Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Руставели






Цы мыл æ рцыд, цæ мæ н ризын æ мхуызон?

Æ ви мын кæ д ысчынди хин-кæ лæ нтæ:

Кæ д арвы дуæ рттæ гомæ й федтон дысон?

 

Мæ цард, цыма, уыдис цыбыр мæ лæ тау,

Ныр сыстадтæ н мæ рдтæ й — зæ ххон Чырысти —

Уæ ларвон тых мæ м фегуырдис æ нæ нтау.

 

Мæ быны зæ хх къæ с-къæ сгæ нгæ ныррызти

Дæ къухæ й мын, бæ сты сæ ры тых Амур,

Уый уагæ ры цы ныхы ныв, цы фыст и?

 

Дæ цæ лхъытæ й уæ д та мæ зæ рдæ бамур, —

Ыссардтай дзы сыгъд быдыры оазис! —

Куыд æ й хæ ссыс сæ рмæ, дæ хицæ н табу!

 

Æ нгæ с дзиглотæ м хъуамæ ма дæ р тасис,

Планетæ тæ й тыччытау хъуамæ хъазис.

***

Уары мит тъыфылтæ й æ мæ уардзæ н.

Асады мын ме ‘рхæ ндæ г уд маст:

Уый æ ртхутæ г фестади цъæ х уалдзæ г,

Уый ныскъуыдтæ хърихъуппыты уаст.

 

Æ мæ уарынц, урс митау, мæ сæ рыл, —

Карз зымæ г мæ м дзæ гъæ лы фæ каст:

Рухс амонды стъалыджын къæ сæ рыл

Барджынæ й нæ бахызти мæ уарзт...

 

Уары мит æ гъуыссæ г урс æ хсæ вау,

Рухс уыдзæ н мæ сау сæ рыхъуын тагъд;

Ме ‘рхæ ндæ г уд амонды къæ сæ рыл

Никуы дæ р нæ бавæ рдзæ н йæ къах.

29—31.10.1969

***

Уарзты кувæ ндоны судзы

Уаз мыдадз цырагъ фæ лмæ н.

Удæ н у дзæ нæ тмæ рудзынг

Йе ‘рвгъуыз рухс тынты тæ мæ н.

 

Судзы, судзгæ -судзын тайы,

Уымæ н ахæ м у йæ ныв:

Цас йæ зæ ххон буар ивайы,

Уыйас рухс фылдæ р кæ ны, —

 

Талынг дунейы фыдæ хæ й

Уымæ н ‘нæ сирвæ згæ нæ й;

Искуы схицæ н уыдзæ н зæ ххæ й,

Искуы фестдзæ н рухс æ мткæ й.

 

Калдзæ н рухс тæ мæ н уæ лиау,

Тар уа цалынмæ бæ стыл...

Кæ д ыстъалытæ дæ р уыйау

Уаз зæ ххон цырæ гътæ сты?!

Урс къæ хтæ

Урс дыууæ фæ лмæ н къахы, сымах

А сау зæ ххыл афт’ аив цæ ут,

Афтæ хъавгæ, рогвадæ й, цыма

Байтыгъди уæ фæ ндагыл мæ уд.

 

Урс дыууæ фæ лмæ н къахы, сымах

Арвы цъæ х цы цæ стыты хæ ссут,

Гъе цы былтыл рухс амонды ‘ртах, —

Удыхос сыгъзæ рин мидбылхудт;

 

Гъе цы гуыр, цы фидыц уæ нгты конд,

Гъе цы уарзт, цы дунейы дзаг цин,

Уыдонæ н мæ рæ згæ цард — нывонд,

Уыдон æ з мæ къухуырзтыл хæ ссин...

 

Урс дыууæ фæ лмæ н къахы, фæ лтау,

Зæ ххыл нæ, мæ зæ рдæ йыл цæ ут:

Чи зоны, фæ къул ын уа уæ д та

Пух былтæ й сыгъзæ рин мидбылхудт.

20.12.1967

Музæ мæ

Никæ й цæ стытæ н нæ пъа кæ нын,

Музæ, дæ цæ стыты фæ стæ.

Сусæ гæ й арвы дуар бакæ нын,

Семæ фæ кæ нын ныхæ стæ.

 

Уыдон мын цас дзурынц, цас дзурынц

Уды рæ стдзинады диссаг!

Се ‘нкъард фæ кастæ й дæ р асурынц

Масты, дывыдоны риссаг.

 

Кувын æ з уыцы æ рра бонæ н,

Царды куы фембæ лдтæ н семæ! —

Ме ‘нхъæ лцау уды æ рбабонæ н,

Ме ‘рцыдæ н зæ дты дунемæ!

 

Аивæ й арвы дуар сæ хгæ нын, —

Ма уа нæ зæ рдæ тæ м хъусæ г,

Ме ‘нкъард ыстъалы, мæ тæ хгæ фын,

Ме ‘хгæ ддуар сагъæ сты сусæ г.

11.08.1975

***

Афонмæ ды дæ р фæ цæ уыс миты,

Афонмæ дæ уыл дæ р уары мит,

Гъемæ кæ д дæ зæ рдæ домы ‘лгъитын,

Уæ д фыдхал зæ ххон хъысмæ т æ лгъит.

 

Афтæ ныл ныууарыдис æ взонгæ й,

Афтæ — сау — нæ сæ ры хил — ысурс,

Хъуамæ ныл, нæ уды фыдтæ ‘взонгæ,

Батар уа нæ уарзтмондаг æ нус.

 

Стъалытæ сæ цæ гвæ ндæ гтыл зилынц

Рухскалгæ сæ равзæ рдæ й нырмæ.

Се ‘мбæ лццонгъуыз зæ рдæ тæ та хилынц

Сæ рсæ фæ нмæ хауæ нты куырмæ й.

 

Цалыл махау рахæ тыди рæ стæ г,

Цалыл махау рахæ тыди дут,

Цал амондæ н ноджыдæ р нæ фæ стæ

Акæ лдзæ н сæ хъæ лæ сæ й сæ туг!..

 

Афонмæ мæ нау фæ цæ уыс миты,

Уары мын дæ рыст удыл дæ р мит.

Гъемæ кæ д дæ зæ рдæ домы ‘лгъитын,

Уæ д нæ куырм зæ ххон хъысмæ т æ лгъит...

***

Æ з фæ цæ йцыдтæ н æ нкъардæ й

Талынг тар хъæ ды Дантейау.

Зæ хмæ бур сыфтæ ртæ калди

Æ мæ зæ рдæ кодта хъеллау.

 

Ратахт уалынджы мæ размæ

Хурæ й минæ вар — æ хсинæ г,

Уымæ хингондау нымдзаст дæ н,

Дзурын нал арæ хстæ н цинæ й.

 

Цыма бæ лæ сты æ хсæ нты

Каст дæ ргъуадздзæ гтæ й ирон арв —

Чызг йæ цæ стыты æ рфæ нтæ й

Худти дидинæ гджын бонау.

 

Исдуг фергъуыйау, фæ тыхсти,

Стæ й йæ мидбылхудт æ рбахста

Æ мæ зæ рдæ йы нынныхсти,

Амазонкæ йы цъæ хахстау.

 

Уыцы бахудт мын мæ зæ рдæ

Судзы цинæ й æ мæ мастæ й,

Цыма уалдзæ джы фæ кастæ й

Фæ ззæ г акалдта цæ хæ ртæ.

***

Æ рбахста уарзты зæ д æ мбисвæ ндагыл мæ н,

Мæ зæ рдæ сæ р ныссагъта фат сыгъзæ рин,

Æ мæ мын уалдзыгон мырæ г къæ вда, фæ лмæ н,

Æ ртайын кодта миттъыфыл мæ сæ рыл.

 

Æ нахуыр хинымаргъ мæ рудзынгыл æ рбадт,

Æ рдаг — йæ цæ стытæ, ныббастой мæ кæ лæ нтæ й.

Æ рттывта уый æ мæ тъыфыл гуылфæ нтæ й калд

Дзæ нæ ттаг арвырон йæ пакъуыйы тæ мæ нтæ й.

 

Йæ бæ рзонд урс хъуырæ й сæ рыстыр амонд худт,

Æ хцон — йæ дзыхыдзырд, хуыцæ утты ‘взагыл зарыд.

Мæ н кодта саурасыг æ нæ мæ лæ ты буд,

Æ мæ тæ рккъæ вдатæ й дзæ м-дзæ м мæ удыл уарыд.

 

Мæ зæ рдæ, бастъæ лай, цы хæ лæ ф дæ м фæ зынд?!

Æ ввахс æ м балæ ууын цæ мæ н домдтай дæ зыдæ й?

Æ ви дын амондæ н нæ уыд æ гъгъæ д йæ уынд?

Æ ви йæ къæ хты рыг кæ й уыдтæ, уый нæ зыдтай?

 

Куы федта хинымаргъ йæ химæ хæ стæ г мæ н, —

Ыстахти, фехста мæ фыдсагъæ сы цъысыммæ:

Æ рвнæ рдау афардæ г мырæ г къæ вда, фæ лмæ н,

Æ мæ та абухы мæ бецыччы хъызт зымæ г.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.013 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал