Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Ахуыйы ускуырд






Иу бон Ахуы æ нкъардæ й бады æ мæ хъуыдыты ацыди. Нагъуыллæ йæ фæ рсы:

— Цы кæ ныс, Ахуы, цæ уыл æ рæ нкъард дæ?

— Æ нкъард нæ дæ н, фæ лæ афтæ сагъæ сты ацыдтæ н.

— Уагæ ры цы сагъæ сты ацыдтæ?

Ахуы бахудти, стæ й зæ гъы:

— Ныр дын æ й куы зæ гъин, уæ д мыл худис.

— Кæ д худæ г уа, уыдоныл худдзынæ н, кæ ннод цæ уыл худон.

Æ з бауарзтон æ ртæ гуымир уæ йыджы хойы, æ мæ дæ м нæ уæ ндыдтæ н, зæ гъон æ й, уый.

— Уым æ взæ рæ й ницы ис, нæ дæ р дзы худæ гæ й исты ис, æ з дæ р ыл фæ цин кæ ндзынæ н.

— О, фæ лæ йæ кæ д нæ радтой, уæ д сæ æ нæ быны цагъд нæ ныууадздзынæ н. Кæ д æ й радтой, уæ д та ууыл хъуыды кæ нын, ацы халагъуды кæ дмæ уыдзыстæ м, кæ дæ м æ й æ рхондзыстæ м.

Нагъуыллæ та зæ гъы:

— Райсом хур цы дуртыл сæ мбæ ла, уыдон æ рæ мбырд кæ н æ мæ сараз хæ дзар.

Ахуы, райсом хур цы дуртыл сæ мбæ лди, уыдоны æ ппарын байдыдта йæ халагъуды цурмæ. Нагъуыллæ йын змæ ст аразта æ мæ скодтой стыр быру. Самадтой авдбынатон гæ нах æ мæ йæ мидæ г бацыдысты.

Дыккаг бон хо æ мæ æ фсымæ р араст сты æ ртæ гуымир æ фсымæ р уæ йыджы хæ дзармæ. Къахон кусарт сын акодтой, хорз суазæ г кодтой. Ахуы æ фсармдзæ джы бадт кодта.

Æ ртæ гуымир уæ йыджы фыд æ й хатын байдыдта æ мæ фæ рсы:

— Ахуы, ирвæ зын нæ акодтай, цин дыл кæ нæ м, æ мæ æ фсæ рмиаджы бадт цæ мæ н кæ ныс?

Нагъуыллæ йæ бæ сты зæ гъы:

— Ме ’фсымæ р æ нхъæ лцау у, æ фсæ рмы раны йæ хи æ вæ ры уæ разы, кæ д æ й аккаг скæ ндзыстут, уæ д.

Гуымир уæ йгуытæ ницыуал загътой, бафидыдтой. Чындзæ хсæ в скодтой æ мæ Ахуы æ рхаста гуымир уæ йгуыты хойы усæ н.

Æ ртæ гуымир æ фсымæ ры æ мæ уыдон мад æ мæ фыд лæ вæ рттæ фæ кодтой Нагъуыллæ йæ н.

Ахуы æ мæ Нагъуыллæ сæ ног чындзмæ сæ авдбынатон гæ нахы æ рæ нцадысты.

Цыдысты бонтæ æ мæ Ахуыйæ н райгуырдис фондз фырты. Уыдон уыдысты: Суа, Едысо, Фарнæ г, Хæ тгар, Хъæ лæ г.

Фондз æ фсымæ ры хъомыл кодтой Ахуы æ мæ Нагъуыллæ æ мæ æ ртæ гуымир æ фсымæ р уæ йыджы æ ххуысæ й. Адонæ й равзæ рдысты Царциаты фондз стыр сыхы.

11. Ахуыйы ускуырд (вариант)

Иу бон куы уыди, уæ д дын æ рæ нкъард Ахуы йæ химидæ г, бады æ мæ хъуыдыты ацыд. Нагъуы йæ фæ рсы:

— Цы кæ ныс, ме ’фсымæ р, цæ уыл æ нкъард дæ?

— Цы кæ нон, мæ хо, иунæ г мах стæ м æ мæ сагъæ сы бацыдтæ н. Бинонтæ ’ркæ нынафон мæ нæ н рагæ й у, фæ лæ кæ й, ууыл хъуыды кæ нын.

— Ау, уый чи уыдзæ ни, дæ уæ н чи нæ бакома?

— Æ ртæ гуымир æ фсымæ ры хо Хуран у, уый мæ зæ рдæ йы баззади, — зæ гъы Ахуы, ныр ыл сдзурин, фæ лæ цы нæ ис, уæ д та йæ нæ дæ ттынц.

— Ской æ ри у, хорзы сын бацыдтæ. Хорз лæ г хæ рзгæ нæ джы нæ рох кæ ны, иумæ йæ м фæ цæ уæ м усгур. О, фæ лæ ацы халагъуды кæ дмæ цæ рдзыстæ м. Райсом хур йæ тынтæ куы райтауа, уæ д уыдоныл дуртæ кал æ мæ дын хæ дзарваг дур сæ мбырд кæ ндзысты.

Ахуы райсомæ й фестад, хур йæ тынтæ зæ ххыл æ руагъта. Ахуы сæ м дурæ ппарæ н кодта йæ халагъуды цурмæ. Ахуы тынг бацин кодта. Авдбынатон аразын райдыдта æ мæ скодта гæ нах, бæ рзонд быруимæ. Бафснайдтой йæ, ныссыгъдæ г æ й кодтой, стæ й хо æ мæ æ фсымæ р фæ цыдысты усгур æ ртæ гуымир æ фсымæ ры хомæ. Уыдон сæ хорз суазæ г кодтой. Æ фсымæ рты фыд Хъæ лæ хуынди, кæ сы æ мæ Ахуы нæ хæ ры, нæ дæ р исты кæ ны. Хъæ лæ фæ рсы Нагъуыйы:

— Уæ дæ де ’фсымæ р куыннæ хæ ргæ кæ ны, куыннæ нуазгæ, æ ви нæ хæ ринагыл æ ввæ рсгæ нæ кæ ны?

— Ой, цы загътай уый, — дзуры йæ м Нагъуы, — ме ’фсымæ р уæ м хъуыддаг кæ нынмæ æ рцыдис, уæ чызджы уын куры.

— Оххай, уый æ фсæ рмаг нæ у. Кæ д бафидауæ м, уæ д нæ чи хъæ уы Ахуыйæ хуыздæ р. Раздæ р уал чызджы бафæ рсын хъæ уы. Кæ д уый ком ратта, уæ д мах дæ р разы.

Хъæ лæ æ рбакæ нын кодта йæ чызг Хураны æ мæ æ ртæ гуымиры. Фæ рсы йæ фыртты:

— Ахуыйы зонут, усгур уæ м æ рцыди æ мæ уæ фæ ндон зæ гъут цыбырæ й.

Æ фсымæ ртæ зæ гъынц:

— О, не сфæ лдисæ г, чи ма нæ хъæ уы Ахуыйæ хуыздæ р. Кæ д нæ хойы дæ ттæ м, уæ д æ рмæ ст Ахуыйæ н.

— Цы зæ гъы чызг та? — фæ рсы Хъæ лæ.

Хуран æ м дзуры:

— Мæ нæ н мæ амонд, æ вæ ццæ гæ н, Ахуы у, фæ лæ еугуыппартæ й мæ н куыд бахиздзæ н, уый ма куы зонин.

— Хъуыддаг чи кæ ны, уый амал дæ р фæ кæ ны, хос уыдзæ ни Хуранæ н.

Бафидыдтой æ мæ æ ркодтой Хураны. Авдбынатон гæ нахы йæ æ рцæ рын кодтой. Цæ рынтæ систой. Уæ д иу бон Хуран дзуры Ахуымæ:

— Ахуы мын цæ ра, æ руæ ззау кæ нын, мæ гуыбыны сæ взæ рди цæ ринаг гуырдтæ иу нæ, фæ лæ фондз. Куы фæ цæ уис уæ д дæ хи ирхæ фсынмæ фынддæ с азы æ мгъуыдмæ, æ мæ -иу кæ с дæ фондз æ нгуылдзмæ, уый араздзысты дæ фырттæ дæ р. Искуы искæ й тыхсгæ куы фенай, кæ нæ æ ххормагæ й, уæ д ын баххуыс кæ н, цы æ нгуылдзæ й дын цæ уа дон, уый-иу ын бадар, цæ мæ й бафсæ да. Фынддæ с азы фæ стæ æ рцагур дæ хæ дзар. Ныр фен дæ хойы æ мæ цу дæ балцы.

— О, ме стыр зæ рдиаг Хуран, — зæ гъы Ахуы, — ныр дæ у иунæ гæ й куыд уадзон, уæ д та тынг тыхсыс, кæ нæ дыл мæ фæ стæ тых цæ уы, уæ д чи уыдзæ ни дæ сæ рыл дзурæ г.

— Нагъуыимæ исты кæ ндзыстæ м, фæ лæ дæ цыд кæ н, ам дæ æ вгъæ дгæ сæ й, мыййаг, нæ уромын мæ хицæ н. Кæ д мыл тых цæ уа, уæ д мæ цæ гатмæ хъусын кæ ндзынæ н.

Ахуы ракодта Хураны ныхæ стæ Нагъуыйæ н. Нагъуы йæ м дзуры:

— Ма тыхс, ме ’фсымæ р, Хуран цух ницæ мæ й уыдзæ н мæ удæ гасæ й.

Уæ д Ахуы сбадти бæ хыл, райста йæ цирхъ, йæ туас, арц, фатфындзтæ æ д æ рдын æ мæ араст и балцы. Цæ угæ размæ бæ ргæ кодта, фæ лæ кæ дæ м, уый нæ ма зыдта, кæ м-иу ыл баталынг, уым æ хсæ виуат кодта, царди сырды фыдæ й.

Уæ д иу бон Хураны бæ рæ г кæ нынмæ æ рцыдысты йе ’ртæ ’фсымæ ры æ мæ дзурынц Нагъуымæ:

— Мæ нæ дын ефс бæ х уадзæ м, кæ д исты уæ ззау кæ на Хуран, уæ д-иу бæ хы идадзæ й рауадз æ мæ уæ м зындзыстæ м.

Æ фсымæ ртæ ацыдысты. Нагъуыйæ н уыдис гадза куыдз. Сниудта æ мæ тыхсы. Нагъуы æ мæ йæ м Хуран кæ сынц. Гадза зайын нæ фæ рæ зта. Йæ къæ былатæ гуыбыны хыл кодтой, нæ æ з уал ахизон, цæ мæ й хистæ р уон, ууыл уыдис сæ быцæ у. Йæ сæ р-иу чи радардта æ ддæ мæ, уый-иу иннæ тæ йæ къæ дзилæ й фæ стæ мæ баластой. Гадзайы гуыбынæ й сæ рæ йын цыди æ мæ гадза тымбылтæ кодта. Хуран дзуры Нагъуымæ:

— О, уайых макуы фæ уай, фæ кæ с гадзамæ, тæ ригъæ дæ й мары, уæ д та мæ ныл дæ р ахæ м тыхстдзинад ис, уæ д мæ м афтæ кæ сис.

— Уый цытæ дзурыс, Хуран, — зæ гъы Нагъуы. — Гадза у гадза, адæ ймаг та адæ ймаг, дæ хи куыд барыс ууыл. Уе ’хсæ н хицæ ндзинад ис, уый нæ зоныс?

— Зонын æ й, зонын, фæ лæ гадза дæ р лæ гыл иузæ рдыг вæ ййы, тæ ригъæ д ын фæ кæ н.

Уæ д Нагъуы бацыди гадзамæ, æ рсæ рфтытæ йæ кодта æ мæ гадза ныййардта фондз къæ былайы. Гадза дæ р фервæ зт йæ зындзинадæ й. Къæ былатæ й сæ иу сау стъæ лфимæ уыд, иннæ — бур стъæ лфимæ, æ ртыккаг — урс стъæ лфимæ, цыппæ рæ м гæ рæ мтæ уыди, фæ ндзæ м — зыгъар.

Чысыл фæ стæ дæ р ефс бæ хы хуыррыт цæ уын райдыдта, тыхсы, йæ зайынафон æ рцыди æ мæ нæ фæ разы. Байрæ гты уасын бæ хы гуыбынæ й хъуысы — «нæ, æ з уал ахизон», æ мæ нæ фидауынц. Сæ иу куы рацæ йхизы гуыбынæ й, уæ д æ й иннæ тæ фæ стæ мæ баласынц йæ къæ дзилæ й. Хуран та дзуры Нагъуымæ:

— Фæ кæ с уыцы ефсмæ, бæ х адæ ймагыл иузæ рдион у.

— О, Хуран, æ гæ р мæ ллæ г зæ рдæ йы хицау дæ, — зæ гъы Нагъуы, — фосыл та цы тыхсыс.

— Уæ д та уый раны æ з дæ н, уæ д мæ м афтæ кæ сис, уый дæ р тæ ригъæ д у.

Нагъуы ефс бæ хмæ бацыди, æ рсæ рфтытæ йæ кодта æ мæ ефс ныййардта фондз байраджы: сæ иу — сау, иннæ — бур, æ ртыккаг урс, цыппæ рæ м — гæ рæ м æ мæ фæ ндзæ м — зыгъар.

Уæ д схъæ рзыдта Хуран йæ хæ дæ г æ мæ йæ гуыбынæ й хыл хъуысы: «Нæ, æ з хъуамæ ахизон раздæ р», «Нæ, æ з хъуамæ ахизон». Хураны гуыбыны сæ взæ рди фондз сывæ ллоны, хъуамæ сæ ныййара, фæ лæ нæ фидауынц, чи сæ раздæ р райгуыра, ууыл. Хуран йæ хи райваз-байваз райдыдта. Нагъуы йæ м бацыдис æ мæ æ рсæ рфтытæ кодта Хураны гуыбыны, афтæ мæ й райгуырдысты фондз фырты: сæ иу — саухил, дыккаг — бурхил, æ ртыккаг урсцъар, цыппæ рæ м — фидæ рттæ арæ зт, фæ ндзæ м — уæ здæ ттæ конд. Нагъуы зæ гъы:

— О, хурты хурзæ рин, мæ нæ цы диссæ гтæ уынын: иу бон мæ гадзайæ н — фондз къæ былайы, ефсæ н — фондз байраджы, мæ чындзæ н — фондз фырты. Ныр Ахуы ацы хабар куы фехъусид, уæ д æ хсæ в дæ р нал æ рхуыссид, фæ лæ, тæ хгæ маргъау, æ ртæ хид.

Хуран дзуры Нагъуымæ:

— Æ гæ р бирæ рæ стæ джы йæ ауагътон, гуырдтæ хорз сты, фæ лæ тæ рсын еугуыппартæ й, æ выд мæ нæ ныууадздзысты.

— Цы сæ тæ рсыс, кæ д сылгоймагимæ сæ сæ р хæ ссой хæ цынмæ, уæ д сын худинаг уæ д æ мæ мыггагмæ æ лгъыстаг фæ уæ нт, усы кæ рдæ ны фæ цæ уæ нт.

Рæ зтысты къæ былайæ, байрагæ й, ноггуырдæ й, хъæ лдзæ г уыдысты Нагъуы æ мæ Хуран дæ р.

Иу бон Мамми рацæ уы æ мæ фены зæ ронд еугуыппары, фæ рсы йæ:

— Цы кæ ныс, зæ ронд хæ ррæ гъ, æ ви мæ лæ тæ й фæ тарстæ?

— О, уымæ й дæ р тæ рсын хъæ уы. Абон мæ рдхæ сгæ федтон æ мæ сæ фæ рсын: чи у, кæ й хæ ссут, уый? Уыдон загътой: «Мард хæ ссæ м!» Æ з фæ дисау дæ н æ мæ та сæ фæ рсын: «Ау, лæ г дæ р ма мæ лы!?» Уыдон зæ гъынц: «Мæ лы, мæ лы, мæ нæ нæ уыныс?» Гъемæ ме уæ нгтæ æ ркалдысты, мæ тых æ рсасти. Ацы хабар мæ тынг стæ рсын кодта, фæ лæ ма Царциатæ й мæ маст куы райсин, цалынмæ нæ амардтæ н, уæ дмæ.

— Дæ лæ мæ фæ уайа дæ равзæ рæ н бон, уæ сафæ г дард балцы ис æ мæ дын Хураны ахæ ссын æ нцон у, цæ мæ ма кæ сыс? Нагъуыйы уын æ з асайдзынæ н фæ свæ дмæ æ мæ Хураны аскъæ фут æ д гуырдтæ, æ д къæ былатæ, æ д байрæ гтæ. Фæ йнæ рдæ м сæ фæ хæ ссут æ мæ сæ искуы аппарут, дзæ гъæ лсæ фт фæ кæ ндзысты. Цалынмæ Ахуы не ’рцыд, кæ ннод ницы уæ бон бауыдзæ ни.

Зæ ронд еугуыппар бузныг загъта Маммийæ н æ мæ сæ химæ æ рцыди, дзуры еугуыппартæ м:

— Не сафæ г Ахуы ис дард балцы, хъуамæ фæ цырд уæ м æ мæ авдиугæ мæ [1] байсæ м Хураны, Нагъуыйы Мамми асайдзæ ни.

Еугуыппартæ сцин кодтой, рацыдысты æ рдзæ тæ й, [2] ссардтой Маммийы. Мамми еугуыппарты æ рæ мбæ хсын кодта, йæ хæ дæ г Нагъуыйыл бацыди æ мæ бакодта:

— Пыф-пыф-пыф, ам цы дзидзалæ [3] кæ ныс дæ хи, мидæ гæ й дæ аллон-биллоны тæ ф куы кæ лы, кæ м байраджы смаг, кæ м къæ былайы æ нуд тæ ф, кæ м сывæ ллоны тæ ф, цом, æ з дын лечъыр [4] фæ уыдзынæ н, хос дын авæ рон, дард цæ рæ г нæ дæ н, хос хæ дзары апырх кæ н æ мæ дæ æ нуд смаг мауал цæ уа.

Нагъуы дзуры Хуранмæ:

— Тагъд дæ м фездæ хдзынæ н, мацæ уыл мын батыхс.

Нагъуы араст и Маммийы фæ стæ, цыдысты ныхасгæ нгæ, куыддæ р фæ аууон сты, афтæ еугуыппартæ Хураны раскъæ фтой æ д фырттæ, æ д къæ былатæ, æ д байрæ гтæ. Ефс æ мæ гадзайы мæ нгагъуыстмæ бакодтой æ мæ сыл арт скодтой, цæ мæ й басудзой, стæ й алыгъдысты. Мамми хъуыддаг бамбæ рста æ мæ дзуры:

— Мæ цуры дæ хæ дзары куы ницы смаг цыди, уæ д цæ й хус смаг цæ уы ныр?

Нагъуы басмыста, цæ хгæ р фездæ хти фæ стæ мæ æ мæ фехъусы ефсы мыр-мыр, гадзайы хъыллист. Мæ нгагъуысты дуар фегом кодта æ мæ сæ æ рдæ гсыгъдтытæ й раскъæ фта. Азылди. Нал ссардта Хураны, нал лæ ппуты, нал байрæ гты, нал къæ былаты. Ныссагъæ с кодта æ мæ зæ гъы: «Уæ дæ цы фæ уыдаиккой? Ох, ныр Ахуы куы ’рцæ уа, умын [5] цы зæ гъдзæ ни!?»

Еугуыппартæ дард фæ цыдысты: лæ ппутæ й иуы æ д къæ была, æ д байраг хурыскæ сæ ны ныууагътой, иннæ йы дæ р афтæ хурныгуылæ нмæ аппæ рстой, æ ртыккаджы — цæ гаты бæ стæ м, цыппæ рæ мы — хуссары бæ стæ м, фæ ндзæ мы æ ртæ фæ ндаджы æ хсæ н ныууагътой, Хураны дарддæ р ахастой.

Зæ ронд еугуыппар зæ гъы:

— Мах Нагъуы афтæ нæ ныууадздзæ ни, фæ лæ -иу зæ гъут: «Ницы федтам!».

Еугуыппартæ Хураны фæ цу æ мæ ма ’рцуйы фæ ндагыл бафтыдтой, стæ й сæ химæ фæ цыдысты. Уæ д къæ былатæ сырдты ахстой, хъуазты-иу æ ркодтой æ мæ сын се ’хсыр лæ ппутæ нуæ зтой. Байрæ гтæ сæ цуры хызтысты æ мæ хæ стæ г никæ й уагътой. Нагъуы фæ цыдис Хураны цæ гатмæ, уыдон дæ р фæ цагурырдтой, никуы ницы ссардтой. Æ ртæ гуымир æ фсымæ ры фыд Хъæ лæ зæ гъы:

— Ацы фыдми еугуыппартæ ракодтой, фæ лæ Ахуымæ фæ бæ рæ г хъæ уы.

Ахуыйы дæ р агуырдтой, фæ лæ йæ нæ ардтой.

Иу бон Хъæ лæ рацæ уы еугуыппарты зæ ххыл, æ рталынг ис. Федта: еугуыппартæ цæ уылдæ р ныхас кæ нынц хъæ ды мидæ г. Хъæ лæ сæ м байхъуыста. Зæ ронд еугуыппар зæ гъы:

— Рацыдис дæ с азы, уыцы лæ ппуты бабæ рæ г хъæ уы. Кæ д амардысты, уæ д хорз, кæ д ма æ гас сты — марын сæ хъæ уы. Ахуы фондз азы фæ стæ фæ зындзæ ни, уымæ н куы ницы фæ разæ м, уæ д ма йæ фырттæ н та цы нæ бон суыдзæ ни. Фынддæ с азы куы сæ ххæ ст уой, уæ д Хуранмæ бар ничиуал дардзæ ни æ мæ нæ хи бауыдзæ ни, æ з уый тыххæ й зæ ронд кæ нын.

Хъæ лæ сæ химæ ратындзыдта, уыцы ныхæ стæ фехъусгæ йæ, æ мæ сæ радзырдта Нагъуыйæ н. Нагъуы йæ ефс бæ хмæ æ мæ гадзамæ базылди, сдзæ бæ х сæ кодта. Иу бон Хъæ лæ йæ н зæ гъы:

— Æ з цæ уын ме ’фсымæ р Ахуыйы агурæ г, сымах къуылымпы кæ нут еугуыппарты, чи зоны, Хурзæ рин æ мæ Мæ ймарæ мы фæ рцы исты ссарон. Кæ д фондз азмæ нæ зынон, уæ д-иу Ахуыйæ н зæ гъут, кæ й фесæ фтæ н. Кæ д исты ссарон, уæ д та уæ м бæ рæ г кæ ндзынæ н.

Сбадти Нагъуы ефс бæ хыл, акодта гадзайы йемæ æ мæ араст и. Хъæ лæ æ мæ йæ фырттæ -иу еугуыппарты фос ратæ лæ т кодтой, куы сын-иу сæ сывæ ллæ ттæ й искæ й бамбæ хстой.

Нагъуы цæ уы хурыскæ сæ ны ’рдæ м. Хур æ м тын дары, цы фæ ндагыл хъуамæ цæ уа, уымæ. Иу ран гадза йæ хъустæ фæ джирд [6] кодта, схъырныдта, йæ къæ былайы тæ фæ й базыдта. Кæ сы Нагъуы: къæ была хъуаз æ рбакодта, иу лæ ппу йын йе ’хсыр ацъырдта æ мæ йæ ауагъта. Гадза йæ къæ быламæ бауади, цинтæ систой. Уæ д ефс дæ р бауасыди, байраг æ й фембæ рста æ мæ йæ м рауади, йæ мадыл тынг атыхсти. Нагъуы зæ гъы:

— Мæ нæ диссæ гтæ уынын: ай мæ саустъæ лф къæ была куы у, ноджы мæ сау байраг, а лæ ппу дæ р Хураны саухил лæ ппу у, фæ лæ уæ д иннæ тæ кæ м сты?

Саухил лæ ппу дзуры Нагъуымæ:

— Ды нæ агурæ г рацыдтæ, кæ й агурыс, уыдонæ й иутæ мах стæ м.

Нагъуы йæ ахъæ быс кодта æ мæ зæ гъы:

— О, ме сфæ лдисæ г, бынсæ фт нæ ма фæ кæ н, мæ хæ дзары бындуры уал ссардтон.

Уыцафон Ахуыйы йæ хистæ р æ нгуылдз схордта æ мæ дзы дон рамызти. Ахуы дис кæ ны æ мæ зæ гъы: «Ай ме ’нгуылдзæ й цæ й хиддон цæ уы». Йæ разы иу зæ ронд лæ г фæ зынди æ мæ йæ м дзуры:

— Хуыцау дæ донзонæ г куы фæ кæ нид, мæ ком ныссур и æ мæ мæ лын.

Хураны ныхæ стæ Ахуыйы зæ рдыл æ рбалæ ууыди æ мæ йæ м йе ’нгуылдз бадардта: зæ ронд лæ г æ нгуылдзы хиддонæ й йæ хи хорз федта æ мæ зæ гъы:

— Дæ фæ ндаг дæ хи фæ ндиаг, фæ лæ дæ фæ дзæ хсын: уæ химæ цæ угæ йæ дыл цыфæ нды маст æ мбæ ла, дæ хи-иу бауром, иу къухæ й-иу иннæ йыл ныххæ ц. Зон, уæ д арфæ йаг фæ уыдзынæ.

Ахуы дæ р ын бузныг загъта æ мæ зæ ронд лæ г дарддæ р араст и.

Нагъуы ныр йæ фæ ндаг скодта хурныгуылæ ны ’рдæ м, дзæ вгар фæ цыди. Иу ран та йæ гадза фæ джирд ис æ мæ та диссаг: иу къæ была хъуаз æ рбакодта бурхил лæ ппумæ. Уый йын йе ’хсыр ацъырдта æ мæ йæ суагъта, хъахъхъæ нгæ та йæ бур бæ х кæ ны. Гадза та базыдта йæ дыккаг къæ былайы æ мæ хъазынтæ, цинтæ систой. Уæ д бæ х дæ р базыдта йæ байраджы æ мæ кæ рæ дзийыл атыхстысты. Бурхил лæ ппу сыстади, кæ сы Нагъуымæ: Нагъуы зæ гъы:

— Мæ нæ диссæ гтæ, ай мæ бурхил къæ была куы у, мæ бур байраг, ноджы лæ ппу дæ р Хураны лæ ппу куы у. Уæ дæ ма иннæ тæ кæ м уой?

Бурхил лæ ппу дзуры Нагъуымæ:

— Ды кæ й агурыс, уыдонæ й иу та мах стæ м.

Нагъуы йæ ахъæ быс кодта æ мæ зæ гъы:

— О, ме сфæ лдисæ г, бынсæ фт нæ ма фæ кæ н, ай нæ хæ дзары къулты дæ р куы ссардтон.

Уыцы рæ стæ джы Ахуыйы амонæ н æ нгуылдз схъыдзы кодта æ мæ дзы дон рацыдис. Ахуы дис кæ ны, зæ гъгæ, ма искуы æ нгуылдзæ й дон цыди. Иу зæ ронд ус йæ разы фæ зынди æ мæ йæ м дзуры:

— Хуыцау дæ донзонæ г куы фæ кæ нид, мæ лын дойныйæ.

Ахуыйы зæ рдыл та æ рбалæ ууыди Хураны фæ дзæ хст, йе ’нгуылдз усмæ бадардта æ мæ хиддон банызта, зæ ронд ус зæ гъы:

— Дæ хъуыддаг дæ хи фæ ндиаг, фæ лæ, уæ химæ здæ хгæ йæ, дæ зæ рдыл дар: маст дын куы уа, уæ д-иу дæ хи фæ уром æ мæ арфæ йаг фæ уыдзынæ.

Хæ рзбон загъта зæ ронд ус æ мæ афардæ г и.

Нагъуы дыууæ лæ ппуимæ, дыууæ байрагимæ, дыууæ къæ былаимæ рараст и цæ гаты бæ сты ’рдæ м. Дзæ вгар фæ цыдысты, фæ лæ та иу ран гадза цæ мæ дæ р фæ комкоммæ ис. Нагъуы уыны: иу къæ была хъуаз æ рбакодта, иу лæ ппу йын йе ’хсыр ацъырдта, стæ й йæ ауагътой. Нагъуы зæ гъы:

— Мæ нæ цы диссæ гтæ уынын: адон мæ урс стъæ лф къæ была, нæ урс байраг, æ мæ Хураны урсцъар лæ ппу куы сты.

Къæ быламæ гадза бауади æ мæ кæ рæ дзийыл атыхстысты. Ефс дæ р бауасыди байрагмæ æ мæ йæ м цингæ нгæ рауади. Лæ ппу та Нагъуыйыл атыхсти æ мæ йæ м дзуры:

— Ды кæ й агурыс, уыдонæ й иутæ мах стæ м.

Нагъуы йæ ахъæ быс кодта æ мæ зæ гъы:

— О, ме сфæ лдисæ г, бынысæ фт нæ ма фæ кæ н, мæ хæ дзары цар дæ р фæ зынди.

Уæ д та уыцы заманы Ахуыйы йæ астæ уккаг æ нгуылдз схордта æ мæ дзы дон ратагъди. Ахуы хъуыды кæ ны, зæ гъгæ, ацы хабар кæ мæ н зæ гъон, уый нæ бауырндзæ ни. Йæ цуры лæ ппулæ г февзæ рди æ мæ йæ м дзуры:

— Хуыцау дæ донзонæ г куы фæ кæ нид, мæ лын æ нæ донæ й.

Ахуы уымæ дæ р йе ’нгуылдз бадардта. Уый хиддонæ й йæ хи хорз федта æ мæ йын зæ гъы:

— Дæ фæ ндаг дæ хи фæ ндиаг уæ д, хорз лæ г, фæ лæ дæ фæ дзæ хсын: уæ химæ цæ угæ йæ дыл маст куы сæ мбæ ла, уæ д-иу фидар фæ лæ уу æ мæ арфæ йаг фæ уыдзынæ.

Афардæ г и уый дæ р. Нагъуы дæ р та ссаргæ лæ ппутимæ рараст и хуссары бæ стæ м. Цасдæ р фæ цыдысты, фæ ллайгæ дæ р кодта, фæ лæ йæ фæ ллад ницæ мæ уал дардта. Иу ран æ рулæ фыдысты æ мæ та гадза цæ мæ дæ р фæ джирд ис. Кæ сы Нагъуы: иу къæ была хъуаз æ рбакодта, йе ’хсыр ын иу лæ ппу ацъырдта, стæ й йæ суагътой, хъахъхъæ нгæ та йæ гæ рæ м байраг кæ ны. Гадза базыдта йе ’ннæ къæ былайы æ мæ хъæ быстæ систой, ефс дæ р йæ байраджы базыдта æ мæ йыл тыхсти. Нагъуы зæ гъы:

— Мæ нæ цы диссæ гтæ уынын: ай нæ гæ рæ м къæ была æ мæ байраг куы сты, лæ ппу та — Хураны.

Фидæ рттæ арæ зт лæ ппу дзуры Нагъуымæ:

— Ды кæ й агурыс, уыдонæ й иутæ мах стæ м.

Нагъуы йæ ахъæ быс кодта æ мæ зæ гъы:

— О, ме скæ нæ г, бынтон сæ фт нæ ма фæ кæ н, фæ лæ мæ хæ дзары æ мбæ рзæ н дæ р разынди.

Фæ цинтæ кодтой кæ рæ дзийыл æ мæ рацæ уынц иумæ, æ ртæ фæ ндаджы кæ м иу кæ нынц, уыцырдæ м. Уæ дмæ та Ахуыйы æ нæ ном æ нгуылдзæ й хиддон ратагъди. Ахуы йæ сæ р ныууигъы, зæ гъгæ, ай циу. Иу æ рыгон сылгоймаг уым февзæ рди æ мæ йæ м дзуры:

— Хуыцау дæ донзонæ г куы фæ кæ нид, мæ ком дойныйæ ныссур и.

Ахуы йæ м йе ’нгуылдз бадардта æ мæ сылгоймаг йæ хи хорз федта хиддонæ й, стæ й йын зæ гъы:

— Дæ фæ ндаг дæ хи фæ ндиаг, фæ лæ уæ химæ цæ угæ йæ, масты куы бахауай, уæ д-иу дæ хи бауром, уæ д арфæ йаг фæ уыдзынæ.

Ахуы дис кодта, Хуран мæ куыд зæ ндджын фæ дзæ хст бакодта, зæ гъгæ.

Кæ рæ дзийæ н хæ рзбон загътой æ мæ фæ хицæ н сты.

Цæ уы та Нагъуы дæ р йе ’мбæ лттимæ. Æ ртæ фæ ндаджы кæ м сиу вæ ййынц, уыйонг æ рбацыдысты æ мæ та гадза цæ мæ дæ р фæ комкоммæ ис. Нагъуы кæ сы: иу къæ была хъуаз æ рбакодта, иу лæ ппу йæ ададта æ мæ хъуазы суагътой, зыгъарных байраг та йæ хъахъхъæ нгæ кæ ны. Гадза къæ былайы базыдта æ мæ кæ рæ дзийыл сцин кодтой, ефс бæ х дæ р йæ байраджы базыдта æ мæ кæ рæ дзийы дæ лхъуыр атыхстысты, уæ зданарæ зт лæ ппу та Нагъуыйыл атыхсти. Нагъуы зæ гъы:

— Мæ нæ цы диссæ гтæ уынын мæ фæ ндагыл: зыгъарных къæ была æ мæ байраг нæ хи куы сты, уæ дæ лæ ппу дæ р Хураны лæ ппу куы у.

— Ды кæ й агурыс, уыдонæ й иутæ мах стæ м.

Нагъуы та уый дæ р ахъæ быс кодта æ мæ зæ гъы:

— О, ме скæ нæ г, сæ фынæ й нæ бахиз, фæ лæ мæ хæ дзары цард дæ р куы ссардтон.

Фæ цин та кодтой кæ рæ дзийыл, иумæ æ рбадтысты ныр сæ фæ ллад суадзынмæ. Уæ д та Ахуыйы кæ стæ р æ нгуылдзæ й хиддон рацыдис æ мæ дис кæ ны, зæ гъгæ, цы хабар у. Йæ разы саби февзæ рди æ мæ йæ м дзуры:

— Хуыцау дæ донзонæ г куы фæ кæ нид, мæ фыдыхай, мæ ком ныссур Хураны ныхас та Ахуыйы зæ рдыл æ рбалæ ууыдис æ мæ сабийæ н зæ гъы:

— Дæ фыды фæ ндиаг у, фæ лæ мæ нæ мæ кæ стæ р æ нгуылдзæ й бануаз дон.

Саби дæ р Ахуыйы кæ стæ р æ нгуылдзæ й хиддон банызта йæ фаг. Уæ д æ м саби дзуры:

— Дæ фæ ндаг дæ хи фæ ндиаг, фæ лæ, уæ химæ цæ угæ йæ, исты масты хаудзынæ, дæ хи-иу бауром, фыдбылыз ма сараз, арфæ йаг уæ д фæ уыдзынæ.

Хæ рзбон загъта саби æ мæ афардæ г и. Ахуы хъуыды кодта:

— Ай мын саби дæ р зондамонæ г куы ссис.

Саби уыди хæ рз бæ гънæ г, фæ стейæ йæ расырдта æ мæ йæ м дзуры:

— Фæ лæ уу-ма, хъæ бул!

— Цы мæ кæ ныс? — фæ рсы саби.

— Чи дæ, уый мын уæ ддæ р зæ гъ, цæ мæ н афтæ бæ гънæ г дæ?

— Дæ диссæ гтæ фæ стæ дæ р сты, базондзынæ мæ.

Ахуы тынгдæ р ныхъхъуыды кодта, стæ й зæ гъы:

— Оххай, кæ дæ м ма дарддæ р цæ уон, ай диссæ гтæ мæ фæ стæ мæ фæ ндагыл куы сты, уæ д ма мæ сæ р сафынмæ кæ дæ м цæ уын. Мæ фынддæ с азы æ рæ ввахс сты, никуы никæ й федтон ацы фондз удгоймагæ й дарддæ р, никæ й сæ бахъыгдардтон, сæ дойны сын мæ тугæ й басастон, аздæ хон мæ хæ дзармæ. Цалынмæ нæ химæ хæ ццæ кæ нон, уæ дмæ мæ фынддæ с азы дæ р сæ ххæ ст уыдзысты. Кæ м ис мæ хо Нагъуы? Мæ диссаджы Хуран? Кæ д ын сывæ ллæ ттæ ис, уæ д сæ чи дары? Кæ м сты Хъæ лæ æ мæ йе ’ртæ фырты? Кæ д сыл исты æ рцыд?

Раздæ хти фæ стæ мæ Ахуы.

Нагъуы дæ р баулæ фыди, стæ й рараст сты, фæ лæ катай кæ ны Нагъуы. Гадза йæ бамбæ рста æ мæ йæ фæ рсы:

— Цæ уыл ма сагъæ с кæ ныс, Нагъуы? Кæ й агуырдтай, уыдон ссардтай: лæ ппуты, байрæ гты, къæ былаты.

— Уыдон бæ ргæ ссардтон, фæ лæ кæ м ис Хуран? Ахуы куы ’рцæ уа, уæ д ын цы зæ гъдзыстæ м. Науæ д лæ ппутæ, æ фсымæ ртæ сты, уый нæ зонынц, кæ д хъазгæ иумæ кæ нынц, уæ ддæ р.

— Цалынмæ сын сæ мады не ссарæ м, — зæ гъы гадза, — уæ дмæ уыдон кæ рæ дзи нæ бамбардзысты. Мадæ н йæ алы хъæ бул дæ р зындгонд у, мæ нæ кæ сыс мæ нмæ, куыд базыдтон мæ къæ былаты, науæ д ефс бæ х куыд базыдта йæ байрæ гты. Уæ д та уал сын сæ хи бафæ рс сæ мадæ й.

Нагъуы лæ ппуты фæ рсы:

— Уæ мады уæ чи зоны?

Уыдон зæ гъынц:

— Нæ мад ды дæ, ды нæ рæ вдауыс.

Нагъуы ахъуыды кодта: «О, фыдыхойæ мады ад цæ уы».

Æ рцыдысты сæ бæ стæ м. Нагъуы Хъæ лæ æ мæ уый фырттæ м фехъусын кодта. Уыдон дæ р сæ м æ рцыдысты, тынг фæ цин кодтой, фæ лæ сын зын уыдис æ нæ Хуран. Нагъуы зæ гъы Хъæ лæ æ мæ уый фырттæ н:

— Цæ уын ногæ й балцы, хъуамæ ссарон Хураны, ме ’рцыдмæ уæ фæ дзæ хст адон.

Дыккаг бон Хураны агурæ г рараст и Нагъуы.

12. Ахуы æ мæ йæ фырттæ

Уæ д дын Ахуы сæ химæ тындзын райдыдта æ мæ йыл иу ран æ рталынг и. Цъус æ рулæ фыди, афтæ йыл сæ мбæ лд сылгоймаджы цъæ хахст. Цъæ хахст кæ цæ й фæ цыди, уыцырдæ м бацыд æ мæ уыны диссаг: еугуыппартæ иу усы тухæ нæ й марынц, йæ риутæ йын дæ йынц, стæ й йын бæ лæ гъы ссадызмæ ст æ ркæ нынц æ мæ йын æ й бахæ рын кæ нынц. Ахуы сæ фæ рсы:

— Уæ, уайых фæ уат, чи у ацы сылгоймаг, уагæ ры цы кодта?

Еугуыппартæ йæ м дзурынц:

— Сылгоймаг карз у, уый мæ т нæ кæ ны, сæ рæ й нæ, фæ лæ йæ зæ нæ гдонæ й хъуыды фæ кæ ны.

Ахуы та сæ фæ рсы:

— Уый цытæ дзурут, сылгоймаджы уарзт хуры ’рбакаст у, æ ви нæ зонут: «Дæ усæ й буц дæ, уæ д æ й хъуа [1] уарзай. Фыруарзты нысан — æ ппынæ дзухæ й мыдадзау тайай».

Еугуыппартæ кæ рæ дзимæ бакастысты æ мæ дзурынц Ахуымæ:

— Ды-иу дæ уарзты мыдадзау байтау, мах æ й нæ тауæ м.

Фæ хæ цыдысты уыцы сылгоймагыл æ мæ афардæ г сты. Ахуы хъуыды кæ ны: уæ дæ чи уыдаид уыцы тæ ригъæ ддаг, еугуыппартæ афтæ тынг кæ й æ фхæ рынц?

Цæ уы дарддæ р йæ фæ ндагыл, æ мæ та йыл дыккаг ран æ рталынг и. Зæ гъгæ, æ рулæ фон, æ мæ та хъусы сылгоймаджы цъæ хахст. Фæ уади та Ахуы уырдæ м æ мæ уыны диссаг: еугуыппарты аджал [2] иу сылгоймагæ й хынджылæ г кæ нынц, куы йын йæ сæ р хæ рдмæ фæ кæ нынц, куы — уырдыгмæ, йæ риутæ йын адæ йынц, стæ й йын ссадызмæ ст тæ гæ найы æ ркæ нынц, бахæ рын ын æ й кæ нынц. Ахуы та сæ м дзуры:

— Уæ, уайых фæ уат, фос уын куы нæ у, сылгоймаг куы у, цы кодта уагæ р?

Еугуыппартæ зæ гъынц:

— Хæ йрæ гæ й сæ взæ рд сылгоймаг-хъарæ г, рагæ й фæ стæ мæ æ ппæ т лæ гтæ н дæ р ссис уый марæ г.

Ахуы йæ сæ р батылдта, ныууагъта сæ æ мæ зæ гъы йæ хицæ н: «Чи зоны, ацы сылгоймаг азымджын у еугуыппартæ м, мæ нг нæ акæ нынц афтæ: хи уды уарзыс, уый у фыдæ бойнаг, фæ лæ хъуа зонай, лæ гæ н йæ сафæ г кæ й у сылгоймаг».

Цæ уы Ахуы, уæ ддæ р сылгоймаг йæ цæ стытæ й нæ хицæ н кодта. Æ ртыккаг хатт дæ р ыл æ рталынг ис æ мæ бæ ласы бын улæ фы. Хъусы, ногæ й та сылгоймаджы цъæ хахст. Ахуы та йæ м фæ цыди, кæ сы æ мæ еугуыппартæ иу сылгоймаджы уæ лгоммæ æ рæ вæ рдтой, йæ риутæ йын дæ йынц, стæ й йын ссадызмæ ст бæ лæ гъы æ ркæ нынц æ мæ йын æ й бахæ рын кæ нынц. Ацы хатт дæ р сæ м Ахуы дзуры:

— Ай æ мæ цы стут, сылгоймаджы хъизæ марæ й куыд марут, цæ мæ н æ й бæ гънæ г кæ нут?

Еугуыппартæ зæ гъынц:

— Ус у фæ литой цыфæ нды кары. Лæ джы сусæ гæ й йæ хорз лымæ нæ н вæ ййы йæ разы. Цы у худинаг — нæ зонынц сылтæ, фæ лæ лымæ нтыл сæ лæ гты ’вастæ й æ руадзынц уырзтæ.

Ахуы та сæ м ницы сдзырдта, уыдон усы дарддæ р аскъæ фтой. Ахуы хъуыды кæ ны: «Уæ д та Хуранæ н ахæ м ми чындæ уы, уæ д æ й йæ лæ г куыд бардзæ ни?» Цæ уы дарддæ р æ мæ та йыл цыппæ рæ м æ хсæ в æ рталынги иу доны был. Зæ гъгæ, æ рулæ фон, æ мæ та йыл сылгоймаджы цъæ хахст ссыди. Йæ бæ рæ г кæ нынмæ та фæ цыди Ахуы. Уыны: иу сылгоймаджы еугуыппартæ бæ гънæ гæ й кæ рæ дзимæ раппар-баппар кæ нынц, йæ риуты æ хсыр ын дæ йынц, стæ й йын ссадызмæ ст бæ лæ гъы бахæ рын кæ нынц. Ахуы сæ м дзуры:

— Фæ хатыр кæ нут уыцы сылгоймагæ н, дарæ с ыл уæ ддæ р скæ нут.

Уыдон зæ гъынц:

— Ус йæ фæ дджитæ хъил куы фæ дары, уæ д хъуамæ зонай: йæ мид-зæ рдæ йы уый кæ йдæ р дары. Иугæ р базыдта ус дæ сусæ г дзырд — скæ н уæ д саутæ, уымæ н æ мæ, дам, уый у мардæ рцыд.

Ахуы та сыл нытту кодта æ мæ ацыди дарддæ р, йæ хæ дæ г дæ р чемы [3] нал уыд. Цæ уы, тырны йæ хæ дзармæ æ мæ та йыл æ рталынг, афынæ й уон, зæ гъгæ, фæ лæ та фехъусы усы цъæ хахст. Йæ фенынмæ фæ цыд, уыны: еугуыппартæ иу усы риутæ бадæ йынц, райваз-байваз æ й кæ нынц, стæ й йын ссадызмæ ст бæ лæ гъы бахæ рын кæ нынц. Ахуы хъуыды кæ ны: «Кæ нæ ацы ус тæ ригъæ ды бацыд, кæ нæ йæ ракурæ джы уарзгæ нæ кæ ны». Дзуры еугуыппартæ м:

— Цæ й, фæ ндзæ м хатт уæ м дзурын æ мæ йæ ныууадзут мæ н тыххæ й. Нæ зонут: сыл фæ лмæ нзæ рдæ, æ лгъитаг, сау цъаммар, иу фæ рæ дыдыл ус куы басæ тта — мауал кал азар».

Еугуыппартæ йæ м дзурынц:

— Мæ гуыр у ахæ м, йæ уарзт чи сафы. Сылы куы фæ нда, йæ лымæ ныл уæ д йæ буар хафы. Сылы цæ стытæ фæ ливæ г-кæ сæ г цыфæ нды лæ гæ н — худинаг æ мæ мæ лæ т æ рхæ ссæ г. Усы уарзт кæ ны лæ джы хуыдонмæ. Чи йыл баууæ нда, уымæ н йæ фæ стаг цæ уы зындонмæ. Нæ й сылыл æ ууæ нк, уарзы бибитæ. Зон, лымæ н уарзаг, искæ й лæ вары исы цинимæ.

Ахуы сыл йæ къух ауыгъта æ мæ араст и йæ фæ ндагыл. Еугуыппартæ й иу зæ гъы:

— Ай Ахуыйы хуызæ н у, фæ лæ лидзæ м, йæ фынддæ с азы æ рцæ уынц.

Раскъæ фтой дарддæ р Хураны — ахæ ст усы, æ мæ фæ лыгъдысты. Йæ бæ стæ м æ рбахæ стæ г, ауыны фондз лæ ппуйы байраг-бæ хтыл бадгæ, бæ хдугъ уагътой, уæ хски-уæ хск хæ цыдысты, фæ лæ сæ ничи æ мбылды кодта. Сæ хъазт куы фесты, уæ д зæ гъынц:

— Абон уал æ гъгъæ д фæ уæ д, сом та ахъаздзыстæ м.

Лæ ппутæ сæ хъазын ныууагътой æ мæ æ рцыдысты Нагъуымæ.

Зæ гъынц уымæ н:

— Райсом быцæ ухъазт кæ ндзыстæ м.

Нагъуы сын сразы ис. Дыккаг бон æ рцыдысты хъазынмæ. Ахуы сæ м аивæ й кæ сы. Лæ ппутæ бæ хтыл бадынц, бæ хтæ зæ вæ тдзагъд [4] систой, цъмæ хид [5] кæ нынц. Кæ рæ дзийыл бæ хтæ батæ рынц, фæ лæ сæ ничи рахауы. Фесты хъазт æ мæ сæ иу ауыны Ахуыйы, фæ рсы йæ:

— Нæ хъазт дæ зæ рдæ мæ куыд цæ уы?

— Тынг хорз, — зæ гъы Ахуы, — исты хъазт ма зонут?

— Зонæ м, — зæ гъынц лæ ппутæ, — уый та райсом кæ ндзыстæ м.

— Бакæ сдзынæ н та уæ м.

Лæ ппутæ рацæ уынц æ мæ Нагъуыйæ н зæ гъынц:

— Абон иу лæ г нæ хъазтæ й раппæ лыди. Райсом дæ р та цæ уæ м.

Дыккаг бон дæ р та лæ ппутæ хъазынмæ æ рцыдысты. Ахуы дæ р тагъд нал кодта сæ химæ, йæ бæ стæ йы зыдта, йæ цæ ст ыл хаста. Лæ ппутæ фатæ й æ хст самадтой, цæ ст нæ ивгъуыдтой. Бирæ фæ хъазыдысты æ мæ лæ ппутæ й дыккаг Ахуыйы фæ рсы:

— Куыд дæ м фæ касти нæ хъазт?

— Хуыздæ р зæ гъæ н нæ й, — зæ гъы Ахуы, — арвыл маргъ тæ хын нæ бауадздзыстут. Исты хъазт ма зонут?

— Зонæ м, зонæ м! — фæ хъæ р кодтой лæ ппутæ, — уый та райсом кæ ндзысгæ м.

— Хорз, бакæ сдзынæ н та уæ м, — загъта сын Ахуы.

Лæ ппутæ сæ химæ æ рцыдысты æ мæ Нагъуыйæ н зæ гъынц:

— Абоны хъазт дæ р та уыцы лæ джы зæ рдæ мæ фæ цыди æ мæ та нæ м райсом кæ сдзæ ни.

Æ ртыккаг бон ноджы лæ ппутæ хъазынмæ ацыдысты. Цирхъæ й хъазынтæ систой, сæ арæ хстдзинадмæ сын хæ лæ г кодта Ахуы. Дзæ вгар хъазты фæ стæ æ ртыккаг лæ ппу фæ рсы Ахуыйы:

— Ацы хъазт та куыд фæ цыди дæ зæ рдæ мæ?

— Хорз хъазт у, — зæ гъы Ахуы, — исты хъазт ма зонут?

— Куыннæ зонæ м, — зæ гъынц лæ ппутæ, — райсом дæ р нæ м бакæ с.

Лæ ппутæ сæ химæ æ рцыдысты, Нагъуыйæ н зæ гъынц:

— Уыцы лæ джы зæ рдæ мæ нæ абоны хъазт дæ р фæ цыдис æ мæ та сом дæ р махмæ кæ сдзæ ни.

Цыппæ рæ м боны дæ р хъазынмæ ацыдысты лæ ппутæ. Райдыдтой хъазын арцæ й. Ахуы сæ м касти æ мæ сыл дис кодта, уæ дæ сæ чи сахуыр кодта, зæ гъгæ. Уыдон фаг фæ хъазыдысты, фæ лæ сæ ничи æ мбылды кодта. Уæ д цыппæ рæ м лæ ппу фæ рсы Ахуыйы:

— Куыд дæ м фæ касти нæ хъазт?

— Куыдæ й хуыздæ р, — зæ гъы Ахуы, — исты хъазт ма зонут?

— Зонæ м, фæ лæ йæ райсом фендзынæ. Мах бон иу хъазт фæ кæ нæ м æ рмæ ст.

— Хорз, бакæ сдзынæ н та уæ м.

Лæ ппутæ та сæ химæ ацыдысты æ мæ Нагъуыйæ н радзырдтой, зæ гъгæ, та сæ абоны хъазт дæ р уыцы лæ джы зæ рдæ мæ фæ цыди æ мæ та нæ м ноджы кæ сдзæ ни. Нагъуы хъуыды кодта, уæ дæ чи у уыцы лæ г, кæ д, мыййаг, Ахуы у, уæ д хæ дзармæ цæ уылнæ цæ уы?

Фæ ндзæ м бон лæ ппутæ фестынц, хъазынмæ фæ цыдысты æ мæ райдыдтой сæ рæ й гуыпп кæ нын сæ кæ рæ дзи. Ничи састи, фырытау сæ гуыпп хъуысти. Фаг фæ хъазыдысты, стæ й фæ ндзæ м лæ ппу Ахуыйы фæ рсы:

— Хорз хъазт акодтам?

— Тынг хорз хъазт акодтат, — зæ гъы сын Ахуы, — фæ лæ ма уæ м исты хъазт ис, уæ д æ й зæ гъут?

— Нырма æ ндæ р ницы сахуыр стæ м, — зæ гъынц лæ ппутæ, — ацы хъæ зтыты йеддæ мæ.

— Уæ дæ -ма, цæ й, мемæ сæ взарут радыгай уæ хъæ зтытæ. Нырма уал бæ хыл хъазтæ й бавзарæ м, чи уæ хуыздæ р у, уый рацæ уæ д мæ ныхмæ.

Лæ ппутæ й иу рахызт. Ахуы æ мæ лæ ппу кæ рæ дзимæ бæ хтæ баскъæ рдтой. Лæ ппу ехс куы фæ хъил кодта, уæ д ын йæ цонг Ахуы сцавта æ мæ ехс Нагъуыйы кæ рты бамидæ г ис æ мæ дурдзæ джындзыл атыхсти. Лæ ппу фембылди. Ахуы та зæ гъы:

— Ныр та уæ хуыздæ р фатæ хсæ г рацæ уæ д.

Дыккаг лæ ппу рахызт, фат суагъта Ахуыйыл, фæ лæ уæ дмæ Ахуыйы фат лæ ппуйы фаты фæ стæ мæ аскъæ фта æ мæ Нагъуыйы уæ лкъæ сæ р ныссагъди. Уый дæ р фембылди. Ахуы та зæ гъы:

— Цирхъæ й уæ хуыздæ р чи хъазы, ныр мæ м уый рахизæ д. Æ ртыккаг лæ ппу рахызти, цирхъ хæ рдмæ куыд фæ кодта, афтæ йæ Ахуы йæ хи цирхъæ й сцавта æ мæ лæ ппуйы цирхъ Нагъуыйы кæ рты зæ лланггæ нгæ бамидæ г и. Ацы лæ ппу дæ р фембылды ис. Ахуы зæ гъы:

— Арцæ й уæ хуыздæ р чи у, ныр та уый рахизæ д. Цыппæ рæ м лæ ппу рацыд, фæ лæ йын йæ арц хъазгæ -хъазын Ахуы сриуыгъта. Арц атахти æ мæ Нагъуыйы кæ рты ныффидар. Фембылды ис уый дæ р. Ахуы зæ гъы:

— Сæ рæ й уæ хуыздæ р чи хæ цы, ныр та уый рахизæ д мæ ныхмæ.

Фæ ндзæ м лæ ппу рахызти, сæ сæ ртæ кæ рæ дзимæ бахастой Ахуыимæ. Ахуы йæ ахæ м цæ ф скодта, æ мæ лæ ппуйы такахуд атахти, Нагъуыйы кæ рты бамидæ г и. Уый дæ р фембылды. Лæ ппутæ Ахуымæ дзурынц:

— Афтæ нæ кæ м рамбылдтай, уым цом немæ, фен нын нæ цард.

— Ацæ ут уал сымах, æ з дæ р уæ м зындзынæ н, — зæ гъы Ахуы. Лæ ппутæ сæ химæ æ рцыдысты, куыддæ р кæ ртмæ бахызтысты, афтæ сæ м Нагъуы рауади æ мæ сæ фæ рсы:

— Ардæ м цæ мæ н æ хстат, кæ мæ н йæ худ ам ис, кæ мæ н йæ цирхъ, кæ мæ н йæ фат, кæ мæ н йæ ехс, кæ мæ н йæ арц?

Уыдон зæ гъынц:

— Уыцы лæ г нæ рамбылдта.

— Чи зоны, уый Диу [6] у, мыййаг?

— Ахæ м бæ ргæ нæ у, фæ лæ нæ м æ рцæ уинаг у.

— Хорз, баулæ фут уал, стæ й куы ’рцæ уа, уæ д ын исты кæ ндзыстæ м. Æ взæ р уæ бæ ргæ нæ сахуыр кодтон, фæ лæ æ з сылгоймаг дæ н. Уæ фыд уæ куы зонид, уæ д уæ уый хуыздæ р сахуыр кæ нид.

Лæ ппутæ баулæ фыдысты, Нагъуы се ’хсæ н схуыссыди. Сæ тарф фынæ йыл уыдысты, уæ д сæ м Ахуы фæ зынди, бахызти кæ ртмæ, йæ бæ х æ рбаста æ мæ кæ сы: Нагъуы фондз лæ джы æ хсæ н хуыссы. Кæ рты бæ хтæ дæ р фондз æ мæ сæ къæ былатæ хъахъхъæ нынц. Ахуы дис кæ ны:

— Ай цы диссаг у, мæ хо Нагъуы фондз лæ гæ й смой кодта?

Арц систа, а ныр æ й ныррæ хойа, афтæ йæ м куыдз Мура дзуры:

— Ма ныццæ в, Ахуы, уыдон дæ фырттæ сты. Ахуыйы цурмæ Мура рауади æ мæ йæ Ахуы фæ рсы:

— Ау, кæ д мæ фырттæ сты, уæ д мæ м цæ уылнæ сыстынц?

— Нырма дæ нæ зонынц.

— Уæ д Хуран та кæ м и?

— Еугуыппартæ йæ фæ хастой æ мæ ууыл сагъæ с кæ нынц. Нагъуы дæ р дæ м æ нхъæ лмæ кæ сы.

Ахуы арц æ руагъта, Мурайыл бацин кодта, стæ й зæ гъы:

— Оххай, мæ фæ ндагыл фондз хатты сæ мбæ лдтæ н еугуыппартыл, уыдон иу усы тухæ нæ й мардтой æ мæ æ цæ г Хураны хуызæ н уыдис, мæ нæ мын куыд аирвæ зтысты. Фæ лæ фондз хатты фæ дзæ хст уыдтæ н, цæ мæ й мæ маст бауромон.

— Уый Маммийы аххосæ й уыдис, хорз дыл æ рцыдис хъæ булты ’рдыгæ й, — зæ гъы куыдз Мура, — фæ лæ дын маст ис Хураны ’рдыгæ й, дарддæ р цы хъæ удзæ ни, уый дæ хæ дæ г зондзынæ. Бадзур дæ хоимæ, Нагъуыимæ, æ мæ кæ н дæ хъуддаг.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.066 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал