Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рæсугъд бæллиц






Фæ цæ уын уынджы сабыргай

Тындзы та

Дæ умæ мæ хъуыды,

Калы риу тыфылтæ.

Сæ ууон уæ лдæ фы,

Урс мыдыбындзытау,

Тæ хынтæ систой

Рог миты тъыфылтæ.

Мæ цинтæ та

Мæ дзырдты разæ й фесты

Æ мæ мæ м сидынц:

«Исты зæ гъ уæ д та йын...»

Зæ гъын:

«Фæ нды мæ миты тъыфыл фестын,

Дæ цæ сты хауыл

Абадын, æ ртайын...»

***

Нынныгуылд хур.

Æ рвгæ рон у сæ нт сырх.

Мæ нæ й йе ‘хсæ н —

Бæ рз бæ лæ стæ — рæ нхъ пырх,

Кæ сын сæ м

Æ мæ хатын:

Цыма гуырвидыц

Хъал ирон чызджытæ

Сæ къабатыл

Сæ пылыстæ г уæ рджытæ м

Хæ цынц æ мæ

Лæ ууынц сыгъзæ рин цады.

***

Уарзты зæ дау рог æ ртахтæ,

Азæ лыд дæ худын.

Цымæ, ‘взист хъуытæ зтæ цæ гъдгæ,

Бацыдтæ мæ уды.

Индийаг киноныв «Ног Дели»-йы кафаг чызг Виджентималайæ н

Уарзты бардуаг, индийаг рæ сугъд чызг,

Ахсæ в бонмæ уайдзынæ мæ цæ стыл:

Мигъдзæ ссыгау дидинæ джы къусчы,

Мидбылхудгæ, нымд æ мæ къæ мдзæ стыг.

 

Ахсæ в фыны Индимæ цæ удзынæ н,

Бацæ удзæ н дæ уарзты хуызы ме ‘ндæ рг.

Ды зæ ды дзæ нхъа цыртæ й лæ удзынæ,

Царды зынг дæ ссудздзæ ни мæ фендæ й.

 

Алфæ мблай ныррухс уыдзæ н дæ кафтæ й, —

Тары цыма уый, цырагъау, сысты.

Де ‘лвæ ст астæ у афтæ тасдзæ н, афтæ, —

Кобрæ тæ дæ м, хингондау, кæ сдзысты.

 

Де ‘рыгон пылыстæ г буары ферттывд

Зæ рдæ тæ м алдзæ н тынтæ ныддардзæ н;

Мæ нæ цыма хуры чызджы йе ‘ртты

Рахæ ссы, тæ мæ нтæ калгæ, уалдзæ г.

 

Кафыс, æ мæ бакæ ныс дæ уацар

Индийы тызмæ г паддзах — ыстайы;

Кафыс, æ мæ сау марджы фыдазар

Кобрæ йы зыд цæ стыты дæ р тайы;

 

Кафыс, æ мæ цин мæ туджы бацыд,

Фæ лæ ризы сусæ г тас мæ уды:

Де ‘рвон уæ нгтæ й ма фæ рисса мацы, —

Авгфæ рдыг дæ, — диссаг нæ у фæ цудын.

 

Гауызмæ дæ уæ рджытыл куыд хауыс, —

Байтындз мын дæ къæ хты бын мæ зæ рдæ!

Уый фæ лмæ нæ н никуы фенди гауыз, —

Тайдзынæ йæ уарзæ гой узæ лдæ й...

1963 аз


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.006 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал