Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Нефертити






Л...

Ме ‘рхæ ндæ г цырагъхуыст Нефертити,

Ныр мæ йрухсы аууонау цæ уыс,

Уазал худы де ‘рвон уындæ й цъити,

Арвыроны нал хъазы дæ хуыз...

 

Хуртæ нæ, мынæ г мæ йтæ дæ хъуыртæ й

Ныр æ нкъард, къæ мдзæ стыгæ й кæ сынц,

Цæ стытæ сæ дæ ргъæ лвæ ст зыхъхъыртæ й

«Уагæ ры цы ракодтам?» — фæ рсынц.

 

Уæ, бынбауай, а дуне, бынбауай,

Кæ д дæ бон цы фидыцæ й фæ цух!

Кæ д дæ ирд зæ ххон хуртæ й куы хъауай,

Уæ д уæ ларв дæ у никуы скæ на рухс!..

 

Уый кæ ддæ р йæ сау дзыккуты хаста

Уалдзыгон ыстъалыджын æ хсæ в,

Уый æ рмæ ст æ ууæ ндыд æ мæ уарзта,

Æ мæ кодта дидинджыты тæ ф.

 

Йе ‘нæ бын рæ суг цæ стыты малæ й

Цинуылæ н, æ лутонау, ивылд,

Дæ ндæ гты цырен фæ рдгуыты халæ й —

Мидбылхудты удыхос тыфыл.

 

Уадулты — сæ уæ хсиды тад цъити,

Ирд æ ртахы хуры тынау рызт.

Раст, цыма, мысыйраг Нефертити

Рухскалгæ йæ зæ ппадзæ й ысхызт.

 

Уый уыдис æ гасæ й дæ р цырæ гътæ,

Электроны стъæ лфæ нтæ дзы калд.

Уарзты зарæ г мин уадындзæ й цагъта

Æ мæ худт йæ фидыц уæ нгтæ й цард.

 

Фæ лæ иухатт фескъуыди йæ худын

Æ мæ ‘рталынг алфæ мблай æ васт.

Калмы ссырау аныдзæ вд йæ удыл

Ихуазал хъæ стæ зæ рдæ йы уарзт.

 

Цинуылæ н мыдгъуыз цæ стыты аих,

Ахуыссыди мин цырагъы рухс.

Дуне, дуне, уаих фæ уай, уаих,

Кæ д дæ бон цы фидыцæ й фæ цух!..

 

Ме ‘рхæ ндæ г фæ смонгонд Нефертити

Не ‘хсæ н ныр сæ ргуыбырæ й цæ уы.

Æ мæ йе ‘мпылд мидкъуыбыры дидин

Рагуалдзæ джы уазалыл кæ уы.

***

Мæ нæ, гъе, мæ сусæ г сæ нтты уаз къуым;

Ардæ м дæ р мæ ‘рхаста, уарзт, дæ хин.

Ме ‘ргъæ вст цин, дæ къуындæ г агъуд аскъуын,

Арвы милтыл асæ рф ныр дæ хи.

 

Ам-иу рацыд райсомæ й сæ ныкгæ с,

Хæ хтыл-иу чысыл хурау ыскаст.

Сындзыдон, дæ малмæ -иу куы ныккаст, —

Зæ д-иу æ м дзы бахудтис æ васт.

 

Рог уддзæ ф, дæ бон ныччифай, уастæ н,

Уыцы зæ ды къалиуæ н чызгæ й

Де ‘ртты тасыд йе ‘рдунарæ г астæ у,

Барджынæ й йæ хъазхъуырыл тыхстæ!

 

Цины хос дæ, хурзæ рин, мæ удæ н,

Рухс фæ ндаг мæ сæ растæ у ыскæ н.

Ды кæ ддæ р йæ сау бæ зджын дзыккутæ н

Кодтай ам фæ лмæ н пъатæ чъызгæ.

 

Арфæ йаг уай абонæ й мыггагмæ,

Уæ лæ хæ хты удлæ ууæ н рæ хыс, —

Фидарæ н йæ зынцарды фæ ндагмæ

Рахаста йæ цæ стыты дæ хуыз!

 

Уды хъарм къæ рттыты ‘нгæ с тыччытæ,

Хъазыд уæ йæ даргъ æ нтуылдзтæ й ам;

Радзурут-ма, ме ‘мкарæ н чызджытæ,

Цал хатты йын кодтат-иу хæ рам.

 

Цал хатты, йæ рæ стаг хъыг æ мбæ хсгæ,

Худтаид кæ уындзастæ й, нæ саст;

Даргъ дзыкку-иу фесхуыстаид уæ хскæ й,

Ногæ й та-иу самадтаид хъазт!

 

Уæ, сæ ууон налхъуыт-налмас æ ртæ хтæ,

Кæ д йæ цины хъарм цæ ссыгтæ стут,

Судзы уæ, чысыл зæ рин цырæ гътау,

Абон дæ р йæ мидбылты фæ худт!

 

Карз уæ лдæ ф, цæ мæ й мæ кæ ныс расыг?

Кæ д йæ сонт ыстъæ лфæ нджын кæ л-кæ л

Абон дæ р дæ ронг уылæ нты нуазын,

Нуазын æ мæ разылди мæ сæ р!

 

Дардæ й хи кæ мæ н кодтон нывæ ндтæ,

Уыцы къуым, æ рдаг уай афтæ ды, —

Равдис мын дæ цъæ х нæ ууыл йæ фæ дтæ,

Мæ н сæ уæ лæ батайын фæ нды.

30. 08. 1971. Хъæ дгæ рон.

***

Царды талынг тархъæ ды цас фæ хылдтæ н саугуырмæ й!

Зæ рдæ никæ й нал хъуыди, риуы бандзыг, бакъуырма...

 

Уæ д цы ‘ртахт æ виппайды уагæ ры мæ иувæ рсты:

Ме уæ нгтыл — фæ фиппайдтон — артуылæ н ысирвæ зти.

 

Уарзты гени ‘ндонбазыр ме ‘хсон удыл асæ рфта —

Æ мæ калы стъæ лфæ нтæ — арвæ рттывдау тасæ фтау.

 

Райхъал ис Амраны туг, сызмæ лыд мæ дадзинты,

Фестадтæ н æ нæ нтау хур, циу цырагъ мыдадзын та!

 

Уый æ рцыд йæ дард кæ рон ме ‘ндзыгæ н, мæ мæ лæ тæ н:

Байгом и мæ цæ сты раз ног дуне алæ мæ тон.

 

Эллипстыл дзы, раст цыма электронтæ атомы,

Зилынц мириад хуры æ мæ зæ рдæ ратоны;

 

Хуры хаутыл — ауындзæ г ирд æ взист ыстъалытæ,

Худгæ ‘нхъæ взы цардуалдзæ г арвырæ ттæ й алырдæ м.

 

Ахызти мæ хуры тын, — судзын, цыма, дзыуары,

Гъе, цыма цыкура дæ н — рухс кæ лы мæ быуары.

 

Ныр цæ рын, цырагъ дарын цас мæ бон у, ме скæ нæ г!

Цас мæ бон у тох кæ нын! — мисхал тых мæ не скуынæ г.

 

Ныр æ вгъау дæ н сау мæ рæ н, уарзты гени, кувын дæ м:

Ма мæ бауадз амæ лын а цардыл æ нувыдæ й!


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.01 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал