Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Сугъты сæфт






Сугътæ стыр æ мæ бирæ мыггаг уыдысты. Сæ фыдуагдзинад æ мæ сæ фыдракæ ндæ н кæ рон нæ уыди.

Сугътæ лæ бурæ г дæ р уыдысты. Фæ йнæ рдæ м тыдтой æ мæ бырстой. Хæ стон адæ м цас уыдысты, уый бæ рц та магуса дæ р уыдысты. Иугæ ндзон истой тыхæ й. Исæ кæ й фæ ллойæ — сойбыл, хи фæ ллой та сæ химæ нæ уыд.

Нал фæ рæ зтой Сугътæ й, нал уæ йгуытæ, нал Царциатæ. Уæ йгуытæ сын дзабырхор æ мæ сугласæ г уыдысты. Сæ хицæ н бынат нал ардтой сæ фервæ зынæ н. Сугътæ цинæ й мардысты уæ йгуыты фæ ллой æ вæ лмæ цгæ кæ й хæ рынц, ууыл.

Иуахæ мы Сугътæ æ рымбырд сты æ мæ загътой:

— Царциатæ ма нæ дæ лбар куы уаиккой, уæ д нæ цард Хуыцауы цардæ й ацæ уид.

Ацы хъуыддагыл сæ тынгдæ р ардыдта Сугъты дывзагон Сæ ууа. Сæ ууа рагæ й дæ р Сугътæ н фыдбылызæ н гуырд уыди æ мæ фыдбылызы базыртæ сагъта Сугътыл.

Иу æ мæ дыууæ хатты нæ дзырдта афтæ:

— Бын бауа Сугъты мыггаг, а уæ йгуытæ, дæ дæ лдæ ртæ, уыдон дæ р æ фсад сты, дыккаг æ фсад — Сугътæ сæ хæ дæ г, Царциаты хæ лиудзыхтæ æ мæ хъуымыздæ йтæ й ма цæ мæ й тæ рсæ м.

Арæ х хъуыстой Сæ ууайы ныхæ стæ Сугътæ. Иу хатт нæ байхъуыстой, фæ лæ загътой:

— Махæ й Царциатæ ницы дарынц æ мæ сæ ныууадзæ м.

Уæ д-иу Сæ ууа сæ рра ис. Дыккаг хатт дæ р сæ куы ардыдта, уæ д та-иу загътой:

— Ныууадзæ м Царциаты, æ нæ уый дæ р сæ нæ фаг исæ м.

Æ ртыккаг хатт дæ р та ахæ м ныхас æ рхаугæ йæ Сугътæ дзырдтой:

— Уæ йгуыты хуызæ н сæ, хъæ лæ кк, ма бакæ нæ м, цынæ ис, дыууæ тæ февварс уæ вгæ йæ махæ н тых дæ р ракæ ндзысты.

Сæ ууа-иу уæ д дзырдта:

— Уæ йгуытæ н мах цы зæ гъæ м, ууыл разы уыдзысты, нæ хæ дæ г та сæ фарс уыдзыстæ м.

Фыдбылыз уыди Сугъты Сæ ууа, фыдбылыз уыди йе ’взаг дæ р, фыдбылызæ й фесæ фтысты Сугътæ дæ р.

Рафæ нд ластой: Царциаты фæ цæ гъдой. Уæ д сæ м нырвыстой:

— Царциатæ, нæ зæ ххыл цæ ут, уæ фæ ндаг махыл у æ мæ нын нæ хион раттут.

Царциатæ дæ р æ нæ рцæ ф уыдысты æ мæ загътой:

— Афтæ дæ р нæ хъыгдарут, фæ лæ ма «нæ хион» цæ мæ й зæ гъут, уый æ ххæ стæ й не ’мбарæ м.

— «Нæ хион» та уый у, æ мæ нын кæ нæ а бæ стæ й фæ цæ ут, кæ нæ та уæ йгуытау нæ дæ лбар ут. Мах уæ здандæ р стæ м æ мæ уæ нæ сæ рмæ кæ й хæ ссæ м, ууыл дæ р хъæ цут.

— Уæ уæ здан уæ хи уæ д, фæ лæ мах дæ р адæ м стæ м, нæ сæ рмæ уæ æ цæ г кæ й хæ ссæ м, ууыл хъæ цут æ мæ уæ фыдмитæ ныууадзут.

Сæ ууайæ н æ хсызгон уыдысты ахæ м ныхæ стæ æ мæ Сугъты ноджы цырындæ р кодта. Æ хсæ в нал зыдта, бон æ нцад нал бадти, артыл хус æ хсидавтæ куыд æ ндзарай, афтæ уыдон куыд цырын судзой, раст афтæ йе ’взагæ й карста æ мæ цырын кодта Сугъты.

Иу бон æ рæ мбырд сты Сугътæ æ мæ загътой:

— Кæ д сæ куынæ г кæ нæ м, уæ д афтæ, цæ мæ й сæ къах атилæ г дæ р мауал уа.

Фæ сидтысты Сугътæ уæ йгуытæ м æ мæ сын зæ гъынц.

— Фарслас уын мах уыдзыстæ м æ мæ нын Царциаты фæ цæ гъдут. Царциаты бæ стæ мах куы фæ уа, уæ д сымахæ н та уæ бар уæ хи уыдзæ ни, цæ рут уæ хи бар, мах уæ нал хъыгдардзыстæ м.

Уæ йгуытæ æ нæ уый дæ р зыгъуыммæ уыдысты æ мæ ноджы фыддæ р фесты. Хæ ст самадтой Царциатимæ. Уæ д Уæ йгуыты хистæ р Беро уыди, уый фæ рсынц Царциатæ:

— Немæ цæ уыл хæ цут, куыннæ уæ хъыгдарæ м Сугътау, фæ лтау нæ м фæ кæ сут æ мæ Сугъты фæ цæ гъдæ м, стæ й сæ сымах дæ р ивæ рст [1] æ мæ мах дæ р.

Беро уæ йгуытæ н зæ гъы:

— Уæ, гормонтæ фæ уат. Мах Сугътæ сæ быны скодтой æ мæ ма нæ хи уыдон тыххæ й Царциатæ н цæ мæ н цæ гъдын кæ нæ м, фæ лтау Царциатæ н баххуыс кæ нæ м æ мæ сæ мах дæ р фервæ зæ м, кæ дмæ сын сæ бынтæ хæ рдзыстæ м.

Уæ йгуытæ сæ хистæ р Беромæ байхъуыстой. Царциатæ сын зæ гъынц:

— Хъæ дтæ фæ кæ нут, цæ гъдгæ сæ самайут, цалынмæ уын зæ гъæ м, уæ дмæ.

Уæ йгуытæ хæ хты хъæ д цæ гъдын байдыдтой, хъæ дласæ н кодтой стыр комæ й, уый тыххæ й ма абон дæ р Хъæ дласæ н [2] хуыйны, цагъдтой йæ, амадтой йæ, ныхас нæ кодтой, афтæ мæ й.

Сугътæ уыдтой æ мæ фæ рсынц Беройы:

— Цæ мæ н уæ хъæ уы уыйбæ рц хъæ д ласын?

Беро зæ ндджын лæ г уыди æ мæ сын зæ гъы:

— Царциаты нын цæ гъдын кæ нут æ мæ сын тыххæ й ницы бакæ ндзыстæ м, фæ лтау сыл хинæ й рацæ удзыстæ м. Сæ хъæ утыл сын суг рæ дзæ гъдтæ скæ ндзыстæ м, арт сыл бафтаудзыстæ м, цæ мæ й сын лидзæ н мауал уа, стæ й сæ басæ ттын у æ нцон.

Нæ бамбæ рстой Беройы хъуыды Сугътæ, ай сын сæ химæ афтæ хъавынц, уый, æ мæ уæ йгуытæ н номы куывд скодтой. Уым фыднуæ зт фæ кодтой, стæ й ныффынæ й сты.

Беро æ мбисæ хсæ вты Царциатæ н фехъусын кодта, афон у, зæ гъгæ.

Уæ йгуытæ хъæ д ластой, Царциатæ та йæ Сугъты хæ дзæ рттыл амадтой. Æ гас Сугъты хъæ уыл авд ивазны хъæ дсуг самадтой, стæ й йыл авдырдыгæ й арт бандзæ рстой.

Хъæ дсуг ныггуыпп ласта æ мæ йæ арт мигътыл амбæ лди. Хуыцау æ мæ зæ дтæ загътой:

— Цыдæ р сыгъды тæ ф цæ уы Сугътæ й, æ мæ цы уыдзæ ни?

Уæ д уыджы рарвыстой æ мæ йын бафæ дзæ хстой:

— Базон нын, цы ’рцыди Сугътыл.

Уыг ратахти æ мби-æ мбисæ хсæ вты æ мæ федта: Сугъты хъæ уыл арт сирвæ зти æ мæ арты хай фесты.

Уыг атахти, Хуыцауы къæ сæ рæ й бауасыди:

— У-у-у!

Хуыцау æ м радзырдта:

— Кæ уинаг дæ сæ р, кæ д цæ уыл кæ уыс, зæ гъ, цы ’рцыди?

— Сугътæ хъæ дсугты зынджы бын фесты æ мæ фæ цагъды сты, змæ лæ г сæ нал ис.

— Уæ дæ Сугъты цагъд баззайæ д сау æ мбисондæ н æ мæ ды та сæ кæ уæ джы хай фæ у, æ ндæ р сыл кæ уæ г нæ й æ мæ æ нæ цæ ссыгæ й мæ рдтæ м куы бацæ уой, уæ д тæ ригъæ ддаг уыдзысты.

Уæ дæ й фæ стæ мæ Сугъты куынæ г баззади æ мбисондæ н: Сугъты цагъды фесты. Уæ дæ й фæ стæ мæ уыг та æ хсæ выгон уасы: у-у-у!

Царциатæ æ мæ уæ йгуытæ фервæ зтысты Сугътæ й, кæ д сæ кæ рæ дзимæ хæ рам уыдысты, уæ ддæ р.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.009 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал