Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Базыг æмæ Æмбазыджы райгуырд






Нагъуы æ руæ ззау ис æ мæ Ахуыйы фырттæ н зæ гъы:

— Уæ хи уал аирхæ фсут, ма мæ м кæ сут, мæ хæ дæ г мæ хицæ н хос кæ ндзынæ н.

Ахуыйы фондз фырты сæ хæ дзæ рттæ м фæ цыдысты. Нагъуы хъæ рзынтæ систа æ мæ катай кæ ны. Уæ д æ м гуыбынæ й йæ гуыринæ гтæ дзурынц:

— Цы хъæ рзыс, исты дын мадгуырдæ й [1] куыннæ райгуырдзыстæ м.

— Уæ дæ куыд гуырдзыстут? — фæ рсы сæ Нагъуы.

— Нæ хи куыд фæ нда, афтæ.

Нагъуыйы гуыбыны дыууæ гуыринаджы хыл кæ нынц. Сæ иу зæ гъы:

— Æ з хъуамæ раздæ р райгуырон.

Иннæ зæ гъы:

— Нæ, æ з хъуамæ райгуырон раздæ р.

Нал фидыдтой. Уæ д та сæ м Нагъуы дзуры:

— Ныр кæ дмæ афтæ хыл кæ ндзыстут æ мæ мæ тухæ нæ й мардзыстут. Кæ й уæ кæ цæ й фæ нды, уырдыгæ й рахизæ д æ мæ уæ фервæ зон.

Гуыринæ гтæ й иу базыджы бынмæ сбырыди, уырдыгæ й йæ сæ р радардта æ мæ зæ гъы:

— Уæ, мæ нæ дуне цы рухс у, æ з та талынджы хъуырдухæ н кодтон!

Рахызт базыджы бынæ й æ мæ йæ Нагъуы уый тыххæ й схуыдта Базыг. Уæ д иннæ гуырд дæ р йæ сæ р базыджы бынæ й радардта æ мæ дзуры:

— Уæ ххай, ай дуне æ цæ г рухс куы у, уæ д талынджы цы бадтæ н.

Рахызти уый дæ р базыджы бынæ й. Нагъуы уый та схуыдта Æ мбазыг. Царциатыл айхъуысти, хæ рæ фырттæ сын кæ й райгуырди, уый.

Нагъуыйæ н арфæ гæ нæ г систы æ мæ цин кодтой.

Сау хохы гуымир царди, уый Царциатæ м æ рæ рвыста:

— Гуырдтæ цæ ринаг уæ нт, фæ лæ мын Нагъуыйы усæ н куы раттиккат, уæ д уын уæ хæ рæ фыртты дæ р схæ сдзынæ н.

Царциатæ не сразы сты. Гуымир мæ сты кодта. Йæ цæ стытæ къуай [2] уыдысты, сфæ нд кодта Нагъуыйы аскъæ фын. Царциатæ йæ æ мбæ рстой æ мæ Нагъуыйæ н зæ гъынц:

— Сау хохы гуымир дæ у нæ ныууаддзæ ни æ мæ цы бакæ нæ м, мах балцы куы фæ цæ уæ м, уæ д.

— Ма мын тæ рсут, фæ лæ цæ ут балцы.

Царциатæ балцы фæ цыдысты. Сау гуымир хабар базыдта æ мæ фыдбылызы ус Маммимæ фæ зыны, бадзырдта йæ м:

— Уæ, мæ мады хай, Мамми, баххуыс мын кæ н Нагъуыйы аскъæ фын.

— Уæ, дæ мад дæ хурæ й бафсæ да, кæ цы дæ?

— Сау хохы гуымир бæ ргæ дæ н.

— Нагъуыйы расайдзынæ н, — зæ гъы Мамми, — æ мæ йæ аскъæ ф.

Мамми Нагъуыйы дуæ рттыл базылди, дзуры: «Пыф-пыф, ам аллон-биллоны тæ ф куы цæ уы, уæ д дзы Царциатæ куыд фæ разынц?»

Нагъуы йæ размæ рауади æ мæ йемæ ныхасыл схæ цыди. Гуымир йæ хи Нагъуыйыл ныццавта æ мæ йæ аскъæ фта.

Фарнæ джы фырттæ й сæ иу Лока уыд магуса лæ г, фæ лæ тыхы бикъ. Уый хабар фембæ рста. Базыг æ мæ Æ мбазыджы йæ химæ акодта. Æ рмахуыр бирæ гъ æ м уыдис æ мæ йын Лока зæ гъы:

— Цалынмæ дын æ з зæ гъон, уæ дмæ адонæ н дæ дзидзитæ дар, кæ ннод дæ амардзынæ н æ д лæ ппынтæ.

Бирæ гъ йæ лæ ппынтæ н тарсти æ мæ дыууæ лæ ппуйæ н дзидзи дардта.

Иу изæ р Царциатæ æ рыздæ хтысты. Нал арынц Нагъуыйы, нал йæ фыртты. Фæ цагуырдтой сæ, фæ лæ ницы ссардтой æ мæ катай кæ нынц. Лока сын зæ гъы:

— Сымах уыдон не ссардзыстут, макуыдæ муал ацæ ут, исчи та уын тых бакæ ндзæ ни, фæ лтау мæ н ауадзут. Мæ нæ н ус нæ й, сывæ ллæ ттæ дæ р нæ й, кæ д сæ æ з ссарин.

Фарнæ г зæ гъы:

— Ауадзæ м-ма йæ, кæ ддæ р ын йæ тых æ взæ рстон, кæ д исты саразид.

— Ацæ уæ д, — зæ гъынц Царциатæ, — кæ д исты ссара, уæ д ын ратдзыстæ м нæ фыдыхойы усæ н.

Араст и Лока бæ хыл Нагъуыйы агурæ г. Гуымир зæ дæ [? ] æ мбалы ракодта æ мæ сын зæ гъы:

— Нагъуыйы раскъæ фтон æ мæ мын нæ разы кæ ны. Багъдайы [3] ауындзæ нмæ йæ фæ кæ нæ м, уый мæ лæ тæ й фæ тæ рсдзæ ни æ мæ мын кæ д сразы уаид. Кæ ннод Царциатæ цъиувæ дисонæ й куы рацæ уой, уæ д нæ фæ цæ гъддзысты.

Гуымир æ мæ йе ’мбæ лттæ Нагъуыйы Багъдайы ауындзæ нмæ кæ нынц. Уæ д Лока иу хъæ угæ ронмæ бахæ ццæ ис. Кæ сы: иу ус дон фæ хæ ссы къуыстилы, æ рдæ гвæ ндагыл æ й акалдта æ мæ зæ гъы:

— Ус фæ лмæ н буар, у бæ мбæ джы пух, лæ гджы асайы, уымæ н æ м кæ нынц лæ гтæ афтæ дугъ. Æ мæ уый чи аразы, уый фæ лдыст уæ д.

Раздæ хти ус, йæ къуыстил та байдзаг кодта æ мæ рацæ уы. Æ рдæ гвæ ндагыл та йæ акалы æ мæ зæ гъы:

— Ус цæ стынгасæ й ласы хирдæ м, лæ гыл ацахуыр, уæ д æ рхуысдзæ ни раст йæ дæ лфæ дтæ м. Æ мæ уый чи аразы, уый дæ р фæ лдыст уæ д.

Æ ртыккаг хатт дæ р та уыцы ус раздæ хы йæ къуыстилимæ, байдзаг æ й кæ ны донæ й, фæ лæ та йæ æ рдæ гвæ ндагыл акалы æ мæ зæ гъы:

— Ус дыргъы бæ лас, уый — йæ миниуæ г, уымæ й равзæ рынц адджын хъæ бултæ, царды дидинæ г. Æ мæ йæ хъæ булты чи ныууадзы, уый дæ р фæ лдыст уæ д.

Лока йæ м нал фæ лæ ууыд æ мæ йæ фæ рсы:

— Цы кæ ныс, ацы ус, дæ ныхæ стæ м хъуыстон æ мæ мæ зæ рдæ йыл арф æ мбæ лдысты.

Ус зæ гъы:

— Сылгоймаг æ лгъыст у æ вдиуæ й, сывæ ллонджын ус ма искæ й фæ стæ куы ацæ уа, уæ д уый йæ сывæ ллæ тты тæ ригъæ ды цæ уы. Ам иу усы гуымиртæ фæ кæ нынц Багъдайы ауындзæ нмæ, афтæ мæ й та сывæ ллонджын у, æ лгъитгæ дæ р æ й уымæ н кæ нын.

— Бахатыр кæ н, хорз ус, — зæ гъы Лока, — махмæ дæ р ахæ м ми æ рцыди, уæ вгæ уым сылгоймаджы тыхыскъæ фт фæ чынди æ мæ уый агурæ г цæ уын. Чердæ м цыдысты гуымиртæ?

— Хурыскæ сæ ны ’рдæ м.

Лока усæ н бузныг загъта æ мæ хурыскæ сæ ны ’рдæ м фæ раст и. Цæ уы, фæ лæ хъуыдытæ дæ р кæ ны: кæ д, мыййаг, бирæ сты, уæ д сын иунæ гæ й цы бакæ ндзæ ни. Кæ сы, иу ран гуымиртæ улæ фыдысты, æ хсæ вæ р хордтой. Хæ ринагæ й Нагъуыйы былтæ сæ рдгæ кодтой, хæ ргæ та йæ сæ хæ дæ г кодтой. Фæ схæ рд æ рулæ фыдысты, афынæ й сты. Нагъуы Локайы ауыны, сабыр æ м дзуры:

— Хъус-ма, Лока! Мæ н кæ нынц Багъдайы ауындзæ нмæ. Аздæ х фæ стæ мæ, Царциатæ м мæ дыууæ фырты, уыдонæ н дыджыкæ [4] ссарут, уæ д байрæ здзысты цырд æ мæ сæ рарвитут тагъддæ р, кæ ннод монг [5] мард акæ ндзынæ н. Кæ д æ гас баззайон, уæ д нæ цард сиу кæ ндзыстæ м. Ныр цæ угæ, цалынмæ нæ райхъал сты.

Лока йæ бæ хыл абадти æ мæ фездæ хти. Æ рцыди Царциатæ м æ мæ радзырдта, цы федта, уый. Царциатæ ныккатай кодтой æ мæ зæ гъынц:

— Ныр кæ м ссарæ м дыджыкæ усы?

— Мæ мадмæ æ рвылкъуыри æ хсыр æ рцæ уы, — зæ гъы Лока, уымæ й сæ схæ ссæ м.

Царциатæ сразы сты. Лока, Базыг æ мæ Æ мбазыджы ракодта цардбæ ллон хуызы, йæ мады æ хсыр сын дардта. Базыг зæ гъы:

— Оххай, куыд адджын дæ, мады æ хсыр, сырды æ хсыр æ ндæ р ад кæ ны.

Æ мбазыг дæ р зæ гъы:

— Оххай, цæ й тайн [? ] дæ, мады æ хсыр, тых æ мæ ныфс куы дæ ттыс, уæ д цæ мæ н дадтон сырды æ хсыр.

Царциатæ бамбæ рстой, Лока сын бирæ гъы æ хсыр дардта, уый. Фæ бузныг дзы сты. Къуыри рацыди æ мæ дыууæ æ фсымæ ры хæ стхъом систы. Лока сæ м дзуры:

— Ныр цомут мемæ уæ мады агурæ г.

Араст сты æ ртæ йæ, Лока æ мæ дыууæ лæ ппуйы. Бирæ фæ цыдысты Багъдайы ’рдæ м. Гуымириты бынаты онг æ рхæ ццæ сты, фæ лæ сæ уым ничиуал уыди, æ рмæ ст ма æ ртсыгътæ [6] фæ здæ г калдтой. Лока лæ ппутæ н зæ гъы:

— Гуымиртæ æ рæ джы дæ р ма ам уыдысты, сæ æ ртсыгътæ нырма фæ здæ г калынц, фæ лæ ам фæ ндаг дыдихæ й [7] цæ уы. Кæ цыйыл ацæ уæ м?

Лæ ппутæ зæ гъынц:

— Ды фæ лтæ рд дæ, Лока. Мах нырма емылыччытæ стæ м, цæ уæ нтæ хуыздæ р зоныс. Ды иу фæ ндагыл ацу, мах иннæ уыл. Гуымириты чи фена, уый-иу фатфæ дисон рарвитæ д.

Лока иу фæ ндагыл араст и, лæ ппутæ дыккаг фæ ндагыл. Цæ уынц æ мæ Лока ауыны гуымириты. Йæ фат фехста лæ ппутæ м æ мæ сæ тæ ккæ раз сæ мбæ лди. Лæ ппутæ фездæ хынц æ мæ Локайы фæ стæ фæ цæ уынц, æ рбаййæ фтой йæ. Гуымиритæ Багъдайы ауындзæ ны онг бахæ ццæ сты. Уым уыди цад, Нагъуы сæ м дзуры:

— О, мæ тæ ригъæ д фæ хæ ссат, гуымиритæ. Мæ рдтæ м мæ куы ’рвитут, уæ д мæ гаппар [8] змæ стæ й куыд ныгæ ндзыстут? Чысыл мæ хи доны сæ хсон.

Гуымиритæ сразы сты. Нагъуы йæ дарæ с фелвасы, йæ буар цæ хæ ртæ скалы, йæ риукъуыбыртæ й хуртæ æ мæ мæ йтæ кæ сынц. Гуымири йæ м фæ комкоммæ ис æ мæ фæ уадзыг и, иннæ тæ дæ р хæ лиудзыхæ й аззадысты æ мæ сын сæ дзыхты бындзытæ гуыз-гуыз кодтой.

Лока æ мæ дыууæ лæ ппуйы дæ р феввахс сты. Нагъуы сæ ауыдта æ мæ зæ гъы:

— Уæ ууау, ай мæ гомæ й куы феной, уæ д цы зæ гъдзысты, сæ зæ рдæ мæ м фехсайдзæ н.

Нагъуы йæ дарæ с акодта, гуымири æ мæ йе ’мбæ лттæ дæ р æ рчъицыдтой. Гуымири дзуры Нагъуымæ:

— Дæ удæ гас мын цы ракодта, уый мын дæ мард нæ ракодтаид, уымæ н фæ дзурынц афтæ: «Сылы чи уарзы, уый у æ лгъыстаг. Куы йæ бафæ нда, фæ кæ ндзæ ни дæ у бынтон фыдвæ ндаг».

Нагъуы дæ р зæ гъы:

— Сылы дæ р лæ г хъæ уы. Алы лæ г лæ г нæ у. Дæ уæ й цæ й лæ г ис, айонг мæ æ ркодтай æ мæ мын дæ бон ницы саразын баци, мæ нгæ й нæ акæ нынц: «Лæ г сылы ’взагæ й фыдбылыз тауы, æ мæ æ ргомæ й адæ мы уæ лдай ингæ нмæ хауы». Ныр дæ хæ дæ г дæ р ингæ нмæ хаудзынæ, æ нæ сæ рæ н куы дæ. Цæ й хæ цæ г лæ г дæ, тæ рсгæ чи кæ ны, бахъуыды сахат æ цæ г адæ ймаг мæ лгæ фæ кæ ны.

Уыцы ныхæ стæ м гуымири фæ хъæ р кæ ны йе ’мбæ лттæ м:

— Æ рцауындзут æ й!

Гуымиритæ Нагъуыйыл куыд ныххæ цыдысты, афтæ сæ Лока æ мæ дыууæ лæ ппуйы æ ртæ рдыгæ й ныццавтой, цæ гъдынтæ сæ систой æ мæ бабын сты. Къуай гуымиры æ рцахстой æ мæ рацыдысты. Царциатæ м æ рцыдысты æ мæ сыл фæ цин кодтой. Царциатæ Нагъуыйы Локайæ н усæ н радтой, Базыг æ мæ Æ мбазыджы та семæ æ рцæ рын кодтой. Лока къуай гуымирийæ н лазæ г [9] сарæ зта, уым æ й сифтыгъта æ мæ дзы суг ласта. Иу сугласæ ны гуымири йæ хи былæ й аппæ рста æ мæ ныммарди. Уыйадыл гумиритæ Царциатæ м хæ рам хастой.

VI. ЦАРЦИАТЫ ЗНÆ ГТÆ


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.01 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал