Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Зæрæхсиды сагъæс






Нартыхты Михалы эпитафи

Æ мæ баизæ р мæ нæ мæ бон

Хур мæ сæ рмæ, сырхбазыр цæ ргæ сау, фæ тахт,

Ныр æ рхауд,

Æ мæ сахуырст йæ сау тугæ й урс цъити.

 

Æ з ныффæ лдæ хтæ н нæ ууыл дæ лгоммæ

Æ мæ зæ ххы кæ рдæ ггъуыз фæ лмæ н дзыкку

Мæ фæ лурс æ нгуылдзтæ й фасын.

Диссаг: куыд хъарм у, куыд æ хцон у мæ р!

Мæ нæ раргом мæ цæ сты раз ног сусæ г:

Сыджыт ме ‘муд у, ме ‘мыстæ г, ме ‘мтуг.

 

Цард, цæ виттон сывæ ллæ тты хъазт уыд, —

Æ з нæ бабыхстон галиу, хæ рам митæ н,

Æ мæ ралыгъдтæ н хъазтæ й тæ ргайæ,

Æ мæ ралыгъдтæ н хъазтæ й фæ лладæ й,

Зæ хмæ, Гыццийы хъæ бысау, æ руагътон мæ сæ р...

Судзынц нæ ууыл дыдзы хуры ‘ртæ хтæ,

Хуры сау туг ысцæ м и мæ быны.

 

Æ рдз — чысайнаг цъындайау — кæ ркæ -мæ ркæ —

Фæ стаг пæ р-пæ р кæ ны мæ цæ стыты,

Æ мæ баизæ р мæ нæ мæ бон...

Æ мæ баизæ р мæ нæ мæ бон...

***

Æ гъуыстаг уæ рджытæ,

Уæ къаннæ г, уæ уæ здан хъамбултыл

Уардидон æ мхæ ццæ

Неон рухс ивылы.

Уæ чысыл дзыхъхъыты

Æ ррагæ нæ г монцы

Тыфыл уылæ н зилы.

Æ нæ къæ м уæ рджытæ,

Æ нæ нысан урс уæ рыччытæ,

Нæ фæ хауди, диссаг, йæ зæ рдæ фæ рчытæ, —

Кæ й разы æ рзоныгуыл кодтат фыццаг,

Муртаттаг хуыцауау,

Кæ й уарзтмæ куывтат!

Æ нувыд, æ нæ хин уæ рджытæ,

Куыд нæ сыста мæ рдтæ й, уæ вджедæ р, —

Кæ й ингæ ны судзгæ сыджытæ н

Уæ зоныг фæ стаг пъа кæ на!

Зонын: ахæ м тæ худиаг мæ лæ тæ й

Æ нæ хай дæ н æ з!

Зæ рдæ скъæ ф, кæ лæ нгæ нæ г уæ рджытæ,

Кæ сын уæ м нæ фæ ччы.

Фæ лæ ме ‘гъуыссæ г æ хсæ вты,

Цыкурайы фæ рдгуытау,

Цыренæ й судзут.

***

Ацыдтæ ‘мæ уалдзæ г демæ ахастай,

Ацыдтæ ‘мæ а дуне дæ фæ стæ

Сагъæ с ахæ м ахорæ нтæ й сахуырста, —

Нал æ рттивы ницыуал мæ цæ стæ н.

 

Хуры тынтæ уазал, бур хъæ мпы хæ лттау,

Баззадысты ‘нкъард нæ зыты хихтыл;

Хъарæ ггæ нæ г устытау, æ рыхæ ддтой

Цадæ ггай сæ чырс дзыккутæ мигътæ;

 

Дидиндоны ‘рмынæ г ысты уардитæ,

Исчи сыл цырæ гътау цыма ‘рхæ цыд:

Катайы мыл барæ й цыма сардыди, —

Калмау тæ ккæ зæ рдæ сæ р фæ хæ цыд...

 

Ацыдтæ ‘мæ хъæ ддзæ г цины судзгæ тын

Ахуыссыд, æ рзымæ г и мæ уды.

Афонмæ дæ тæ хгæ боны рудзгуыты

Дард кæ мдæ р мæ уалдзæ джы хай худы.

 

Дард кæ мдæ р пæ р-пæ р кæ ны мæ дудгæ цин,

Ам та мæ нæ ме ‘рхуым сагъæ с ризы:

Уый дæ фæ ндаг у мæ уды тугдадзин, —

Цас ивæ зы, уыйбæ рц тынгдæ р риссы.

***

Мæ н сурмæ раппæ рстай кæ сагау,

Цæ гъдын мæ тыбыртæ дæ разы;

Чысыл мæ схуыст дзырдæ й фæ цагай, —

Мæ рыст цард абады тæ разыл.

 

Фæ худт мæ м рухс амонд æ фсоны;

Цы ‘мбæ рстон — марг уыдис, æ вдадз уыд —

Мæ туг, мæ дадзинты, — нæ зонын, —

Дæ уарзт дыз-дызгæ нгæ куыд ацыд.

 

Хъуыди мæ хай дæ маст, дæ зынæ й,

Дæ чысыл цинæ й мæ нæ хъуыдис.

Æ нус дæ цæ стытæ м кæ сынæ й

Мæ удæ н бафсæ дæ н нæ уыдис.

 

Фæ лæ сæ рæ сугæ й, сæ гуытау,

Уæ ууай, нæ басастон мæ дойны:

Ныккалд мыл де ‘рдынæ г æ рфгуытæ й

Хъысмæ ты карз азар æ мбойны.

 

Хæ рзæ нхъæ л амондмæ нæ кæ сын, —

Мæ ныфс хæ къуырцгæ нгæ ныгæ нын:

Цъæ х арв куы рахæ та цæ ргæ сыл,

Уæ д ма йæ базыртæ й цы кæ ны?!

27—28.03.1970

***

Кæ м дæ, мæ цъæ хдзаст донычызг,

Цы денджызы, цы сурыл?

Æ рвгъуыз атагъа — доны хыз

Кæ м æ мбæ хсы дæ сурæ т?

 

Дæ сау дзыкку кæ м æ нхъæ взы

Дæ урс хъуырыл уылæ нтæ й?

Дæ тасгæ гуыр фæ лмæ н хъæ зыл

Кæ м æ фтауы кæ лæ нтæ?

 

Бонсауизæ рмæ хурзæ рин

Кæ м райгæ хъаздзæ н демæ!

Æ хсæ в дæ м мæ й кæ м худдзæ ни

Йæ цæ лхыдзаг цыренæ й?

 

Кæ м агурон дæ бахудтæ н

Йæ рæ вдаугæ фæ лмæ н тын?

Мæ цæ сты хаутæ й бахуыд дæ н

Дæ фæ ндаджы хъæ бæ ртыл.

 

Кæ м дæ, мæ цъæ хдзаст донычызг,

Цы денджызы, цы сурыл?

Æ рвгъуыз атагъа — доны хыз

Кæ м æ мбæ хсы дæ сурæ т?

07.1969—1970

***

Уыцы бон сæ нæ фсиртæ тыдтон,

Уыцы бон мæ зæ рдæ йы куыдтон.

Сæ нæ фсиры гагатæ тылдысты, —

Уый мæ цæ сты гагуытæ уыдысты;

 

Сау нæ мгуытау сау зæ ххы ныхстысты,

Арвæ й хаугæ стъалытау рыстысты...

Уыцы бон сæ нæ фсиртæ тыдтон,

Уыцы бон мæ зæ рдæ йы куыдтон.

 

Зæ ххы пул мыл калди, зæ хх ыссымаг,

Уый дымдта мæ зæ рдæ йы хъызт зымæ г.

Сау халæ ттæ тахтысты мæ сæ рмæ,

Хъуыстон сын сæ базырты сæ р-сæ рмæ.

 

Арвы цъæ х сæ сау базыртыл хастой,

Хастой æ мæ зæ рдæ йы дуар хостой.

Арвы цъæ х ныскъуыдтæ æ мæ нал уыд,

Арвы туг сæ базырты ‘хсæ н хъарыд,

 

Æ мæ зæ ххыл сау къадатæ й уарыд,

Æ мæ дуне доны хъазау зарыд.

Уыцы бон сæ нæ фсиртæ тыдтон,

Уыцы бон мæ зæ рдæ йы куыдтон.

12.10.1969

***

Уыцы бон, сæ нæ фсирау, цупалгай

Рухс-рухсид ыстъалытæ тыдтон:

Арвы цъæ хы ‘взист бæ лæ ттæ балгай

Фырцинæ й хæ къуырцгæ нгæ куыдтой.

 

Сау халонау нал тахт хур мæ сæ рмæ, —

Хъуыстон зæ ды базырты сæ р-сæ рмæ.

 

Хъуыстон æ мæ дуне цардыл зарыд,

Мигътæ й хур, сыгъзæ рин донау, хъарыд.

 

Æ мæ зноны арвы цъæ хы скъуыдтæ

Бæ лæ ттæ сæ базыртæ й æ мпъызтой.

Мигъыл хур йæ зæ рин къах ыскъуырдта:

Нал ныгуылд, мæ тæ ккæ сæ рмæ бандзыг;

Хуры тынтыл сау мигъы пыскъуылтæ

Халоны æ дых базыртау — ауындзæ г.

 

Æ мæ сау зæ хх буды хæ рздæ ф кодта,

Æ мæ никуы дидинæ г нæ куыдта.

 

Калмау тыхст æ рмæ ст фæ смон мæ удыл:

«Худинаг уыд сæ рсæ фæ нмæ цудын;

Худинаг уыд зæ ды цъæ хахст хъусын,

Тасы стъæ лфæ н ауынын йæ рустыл...»

 

Æ з цыдтæ н бæ рзонд хæ хтыл Амранау,

Тасыдысты ‘ндон хæ хтæ мæ быны,

Цыма скъæ фта космикон æ рра нау

Мæ н мæ дард планетæ мæ мæ фыны;

Дунейы ныхдуртæ, цыма, тасæ й

Алырдæ м фæ лыгъдысты мæ разæ й...

 

Уыцы бон ысчынд мæ удæ н хинтæ:

Стъалытæ сæ нæ фсирау, тыдтон,

Арвы цъæ хы ме стъалыдзаст цинтæ

Уалдзæ гау хæ къуырцгæ нгæ куыдтой.

14.10.1969

***

Ахсæ в зæ рдæ афтæ райы,

Цæ й, куыд зæ гъон — «хъалы дæ н!»

Уый нæ рустыл мит нæ тайы, —

Арвæ й хауы стъалытæ.

 

Дымгæ здухы ‘взист уылæ нтæ

Горæ ты неон фæ зы,

Урс къабайы слæ ууыд уæ ртæ

Уайсадæ г чындздзон нæ зы.

 

Афтæ удæ н адджын уарзтæ й

Йемыдзаг у ацы ‘хсæ в,

Ис зæ рдæ вæ ндон æ вастæ й

Алкæ уыл дæ р атыхсæ н.

***

Уæ лдæ ф — хъарм дæ хъæ лдзæ г худтæ й,

Рухс — дæ цæ стытæ й мæ цин.

Æ з зæ рин цæ гъдын мæ удæ й,

Ахæ м амонд мæ фæ ци.

 

Сау чысыл æ хсæ в дæ дзыкку —

Афтæ ‘хцон зæ у-зæ у кæ ны!

Ехх, цы ‘рдаг уысм дæ, — фæ лыг у,

Науæ д фырцинæ й мæ лын!

8.02.1971

***

Æ з цæ уын, мæ тæ вд цæ сгомыл къæ вда

Ихуазал уæ ззау цæ ссыгтæ й уары.

Ку мыл, арв, ды мæ уæ ддæ р æ ррæ вдау,

Бастадтæ н куырмæ й хитгæ мæ йдары.

Æ з цæ уын, ыстъалытау ызгъæ лынц

Лакъон цадмæ урс æ взист æ ртæ хтæ.

Уый æ взист сæ ме ‘рра зонд æ гъгъæ лы,

Рахуыдтон сæ стъалыты ‘нгæ с уæ гъды! —

Лакъон доны стъалынгæ с æ ртæ хтæ

Ферттивынц хъæ стæ калмы цæ стытау.

Кувæ ндæ тты нал судзынц цырæ гътæ,

Ихæ гъдæ утгæ й зæ рдæ тæ бæ стытæ.

Ды, мæ цин, цы рухс бæ рзæ ндтæ м тахтæ,

Уым сæ уд гæ ххæ тт дидинтæ м тавынц.

Арвы цъæ хæ й расхъиуæ г æ ртæ хтæ

Чъизиуылæ н лакъон цæ дты кафынц.

Арвы цъæ х, цыфæ нды мыл узæ лай, —

Удæ нцой мын нал ратдзынæ, никуы:

Зæ дтæ худынц кувджытыл кæ л-кæ лæ й,

Цырæ гътæ ныххуыссыдысты иугай.

Цард тæ хы мæ иувæ рсты, мæ нæ й-ма, —

Артуадзæ г æ рра сæ нттæ й цы кæ ны!

Даниаг пыринцы загъдау, — цæ й-ма,

Ме ‘ндон буар, куыд нæ фестыс цъæ х фæ нык!..

6.10.1969

***

Æ з ралыгъдтæ н мæ амонды цæ стытæ й,

Ныууагътон сæ æ фсоны кастгæ нгæ,

Кæ й нæ уарзынц,

Фæ лæ кæ мæ й кæ нынц аргъуц,

Уымæ.

Зонын,

Уыцы сæ рыстыр цæ стытæ

Калдзысты сусæ г æ рвгъуыз цæ ссыг

Мæ рацыдыл...

Уынын,

Мигъвæ лмы фæ цæ уын

Æ мæ æ рдзы ‘мкуыд кæ нын.

Кæ уын,

Бирæ кæ мæ бæ ллыдтæ н,

Уыцы амонды цæ стытыл,

Афтæ мæ й сæ лидзын дард.

Кæ мдæ р

Уарзты дунейы иууыл хъæ зныгдæ р цæ стытæ

Кæ мæ дæ р мæ гуыркурæ джы каст кæ нынц,

Æ мæ, миддзæ ссыг калгæ,

Худынц...

Æ з лидзын мæ амонды цæ стытæ й

Æ мæ мигъвæ лмы

Æ мбæ хсын ме’намонд уд

Мæ хицæ й...

31.12.1970

***

Дуне уыд, æ ндзыг уадау, æ дзæ м.

Адæ ргæ й истерикон цин кодтон.

Уый, нæ зыдтон, — арвы нæ рд ныццæ м,

Тугзæ йау мыл рацæ удзæ н йæ додой.

Прометейы риуæ взон цæ ргæ с

Хурæ й ме ‘хсæ н райтыгъта йæ базыр,

Арв мæ сæ рмæ раскъуыди нæ ргæ,

Мигъты ‘хсæ н йæ судзгæ нæ мыг хъазыд.

Уарзоны цæ стыты ‘нгæ с цъæ х арв

Байдзаг ис æ рвæ рттывды цæ хæ ртæ й.

Дæ нг! — æ мæ мæ тутдадзинты арф

Азгъордтой дыз-дызгæ нгæ йæ хъæ ртæ.

Æ мæ цæ рдтæ й мæ рдты ‘хсæ н æ васт

Зоныгуылæ й ауæ дзыл æ рхаудтæ н.

Удисгæ æ рæ нцади мæ каст

Сыджытыл мæ сау цæ стыты хаутæ й.

Ныр фæ скъæ вда хур бон у, мæ рдтæ й

Сыстади, Чырыстийау, мæ уд дæ р,

Арвы цъæ хы мигъы бындзыг нæ й —

Уый та мæ м, мæ чъынды зæ д, фæ худтæ!

Кувын дын цырагъармæ й: чысыл

Ацы уысм фæ даргъдæ р кæ н уæ д та ма,

Цины стъæ лфæ н ма бауадз хуыссын, —

Зæ рдæ мæ тыхæ й бырсы цыргъ хъама.

22—28.11.1969

***

Уас, дæ бон дæ уа, кæ д зæ рдæ

Никуы ферох кæ на дæ у!

Хъуысынц фыны дæ р мæ хъæ ртæ:

«Уысм, бæ ллиццаг дæ, фæ лæ уу!»

Уый, æ рвæ рттывдау, мæ разы

Æ хсæ в авæ ры дæ хуыз,

Фæ лæ карз хъысмæ т нæ хъазы! —

Дарддæ р рухскалгæ тæ хыс.

Мах куыд уд-æ муд уыдыстæ м,

Ничи бамбардзæ ни уый.

Ды уæ дæ ртт уыдтæ, — пылыстæ г,

Æ з — дæ уæ н нывгонд æ лхуый.

Æ мæ ‘лвыстаиккам хъуамæ

Ахæ м дариаг æ ндах, —

Ноджы сфидыдтаид заман

Æ мæ радаиккам мах...

Систон ме ‘нæ рцæ ф бæ ллицыл

Бар-æ нæ бары мæ къух,

Æ мæ дард мæ хицæ й лидзын,

Фæ лæ дзæ гъæ лы — мæ дугъ!..

Исты амонды къæ сæ ртæ

Къахтон? — фаг тухи мын нæ у?!.

Уастæ н бартхутæ г уа зæ рдæ,

Чи нæ ферох кæ ны дæ у!

1976, Коктебель

***

Хъæ лдзæ г фынгыл афонмæ дæ разы

Сау сæ нимæ рог кæ л-кæ л ивылы,

Минмырон хъазайнаг фæ ндыр хъазы;

Цин дæ удмæ никæ цæ й ныхилы.

Арв у, афтæ, — стъалытæ й хуынчъытæ,

На уæ дæ Хуыцау кæ сдзæ н уæ ларвæ й! —

Барджынæ й дæ фарсмæ бады чидæ р,

Уæ д цæ уы дæ удыл та мæ барвæ нд.

Сусæ гæ й дæ нымд цæ стыты малы

Ме ‘нхъæ лцау æ нкъард цæ ссыг дзыназы.

Расыг æ хсæ в кафы æ мæ зары, —

У, цыма, нæ удты раз æ назым.

Рухсы тын æ васт æ рмынæ г уаты, —

Аскъуыди дæ сæ нтты таг ивазгæ:

Бухъзæ рдæ фæ рныг кафæ г дæ м хаты,

Сыстадтæ рæ хснæ г талайау тасгæ...

Къултыл æ мдзæ гъд ахæ цыд фæ йнæ рдæ м,

Цар ыстоны фæ ндыры цъæ хахстæ й.

Нал æ нцайы цины хъæ р йæ нæ рдæ й,

Баззадтæ зыд цæ стыты ‘хсæ н ахстæ й.

Ацу, баууæ нд амонды тæ рæ зтыл! —

Кафут ныр кæ уынæ ввонг æ рхæ ндæ г:

Сусæ ггаг æ взист цæ ссыг дæ цæ сты,

Расгуыты хæ ццæ хъазты — дæ хæ дæ г.

Рухс

Куыд ныггуыппæ г æ хсæ в, куыд бамыр,

Йæ дæ лбазыр цавæ р ныттар...

Мæ зæ рдæ мæ ‘ртхосæ н уæ д та мын,

Арв, иунæ г ыстъалы ныддар!

 

Æ нæ бын уæ рмау мæ фыдталынг

Бæ ллицбастæ й дары кæ мдæ р.

Мæ удлæ ууæ н рухс цард, уæ д та мын

Æ вдадзæ н — дæ сыбыртт, кæ м дæ!

 

Нæ уынын, нæ хъусын, нæ хатын,

Кæ м ма ‘мбудын ад æ мæ тæ ф!

Æ дзæ мæ й мæ рæ уджыты бады

Лæ сæ нау бæ зджынахст уæ лдæ ф...

 

Æ ндидзынц та царды фæ рæ зтæ,

Уæ ларвы тæ раз та фæ къул.

Фыдфын æ хсæ в атахт, фæ фæ стæ,

Фæ схохæ й ысрæ мыгъта хур...

 

Фæ цæ уын, ивылы мæ уæ нгты

Гуылф-гуылфгæ нгæ дунейы рухс.

Мæ фарсмæ — цырагъ адæ м уынгты,

Уæ д се ‘хсæ н та — саударæ г ус?!.

 

Уый дысон куы стахти фыдæ хсæ в, —

Æ рхаудис йæ базыры сис.

Ныр фестади бæ стæ чындзæ хсæ в,

Ныр атади таримæ рис.

 

Дзæ нæ тон æ хцон цин æ нкъарын,

Сырх арвырон фестад мæ уд.

Дæ лдзæ хх фæ уæ нт тар æ хсæ в, талынг!

Уæ, рухс бонтæ, арфæ йаг ут!

***

Арвæ й мæ м дыууæ цъæ х цæ сты каст,

Хинæ й — хызт, Хуыцауы удау — раст;

 

Уыдон мын æ ууæ нчы ‘взагыл загътой:

«А зæ ххыл æ рмæ ст дæ у ыстæ м мах».

Ризгæ мын мæ зæ рдæ йы ныууагътой

Фидарæ н æ рвгъуыз цæ ссыджы ‘ртах.

 

Артуадзæ г дыууæ тæ нæ г былæ й

А мæ нг царды растдæ р дзураг нæ й;

 

Ризгæ мын «æ рмæ ст дæ у ыстæ м» загътой,

Нал сæ хъуыст дызæ рдыджы «мæ гъа»,

Сырх чысыл тырысайау ныууагътой

Фидарæ н мæ хус былтыл сæ пъа.

 

Амонд мыл цы зарджытæ й скаст,

Удæ й-удмæ минæ вæ рттау раст,

 

Уыдон мын зæ рдæ йы ‘взагыл загътой, —

Амæ лæ тмæ кувдзыстæ м дæ уæ н.

Фидары нысанæ н мын ныууагътой

Ме уæ нгты æ рвæ рттывды тæ мæ н.

 

Ныр ысуасыд сайæ гой æ взаг, —

Рагæ й-рæ гмæ рухс амонды знаг.

 

Карзæ й мын мæ рдон хъæ лæ сæ й загъта:

«Се ‘ппæ т дæ р фæ лывд ысты, мæ нгард».

Фидарæ н мæ риугæ рон ныууагъта

Тугамæ ст æ нæ кæ рддзæ м цыргъ кард.

 

Амондмæ дыууæ фæ ндаджы нæ й, —

Арвы цæ ф, ныннæ р мæ сæ рмæ, цæ й!

 

Арвы цъæ х, кæ д мыл кæ лдзынæ фаркгай,

Рæ вдздæ р уæ д нызгъæ лæ н у, ныммур,

Аскъуый, зæ хх, мæ къæ хты бын къуыбаргай

Халонау мын сатæ гсау у хур.

30.10.1969

***

Бонтæ н хур нынныгуылд,

Талынджы тыхсынц.

Æ хсæ вты дæ ллагхъуыр

Стъалытæ хуыссынц.

 

Æ хсæ втæ н сæ нинæ н

Нал и ныр кæ рон,

Бонтæ та дæ лдзиныг,

Бонтæ та — гæ ндон.

 

Бонты ирд цæ стыты

Æ хсæ втæ хуыссынц.

Рухсыл, сау мæ стытау,

Сау мигътæ тыхсынц.

 

Дуне нæ у уæ лгоммæ,

Зарæ г у æ мыр;

Никуы ‘рцæ удзæ н бонмæ

Стъалыты дзыгуыр.

 

Тар уыдзæ н кæ ронмæ

Стъалытæ й дзыгъуыр,

Рухс бонæ н зындонмæ

У йæ фæ ндаг ныр...

 

Уæ цъæ хдзаст ыстъалы!

Й’ адавæ г æ хсæ в! —

Ме ‘рхæ ндæ г ыстъæ лы:

Мацыуал, дам, зæ гъ, —

 

Бафхæ рдтон дæ цасдæ р,

Ныр æ ппæ т фæ ци:

Н’ ахуыссыд мæ маст дæ р,

Не ссыгъди мæ цин.

 

Хъатара та сафтид,

Нал дзы и нæ мыг:

Ныр мæ хъыг кæ д рафтид,

Уаин кæ д æ мыр.

11.10.1969

***

Æ гъуыссæ г æ хсæ втæ,

Сæ ргуыбыр, æ мырæ й

Цы лæ уут мæ разы

Тæ фæ рфæ сгæ нджытау?

 

Сымах та цы ‘руадзут

Сынтбазыр дзыккутæ

Мæ цæ ссыгты цадмæ,

Мæ рддзыгой хæ ристау?

Сæ умæ йæ мæ рудзынг

Æ рвгъуыздзаст куы свæ ййы,

Цæ мæ н ыл фæ ризынц

Уæ цæ ссыджы ‘ртæ хтæ?

 

Æ ви ма нæ зонын,

Цы цæ уы мæ удыл

Æ мæ мын йæ зæ гъын

Нæ уæ ндут æ ргом.

Æ нхъæ лут, нæ уынын —

Нызгъæ лæ н и дардыл,

Кæ лдзæ ни мыл фаркгай

Æ нусон цъæ х арв.

Æ нхъæ лут, нæ хатын,

Зæ хх аскъуыд мæ быны

Æ мæ мæ м кæ рæ фæ й

Æ нхъæ лмæ кæ сы?

 

Æ гъуыссæ г æ хсæ втæ, —

Мæ иунæ г хæ лæ рттæ,

Æ ппæ т дæ р æ мбарын,

Æ ппæ т дæ р уынын.

Ныфсытæ нæ домын,

Уæ сæ ртыл ысхæ цут,

Уæ был ма мæ м иу хатт

Фæ зыхъхъыр кæ нут...

 

Ныфсытæ нæ домын,

Мæ цæ стыты ирды

Æ мбыуар æ рлæ уут

Кæ рæ дзимæ ‘нгом.

Уый, чи зоны, радта

Уæ талынг дæ лбазыр

Дывыдойнаг удæ н

Мæ рдырох, æ нцой.

25.09.1969. Æ мбисæ хсæ вæ й райсоммæ


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.068 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал