Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Едыссæ æмæ Еухæр






Царциаты Едыссæ иу бон тар хъæ дæ й рацæ йцыди. Уынæ р ыл ссыди æ мæ фæ йнæ рдæ м айхъуыста, йæ хъустæ фæ гæ мæ л кодта цæ мæ дæ р. Кæ сы: уæ ртæ иу ивæ зтдзых лæ г, саджы мард йæ разы, арт кæ ны, суанцъыйыл [1] аг сæ вæ рдта æ мæ дзы саджы фыдæ й фыцы. Райста камчыри [2], скалы дзы фынчытæ; райсы фыдис æ мæ дзы саджы фыд сызмæ нты; райсы куысси æ мæ басæ й ахуыпп кæ ны, уый фæ стæ азары:

 

Камчыри æ мæ фыдис,

Иумæ у сæ цæ дис,

Куысси сын æ мбал у.

Камчыри — хуынчъытæ,

Фелвасы фынчытæ.

Уымæ н уый æ гъдау у.

Фыдис у æ д сиутæ,

Сисы фыд æ д фиутæ.

Фынгыл сæ æ вæ ры.

Куысси та тæ вд басы

Авæ ры мæ разы,

Æ з дæ р дзы ныфсæ дын.

 

Едыссæ йæ м кæ сы, лæ г саджы нард фыдтæ давы йæ хицæ й, тæ вдæ й сæ йæ дзыхы бакалы æ мæ сæ йæ комы къулты ’хсæ н раппар-баппар райдайы, æ ууилгæ сæ нæ кæ ны, æ нæ хъæ нæ й сæ аныхъуыры. Уый фæ стæ хъалацы [3] дзаг мацъа [4] ануазы сусæ гæ й, скафы æ мæ басмæ бахъуызы, ахуыпп дзы кæ ны æ мæ æ нцад абады. Едыссæ йæ м нал фæ лæ ууыди æ мæ йæ фæ рсы:

— Дæ саджы мард давгæ куы кæ ныс, мæ нæ н дæ р ма дзы авæ р.

— Æ мæ ды чи дæ? — афарста йæ ивæ зтдзых лæ г, — цæ мæ мæ м æ рбахъуызыдтæ?

— Чи дæ н, уымæ й мæ цы фæ рсыс, уазæ гуаты дæ м цæ уын æ мæ мын фысым фæ у.

 

Мæ ном у Еухæ р æ мæ мæ нæ н

Мæ уагахастæ й бæ стæ ридауы [5],

Æ ргом дын дзурын.

Гæ ды ныхас-иу хъæ дбын фидауы.

 

Едыссæ дæ р æ м дзуры:

 

Гæ ды ныхæ стæ давæ г фæ кæ ны,

Фæ лæ фæ уынгæ г,

Уæ д фырфæ смонæ й хъæ лæ г фæ кæ уы.

 

— Ау, æ мæ ды давгæ нæ кæ ныс? — афарста йæ Еухæ р.

— Æ з давгæ никуы фæ кæ нын, — зæ гъы Едыссæ.

Æ рбадтысты иумæ, бахордтой саджы фыдæ й æ мæ Еухæ р зæ гъы:

— Цæ й, нæ райсомы хардз дæ р сфыцæ м.

— Фысым ды дæ, — зæ гъы Едыссæ, — куыд дæ фæ нды, афтæ кæ н.

Сфыхтой райсомы хардз æ мæ æ рфынæ й сты. Еухæ р райсом раджы фестади æ мæ йæ м Едыссæ сусæ гæ й кæ сы: Еухæ р саджы фыд иу хæ рд акодта, камчыри, фыдис æ мæ куысси адæ ларм кодта æ мæ фæ цæ уы. Едыссæ йæ м дзуры:

— Фæ лæ уу, кæ д цæ уæ м, уæ д иумæ. Ам мæ цæ мæ н уадзыс.

— Цы дæ м лæ ууон, кæ рæ дзи рæ стмæ нæ базыдтам æ мæ мæ м уазæ гуаты куыд цæ уыс? Æ ви æ ддæ с [6] дæ адæ мæ й?

— Æ ддæ с нæ дæ н, фæ лæ Царциаты Едыссæ дæ н, ды та кæ й фырт дæ?

— Æ з дæ н Еугары фырт Еухæ р.

— Ау, æ мæ зылындзых Еугармæ уазæ г никуы уыди?

Еухæ рæ н хъыг уыдис дзырд «зылындзых», йæ мигæ нæ нтæ æ рæ вæ рдта æ мæ Едыссæ мæ дзуры:

— Кæ й фыды хоныс зылындзых?

— Дæ фыды! — фæ хъæ р кодта Едыссæ.

Хылмæ сын асайдта. Еухæ р камчыри фелвæ ста, нырриуыгъта дзы Едыссæ йы, фæ лæ Едыссæ камчырийы хуынчъыты йе ’нгуылдзтæ фæ тъыста æ мæ йæ байста. Уæ д Еухæ р фыдис раскъæ фта, фæ лæ йын уый дæ р байста. Еухæ р куысси фелвæ ста æ мæ дзы Едыссæ йы сæ р ныццавта. Куысси Едыссæ йы сæ рыл фæ фидар ис. Едыссæ куысси йæ сæ рæ й фелвæ ста, Еухæ ры рацахста, йæ къубал ын слыг кодта æ мæ сæ р ратылдта. Еухæ ры сæ р сæ хæ дзармæ æ ртылди, кæ рты йæ фыд Еугар бадти къæ лæ тджыныл æ мæ йæ размæ батылди æ мæ дзуры сæ ры къуыдыр:

— Еды... Еды... Еды...

— Æ нæ рай фæ у, кæ д цы «еды, еды» кæ ныс, — зæ гъы Еугар.

Æ ркасти сæ ры къуыдырмæ æ мæ разынди йæ фырт Еухæ р.

Сæ ры къуыдыр фæ стæ мæ ратылди æ мæ йæ фæ стæ цæ уынтæ систа, йæ цирхъ æ й æ рбайрох. Æ рбаййæ фта Едыссæ йы физонæ ггæ нгæ. Еугар æ й фæ рсы:

— Мæ фырты мын ды амардтай?!

— Йæ хæ дæ г амардта йæ хи, — зæ гъы Едыссæ, — давæ г уыди, йæ хæ ринаг давгæ йæ хордта.

— Хуыцау, кæ д æ цæ г афтæ уыди, уæ д мæ лæ ппуйы гуыр растæ гау кæ нæ д.

Еухæ ры буар æ цæ гæ й растæ гау кодта æ мæ Едыссæ зæ гъы:

— Уыныс, æ з раст дзырдтон. Давæ джы цонг лыг кæ нын хъæ уы.

Едыссæ Еухæ ры рахиз цонг ралыг кодта. Еугары бон не ссис йемæ схæ цын.

Зыдта, æ нæ хотых кæ й у, уый. Едыссæ Еугарæ н бахæ рын кодта Еухæ ры сæ р æ мæ йын зæ гъы:

— Мæ хистæ р кæ м дæ, уым дын бахæ рын кодтон дæ фырты сæ р, нырæ й фæ стæ мæ фæ ткæ н баззайæ д хистæ рты раз фынгыл кусарты сæ р æ рæ вæ рын.

Едыссæ рахаста Еухæ ры цонг йемæ, æ рцыди Царциатæ м æ мæ йæ зæ ппадзы сæ р сæ вæ рдта. Еугар мæ стджынæ й баззади Едыссæ мæ æ мæ архайдта йæ фырты маст райсыныл, цыдысты йыл бонтæ, цалынмæ йæ хи сæ фт не ’рцыди.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.008 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал