Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Кардимæ ныхас






Дæ у иу æ рра лæ г сарæ зта мæ марынæ н;

Мæ риуимæ дæ фындз ыссис æ марæ н.

 

...Уæ д цъаммæ рттæ фæ худдзысты сæ дзыхы дзаг.

Уæ д, зонын, алчи, алчи дæ р мыл худдзæ н,

Фæ лæ уыдзынæ н æ з зæ ндджындæ р уыдонæ й:

Зæ ххы къорийыл иунæ гæ й бæ рзонд лæ угæ,

Æ з зондзынæ н, æ з зондзынæ н æ рмæ ст —

Цæ ссыг калынæ й туг калын хуыздæ р у!

 

Дæ у иу æ рра лæ г сарæ зта мæ марынæ н;

Мæ риуимæ дæ фындз ыссис æ марæ н.

 

Мæ зæ рдæ йы рæ хджы кæ рддзæ м куы ссарай,

Уæ д иунæ г уд, мыййаг, куы кæ на марой...

Зæ гъ-ма, зæ гъ-ма, мыййаг, кæ д уый кæ удзæ н,

Уæ д а ‘рра дуне не ‘рхатдзæ нис никуы —

Йæ иу æ рвгъуыз цæ ссыджы аргъ кæ й нæ у.

Æ мæ мæ рдты цы баззади мæ нæ н, —

Йæ цæ ссыджы раз зоныгыл лæ удзынæ н.

Йæ цæ ссыгмæ ныддардзæ н хур йæ тын.

Æ з уыцы тыныл атындздзынæ н арвмæ,

Æ нæ уæ зау уым уæ лдæ фы цæ удзынæ н

Ыстъалыйæ ыстъалымæ гæ ппгæ нгæ;

 

Мæ зæ рдæ хурæ й фестдзæ нис ыстырдæ р,

Æ мæ ныллæ удзæ н сау зæ хмæ мæ удæ й

Сыгъзæ рин доны бур-бурид цыхцыртæ;

Сыгъзæ ринæ й куы сахуырсой сæ удтæ,

Уæ д ничи худдзæ н, ничиуал мæ ныл.

Кæ й ыслæ ууыдтæ н уыдонæ й бæ рзонддæ р,

Кæ й зонын кувын, рухс хуыцæ уттау уарзын,

Ныббардзысты мын уый хæ ларæ й уæ д.

Æ мæ мæ хæ дзар, ме ‘нусон хæ дзар, —

Мæ зæ ххы къори кувæ ндон уыдзæ н,

Æ мæ мæ хæ лар, ме ‘мтуг адæ м се ‘ппæ т

Ыссудздзысты бæ сты сæ ры тых — уарзтæ н,

Муртаттæ гтау, сыгъдæ г мыдадз цырæ гътæ.

 

Дæ у чи сæ нтдзæ ф лæ г сарæ зта мæ марынæ н?! —

Ис не ‘хсæ н зæ ххæ й арвмæ йы ‘мбæ рц арæ н.

27.09.1969

***

Æ мæ цæ уын, æ мæ кæ уын уæ рæ х уынджы,

Мæ туджы мигътæ ленчытæ кæ нынц,

Æ мæ мæ уды хаосау æ нхъæ взы... —

Цы ‘нхъæ взы, уый бæ рæ г-бæ лвырд нæ хатын:

Æ ви у уый планетæ ты мæ нг рухс,

Æ ви мæ хæ ццæ, змæ ст æ нусы уазал...

Æ рæ ввахс ысты арæ нтæ кæ рæ дзимæ,

Ыснарæ г ауæ дз цард æ мæ мæ лæ ты ‘хсæ н.

Æ мæ тæ лфынц мæ мигъасæ ст цæ стыты

Зæ ххы къорийыл хилæ г адæ м се ‘ппæ т.

Æ цæ гæ лон планетæ тау мæ фæ рсты

Æ рцъелф кæ нынц мæ зонгæ хъал чызджытæ,

Æ мæ нæ зонынц, — уазал манекентау, —

Кæ й нæ ныдзæ вы се стъæ лфæ н мæ удыл...

Цæ уын, кæ уын уæ рæ х уынджы æ ргом,

Лæ гæ рдын чъизи худинаджы малы,

Кæ сынц цымыдис дунейы сæ рхъæ нтæ

Æ мæ уæ ззау ызды цæ ссыг кæ й калын,

Зыны сæ м уый мæ лæ мæ гъ æ мæ райынц, —

Сæ хи хуызæ н лæ мæ гъ лæ г ма кæ й ис.

Æ з та кæ сын сæ сæ рты ирддзаст арвмæ,

Хæ лбурцъ кæ ны уым зæ ххы фæ здæ г калмау.

Ысиу ис уыцы чъизи, сау фæ здæ джы:

Къæ рных бардуæ гты ихрихи, хуызивд худт,

Сæ хи сайæ г ыстъалыты мæ нг амонд,

Цæ ссыджы ‘мбæ хст фыдæ фхæ рæ н тæ ригъæ д,

Бæ рзонд зæ рдæ, тыхджын лæ гты ныхкъуырд цин,

Хæ лæ г дам-дум, хъахбай удты æ лгъаг монц,

Бæ рн æ мæ кады асинтыл хæ рдмæ хылд,

Сæ рельсытæ й, сæ орбитæ тæ й иппæ рд

Тæ хгæ поездты, стъалыты цъæ хахст...

Æ мæ кæ уын ызды цæ ссыгтæ й æ з,

Æ мæ дæ н æ з ыспырхæ ввонг планетæ:

Цæ мæ н æ рзайы сау фаджысы уарди,

Цæ мæ н ахоры зæ ххы фæ здæ г арв?! —

Цæ уын, кæ уын мæ мигъасæ ст цæ стытæ й.

Дыз-дыз кæ нынц антеннæ тæ мæ хъусты,

Кæ м ма баззади морзе, телетайп! —

Тæ хынц фæ здæ гау саубазыр газеттæ

Æ мæ ныдзæ вынц арвы цъæ хыл калмау:

Уый, Адам æ мæ Еуайы рæ сугъд цот

Нуазынц морфи барвæ ндæ й, зыдæ й

Æ мæ дзы халынц дунейы гармони...

Цæ уын, кæ нынц антеннæ тæ дыз-дыз,

Галактикæ тæ хъинц-хъинцгæ нгæ змæ лынц,

Æ мæ мæ линаг сау зæ ххы фыдмитыл

Æ нæ мæ лæ т мæ сау цæ стытæ й худы.

1.11.1969

***

Ды нæ зоныс, ды нæ хатыс ницы,

Афтæ мæ й мæ зæ рдæ йы цæ рыс;

Бацыди мæ къæ мдзæ стыг бæ ллицы

Ме ‘вастæ й тæ мæ нкалгæ дæ хуыз.

 

Раст цыма сæ кæ рæ дзи нæ удтæ

Агуырдтой æ нус-æ нус куырмæ й:

Ды кæ мдæ р зындоны рисæ й дудгæ,

Æ з мæ фæ вдаг не ссардтон нырмæ.

 

Абон дæ м мæ фæ ллад цин æ рхастон,

Мæ нæ цыма де ‘ммызул, дæ къай.

Байрæ джы, — дæ зæ рдæ дын ныббастой

Фæ рныджытæ дадзингай, тæ ггай.

 

Зæ хмæ дæ цы бирæ тыхтæ ‘лвасы,

Атонин дæ уыдонæ й бæ ргæ;

Космикон ракетæ нæ — зынгбазыр —

Ахæ ссид цæ хæ ркалгæ, нæ ргæ.

 

Атæ хин æ мкъай бæ лонау демæ,

А дунейыл ауигъин мæ къух,

Ахæ ссин æ нæ зонгæ дунемæ

Сусæ ггаг кæ лæ н уарзтæ н йæ рухс.

 

Искуы дард планетæ йыл æ рцæ рин,

Амондджын — дæ бахудты фæ рцы.

Къухдарæ н дыл бакæ нин сыгъзæ рин, —

Урс æ нгуылдзыл не сфидауид, цы?!

 

Уыцы дард, æ цæ гæ лон тыгъдæ дтæ

Уаиккой дæ цæ стытау æ рвгъуыз,

Æ мæ дарис арвырон сæ рбæ ттæ н,

Æ мæ уаис зæ ххы хъыгтæ й хызт.

 

Дамæ мхиц хъæ стæ цæ стытæ й хибар,

Дурхалæ г хæ рам æ взæ гтæ й дард,

Уым æ нус ыстъалытау сæ рибар —

Уадзиккам æ рвон уарзтæ й цъæ х арт.

 

Æ з лæ ууин мæ зонгуытыл дæ разы,

Нал уаин зæ ххон æ гъдæ уттæ й баст,

Æ з кæ нин уыраугæ цинæ й расыг,

Уалдзыгон æ хсæ вы тæ фау раст.:

 

Æ з кæ нин дæ къахы бынтæ н пъатæ,

Адæ ргæ й кæ л-кæ лгæ нгæ кæ уин.

Ничи нæ нæ рахонид æ рратæ,

Ничи нын нæ хъыгдарид нæ цин.

 

Тухин дын дæ дзыккутæ й мæ цæ сгом, —

Цæ ссыг сыл ыстъалытау кæ лид,

Де ‘вдадз былтыл мидбылхудт — æ лутон —

Рухсуылæ н æ нхъæ взæ нтæ кæ нид.

 

Де ‘нæ къæ м æ хсыргъуыз буары ферттывд

Бацъынд кæ нид, бакуырм кæ нид цæ ст,

Нарæ г астæ у афтæ тасид ме ‘ртты,

Мæ нæ цыма уадтымыгъы хъæ з.

 

Уæ д мæ уд зæ рин ысуадзид бур тау, —

Адам æ мæ Еуайы цæ уæ т:

Сабитæ, цъæ хдзаст зæ ды хъæ бултау,

Хиликкой дæ рухс уæ рджытыл уæ д...

 

...Уыдон дард планетæ йыл сæ нттæ сты,

Дзуарæ вæ рд — нæ фæ ндæ гтæ кæ рдтау.

Ризы ‘нкъард, æ рвгъуыз цæ ссыг дæ цæ сты, —

Рагæ й дæ р мæ хъысмæ тæ н æ вгъау.

 

Уый та куыд, — мæ н тыххæ й дæ р-ма дудай!

Уæ д фæ лтау мæ ингæ ныл фæ ку;

Зæ дбадæ н кæ й ыскодтай мæ удæ й,

Уый дæ р мын цæ рæ нбоны фаг у.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.013 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал