рæ ввахс и, уæ д æ ртæ йы кæ рæ дзийыл ныххуырста æ мæ лыстæ г къæ рттытæ й фæ йнæ рдæ м фæ хаудтой. Уæ йгуытæ хæ лиудзыхæ й аззадысты æ мæ загътой: — Амæ не ’ртæ йы тых дæ р ис. Кæ рæ дзимæ бакастысты, стæ й Ахуыйæ н зæ гъынц: — Фысым дын стæ м, æ ввахс цæ рæ м æ мæ ныл баввæ рс. Акодтой Ахуыйы семæ. Æ рцыдысты уæ йгуыты хæ дзармæ. Дуар бакодтой æ мæ гуымир уæ йгуыты мад бадти. Ахуыйы фенгæ йæ сцæ йстади. Ахуы йæ м базгъордта æ мæ зæ гъы: — Бад, мæ мады хай, исты дæ хъан куы нæ дæ н. Мад зæ гъы: — Хъан дæ р мæ м афтæ уæ зданæ й не ’рбадзырдтаид, ды мæ м куыд æ рбадзырдтай. Æ ртæ гуымир уæ йыгæ н æ хсызгон уыдысты сæ мады ныхæ стæ. Хынцын байдыдтой Ахуыйы, æ хсæ в-бонмæ йæ зæ ххыл бадын дæ р нæ уагътой. Райсомы афтæ гуымир уæ йыджы зæ гъынц: — Тæ худы, ацы лæ г нын хæ стæ г куы уаид, кæ нæ нын æ фсымæ р куы уаид. Аходæ н бахордтой, стæ й та зæ гъынц: — Уазæ г, кæ д дæ афæ лгæ сын фæ нды, мыййаг? — Хорз уаид. Ацæ уынц æ ртæ гуымир уæ йыджы Ахуыимæ. Иу хъæ дмæ бацæ уынц æ мæ федтой: дон цæ уы тугхæ ццæ имæ. Ахуы фæ дис кодта, стæ й гуымир уæ йгуыты афæ рсы: — Ай цы диссаг у, искуы ма дон тугхæ ццæ имæ фæ цæ уы? Гуымир уæ йгутæ загътой: — Уый диссаг нæ у. Махæ н ис хо, бæ сты рæ сугъд æ мæ бæ сты уæ здан у. Еугуыппартæ йæ м курæ г цыдысты æ мæ йæ нæ фыд нæ лæ вæ рдта. Еугуыппартæ уæ д нæ фыды æ рцахстой æ мæ йын алы ацафон йе ’нгуылдзты бын фæ лыг кæ нынц, йæ туг ын рауадзынц æ мæ уый туг донимæ хæ ццæ кæ ны, гъе, уый у. — Кæ д афтæ у, уæ д æ м цæ мæ кæ сут? — Мах æ ртæ стæ м, уыдон бирæ сты, нæ бон нæ у нæ фыды байсын. Цæ уынц дарддæ р. Иу ран та дон цæ уы ноджы æ мæ ахæ м ирд у, лæ г дзы йæ хи фены. Ахуы дзы ахуыпп кодта æ мæ зæ гъы: — Цæ й тынг цæ хджын у ай? Гуымир уæ йгуытæ зæ гъынц: — Уый дон не схуыпп кодтай, фæ лæ нæ фыды тыххæ й нæ хо кæ уы æ мæ уый цæ ссыгтæ донау уайынц. Цæ ссыг та вæ ййы цæ хджын. Цæ уынц дарддæ р, ноджы та федтой суадон, сау змæ стæ й цæ уы. Ахуы та фæ рсы æ ртæ гуымир уæ йыджы: — Ай та цавæ р змæ стæ й цæ уы? — Уый та нæ фыды æ нгуылдзтæ тынг куы сриссынц, уæ д йæ къæ хтæ й сыджыты ныццæ вы æ мæ дон сыджыт змæ ст рацæ уы. — Ахуы та фæ рсы: — Дарддæ р нал ацæ удзынæ н, фæ лæ мемæ цомут. — Кæ дæ м нæ кæ ныс? — Уæ хойы уын фенон. — Нæ хо ахст у, нæ фыды цур æ й барæ й дарынц, цæ мæ й нæ фыды тухитæ уына. Æ ввахс чи бацæ удзæ ни уымæ? — Мемæ цомут, кæ д мын æ ххуыс нæ фæ кæ нат, уæ ддæ р мын ныфс уыдзыстут. Æ ртæ гуымир уæ йыджы араст вæ ййынц Ахуыимæ. Бахæ ццæ сты иу фæ збыдырмæ. Акæ сынц æ мæ фенынц Еугуыппарты. Æ ртæ гуымир уæ йыджы фыдæ й хынджылæ г кæ нынц. Ахуы йæ фыды цилхъ сæ лвæ ста. Цилхъ ныхситт кодта, йæ буар хуры тынтæ м стъæ лтæ [1] скалдта, йæ буары æ рттывдмæ цæ стытæ куырм кодтой. Еугуыппартæ фæ сæ цца [2] сты. Уæ д сæ м Ахуы дзуры: — Цæ мæ н у баст ацы лæ г? — афарста æ ртæ гуымир уæ йыджы фыдæ й. — Æ нхъæ лæ г [3] дзы уыдыстæ м æ мæ нын нæ разы кæ ны. — Чызг та цæ мæ н ахæ сты ис? — Ком нын нæ дæ тты. — Мæ хатырæ й сæ уæ д та суадзут. Еугуыппартæ ныххудтысты æ мæ зæ гъынц: — Чи дæ? Куыннæ дæ зонæ м? Ахуы рамæ сты ис, цилхъæ й æ ртæ гуымир уæ йыджы фыды бæ ттæ нты æ рхафта æ мæ фæ лыгтæ сты. Сæ хойы сын суагъта. Гуымир уæ йгуыты хо ахæ м уыди, æ мæ йæ дæ ллагхъуырты æ хсæ н лæ г йæ хи уыдта, йæ цæ стытæ й зынджы стъæ лфæ нтæ хауди, йæ цæ стыты æ рбакаст æ хсызгондзинад лæ вæ рдтой зæ рдæ йæ н, йæ мидбылты бахудтмæ цæ стытæ сæ хи æ рныкъуылын нал уагътой. Еугуыппартæ бæ рц-бæ рц уыдысты æ мæ сæ хи ныццавтой Ахуыйыл. Ахуы æ ртæ гуымир уæ йыг æ мæ уыдон фыдмæ дзуры: — Цæ угæ кæ нут сымах, кæ нут уæ чызджы дæ р, æ з дæ р уæ м зындзынæ н, адон мæ н бар уадзут. Æ ртæ гуымир уæ йыджы зæ гъынц: — Мах дæ у иунæ гæ й нæ ныууадздзыстæ м. — Цæ угæ кæ нут уын загътон, æ ндæ ра уæ искæ й ивддзаг цæ ф фæ кæ ндзынæ н. Æ ртæ гуымир уæ йыджы сæ хо æ мæ сæ фыдимæ ацыдысты. Ахуы райдыдта цæ гъдынтæ гуымирты, йæ хи комы ’рдæ м сайгæ цыди, иу уынгæ г ран цæ хгæ р лæ уд фæ кодта Ахуы æ мæ сæ цилхъæ й райдыдта цæ гъдынтæ. Кæ ритæ й срæ дзæ гъдтæ сты еугуыппарты мæ рдтæ. Сæ туг цæ угæ донау калди æ мæ ласта мæ рдты. Суанг талынджытæ м фæ хæ цыди Ахуы. Уæ д изæ рæ й сæ хæ цын ныууагътой, дыууæ рдыгæ й дæ р æ рлæ ууыдысты. Еугуыппарты хистæ р зæ гъы: — Афтæ -ма бакæ нæ м. Ай Царциаты хуызон у æ мæ ма ацы цилхъы æ з федтон, уæ д æ й Царциатæ й иу хаста æ мæ нæ мыггагыскъуыд фæ кодта, æ мæ уый амарди, фæ лæ ма сæ ай кæ цы уыдзæ ни. Мах амæ н ницы бакæ ндзыстæ м тыхæ й, фæ лæ хинæ й хъæ уы архайын. Скъахут уæ рм æ мæ йæ мæ нгæ мбæ рзт бакæ нут, хæ цгæ йæ асайут, уый уæ рмы ныххаудзæ н æ мæ йæ уæ д амардзыстут. Байхъуыстой еугуыппартæ сæ хистæ ры ныхæ стæ м. Талынджы скъахтой уæ рм, бонæ й та йемæ схæ цыдысты æ мæ йæ сæ фæ дыл асайдтой. Ахуы хæ цгæ -хæ цын уæ рмы ныххауди. Еугуыппартæ сцин кодтой æ мæ загътой: — Ныр нал фæ цæ удзынæ. Ахуы ахъуыды кодта æ мæ зæ гъы йæ хицæ н: «Адоны хинæ й куы нæ асайон, уæ д сын иунæ гæ й ницы бакæ ндзынæ н». Ахуы уæ рмæ й дзуры: — Ехх, сымахæ й цы адæ м ис. Сымах истæ мæ н куы уаиккат, уæ д мемæ хъазынæ й сфæ лвæ риккат. Еугуыппартæ фæ рсынц: — Уагæ ры цы хъазт зоныс? Ахуы та сæ м дзуры: — Стырдæ р дуртæ мыл цæ вут мæ сæ рыл æ мæ сæ æ з тыппæ л æ хст [4] кæ ндзынæ н. Еугуыппартæ зæ гъынц: — Стыр дуртæ й сæ быны ныммæ лдзынæ, дзæ гъæ лæ г [5]. Æ ртылдтой ставд дуртæ. Еугуыппартæ фехсынц дуртæ Ахуыйыл. Ахуы карды комæ й дурты атæ хын кæ ны æ мæ сæ хæ рдмæ ныззыввыт ласы. Дуртæ мигъты онг фæ тæ хынц æ мæ нал фæ зынынц. Диссаг касти Ахуыйы хъазт еугуыппартæ м. Комы дур нал баззади, Ахуыйыл сæ ныккалдтой. Ахуы сæ æ рдæ г кодта, стæ й мигъты онг зыввыт ласта. Чысыл фæ стæ дæ р дуртæ их уарæ гау ныггæ р-гæ р ластой æ мæ еугуыппарты сæ ртыл пырх кодтой. Еугуыппартæ й ахæ м нал уыди, къокъоси [6] кæ уыл нæ рацыди. Еугуыппартæ дурты цæ фтæ й лидзæ г фесты. Ахуы фæ цырд ис, уæ рммæ цы дуртæ згъæ лыдысты, уыдоныл сбырыди хæ рдмæ. Ахуы расæ ррæ тт ласта, йæ разæ й та еугуыппарты скъуымбил кодта æ мæ та талынгмæ фæ хæ цыдысты. Æ ртыккаг бон ногæ й фæ фылдæ р вæ ййынц. Зæ ронд еугуыппар азгъордта Царциаты бынатдзæ гмæ, [7] ауыны уым Нагъуыллæ йы æ мæ йæ м дзуры: — Ды та ма кæ дæ м ирвæ здзынæ? Нагъуыллæ фæ гæ пп ласта, хæ рыны сындзытыл арт афтауы æ мæ сæ тæ ф Ахуыйыл аныдзæ вди. Нагъуыллæ райдыдта фæ ттæ уадзын зæ ронд еугуыппарыл. Иу фат зæ ронд еугуыппары цæ стыл сæ мбæ лыди æ мæ зæ ронд еугуыппар сохъхъырæ й баззади. Зæ ронд еугуыппар Нагъуыллæ йы йæ дæ ларт акодта æ мæ йæ аскъæ фта. Ахуы хæ цгæ -хæ цын рахаста еугуыппарты æ мæ сæ айнæ гмæ басайдта. Дзалабæ ттæ н абыдта, бырцы тигъыл æ й абаста æ мæ айнæ гыл ауагъта йæ хи. Еугуыппартæ йæ расырдтой, кæ рæ дзи скъуырдтытæ кодтой æ мæ айнæ гæ й хауын байдыдтой, комы та пырх кодтой. Ахуыйы хин нæ бамбæ рстой еугуыппартæ. Уæ д комæ й Нагъуыллæ йы хъæ р фæ цыди. Ахуы дзалабæ ндæ н фæ лыг кодта, ратахти æ мæ зæ ронд еугуыппарыл сæ мбæ лдис. Уым ын йæ къубалы сыскъуыдта, фехста йæ айнæ джы сæ рмæ. Еугуыппартæ й ма чи баззади, уыдон сæ хистæ ры сæ ры къуыдыр куы федтой, уæ д раздæ хтысты. Ахуы æ мæ Нагъуыллæ сæ бынатдзæ гмæ æ рцыдысты, саджы фыдæ й хорз сæ хи федтой æ мæ баулæ фыдысты.
|