Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Зсеххы зарæг






Гагарин Юрийæ н

Зæ хх, нæ уромæ г, нæ дарæ г,

Зæ хх, нæ уæ лион дзæ иæ т!

Ды — нæ чысыл цины зарæ г,

Ды — нæ бирæ хъыг, нæ мæ т.

 

У дæ денджызты цæ хджын дон

Не ‘нкъард сагъæ сы цæ ссыг,

У дæ хъызт зымæ г нæ зындон,

Мигъ дæ цъæ х арвыл — нæ хъыг.

 

Арты пиллоны куы ссудзыс,

Хæ ст куы сгуылф кæ ны дæ уыл,

Уæ д нæ зæ рдæ дæ р рæ мудзы,

Уæ д нæ зæ рдæ дæ р кæ уы.

 

Мах — фæ ндаггæ рдæ г дæ разæ й.

Æ ви не ‘нусон хæ с нæ у:

Дард хъæ ддаг лæ гæ тты цъассæ й

Тулæ м рухсæ й-рухсмæ дæ у?

 

Мах нæ саг фыдæ лты стджытæ й

Ард тъымы-тъыма хæ рæ м:

Де ‘рдаг, де ‘гъуыстаг сыджытыл

Ма уа ‘фхæ рд æ мæ хæ рам.

 

Зонæ м, арæ ны тæ лмытæ

Раст дæ зæ рдæ йыл цæ уынц,

Æ мæ маргæ йдзаг кæ лмытау

Сонт, тæ ссаг хæ лбурцъ кæ нынц.

 

Туг дыл уары, уæ д фыдæ х дæ,

Уæ д мæ лæ т дыл кæ ны зиу,

Цины хъарм цæ ссыджы ‘ртæ хтæ й

Дидин рафтауы дæ риу.

 

Æ мæ скъæ фы мах нæ нысан,

Æ мæ у нæ цин, нæ мæ т:

Иууон цардуалдзæ г — æ нусон —

Искуы ралæ ууид дыл кæ д.

 

Хи дæ уæ лдæ фæ й куы стонæ м,

Ма зæ гъ — лидзæ м дæ, хæ рзаг,

Уый кæ нæ м дæ цыт, дæ номæ н

Арвы стъалытæ м фæ ндаг.

 

Гъемæ кæ д æ гадæ й рафтæ м, —

Ма ратт не стджытæ н ингæ н;

Кæ д цытимæ дыл-иу бафтæ м,

Уæ д адджын хъæ быс нын кæ н.

Уарзондзинады сагъæ стæ

Уарзт

Сыгъзæ ринбазыр кæ сагау

Кæ нын уæ удты цъелфытæ,

Нызгъæ лын базыл цæ ссыгæ й,

Ныццæ хæ р калын уе ‘рфгуытæ й.

***

Зæ ххы къори, куыд фæ разыс мæ быны, —

Тæ ригъæ ды уæ ззау денджыз дæ н æ з.

Æ ви дæ сау цæ ст саугуырм у, нæ уыны,

Æ ви мæ быны цудтытæ кæ ныс!

27.09.1969

***

Сау æ гъуыссæ г æ хсæ в та фæ ци,

Рухс æ нус-æ нус тары сæ тты!

Хур мæ удæ н æ рхæ сдзæ ни цин:

Хуры тыныл æ рцæ удзынæ ды...

29.09.1969

***

Тар æ хсæ в мæ сау цæ стыты батад, —

Бон сæ скаст — дæ цæ стытау æ рвгъуыз:

Не ‘нкъардзæ н мæ судзгæ былты пъаты ад

Никуы бон дæ уадулты хъырмыз...

16.09.1969. Райсомы фондз сахаты

***

Мæ зæ д, мæ урсхил зæ д, цы зын бонтæ фæ фыстай?

Ыстул дæ дзыккутæ мæ сау цæ стыты малы,

Æ мæ та раздæ рау сынты базыртæ фестой,

Æ мæ та раздæ рау бæ рзонд ыссудза стъалы.

***

Дæ цъæ х æ мæ мæ сау цæ стытæ н рард

Æ рвгъуыз бон æ мæ тар æ хсæ вы хал:

Нæ й уыдонæ н æ нæ кæ рæ дзи цард,

Нæ дæ р кæ рæ дзи ссарынæ н амал.

4.05.1970. Æ хсæ в

***

Кæ дæ й-уæ дæ й ма ацыдис

Цъæ хдзаст уалдзæ г мæ тæ фтыл...

Кæ дæ й-уæ дæ й ма’рхæ цыдис

Мæ ихдзагъд удыл сыфтæ р.

***

Хæ рзбон, мæ зæ дыхайы цинтæ,

Ныр уын уæ лахизуæ вæ г зинтæ

Кæ нынц уæ ингæ ныл къæ рццæ мдзæ гъд.

18.08.1972

***

Æ рæ нцад кæ д дæ уыл

Мæ сау цæ стыты уæ з,

Дæ зæ рдæ кæ д кæ уы,

Уæ д амондджын дæ н æ з.

10.11.1969

***

Цы цæ сгомæ й-ма дзурон, цæ й, — поэт дæ н?

Мæ нымд зарæ г йæ райдйаны фæ цис;

Цъæ хдзаст Музæ йы стихтæ фысгæ федтон, —

Къæ мдзæ стыгæ й æ рæ вæ рдтон мæ сис.

***

Дзуары лæ гау уазсыгъдæ г уыдтæ н,

Æ з дæ умæ æ ууæ нкджынæ й цыдтæ н,

Аргъуаны дæ цъæ х цæ стытæ м кастæ н

Æ мæ сын мæ уд нывондæ н хастон.

***

Дæ сау дзыккутæ ‘хсæ рдзæ нтæ й

Дзæ нхъа уæ нтыл куы ‘ркæ лынц,

Цы зындонмæ, цы дзæ нæ тмæ

Мæ зæ рдæ уæ д фæ кæ нынц!

29.09.1969

***

Ме ‘нæ рцæ ф бæ ллицтæ мын

Къæ ппæ джы дæ мæ т дары,

Ме ‘взонгады ирд тæ мæ н

Уараджы ныммæ йдар и.

***

Амондæ й дæ мондæ гтæ нæ састай,

Уарыд мит дæ дзыккутыл сæ рдыгон,

Цардвæ ндæ ггыл дæ у йæ дзыхы хаста

Калм, æ рвгъуыз цыкурайы фæ рдыгау.

***

Бонсауизæ рмæ хурзæ рин,

Кæ м райгæ хъаздзæ н демæ?..

Æ хсæ в дæ м мæ й кæ м худдзæ ни

Йæ цæ лхыдзаг цыренæ й?..

***

Телефон нæ дзуры, телефон фæ тæ ргай,

Бафхæ рдтон æ й, зонын, уайсады мæ м уымæ н.

Чи зоны, мæ сонтæ й, чи зоны, мæ тæ ркæ й

Басгуыхтæ н фыдгæ нæ г йе ‘гæ рон æ рхуымæ н.

 

Ратт ма мын дæ хорзæ х, саудиссаджы дзаума,

Иунæ г иу дзæ нгæ рæ г, цæ й, уæ д та фæ сай мæ,

Æ мæ стæ й дæ номыл кувдзынæ н Хуыцаумæ,

Науæ д æ й, уыныс мæ, ралæ ууыд мæ хъаймæ т.

13.04.1972

***

Ацыди, мæ рухс бон та фæ ци,

Ахаста йæ къæ хты хъæ р мæ цин.

Уыцы хъæ р æ дзæ м уæ лдæ фы батад

Æ мæ мыл æ нусон дуне батар.

 

А изæ рæ й райсоммæ йы ‘хсæ н

Адаргъ уыдзæ н залиаг æ хсæ в.

Сом та бон йæ цъæ х цæ стыты скæ сдзæ н

Æ мæ та мын цины уысм æ рхæ сдзæ н.,.

4.09.1969

***

Æ гъуыссæ г урс-урсид æ хсæ втæ,

Мæ тызмæ г амонды кæ рддзæ фтæ,

Æ з уæ хуыснæ ггагау æ мбæ хстон,

Сымах та!.. Сбыдтат мын уæ ахстон

Тæ ккæ мæ бецыччы бæ зджыны,

Тæ ккæ цæ стæ вæ рæ н бынаты,

Уæ лдай мæ м уый адыл мæ стджынæ й

Кæ сы мæ фыдхъысмæ т — æ гъатыр.

9.03.1970. Æ хсæ в

***

Искуы мæ расыг æ рцæ удзæ ни, зонын,

Сисдзæ н йæ мигъвæ лм мæ хъуыдыйæ ронг;

Искуы мæ мæ гуыры судзаггаг боныл

Рисгæ хæ сдзынæ н мæ цæ стыты ‘рвонг.

 

Арвыл йæ сау зæ лдаг нал дардзæ н талынг.

Цард, цыма сайæ н фын уыди, мираж, —

Ме скаст, мæ сусæ ггаг сагъæ сты стъалы

Ахуысдзæ н ризгæ мæ цæ стыты раз.

***

Уыдтæ н мæ гуырыкурæ г æ з,

Цыбыр — мæ къух, афтид — мæ къæ с.

Нæ мын уыд цард, уыдис мын уарзт

Æ мæ мыл амонды хур каст.

 

Уыдис тæ худиаг мæ хал.

Уыдтæ н æ нæ фæ ныкæ й хъал.

Ныр дæ н паддзахуæ вгæ сæ ркъул:

Ныххуыссыд уарзтамонды хур.

16.09.1972

***

Зæ хх дæ къæ хты бын кодта дыз-дыз,

Зæ хмæ нал уыд дæ удæ н ныббæ ттæ н,

Дæ у ыскъæ фта дæ сагъæ с — æ рвгъуыз,

Æ мæ тахти дæ зæ рдæ уæ лæ рвтæ м.

 

Цард кæ л-кæ лæ й дæ расыгыл худт,

Де ‘рвонг зондджын цæ стытæ й йæ м кастæ,

Æ мæ талынг æ хсæ вты дæ уд

Сыгъд мыдадзын цырагъау дæ уарзтæ й.

***

Уæ лдæ фы фæ рдгуыты ‘взист зæ лланг апырх, —

Тулынц хрустал авгыл, ау?

Зæ рдæ сæ р сонт цæ ф ныккодта цы ‘рра тых,

Уалдзыгон арвы нæ рдау? —

 

Уый та мæ удхос — дæ бæ ллиццаг худын —

Ацахстон фæ скъæ сæ р æ з;

Адджын мыддонау æ нхъæ взы мæ уды

Ацы дæ чызгон хъæ лæ с.

16.02.1970

***

Рацыдтæ н дæ, къултæ гæ нгæ рахастон

Уыцы ‘хсæ в дызæ рдыджы тæ рæ зтæ,

Уыцы ‘хсæ в уыдзæ н мæ удæ н ахæ стон,

Зилдзæ ни мыл уыцы ‘хсæ вæ й бæ стæ.

 

Мæ н бæ рзонддæ р кувæ ндон — дæ зæ рдæ хъуыд,

Мæ н фæ ндыд дæ мидбылхудтæ й райын...

Макуы зæ гъ мæ нæ йуыйæ — æ наккаг уыд,

Уый фæ лтау мæ банымай æ ррайыл.

***

Бон мæ сæ рмæ ку’ аскъуыйа æ мбисыл,

Удыхосау чи ‘ндæ дздзæ н мæ рисыл?!.

Æ хсæ в мыл куы ныддаргъ уа мæ лæ тау,

Уæ д мæ ныфс кæ мæ тæ хдзæ н фæ дисы?!.

 

Хур ма та мæ цæ стыты кæ м тулдзæ н, —

Æ хсæ в мæ м ыстъалыдзæ ст ныкъулдзæ н.

Ме ‘мдзæ вгæ кæ й тæ вд былтимæ дзурдзæ н,

Уды рæ вдыд никæ мæ йуал курдзæ н.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.018 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал