Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Ахуыйы мæлæт






Еугуыппартæ сæ маст нæ уагътой Царциатæ н. Тынгдæ р смæ сты сты уый тыххæ й, æ мæ сæ хистæ р мард кæ й æ рцыди.

Ахуы зыдта, еугуыппартæ йæ нæ ныууадздзысты, уый.

Иу рæ стæ джы еугуыппартæ зæ дæ -зæ дæ тæ й [1] æ рымбырд сты æ мæ рабырстой Царциатæ м. Ахуы зæ гъы йæ усæ н:

— Акæ н сывæ ллæ тты æ мæ дæ цæ гатмæ цæ угæ, адон мæ бар уæ д. Мæ хо дæ р ацæ уæ д демæ.

Авдбынатон гæ нахы авдæ рдæ м фатæ хсæ нтæ скодта Ахуы, æ рбахизæ ны йæ цилхъимæ æ рбадтис.

Еугуыппартæ уыйбæ рц бирæ йæ æ рбафсæ рстой, æ мæ сæ кæ роныл цæ ст не ’ххæ сти. Ахуы сæ æ рбауагъта хæ стæ гмæ, авдæ рдыгæ й фæ ттæ ауадзы, дуары æ рбацæ уæ ны сыл цилхъæ й схæ цыди. Еугуыппарты сæ ртæ гуыртæ й тахтысты, тæ гъзы зæ йау сæ туг фæ стæ мæ ласта. Ницы тых ардтой Ахуыйы марынæ н. Уæ д дын быруйыл уасинтæ авæ рдтой æ мæ хæ рдмæ бырыдысты. Ахуы уасиныл ахæ цы æ мæ та афæ лдæ хынц.

Авд боны фæ хæ цыди Ахуы еугуыппартимæ, фат æ м нал баззади. Бамбæ рста йæ фæ стаджы бон æ мæ сфæ нд кодта æ ргомæ й рацæ уын. Дуары фегом кæ ны æ мæ сыл цилхъæ й ралæ ууыди, фæ лæ чъылдымæ рдыгæ й чидæ р сбырыди æ мæ сусæ г æ хст арцæ й Ахуыйы фæ кодта. Ахуы дæ р базыр-зыр кодта. Йæ тæ вдæ й ма райдыдта хæ цын. Хъæ ды æ хсæ нты йæ чъылдым ахаста, размæ хæ цгæ кодта, фæ стæ мæ та цæ угæ. Иу бæ рзондмæ схæ ццæ ис æ мæ дурты цур æ рбынат кæ ны, фæ стаг хæ ст ма скæ ны, фæ лæ арцы цæ ф риссын байдыдта. Арцы сисын нæ фæ рæ зта æ мæ йæ туг æ нæ вгъауæ й акалдис, йæ тыхтæ æ рсастысты æ мæ йæ сæ ры бахаста дурмæ. Дурыл йæ сæ ры фырыцæ ф фæ кодта. Дардмæ ма фехста йæ цилхъы, стæ й уæ д йæ уды систа.

Ахуы кæ м амарди, уым сындзын арт скодтой еугуыппартæ æ мæ дзы Ахуыйы басыгътой. Уыйадыл абон дæ р уыцы бæ рзонд Ахуыйы бынат хуыйны, кæ нæ ма йæ хонынц Ахуыбат [2] дæ р.

Сындзыты арты тæ ф сæ мбæ лди Нагъуыллæ йыл, дуармæ рауади æ мæ Ахуыйы цилхъ йæ размæ æ рхауди.

Нагъуыллæ бамбæ рста Ахуыйы хабар æ мæ зæ гъы йæ чындзæ н:

— Ме ’фсымæ ры хабар хорз нал у, хъуамæ йæ м фæ цæ уон бæ рæ ггæ нæ г.

Чындз зæ гъы:

— Ма ацу, уæ д æ з дæ р демæ цæ уын.

Гуымир уæ йгуытæ загътой:

— Уæ дæ мах дæ р уемæ цæ уæ м.

Нагъуыллæ æ мæ йæ чындз йæ фондз фыртимæ, æ ртæ гуымир æ фсымæ ры, сæ мад æ мæ сæ фыдимæ, рацыдысты æ мæ æ рæ нцадысты Ахуыйы скæ нгæ авдбынатон стыр гæ нахы.

Еугуыппарты мæ рдтæ й нал уыди бацæ уæ н.

Нагъуыллæ зæ гъы:

— Æ з хъуамæ мæ рдты æ хсæ н ссарон ме ’фсымæ ры марды.

Йемæ æ ртæ гуымир уæ йыджы рацыдысты æ мæ йын йæ иу къабаз сыгъдоны ссардтой. Ахуыйæ н ма йæ иу къабаз æ нæ сыгъдæ й аззади, уымæ й базыдтой Ахуыйы сæ фты. Уым зæ ппадз скодтой, сыгъдоны дзы бавæ рдтой æ мæ цонджы къабазы та зæ ппадзы дуарыл хъилæ вæ рд ныккодтой.

Афтæ фæ цис Ахуыйы цард.

17. Царциаты Нагъуæ

Царциатæ й иу хæ дзары райгуырдис чызг æ мæ йæ схуыдтой Нагъуæ. Нагъуæ ахæ м рæ сугъд уыди æ мæ дзы хур æ мæ мæ йтæ кастысты. Нагъуæ схъомыл ис, фæ лæ йæ йæ фыд Цæ рдзо никæ мæ н лæ вæ рдта чындзы.

Нагъуæ зæ гъы йæ фыдæ н:

— Ауадз мæ æ ртæ боны æ мгъуыдмæ балцы.

Цæ рдзо йæ ауагъта. Цæ уы Нагъуæ æ мæ йыл æ нусон цъити залты митимæ кæ м æ рæ нцади, уым æ рулæ фыди. Иуахæ мы арвы дуар фегом вæ ййы æ мæ бæ стæ лæ сæ нтæ кодта. Нагъуæ нæ фæ тарсти, фæ лæ йæ цыд дæ р нæ уадзы. Бахæ ццæ ис цъитидоны тæ дзæ нмæ. Уым цъитийы сæ рыл ауыдта дыууæ лæ ппуйы. Уыдон та уыдысты хъæ дласæ ны [1] цæ рæ г уæ йыг Быраны фаззон фырттæ: Хъалтан æ мæ Быртан. Дыууæ фаззоны тæ вд кодтой æ мæ цъитидонмæ сæ дзыхтæ сарæ зтой æ мæ йæ дадтой, стæ й та-иу цъитийы тъæ пæ н ихфæ зыл уæ хсгуыпп [2] кодтой, куы та цъитийы фæ згъæ ртæ [3] скъуыдтой æ мæ сæ кæ рæ дзийыл цавтой.

Уæ д та лæ ппутæ Быраны фазæ ттæ Хъалтан æ мæ Быртан иуахæ мы ихфæ згъæ ртæ кæ рæ дзийыл ныххуырстой. Ихтæ лыстæ г пырх æ мæ къæ рттытæ й фæ хаудтой æ мæ дзы иу къæ ртт Нагъуæ йы ныхыл сæ мбæ лди.

Нагъуæ фæ хъæ р кодта:

— Амардтат мæ!

Фазæ ттæ фæ сæ ццæ сты, [4] ауыдтой Нагъуæ йы æ мæ йæ м æ руадысты. Нагъуæ йыл фæ хæ цыдысты, сыстын æ й кодтой, фæ рсынц æ й:

— Кæ цæ й цæ уыс?

— Царциатæ й цæ уын.

— Уæ дæ иумæ азилæ м.

Ацыдысты. Уæ д хохы къахырыл саг ралыгъди æ мæ йæ æ мæ хст фæ кодтой æ ртæ йæ. Саг коммæ асхъиудта æ мæ йæ м уыдон уырдæ м æ рцыдысты. Федтой йæ. Хъалтаны фат сæ мбæ лди саджы раззаг галиу къахы сæ фтæ гыл, быртаны фат сæ мбæ лди саджы фæ стаг галиу къахы сæ фтæ гыл. Нагъуæ йы фат сæ мбæ лди саджы тæ ккæ ныхыл. Кæ рæ дзимæ бакастысты æ мæ загътой дыууæ фаззоны:

— Ацы саг Царциаты у, махæ й йæ уый хуыздæ р фæ цæ ф кодта.

Саг баззади Нагъуæ йæ н. Кæ рæ дзийæ н хæ рзбон загътой æ мæ Нагъуæ сæ химæ æ рцыди, лæ ппутæ та — сæ химæ.

Дыккаг бон Быранæ н йæ фырттæ зæ гъынц:

— Царциатæ й чызг федтам æ мæ йæ хъуамæ нæ иу æ рхона.

Фыд зæ гъы:

— Царциатæ зындзырд сты æ мæ уын не сразы уыдзысты.

— Ууыл мах дзурдзыстæ м.

Быраны дыууæ фаззоны æ рцыдысты Царциатæ м æ мæ Цæ рдзойæ н зæ гъынц:

— Дæ чызджы нын хъуамæ раттай.

Нагъуæ йы фыд Цæ рдзой загъта:

— Йæ хи йын бафæ рсут, сымах дыууæ стут, уый та иу, цы зæ гъа чызг, ууыл разы дæ н.

Дыууæ усгуры Нагъуæ йы фæ рсынц:

— Махæ й кæ мæ н бакомдзынæ?

— Тахой хъугомы [5] стыр хохæ й рагæ пп ласут æ мæ дарддæ р чи ахауа, уымæ н бакомдзынæ н.

Хъалтан æ мæ Быртан Тахойхъугомы стыр хохмæ сбырыдысты. Хъалтан фыццаг рагæ пп ласта æ мæ æ рдузы фæ зæ н йæ астæ умæ æ ввахс сæ мбæ лдис æ мæ ма ныр дæ р дзыхъхъæ й лæ ууы. Быртан рагæ пп ласта æ мæ ивазны бæ рц раздæ р сæ мбæ лдис. Уый бынат дæ р дзыхъхъæ й баззадис. Уæ д сæ м Нагъуæ дзуры:

— Фæ зы фаллаг кæ ронмæ уæ ничи ахауди сымахæ й. Цæ й усгуртæ ис, æ з зонын ахæ м усгуры, дарддæ р чи агæ пп ласы.

Уыдон зæ гъынц:

— Уæ дæ ма йæ рагæ пп кæ нын кæ н.

Нагъуæ, Царциатæ й æ ппæ ты мæ гуырдæ р чи уыди, уый ракодта æ мæ зæ гъы:

— Мæ н уæ йгуыты усгуртæ æ нæ хæ сгæ нæ фæ уыдзысты, фæ лæ ма ды рагæ пп кæ н.

Царциаты æ ппæ ты мæ гуырдæ р Тахойхъугомы бæ рзæ ндæ й рагæ пп ласта æ мæ уæ йгуытæ кæ м фæ дзыхъхъытæ кодтой, уыдон сæ рты дæ р атахти, æ ртæ ивазны æ ддæ дæ р сæ мбæ лдис, фæ лæ йæ зæ нгтæ зæ ххы асагъдысты. Хæ рдмæ ма йæ хи бæ ргæ фехста, фæ лæ йæ ныхы дурмæ бахаста æ мæ дзыхъмард фæ цис.

Уый фенгæ йæ Царциатæ æ мæ уæ йгуытæ хорзау нал фесты. Усгуртæ аздæ хтысты. Царциатæ сæ марды бавæ рдтой, фæ лæ хæ рам кастæ й уæ йгуытæ м.

Уæ йгуытæ зыдтой сæ адзал æ мæ сæ хи хъахъхъæ нынæ н амал агуырдтой.

18. Царциатæ æ мæ уæ йгуытæ

Царциаты сыхы райгуырди æ рдхæ рæ ны рæ сугъд чызг. Чызг та ахæ м уыди, æ мæ йæ цæ стытæ й æ ртытæ сыгъди, йæ дæ ллагхъуырты лæ г йæ хи уыдта, йæ цæ сгомы рухсмæ хур ныгуылгæ кодта. Чызг хуынди Нагъуыллæ. Хъомыл кодта чызг, æ мæ ахæ м рауади: чызджыты рæ сугъдтыл уымæ н абарæ н нæ уыди, се ’хсæ н стъалыйау æ рттивгæ кодта. Лæ ппутыл æ й абарстаис, æ мæ уыдонæ й хæ рзконддæ р, уындджындæ р æ мæ хъаруджындæ р уыди. Нæ уыди Нагъуыллæ йæ н æ мбал нæ арæ хстæ й, нæ фезмæ лдæ й, нæ æ гъдау раттынæ й.

Иуахæ мы Царциатæ м фынгыл бадт фесты уæ йгуыты фæ сивæ д дæ р. Царциатæ хъабахъ æ рæ вæ рдтой æ мæ фæ тдзæ ф [1] райдыдтой. Бæ стæ фæ тты æ хситтæ й кæ мттæ нæ рыдысты, сырдтæ хуынчъытæ м лыгъдысты, мæ ргътæ æ дас бынæ тты æ мбæ хстысты. Ничи цæ ф кодта хъабахъы: нæ Царциаты фондз сыхæ й исчи, нæ уæ йгуытæ й.

Царциаты хистæ ртæ загътой:

— Царциаты номыл кадæ й цы ис, уый уæ д уыцы адæ ймаджы, хъабахъ чи фæ цæ ф кæ на.

Никæ й бон баци хъабахъы фæ цæ ф кæ нын.

Нагъуыллæ бацыди æ мæ хистæ ртæ н сæ ркъул [2] акодта, стæ й зæ гъы:

— Бар мын раттут иу фат фехсынæ н.

Царциаты хистæ ртæ сразы сты.

Нагъуыллæ йæ астæ у æ лхъывд-æ лвæ ст æ рбакодта, фат æ рдыныл акодта, ныхъхъавыди æ мæ суагъта фаты.

Фат атахти æ мæ хъабахъы йемæ фæ хаста. Дæ лæ сыхы Царциаты гæ сæ ныл [3] сæ мбæ лди. Гæ сæ ны дуртæ й уæ ллаг тæ лийы [4] дуртæ фæ хаста фат йемæ.

Нагъуыллæ йы хъуыддагыл ныццин кодтой Царциатæ æ мæ йын радтой Царциатæ кады ном.

Нагъуыллæ кады номыл цæ рын байдыдта Царциаты æ хсæ н. Уæ йгуытæ м хардзау касти, сылгоймаг сæ куыд амбылдта, зæ гъгæ.

У æ д та дыккаг хъабахъ æ рæ вæ рдтой ногæ й Царциатæ. Бæ стæ та фатæ хситт ссис. Кæ мттæ нæ рыдысты ногæ й, фæ лæ та хъабахъы ничи фæ цæ ф кодта: нæ фондз сыхаг Царциатæ, нæ уæ йгуытæ.

Нагъуыллæ дыккаг хатт бацыди Царциаты хистæ ртæ м. Сæ ркъул та сæ м бакодта æ мæ зæ гъы:

— Иу æ хсты бар-ма мын раттут.

Бар та йын радтой æ мæ фат афидар кодта æ рдыныл. Фехста хъабахъы æ мæ фат хъабахъы фæ хаста, дæ лæ сыхы Царциаты гæ сæ ныл та сæ мбæ лди æ мæ дуртæ й дыккаг тæ лийы дуртæ фæ хаста фат йемæ.

Царциатæ Нагъуыллæ йæ ныббуц сты, æ мæ загътой:

— Царциаты номыл æ гъдауæ н цы ис, уымæ й хайджын у.

Нагъуыллæ кадджын, æ гъдауджыныл нымад æ рцыди.

Дывæ р тæ лмау [5] æ ркасти уæ йгуытæ м Нагъуыллæ йы хъуыддаг.

Нагъуыллæ та цинæ й мардис.

Фæ стæ дæ р та Царциатæ æ ртыккаг хатт дæ р хъабахъ æ рæ вæ рдтой, загътой афтæ:

— Гъе уый чи фæ цæ ф кæ на, ууыл æ рцæ уæ д, Царциатæ н номыл цы баззади, уый.

Ногæ й та фæ тдзæ ф райдыдтой фондз сыхæ й Царциатæ, иннæ ’рдыгæ й — уæ йгуытæ, фæ лæ та хъабахъы ничи цæ ф кодта.

Нагъуыллæ æ ртыккаг хатт Царциаты хистæ ртæ м сæ ркъул акæ ны æ мæ зæ гъы:

— Æ ххæ ст ма мын ацы æ хсты бар дæ р раттут.

Царциаты хистæ ртæ бар радтой Нагъуыллæ йæ н æ ртыккаг хатт дæ р.

Нагъуыллæ дæ р та фат æ рдыныл авæ ры, ныхъхъавыди æ мæ фат æ хситгæ нгæ атахти. Фат хъабахъы йемæ ахаста æ мæ та дæ лæ сыхы Царциаты гæ сæ ныл сæ мбæ лди, æ ртыккаг тæ лийы дуртæ фæ хаста.

Нагъуыллæ ссис нымад кадджыныл, æ гъдауцжыныл, стæ й номджыныл дæ р.

Куыннæ та уыдаид хъыг утæ ппæ т фæ сивæ дæ н, фæ лæ сæ бон ницы уыди. Царциаты цæ сты Нагъуыллæ фæ кадджындæ р ис æ мæ йæ койы йеддæ мæ æ ндæ р кой нал уыдис.

Тæ лмау та æ ркастис фæ сивæ дмæ, уæ лдайдæ р — уæ йгуытæ м. Ацы хабар Нагъуыллæ бамбæ рста, сæ химæ азгъоры, йæ хи гæ рзифтонг акæ ны æ ппæ тæ й, бæ хыл абады æ мæ фæ стæ мæ бадзуры Царциаты хистæ ртæ м:

— Аипп ма уæ д мæ ныхас, фæ лæ уе стæ н, бар мын куы раттиккат, абон мæ нмæ хæ лæ г чи кæ ны, уыцы фæ сивæ дæ й йæ хи кадджын, æ гъдауджын æ мæ номджын чи хоны, уыдон мемæ куы бавзариккой. Æ ммыст, кæ д æ ппын нæ, уæ ддæ р дзы иу донхæ ссæ джы [6] куы равзарин мæ хицæ н.

Царциаты хистæ ртæ ныддис кодтой, стæ й фæ сивæ дмæ дзурынц:

— Зæ гъут-ма, чи ис уе ’хсæ н ахæ м гуырд, йæ ныфс Нагъуыллæ имæ чи бавзара.

Фондзæ й Царциатæ й фæ хицæ н сты, дыууæ йæ та — уæ йгуытæ й. Авд барæ джы, амæ й-ай хуыздæ р, ралæ ууыдысты Царциаты хистæ рты раз. Нагъуыллæ хистæ рæ н зæ гъы:

— Ахæ м хæ снæ гтæ скæ нут, амæ й-ай фыддæ р æ мæ зындæ р куыд уа.

Царциаты хистæ ртæ загътой:

— Æ ртæ хæ снаджы кæ нæ м, фæ лæ сæ иууыл мах раттæ м, уый æ гъдау нæ дæ тты. Иу уæ д махæ й, иу — Донбеттыртæ й, иннæ зæ дтæ й.

Нагъуыллæ сразы ис æ мæ скуывта:

— О, ме сфæ лдисæ г, кæ д мæ истæ мæ н скодтай, уæ д зæ дтæ й ам исчи цы февзæ ра.

Куывд уæ ларвмæ фехъуысти. Хуыцау фæ рсы зæ дты:

— Чи уæ ацæ удзæ ни Царциатæ м иу хæ снаг раттыны тыххæ й?

Зæ дтæ загътой:

— Махæ й ничи ацæ удзæ н, Царциатæ нæ мурмæ дæ р нæ дарынц æ мæ нæ хи худинаджы бын нæ кæ нæ м.

Хуыцау уæ д фæ рсы дауджыты:

— Уæ д та сымахæ й исчи ацæ уæ д.

Дауджытæ зæ гъынц:

— Махæ й дæ р ничи ацæ удзæ ни, сæ сæ рмæ нæ нæ хæ ссынц, сæ цæ сты нæ ахадæ м æ мæ нæ хи не ’гад кæ нæ м.

Хуыцау та фæ рсы дзуæ ртты дæ р:

— Сымахæ й дæ р ничи ацæ удзæ ни?

Дзуæ рттæ загътой:

— Махæ й дæ р ничи ацæ удзæ ни, Царциатæ н æ лгъаг стæ м, хынджылæ г нæ кæ нынц, нæ номыл нуазæ н никуы рауадзынц.

Хуыцау ноджы фæ рсы:

— Уæ дæ кæ й фервитæ м?

Зæ дтæ загътой:

— Уастырджийы арвитæ м, уый зæ хмæ арæ хдæ р æ фты.

Уастырджи уым нæ уыди. Уæ д фæ дис æ м фæ кодтой æ мæ уым февзæ рди. Хуыцау æ мæ иннæ тæ загътой сæ фæ ндон Уастырджийæ н. Уастырджи уæ лдай нал загъта, балæ ууыди Царциаты æ мбырды.

Уæ д Донбеттыртæ й дæ р æ рбакодтой Хъара Донбеттыры.

Царциаты хистæ ртæ фæ рсынц Нагъуыллæ йы:

— Куыд дæ фæ нды, Нагъуыллæ?

— Æ з уын загътон мæ ныхасы. Мæ нмæ хæ лæ гæ й чи мæ лы, уыдон бавзарæ д мемæ.

Царциаты хистæ ртæ зæ гъынц ногæ й:

— Уастырджи æ мæ Хъара Донбеттыр, фæ йнæ хæ снаджы нæ фæ стæ сымахæ н лæ вæ рд ис. Хæ снаг та хъуамæ амæ й-ай зындæ р, амæ й-ай фыддæ р уа авд барæ гæ н. Царциатæ сты фондзæ й, дыууæ — уæ йгуытæ й. Чи рамбула, уый цы зæ гъа, ууыл разы стæ м. Мах хæ снаг лæ вæ рд у ахæ м: уæ лæ Хъугомы рагъыл цы стыр фæ тæ н ис, уырдыгæ й æ нæ ахаугæ йæ йæ бæ хыл чи раскъæ ра, гъе, уый амбулдзæ ни. Дугъ уæ д хохы тигъ-тигъ.

Авд барæ гæ й Хъугомы фæ тæ нмæ ссыдысты æ мæ рауагътой дугъы, семæ Нагъуыллæ дæ р. Барджытæ й Нагъуыллæ иуы æ рыййæ фта æ мæ йæ тæ ссар цæ ф фæ кодта. Барæ г асхъиудта, æ мæ кæ м ахауд, уый абон дæ р «Тæ ссар» хуыйны, иннæ йы къуыбырты æ рыййæ фта, уый дæ р фæ цæ ф кодта æ мæ къуыбыртыл атылди. Уыйадыл уый та — «Къуыбырджын». [7] Æ ртыккаджы æ рыййæ фта лæ згъæ рыл, скъуырдта йæ æ мæ уый дæ р фесхъиудта. Уыйадыл уый та «Лæ згъæ р» [8] схуыдтой. Цыппæ рæ мы дон нучы цыд кæ м кæ ны, уым æ рыййæ фта. Уый дæ р та скъуырдта æ мæ нучы асхъиудта. Уыйадыл уый та «Доннук» [9] схуыдтой. Фæ ндзæ мы чысыл дарддæ р æ рыййæ фта, саргъæ й йæ фелвæ ста Нагъуыллæ æ мæ йæ рагъмæ баппæ рста. Саргъы бадтау сæ мбæ лди къуылдымыл. Уыйадыл уый та «Саргъау» [10] схуыдтой. Æ хсæ зæ мы раййæ фта хæ ристы цур. Хæ рисы сæ рмæ йæ баппæ рста. Уыйадыл уый та «Хæ рисгом» [11] хуыйны. Æ вдæ мы чысыл дæ лдæ р æ рыййæ фта æ мæ йæ саргъæ й фелвæ ста. Цырты сагъд æ й зæ ххыл асагъта йæ уæ рджыты онг. Уыйадыл уыцы бынат та «Цыртысæ р» [12] хонынц.

Нагъуыллæ фæ разæ й ис Царциаты ныхасмæ йæ бæ хыл. Уæ дмæ иннæ тæ дæ р цæ фтæ æ мæ сæ ргуыбырæ й æ рхæ ццæ сты.

Дыккаг хæ снаг лæ вæ рдта Уастырджи æ мæ зæ гъы:

— Фæ йнæ галы раттæ м авд барæ гмæ, иу та — Нагъуыллæ мæ. Галы тагъддæ р чи бастигъа, чи йæ сфыца æ мæ йæ æ нæ хъæ нæ й фынгыл чи авæ ра, уый рамбулдзæ ни.

Фæ лæ бурдтой фæ йнæ галы стигъынмæ. Цалынмæ авдæ й стигъгæ кодтой, уæ дмæ Нагъуыллæ галы бауæ ларт кодта. Суг бандзæ рста, æ мæ галы мард рафыхти. Авдæ й сæ галты уæ ларт æ вæ рд куы кодтой, æ мæ къодах сугтæ куы калдтой, уæ дмæ Нагъуыллæ йæ галы къодах фых акодта æ мæ йæ Царциаты хистæ рты раз æ рæ вæ рдта. Уыйадыл уыцы бынат «Къодахджын» [13] хуыйны.

Рамбылдта та Нагъуыллæ. Æ ртыккаг хæ снаг Хъара Донбеттырæ н лæ вæ рд уыди. Уый загъта:

— Æ з æ рæ вæ рдзынæ н рагъыл кæ фгæ р, [14] кæ й фатæ хстæ й разила йæ бынаты, уый рамбылдта.

Хъара Донбеттыр кæ фгæ р æ рæ вæ рдта рагъыл. Цæ ст æ й гæ зæ мæ æ взæ рста, афтæ. Райдыдтой йæ æ хсын. Никæ й æ хстæ н разылди. Уæ д æ й Нагъуыллæ фехста, кæ фгæ ры зæ рдæ йы фат иннæ рдæ м ахызти æ мæ кæ фгæ р разылди. Нагъуыллæ та ацы хатт дæ р рамбылдта. Царциатæ стыр кад скодтой Нагъуыллæ йæ н æ мæ йыл номы рæ гъ рауагътой. Нагъуыллæ сæ райста номы нуазæ н æ мæ сын раарфæ кодта.

19. Уæ йгуыты уæ рмытæ

Царциаты Нагъуыллæ фыд рæ сугъд уыдис. Раст, цыма алæ мæ т тынтыл рахъомыл ис, ахæ м уыд, кæ нæ маргъы æ хсырæ й хаст уыди, ахæ м уыд йæ бакаст.

Уæ йгуытæ й дыууæ йæ Нагъуылллæ йы фыдуарзт бакодтой. Зæ гъынц Царциатæ н уæ йгуытæ:

— Нагъуыллæ йы нын раттут.

Царциатæ зæ гъынц:

— Нагъуыллæ иу у, йæ курджытæ та дыууæ сты, кæ мæ н æ й раттæ м?

— Кæ й равзара махæ й, уымæ н.

Царциатæ зæ гъынц Нагъуыллæ йæ н:

— Уæ йгуытæ нæ нал уадзынц æ мæ ды та цы зæ гъыс?

Нагъуыллæ зæ гъы:

— Хуыздæ р сæ чи фесгуыха æ мæ мæ зæ рдæ мæ кæ й хъазт хуыздæ р фæ цæ уа, уымæ н ком ратдзынæ н.

Царциатæ уæ йгуытæ н зæ гъынц:

— Кæ й сгуыхтдзинад фæ цæ уа Нагъуыллæ йы зæ рдæ мæ, уымæ н ком ратдзæ ни.

Банысан кодтой хъазæ н бон. Уæ дмæ хъазæ н бон дæ р ралæ ууыди. Æ рымбырд сты Царциатæ, æ рцыдысты уæ йгуытæ дæ р. Зæ хх сæ нæ урæ дта, уыйас адæ м æ рымбырд ис.

Уæ йгуыты усгуртæ сæ хи рацарæ зтой. Царциатæ стыр хъазт сарæ зтой æ мæ симдыл ныххæ цыдысты. Æ ртæ боны æ мæ æ ртæ æ хсæ вы æ нæ рлæ угæ йæ симдтой. Дыууæ усгурæ й иу дæ р нæ бафæ ллад, иу дæ р дзы йæ хи нæ равдыста фæ лмæ цыдæ й. Уæ д Царциатæ загътой:

— Ныр та цæ уынæ й бафæ лварут.

Дыууæ усгуры Царциаты калак хъæ уыл [1] цæ уын райдыдтой, кæ м хæ рдмæ, кæ м уырдыгмæ. Æ ртæ боны æ мæ æ ртæ æ хсæ вы æ нæ æ рулæ фгæ йæ фæ цыдысты. Ничи та сæ баци фæ лладгъуыз.

Уæ д та сын Царциатæ зæ гъынц:

— Хуыздæ р миниуæ г уæ чи ’рхæ сса, уый æ мбулдзæ ни æ мæ Нагъуыллæ йы уымæ н ратдзыстæ м.

Дыууæ усгуры фæ йнæ рдæ м ацыдысты, иу хурыскæ сæ нмæ, иннæ хурныгуылæ нмæ. Цыдысты фæ йнæ æ ртæ боны æ мæ фæ йнæ æ ртæ æ хсæ вы. Сæ иу бахаудта сохъхъыр зæ ронд гуымирмæ. Бадзырдта йæ м:

— Уæ, мæ фыдыхай, уазæ г нæ исыс?

Сохъхъыр зæ ронд гуымир æ м дзуры:

— Дæ амонд фесæ фа, фыды номæ й мæ м куыннæ æ рбадзырдтаис, уæ д дæ мæ цæ ст байсæ рстаин. Рахиз ныр, чи дæ, уый зæ гъ.

Фыццаг усгур зæ гъы:

— Фыдæ бойнаджы рæ сугъд чызг равзæ рди Царциатæ м, ахæ мæ н æ й дæ ттынц, хуыздæ р миниуæ г чи æ рхæ сса æ мæ уый тыххæ й цæ уын, фæ лæ кæ м ссарон уыцы миниуæ г, уый нæ зонын.

Сохъхъыр зæ ронд гуымир æ м дзуры:

— Фыдæ бон кæ ныс дæ хицæ н, мæ нæ æ з цæ мæ н сохъхъыр дæ н. Æ з дæ р уарзтон Нагъуыллæ йы, ацы фæ ндагыл бафтыдтæ н, фæ лæ мын ницы бантыст. Нагъуыллæ мæ Хуыцауы комы тæ фæ й хай ис. Нагъуыллæ йы уарзы хохы бадæ г фыййау. Диссæ гтæ æ мæ миниуджытæ уымæ сты. Æ з æ м бафтыдтæ н. Уый мæ райста. Кусарт æ рбакодта æ мæ иу хæ рынкъа йæ дзыппæ й систа, зæ гъы хæ рынкъайæ н: «Дæ хæ дæ г зоныс!» Хæ рынкъа дæ р йе ’взæ гты фегом кодта, цæ сты фæ ныкъуылдмæ кусæ рттаджы бауæ ларт кодта. Æ з мæ мид-зæ рдæ йы загътон: «Æ ммыст, ацы хæ рынкъа мæ куы уаид». Хæ рынкъа мын мæ хъуыдыты бамбæ рста æ мæ фесхъиудта, мæ цæ сты мын скъахта, стæ й йе ’взæ гты бахгæ дта æ мæ хохы бадæ г фыййауы дзыппы смидæ г ис. Мæ фысым дæ р хабар фембæ рста, æ рбакасти мæ м, стæ й мæ афарста: «Кæ д дæ цард давæ ггагæ й нæ у?» Зæ гъын: «Нæ у!» Уый та зæ гъы: «Уæ дæ дæ мид-зæ рдæ йы мæ хæ рынкъамæ кæ м бабæ ллыдтæ, уым хъуыддагæ н нæ бæ здзынæ», æ мæ мæ раздæ хта. Уæ дæ й абонмæ дæ н ам. Бирæ диссæ гтæ ис хохы бадæ г фыййаумæ. Ныр мæ хи сохъхъырæ й равдисон, уый та сæ рмæ нæ хæ ссын. Фæ лæ куы бахауай уымæ, уæ д-иу дис мацæ уыл бакæ н, уæ д дыл мæ ми æ рцæ удзæ ни.

Араст и дарддæ р, йæ хи хорз куы федта, уæ д фыццаг усгур уæ йыг.

Хохы бадæ г фыййаумæ бахæ ццæ ис сæ химæ, загъта æ мæ йæ м æ рфысым кодта. Хохы бадæ г фыййау та кусарт æ рбакодта æ мæ йæ хæ рынкъа систа, стæ й зæ гъы: «Дæ хæ дæ г зоныс!» Хæ рынкъа кусартмæ йе ’взæ гты фелвæ ста, астыгъта йæ, ауæ нгтæ йæ кодта, бауæ ларт æ й кодта, йе ’взæ гты кæ рæ дзийыл ахафта æ мæ цæ хæ р ракалдтой, уыйадыл сугтæ ссыгъдысты æ мæ фыццаг усгур уæ йыгмæ диссаг фæ касти æ мæ йæ мид-зæ рдæ йы бадис кодта: «Ай цы хæ рынкъа у, сугтæ афтæ чи ссудзын кодта». Хæ рынкъа та бамбæ рста усгур уæ йыджы хъуыды. Фесхъиудта æ мæ йын йæ галиу хъусы фæ саджил кодта. Хохы бадæ г фыййау зæ гъы уæ йыгæ н:

— Бадис кодтай мæ хæ рынкъайы митыл, æ ндæ ра дын диссагæ й диссагдæ р фенын кодтаин.

Сæ ргуыбырæ й раздæ хти фыццаг усгур фæ стæ мæ. Дыккаг усгур уæ йыг дæ р бафтыд сохъхъыр зæ ронд гуымирмæ. Бадзырдта йæ м:

— Мæ фыдыхай, уазæ г нæ исыс? Уый йæ м радзырдта:

— Дæ амонд бахæ р, мæ цæ стыл дæ байсæ рстаин, фыды номæ й мæ м куынæ бадзырдтаис, уæ д. Ныр рахиз мидæ мæ, кæ цæ й цæ уыс, кæ нæ кæ дæ м у дæ фæ ндаг.

Дыккаг усгур уæ йыг зæ гъы:

— Царциаты мыггаджы райгуырдис фыдбойнаджы чызг. Ахæ мæ н комы: хуыздæ р миниуæ г æ м чи æ рхæ сса.

Сохъхъыр зæ ронд гуымир дзуры:

— Дæ размæ ма иу уыдис ам. Уый дæ р дæ хуызæ н дзырдта. Фæ лæ фыдæ бойнаг фæ ци, æ вæ ццæ гæ н, нырма фæ стæ мæ нæ зыны. Æ з дæ р уарзтон уыцы фыдæ бойнаг гуырды æ мæ мæ м кæ сыс: диссаджы миниуæ г агургæ йæ хохы бадæ г фыййаумæ бахаудтон æ мæ йын йæ хæ рынкъайыл бадис кодтон. Уыйадыл мæ цæ стæ й æ нæ цæ ст фæ дæ н. Йæ хæ рынкъа æ ппæ т миниуджытæ аразы æ мæ куы бадис кæ най, уæ д сахъатджынæ й раздæ хдзынæ.

— Уæ дæ мын фæ ндаг ацамон, æ з цæ уон хохы бадæ г фыййаумæ.

— Фæ ндаг æ м ис уæ лæ ты дæ р, фæ лæ æ ввахсдæ р у дæ лæ ты.

Дыккаг усгур уæ йыг дæ лæ ты ацыди æ мæ бахæ ццæ хохы бадæ г фыййаумæ. Дзуры йæ м:

— Фысымуатмæ уазæ г нæ уадзут хæ дзармæ? Хохы бадæ г фыййау æ м радзырдта:

— Мидæ мæ.

Дыккаг усгур дæ р та бацыди.

Фысым, хохы бадæ г фыййау, кусарт æ рбакæ нын кодта. Хæ рынкъа кусарты астигъта, ауæ нгтæ йæ кодта, бауæ ларт æ й кодта, арт бандзæ рста, фынг авæ рдта, æ мæ агæ й фынгмæ хæ йттæ æ ппæ рста. Фæ дис кодта дыккаг усгур дæ р хæ рынкъайыл æ мæ хæ рынкъа фесхъиудта, дыккагусгурæ н йæ рахиз хъусы фæ саджил кодта æ мæ йæ м фысым дзуры:

— Мæ хæ рынкъайыл бадис кодтай, уагæ ры ме ’ннæ диссæ гтæ куы зонис.

Рацыди сæ ргуыбырæ й æ мæ рахæ ццæ ис сохъхъыр зæ ронд гуымирмæ. Уæ дмæ фыццаг усгур дæ р æ рбахæ ццæ. Усгуртæ сæ кæ рæ дзи фенгæ йæ зæ гътой, зæ гъгæ, мæ схъæ р кæ нæ м нæ худинаг, фæ лтау радзурæ м цы диссаг федтам, уыцы хæ рынкъайы.

Афтæ бакодтой.

Усгуртæ н Нагъуыллæ зæ гъы:

— Уæ дæ уæ д та гæ пп ракæ нут.

Дыууæ уæ йыджы, дыууæ усгуры стыр фæ тæ нæ й [2] гæ пп байдыдтой æ рдузы фæ змæ [3] æ мæ сæ æ мбæ рц уæ рмытæ ныккодтой. Хохы бадæ г фыййау уый куы базыдта, уæ д йæ хи иу æ хст фæ кодта дыууæ йы фæ стæ, йæ хи фехста, уыдон куыд сыстадысты, афтæ сæ йæ быны акодта æ мæ сын сæ уачъитæ сыскъуыдта. Уыйадыл фесæ фтысты дыууæ усгур уæ йыджы. Уæ д Царциатæ фæ цыдысты æ мæ Нагъуыллæ йы æ рхуы мæ сыджы бакодтой æ мæ хохы бадæ г фыййауы къухты нал бафтыди.

Нагъуыллæ йы амарды фæ стæ хохы бадæ г фыййау йæ хи хохæ й фехста æ мæ комы рæ бын ныппырх и. Афтæ фесæ фти хохы бадæ г фыййау дæ р.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.03 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал