Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Хæтгары фырт Хæтæго






Царциаты Хæ тгарæ н иу фырт уыди Донбеттырты чызгæ й æ мæ йыл ном сæ вæ рдтой Хæ тæ го. Хæ тæ го ралæ г и æ мæ йæ цард фылдæ р æ рвыста хæ тæ ны.

Иу бон та хæ тæ ны уыди Хæ тæ го æ мæ рацæ уы. Иу ран саджы суыдта æ мæ йæ фехста. Саг фæ цæ ф и, фæ лæ алыгъд. Хæ тæ го йæ тугвæ дыл араст и æ мæ бахаудта иу лæ гæ тмæ. Лæ гæ тæ й цыди хъæ рзын. Хæ тæ го лæ гæ тмæ бацыди. Исдуг лæ гæ т Хæ тæ гомæ фæ касти талынг, фæ лæ куыд арфдæ р цыди лæ гæ тмæ, афтæ йæ м рухс тынгдæ р цыдис. Æ ппынфæ стаг Хæ тæ го бацыди лæ гæ тмæ æ мæ федта уым хъæ рзгæ иу усы.

Хæ тæ го йæ фæ рсы:

— Цы кæ ныс, мæ хойы хай?

— Фыдæ бон фæ уæ д Хæ тгары фырт Хæ тæ го. Æ з Царциатæ н сæ уындмæ цыдтæ н, уый та мæ æ хсгæ фæ кодта.

— Æ мæ дын сдзæ бæ хгæ нæ н нал ис?

— Хъуазы æ хсыр хъармæ й куы ануазин, уæ д сдзæ бæ х уаин.

Хæ тæ го цуаны ацыди, хъуаз æ рцахста, æ рдыгъта йæ, йе ’хсырæ й йын адардта усæ н æ мæ фервæ зти.

Хæ тæ го та фæ рсы усы:

— Чи дæ, цæ мæ н дæ иунæ г, кæ нæ чызгæ й кæ мæ й дæ?

— Æ з дæ н Царциатæ й. Хуыцау æ мæ зæ дтæ амардтой мæ лæ джы, уый фæ стæ баззадтæ н иунæ гæ й.

— Уæ дæ æ з мæ сиахсы туг хъуамæ райсон.

— Иунæ гæ й ма ацу, Хæ тæ го, иунæ г — æ фсад нæ у. Кæ нæ куы цæ уай, уæ д-иу дæ мады фен.

Хæ тæ го ацыдис æ мæ зæ гъы йæ мадæ н:

— Æ з цæ уын Хуыцау æ мæ йæ хъузонтæ м. Мæ н хъæ уы мады ныфс æ мæ фыды тых. Мæ хойæ н йæ лæ г хуыцæ утты къухæ й мард у, æ мæ уый туг райсон.

— Дæ мад дæ фæ хъхъау фæ уа. Дæ фыд æ гас нал у, йæ тых ис йæ гæ рзты. Райс сæ дæ химæ, æ мæ цу, æ з дæ æ ййафдзынæ н, дæ ныфсæ н ныфс уыдзынæ н æ мæ дын сæ ттæ н нæ уыдзæ н.

Хæ тæ го райста йæ фыды гæ рзтæ, йæ тыхмæ тых æ рбафтыд. Цæ уы ныфсджынæ й. Хуыцæ уттæ Уарппы сæ рыл бадтысты æ мæ сæ м комкоммæ ацыди. Йæ мад Донбеттырон, йæ фæ стæ араст. Хуыцæ уттæ м Хæ тæ го куыд æ ввахс кодта, афтæ йæ ныфс тынгæ й-тынгдæ р кодта, фæ лæ нæ зыдта йæ мад йæ фæ стæ ис, уый.

Хæ тæ го смидæ г ис знæ т сырдау хуыцæ уттæ м. Райдыдта сæ цъыгъгъыттæ кæ нын, къуыхтæ кæ нын, цæ гъдын.

Хуыцæ уттæ сæ ргуыртæ кодтой. Сæ ры къуыдыртæ Уарппы бæ рзæ ндæ й бынмæ тылдысты дуртау, сæ тугты лæ сæ нтæ й адгуытæ дзаг кодтой æ мæ ивылд донау згъордтой бынмæ. Хуыцæ уттæ фæ тыхстысты æ мæ Чырты [1] лæ гæ тмæ сæ хи бакалдтой. Сæ хиуыл рахгæ дтой хохы йас дуæ рттæ æ мæ Хæ тæ го æ ддейæ аззадис. Хæ тæ го хъæ бæ р дойнаг дуртæ срæ мудзы æ мæ сæ дуæ рттыл ныххуырсы. Бацъил вæ ййынц дуæ ртты къæ йтæ. Бафсæ ры уырдæ м, йæ мад цыд йæ фæ дыл æ мæ йын йæ ныфс тыхджындæ р кодта. Тыхджындæ р фæ ци йæ хæ ст. Хуыцæ уттæ æ рдæ г фесты. Уæ д Хуыцау хох рафæ лдахы æ мæ Хæ тæ го йæ быны фæ ци. Донбеттырон уый фенгæ йæ Чырты лæ гæ тмæ йæ хи байста. Стынг ис хæ ст Донбеттырæ й хуыцæ утты æ хсæ н. Мад йæ фырт Хæ тæ гойы иста, хуыцæ уттæ та йæ дæ тгæ нæ кодтой. Афтæ фæ хæ цыди æ нæ хъæ н къуырийы дæ ргъы.

Хуыцæ уттæ нæ лæ вæ рдтой Хæ тæ гойы марды. Донбеттыр та йæ фырты марды иста. Æ хсæ вы æ рæ нцади сæ хæ ст. Донбеттыр Хæ тæ гойы мардмæ бахъуызыд æ мæ йæ радавта.

Æ рхаста йæ Царциатæ м æ мæ стыр зæ ппадз скодтой, уым бавæ рдтой Хæ тæ гойы марды æ мæ йæ мад дæ р йæ уд систа, æ мæ уый дæ р уым бавæ рдтой.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.008 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал