Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Бардуæгтимæ фæбыцæу






Уæ д иуахæ мы бардуæ гтæ Уарппы бæ рзондæ й кастысты. Уыдон уыдысты: Æ фсати, Уацилла, Фæ лвæ ра, Тутыр æ мæ Галæ гон. Æ нхъæ лмæ кастысты Алардымæ, Сафамæ æ мæ Рыныбардуагмæ. Уыцы рæ стæ джы Царциаты фондз æ фсымæ ры: Суа, Едыссæ, Фарнæ г, Хæ тгар æ мæ Уадæ г балцы фæ цæ йцыдысты.

Тутыр зæ гъы:

— Царциатæ фондз æ фсымæ рæ й рацæ уынц, цæ й æ мæ сæ ахынджылæ г кæ нæ м.

— Уастырджи сæ фарс у, — зæ гъы Æ фсати, — æ мæ сын ницы ракæ ндзыстæ м.

— Цалынмæ Уастырджи зына, — зæ гъы Тутыр, — уæ дмæ уал сæ мæ стæ й амардзыстæ м.

Уæ д Галæ гон йæ сарагъы [1] хъуынтæ писийыл асæ рфы, галиу къухæ й сæ райвæ зта æ мæ сæ йæ къахкъухтыл æ рбаста, стæ й æ рдын систа æ мæ фæ ндырдзагъд кæ ны. Царциатæ фæ сæ ццæ сты, сæ ныхасæ й фæ диджæ [2] сты, сæ сарагътæ батылдтой æ мæ дисы бацæ уынц. Суа зæ ндджын лæ г уыди, зæ гъы йе ’фсымæ ртæ н:

— Уынут, бардуæ гтæ цæ л-минас кæ нынц, æ мæ махыл та мæ нгард æ мæ фыдхинæ й цæ уынц. Хъуамæ Æ фсатийы фосæ й байсон.

Едыссæ дæ р зæ гъы:

— Уацилла дæ р хæ ты æ рврæ тты [3], кæ д æ й бафæ нда, кæ ннод хæ ринаг мæ нæ н нæ дæ тты.

Фарнæ г дæ р зæ гъы:

— Куы нæ фæ нæ мон æ з Фæ лвæ райы, кæ ннод йе ’вастæ й мæ фосы дзугтæ й зæ рдæ нæ райы.

Хæ тгар зæ гъы:

— Тутыр — къуымæ лдуц, гуыппытæ гæ нæ г, мæ маст дзы сисон, кæ ннод байсæ фтæ н бынтон æ д зæ нæ г.

Уадæ г дæ р зæ гъы:

— Афтæ кæ м цæ гъды Галæ гон зæ ххыл, уым хъуа скæ нон йæ сарагъ хъуынтæ й мæ хицæ н фæ ндыр.

Царциатæ иу дагъмæ [4] бацыдысты æ мæ фенынц рæ гъаугæ стæ, хизы бардуæ гтæ н нывонд фос. Дзурынц рæ гъаугæ смæ:

— Дæ фос бирæ, рæ гъаугæ с! Дардæ й цæ уæ г стæ м æ мæ нæ хорз фен.

— О, уæ цæ рæ нбонтæ бирæ уой, — зæ гъы рæ гъаугæ с, — æ мæ нывонд фос куы хизын, нывонд фос æ вæ джиаг [5] вæ ййы.

— Уагæ ры кæ йты сты дæ фос?

— Хуыцау æ мæ Уастырджийы, Æ фсати æ мæ Уациллайы, Фæ лвæ ра æ мæ Тутыры, Галæ гон æ мæ Алардыйы, Сафа æ мæ Рыныбардуаджы.

Суа зæ гъы:

— Хуыцау æ мæ Уастырджийы фосмæ нæ й февналæ н. Аларды уæ рыкхъус у, Сафа — бынаты хицау, Рыныбардуаг — мæ рдтæ м фæ ндарастгæ нæ г. Уыдон уæ ттæ м не ’вналæ м, фæ лæ иннæ фондз бардуаджы нывонд фосы бахæ рын хъæ уы.

— Уæ, Ахирман [6] уыл йæ цæ хæ р ныккала, — зæ гъы рæ гъаугæ с, исчи ма бардуаджы нывонд кусæ рттаг хæ ры?

— Махæ н Ормаздæ [7] æ ххуысгæ нæ г у æ мæ нæ хи малгъа [8] нæ кæ нæ м.

— Тыхæ й цы кæ нут, уый кæ нут, — зæ гъы та хъомгæ с, — фæ лæ уын мæ барвæ ндонæ й кусæ рттаг раттын мæ бон нæ у.

Уæ д Царциатæ æ рцахсынц Æ фсати, Уацилла, Фæ лвæ ра, Тутыр æ мæ Галæ гоны номыл нывонд фосы, иннæ ты ратардта рæ гъаугæ с æ мæ бардуæ гтæ м барвыста:

— Уæ нывонд фосæ й Царциатæ фондз æ рцахстой, иннæ ты аскъæ рут!

Уæ д Æ фсати, Уацилла, Фæ лвæ ра, Тутыр æ мæ Галæ гон сæ номыл нывонд фосмæ Царциатæ м æ рцыдысты. Уастырджи, Алырды, Сафа æ мæ Рыныбардуаг сæ фосы бафснайдтой, æ мæ Уастырджи зæ гъы:

— Царциатæ нывонд фосы аргæ встой æ мæ нæ м кувынц, цæ мæ й сыл сæ мбæ лæ м.

Хуыцау зæ гъы:

— Æ з зæ ххон адæ мимæ нæ фæ бадын, кæ д сæ фæ дзæ хсын, уæ ддæ р. Цæ ут сæ м уæ хæ дæ г æ мæ уе ’мбæ лтты ракæ ндзыстут уемæ.

Уастырджи, Аларды, Сафа, Рыныбардуаг Царциатæ м рараст сты. Се ’рцыдмæ Æ фсати æ мæ йе ’мбæ лттæ Царциатæ м бахæ ццæ сты. Æ фсати сæ м дзуры:

— Уæ, уайых фæ уат, Царциатæ! Мæ номыл нывонд кусæ рттаджы куыд аргæ встат, æ ппын уæ мæ нæ й ницыуал хъуыди.

Суа зæ гъы Æ фсатийæ н:

— Мæ цæ хх, мæ кæ рдзын хæ ларæ й фæ дæ ттын, алчи мыл уый тыххæ й джитæ нтæ [9] фæ кæ ны, фæ лæ мын дæ цæ ст иу кусæ рттаг никуы бауарзта, уый тыххæ й дæ мæ хицæ н сугласæ г æ мæ æ ртгæ нæ гæ й уромын.

Æ фсати баззади Суамæ кусæ гæ й. Едыссæ зæ гъы Уациллайæ н:

— Æ з дæ умæ рагæ й мæ сты дæ н. Хоры куыст кæ нын æ мæ дæ кæ д бафæ нды, кæ ннод мæ хортæ бампылын кæ ныс, кæ нæ сæ их ныццæ гъды. Ныр дæ хъуамæ хуымгæ нæ г æ мæ хуымласæ г скæ нон мæ дзыгуын галтыл.

Уацилла баззади кусæ гæ й Едыссæ мæ.

Фарнæ г зæ гъы:

— Рагæ й дæ м мæ сты дæ н, Фæ лвæ ра, æ з фосы куыст кæ нын. Кæ д дæ у бафæ нды, уæ д мæ фос дыгæ йттæ ныййарынц, кæ ннод та иугай хæ дмæ лтæ, кувынæ н чи нæ бæ ззы, ахæ мтæ. Ныр мын рæ гъаугæ с æ мæ уæ лыгæ сæ й кусдзынæ.

Фæ лвæ ра дæ р кусæ гæ й баззади Фарнæ гмæ.

Хæ тгар зæ гъы Тутырæ н:

— Ды мемæ гуыппытæ й фæ хъазыс дæ боны. Тутыры хъулæ й [10] дæ цæ ст кæ мæ н фæ уарзы, уымæ н æ хсæ згæ йттæ фæ дарыс, иннæ тæ н — ницы æ мæ сыл фæ худыс. Дæ нывонд галы нæ аргæ встон, фæ лæ мын кусдзынæ къуымæ лдуцæ г æ мæ хыссæ гæ нæ гæ й мæ масты тыххæ й.

Тутыр дæ р кусгæ йæ баззади Хæ тгармæ.

Уæ д Уадæ г зæ гъы Галæ гонæ н:

— Ды дæ сарагъы хъуынтæ й фæ ндыр цагътай æ мæ дын сæ ныр адæ мæ н фæ ндыр скæ нон, амæ й фæ стæ мæ лæ джы сæ р даст уæ д æ мæ уымæ й фидауæ д, кæ нæ та кары заманы сæ рыхъуын ивзигæ [? ] кæ нæ д.

Галæ гоны сæ р радаста Уадæ г æ мæ дзы фæ ндыр скодта æ мæ йæ схуыдтой хуыйы сæ р, ома Галæ гоны сæ р хуыйы сæ ры хуызæ н у. Галæ гон Уадæ гмæ баззади донхæ ссæ г æ мæ хæ дзарсæ рфæ гæ й. Ахст бардуæ гтæ хъуыды кодтой æ мæ дзырдтой: «Ай ныл цы ’рцыди, мах нæ нывонд фосы агурæ г æ рцыдыстæ м, адон та нæ сæ хицæ н кусæ г скодтой. Хуыцау нын æ й нæ ныббардзæ ни. Æ вæ ццæ гæ н сæ хынджылæ гмæ кæ й хъавыдыстæ м, уый бамбæ рстой æ мæ нын ахæ м ми дæ р уымæ н бакодтой. Хуыцауы раз фидиссаг фестæ м æ мæ йæ цурты ныр æ видиугæ [11] цæ удзыстæ м, уæ дæ æ бузыдæ й [12] дæ р ницы сарæ зтам. Зын нын у азымбылæ й [13] цæ уын. Ам бынтон рæ тдзæ стытæ [14] куы кæ нæ м! О, иунæ г Митрæ [15], не ’гъдау нын халæ г ма уæ д!»

Тухæ н кæ нынц бардуæ гтæ Царциатæ м. Уæ д фæ зындысты Уастырджи, Аларды, Сафа æ мæ Рыныбардуаг. Царциатæ бардуæ гты фос аргæ встой æ мæ минас кодтой. Уастырджииты куы федтой, уæ д уырдыг слæ ууыдысты, æ рбадын сæ кодтой. Уастырджи æ мæ йе ’мбæ лттæ уынынц Æ фсати, Уацилла, Фæ лвæ ра, Тутыр æ мæ Галæ гоны тухæ н. Уастырджи зæ гъы:

— Фарн уæ м дзурæ д, Царциатæ, бардуæ гтæ й хорз фæ хынджылæ г кодтат, фæ лæ сæ ныр суадзут, мæ хатыр сын фæ кæ нут æ мæ уын фарсхæ цæ г уыдзынæ н.

Царциатæ ницы сдзырдтой. Сафа дæ р зæ гъы:

— О, кадджын Царциатæ! Бардуæ гтæ й хорз хынджылæ г фæ кодтат æ мæ сæ тыххæ й ауадзут, уæ бынат уын уый тыххæ й хъæ здыг кæ ндзынæ н.

Царциатæ та ницы загътой. Уæ д Аларды зæ гъы:

Кадылмæ лгæ стут, Царциатæ, бардуæ гтæ й дæ р сымах хынджылæ г фæ кодтат, æ мæ сæ ныр ауадзут мæ н тыххæ й, хуыз сæ нал ис, æ мæ уын уæ кæ стæ рты фыдбылызæ й хиздзынæ н.

Уæ ддæ р та ницы сдзырдтой Царциатæ. Рыныбардуаг сын зæ гъы:

— Уæ ном хъуыст у, Царциатæ, мæ хатырæ й суадзут бардуæ гты, уæ ртæ мæ лæ тдзаг хуыз райстой æ мæ уæ низæ й хъахъхъæ ндзынæ н. Кæ д искуы сæ фат, уæ ддæ р дзы мæ аххосæ й ницы уыдзæ н.

Царциатæ ныхъхъуыды кодтой, сæ кæ рæ дзи фарстой, цы бакæ нæ м, зæ гъгæ.

Суа зæ гъы:

— Махыл Хуыцау ныр рахæ тдзæ ни, диуты ныл бафтаудзæ ни, каджиты [16] ныл сардаудзæ ни, æ рмæ ст нын Уастырджи уыдзæ ни фарсхæ цæ г, Сафа не ’фсадæ г, Алардыйы фæ дзæ хст нæ сабитæ уыдзысты æ мæ Рыныбардуаг та махмæ низ нæ уаддзæ ни. Ауадзæ м ахæ ст бардуæ гты.

Уастырджи зæ гъы ахæ ст бардуæ гтæ й:

— Адон ныр цæ рдтæ й мæ рдтæ м хæ стæ гдæ р сты, сæ къæ хтыл нал лæ ууынц æ мæ сæ Хуыцаумæ чи фæ кæ ндзæ ни.

Царциатæ фæ дзырдтой сæ хæ рæ фырттæ м Базыг æ мæ Æ мбазыгмæ, уыдон бæ рн сæ бакодтой æ мæ сæ уыдон Хуыцаумæ фæ хæ ццæ кодтой. Хуыцау сæ фыдхуызæ й куы федта, бардуаджыты, уæ д сын зæ гъы:

— Чи уæ æ ркодта, уыдонæ й уæ маст уæ ддæ р сисут.

Æ фсати, Уацилла, Фæ лвæ ра, Тутыр æ мæ Галæ гон февнæ лдтой дыууæ æ фсымæ рмæ, Базыг æ мæ Æ мбазыгмæ æ мæ сæ арты афизонæ г кодтой уæ хстытыл. Сæ фыд сын бахордтой æ мæ æ рулæ фыдысты. Уастырджи хъуыддаг бамбæ рста æ мæ зæ гъы:

— Махæ н дæ р ныр цæ уын афон у, Хуыцау нæ м æ нхъæ лмæ кæ сдзæ н.

Царциатæ н арфæ тæ ракодтой æ мæ рацыдысты. Уæ ларвы ма сæ ййæ фтой Базыг æ мæ Æ мбазыджы стæ гдартæ. Уастырджи зæ гъы:

— Уанцон хæ рд нæ уыди, стæ г куыдз дæ р куы нæ уал хæ ры. Хуыцау, ай дæ зонд уыди, ды сфæ нд кодтай Царциаты сафын, æ гæ р карз фæ ндон сын хæ ссыс.

— Уæ дæ амæ й фæ стæ мæ адæ м кæ рæ дзи дзыхы ныхасæ й хæ рæ нт, — зæ гъы Хуыцау, — фидауæ н сын мауал уæ д, æ мæ сæ сæ фты фæ ндагыл ныллæ ууæ нт Царциатæ, сæ ном та æ мбисондæ н баззайæ д.

Фыдæ лгъыст фыдми у. Царциатæ Хуыцауæ й æ лгъыстаг фесты æ мæ сыл рахатти, Æ фсати, Уацилла, Фæ лвæ ра, Тутыр æ мæ Галæ гоны аххосæ й.

Афтæ фæ быцæ у сты бардуæ гтимæ Царциатæ æ мæ сын сæ ном аргæ дæ р нал кодтой Царциатæ. Сæ сæ фт дæ р уыцы быцæ уы æ рцыдис Царциатæ н.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.01 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал