Главная страница Случайная страница КАТЕГОРИИ: АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника |
Хъæлæджы мард
Царциаты Хъæ лæ г стæ ры уыди. Ницы зыдта æ мæ Царциатæ м рацæ йцыди. Йæ размæ гуымиртæ й авдæ й февзæ рдысты. Æ рцахстой Хъæ лæ джы, æ ркодтой йæ сæ куырдадзмæ æ мæ загътой: — Царциатæ ныл хæ дзарæ н хъан куыннæ радтой, уæ д дын дæ сæ р лыг кæ нæ м. Хъæ лæ г зæ гъы: — Царциатæ хъан хæ сджын никæ мæ н сты. Хъæ лæ джы райдыдтой кардæ й цæ вын, фæ лæ дзы æ рду дæ р нæ алыг ис. Гуымиртæ къулбадæ г усы бафарстой: — Хъæ лæ джы марæ м æ мæ йыл нæ тых кæ нæ м, авд галы дын дæ ттæ м æ мæ нын йæ амарынæ н исты бацамон. Къулбадæ г ус авд галы лæ варæ н райста, ронг скодта, стæ й дзы хины хос ауагъта æ мæ зæ гъы гуымиртæ н: — Дойны йын куы уа, уæ д-иу ын ацы хины ронг бадарут. Гуымиртæ Хъæ лæ гæ н цæ хджын хæ ринаг бадардтой. Хъæ лæ г фæ ддойны ссис æ мæ йын хины ронг бадардтой. Хъæ лæ г тарф фынæ й бацис, стæ й сын къулбадæ г ус зæ гъы: — Гъеныр уæ цыргъæ гты сырхзынг скæ нут æ мæ йын æ й йе ’ргæ вдæ ныл сæ вæ рут, уый фæ д ныууадздзæ ни, стæ й йын гъе уыцы фæ дыл цыргъаг ауадзут, æ ндæ р ын мæ лæ т ницæ мæ й ис. Гуымиртæ афтæ сарæ зтой. Ралыг кодтой Хъæ лæ джы сæ ры æ мæ йæ фехстой Царциатæ м. Йæ гуыры та йын куырдадзы хъæ сдарæ джы хæ д бынмæ баныгæ дтой. Хъæ лæ джы сæ р атахти æ мæ Царциаты ныхасы сæ мбæ лди. Царциатæ æ ркастысты æ мæ загътой: — Ай Хъæ лæ джы сæ ры куыдыры хуызæ н у. Суа загъта: — Ауыл хинæ й рацыдысты, фæ лæ йæ марæ г чи уыдзæ ни, уый та базонын хъæ уы. Царциатæ Суайы ныхасыл ницы уæ лдай загътой, фæ лæ агурынтæ систой. Суа иу райсомраджы фат хурыскæ сæ нмæ фехста хуры скастмæ æ мæ загъта: — Хурты хурзæ рин, кæ д мæ истæ мæ н скодтай, уæ д ме ’фсымæ р Хъæ лæ г кæ м амарди, уым мæ фат цъæ х арт суадзæ д. Фат атахти, гуымирты куырдадзы сæ рыл сæ мбæ лди æ мæ цъæ х арт суагъта. Царциатæ н гæ сæ н уыди, Суа уырдыгæ й касти, бамбæ рста гуымиры куырдадзы кæ й æ рцыди Хъæ лæ джы мард, уый. Суа хъомгæ сы дарæ с скодта æ мæ араст и куырдадзмæ. Авд гуымиры хъæ сдарæ гыл куыстой æ мæ иу фæ йнæ цæ фы хъæ сдарæ гыл куы ’ркодтой, уæ д загътой: — Авд дæ лдзæ хы ныххау, Хъæ лæ г. Хъомгæ с гуымиртæ м бадзырдта: — Фæ рнæ й кусат. — Фæ рнæ йдзаг у, хъомгæ с, кæ дæ м уайыс? — Мæ хъомтæ хурæ рцæ вæ н хохыл фæ уагътон, æ мæ мын иу туас ацаразут, мæ фадбæ рцытæ й фæ сæ лттæ зынынц. Гуымиртæ н Суа радта туасаг. Туасаг уыди зындзæ гъдæ н. Уæ д сæ м Суа ногæ й дзуры: — Иу туас сæ фт у, авд туасы мын дзы саразут. Гуымиртæ не ’мбæ рстой Суайы сусæ г ми. Тыхамæ лттæ й йын авд туасы сарæ зтой æ мæ хъæ сдарæ гмæ дзырдтой алы туасы сарæ зты фæ стæ: — Авд дæ лдзæ хмæ ныххау, Хъæ лæ г, кæ д куыд хъæ бæ р туасаг дæ. Радтой йæ м авд туасы. Суа та сæ фæ рсы: — Туастæ бæ ргæ хорз сарæ зтат, фæ лæ мын сæ фæ лдисгæ та цавæ р Хъæ лæ гæ н ныккодтат? Гуымиртæ зæ гъынц: — Царциатæ й иу дзæ гъæ л хæ рæ г уыдис æ мæ йын йæ сæ р акъуырдтам, йæ гуыры та йын хъæ сдарæ джы бын бакодтам æ мæ нын уæ ддæ р зын кæ ны, цалынмæ йæ нæ ныффæ лдисæ м, уæ дмæ. Суа сын бузныг загъта, рахызти æ ддæ мæ куырдадзæ й, авд фаты бырынкъыл дæ р туастæ басагъта æ мæ сæ м баздæ хти. Дзуры сæ м: — Гумиртæ, раст слæ уут, зæ ндтæ уын бацамонон. Уыдон ныххудтысты. Дыккаг хатт та сæ м дзуры: — Слæ уут раст, гумиртæ. Фыддæ р ныххудтысты. Суайæ н йæ маст рахсысти. Йæ хъомгæ сы дарæ с феппæ рста æ мæ зæ гъы: — Гъеныр дæ р нæ кæ сут коммæ? Гуымиртæ кæ рæ дзимæ бакастысты æ мæ загътой: — Ай Суа куы у. — Суа дæ н, мæ мад, мæ фыдыстæ н. Фæ ттæ сыл суагъта æ мæ гуымиртæ дзыхъмард фесты. Суа сын сæ къубæ лтты слыгтæ кодта. Хъæ сдарæ джы бынæ й систа йе ’фсымæ р Хъæ лæ джы гуыры æ мæ гуымирты гуырты уым ныппæ рста. Стæ й рацыди Царциатæ м. Царциатæ Хъæ лæ джы марды бавæ рдтой кадимæ. Суа дыккаг бон гуымирты сæ рты фехста гуымирты сыхмæ фæ тты фындзтыл. Гуымиртæ куывды бадтысты æ мæ авд сæ ры дæ р хистæ рты разы сæ мбæ лдысты. Гуымиртæ зæ гъынц: — Ай нæ авд куы бабын ис. Базыдтой сæ марæ джы æ мæ Царциатимæ хæ ст бацайдагъ и. Царциатæ сæ æ мбис фæ кодтой. Гуымиртæ н гæ нæ н нал уыди æ мæ ма сæ чи баззадис, уыдон сæ сæ р кæ дæ мдæ р фесæ фтой. Сæ бæ стæ та баззадис Царциатæ н.
|