Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Маммийы райгуырд






Уæ д дын дæ лимонты чызг сагъуыдис [1] Царциатæ м цæ уын æ мæ сæ мæ стæ й мардта. Ахуы-иу æ й фæ сырдта, фæ лæ -иу Ахуыйы тынгдæ р мæ стæ й марын райдыдта: куы йæ м йе ’взаг æ рластаид, куы йæ хъыгдардтаид, æ мæ йын æ нцой нæ лæ вæ рдта.

Иуахæ мы та фæ зынди дæ лимонты чызг, бæ ласы бын слæ ууыди æ мæ кæ сы Ахуымæ. Бæ ласы сæ р бадти иу сих æ мæ чызгмæ дзуры:

— Цавæ р каст кæ ныс Царциатæ м?

— Ахуыйы уарзын æ мæ мæ м нæ кæ сы.

— Куыд дæ м кæ са, кæ д æ мæ йæ мæ стæ й марыс, де ’взаг æ м æ рласыс, — зæ гъы сих, — исчи афтæ кæ ны.

Сих ныххудти:

— Ма-аа-ми!

Ахуы афтæ фенхъæ лдта, сих ууыл ныххудти æ мæ йæ м дзуры:

— Мамми дарæ г дæ мауал уæ д, кæ д цæ уыл худыс, дæ бынмæ дæ лимонты чызг ис, æ мæ уыимæ айтæ -уйтæ фæ кæ нут, уый дын мæ ныхас.

Сих уыйадыл бæ ласы сæ рæ й æ ргæ пп кодта æ мæ дæ лимонты чызгыл ныххæ цыди. Чызг ныхъхъыллист кодта æ мæ суры йæ хицæ й сихы. Ахуы сæ м кæ сы æ мæ сыл худæ гæ й мæ лы. Сих дæ лимонты чызгмæ дзуры:

— О, мæ хи мамы.

Дæ лимонты чызг æ м дзуры:

— Мамми дæ р дæ хæ дæ г æ мæ алцы дæ р.

Уæ д сыл Ахуы дур фехста. Дур цыдæ р фæ цис, сих бæ ласмæ сгæ пп ласта, дæ лимонты чызг та сæ химæ æ рцыди, йæ мадмæ бауади æ мæ дур йæ тæ ккæ раз сæ мбæ лди. Мад йæ чызджы фæ рсы:

— Ацы дур та кæ цæ й æ рхауди?

Чызг радзырдта, цы йыл æ рцыди Ахуыйы æ лгъыстæ й сихимæ, уый. Мад зæ гъы:

— Сихы мæ м æ ркæ н.

Чызг сихы æ ркодта, чызджы мад æ м дзуры:

— Фæ цу Царциатæ м, зæ гъ Ахуыйæ н: «Дæ у аххосæ й мæ чызг батырæ нхъæ лцау [2] ис æ мæ йын уæ лæ уыл цæ рыны бар ратт».

Сих Ахуымæ æ рцыди æ мæ йын дæ лимонты чызджы мады ныхæ стæ рафæ змыдта. Уæ д Ахуы зæ гъы:

— Ту, адæ мæ й æ лгъыст фæ у, цы сих дæ, кæ д дæ дæ лимонтæ м æ рвитгæ нæ фæ кодтон, се ’лгъыст дæ баййафæ д, цæ рæ нбонты де смаг куыд кæ ла!

Ахуыйы æ лгъыст сихыл æ рцыдис, фæ сырдта йæ. Сих дæ р, йæ тæ ф калгæ, дæ лимонтæ м æ рцыд. Дæ лимонты чызг æ м дзуры:

— Цавæ р тæ ф калгæ æ рцыдтæ?

— Ахуы мæ ралгъыста.

— Уæ, амæ лай, цы сих дæ, кæ д мæ фыдбылызæ н нæ райгуырдтæ, ныр мын гуырдз гуырдзæ ни æ мæ цы бакæ нон?

Сих æ м тамакойы авæ рдта æ мæ йын зæ гъы:

— Зынæ й дын куы гуыра, уæ д-иу ацы сыф дæ армы дзыхъхъы аууæ рд, æ ууæ рст дæ фындзы хуынчъы атъысс æ мæ дын æ нцонæ й райгуырдзæ ни гуырдз.

Тамакойы сыф райста дæ лимонты чызг æ мæ йæ хъæ рзын ссыди. Гуырдзы гуырын кæ ны, фæ лæ уый гуыбынæ й нæ комы. Дзуры гуыринаг гуыбынæ й:

— Дæ гуыбынæ й нæ ахиздзынæ н, цалынмæ мын Царциатæ бар нæ радтой сæ бæ стыл цæ рынæ н, уæ дмæ.

— О, рахиз уал, стæ й дын исты хос уыдзæ ни.

— Нæ ахиздзынæ н.

Уæ д дæ лимонты чызг йæ мадмæ фæ дзырдта. Уымæ чызг радта тамакойы сыф. Мад æ й æ рыууæ рста æ мæ дзы йæ чызджы фындзы хуынчъы атъыста. Чызг æ рыхснырста: «Æ ттыры маммы!»

Гуырдз гуыбыны нал фæ лæ ууыди æ мæ рагæ пп кодта. Уый уыдис чызг æ мæ йыл Мамми сæ вæ рдтой ном.

Мамми йæ мадæ н зæ гъы:

— Царциатæ й зæ ххы хай райс цæ рынæ н.

Дæ лимонты чызг Маммийы йæ хъæ бысы акодта, Ахуымæ ссыди æ мæ зæ гъы:

— Ацы гуырдз дæ у аххосæ й райгуырд, кæ нæ йæ хъомыл скæ н, кæ нæ мын цæ рыны бар ратт Царциаты зæ ххыл.

— Уæ ртæ авд æ фцæ джы фалейæ ис лæ гæ т, — зæ гъы Ахуы, уырдæ м фæ цу æ мæ дзы цæ р.

Дæ лимонты чызг уырдæ м фæ цыди, хъомыл кодта Маммийы. Куы байрæ зти, уæ д-иу Ахуыйы фæ ллойæ адавта æ мæ æ нæ бæ ркад кодта йæ цард Ахуыйæ н, бæ ргæ йæ æ мбæ рста, фæ лæ сылгоймагимæ чи хæ цы, мæ нг нæ акæ нынц: «Сыл куы фæ тыхсы, уæ д цу гуыбырæ й, уый ма дæ уарздзæ н мæ нг ныхас æ мæ фæ лмæ н гуыбынæ й».

Мамми уыдис бынтон фыдуынд, йæ фындз маргъы фындзы хуызæ н, йæ иу ссыр — размæ, иннæ — фæ стæ мæ хæ цыд, йæ иу дæ ндаг — роцъойы сæ рмæ, иннæ дæ ндаг — уадулы ’рдæ м. Фыдуынддæ р скæ нæ н нæ уыди.

Иу бон Мамми фæ рсы дæ лимонты чызджы:

— Ацы лæ гæ ты цæ мæ н цæ рæ м?

— Дæ хæ дæ г æ й фæ стæ дæ р базондзынæ, ныр та мæ адыл нæ дæ н, мæ лдзынæ н, куы бахъомыл уай, уæ д Царциатæ й мæ маст райс, мæ цард уыдон аххосæ й фесæ фти, дæ зæ рдыл дар ахæ м æ мбисонд: «Зон, арцы рæ хуыст бынтон нæ у риссаг, фервæ здзынæ дзы, фæ лæ сылы ’взаджы цæ ф у тæ ссаг æ мæ риссаг».

Уыйадыл дæ лимонты чызг амарди. Мамми йæ баныгæ дта. Уæ д йæ хицæ н зæ гъы Мамми:

— Фæ цæ уон Царциатæ м, базонон сæ, чи сты?

Рараст и Царциатæ м. Ахуы уыдис цуаны, Нагъуы — хæ дзары. Мамми йæ м дзуры:

— Цæ й, хъултæ й ахъазæ м.

— Дæ лæ мæ фæ уайай, кæ д лæ ппутæ не стæ м, хъулæ й уыдон фæ хъазынц, — загъта Нагъуы.

Нагъуы рахаста Ахуыйы хъултæ, суылдта сæ æ мæ хъул цыг абадти. Мамми суылдта — уымæ н та фыр абадти. Дыккаг хатт Нагъуы суылдта — фæ хс ын абадти, Маммийæ н та тæ у абадти. Æ ртыккаг суылдæ н Нагъуыйы хъул хъен абадти. Мамми суылдта æ мæ йын сах абадти. Мамми рамбылдта хъултæ, æ ххуыс ын сих кодта сусæ гæ й. Систа хъултæ Мамми æ мæ рацæ уы. Ахуы дæ р æ рхæ ццæ ис сырды мардимæ, фæ рсы Нагъуыйы:

— Чи у, чи ацы маргъыбырынкъ?

— Æ з дæ р æ й фыццаг хатт уынын.

Ахуы бамбæ рста, уый сих æ мæ дæ лимонты чызгæ й райгуыргæ кæ й у, æ мæ зæ гъы йæ хойæ н:

— Хорз уаид, дæ хиуыл æ й куы нæ ахуыр кæ нис.

— Æ мæ нын цы хъом у, уадз æ мæ цæ уа, уæ ддæ р иунæ г стæ м æ мæ уымæ й куы тыхсæ м.

Ахуы дæ р ницыуал загъта, сырды мардæ й физонджытæ скодтой, бахордтой, стæ й баулæ фыдысты.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.008 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал