Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Царциатæ Мысырмæ куыд цыдысты






Царциатыл Хуыцау рахаттис æ мæ сæ уæ лæ мæ сыстын дæ р нал уагъта. Сæ хуыссæ нты хуыссыдысты æ мæ хъæ рзыдтой. Къуыри æ ртæ боны æ нæ низ уыдысты, цыппар боны рынчын кодтой. Нартæ сæ м арæ х цыдысты æ мæ дзырдтой:

— Тæ ригъæ д сты мæ лынæ н, исты хос сын хъæ уы.

Нартæ фервыстой алырдæ м, чи цы хос зоны Царциатæ н, уый йæ зæ гъæ д, Нартæ й айсдзæ ни стыр лæ вар.

Ничи йæ ныфс бахаста.

Нартæ стыр куывд скодтой æ мæ сæ лæ вар æ рæ вæ рдтой. Саргъы бæ х æ д уидон, æ д саргъ, нымæ т дæ р йемæ.

Бæ х Мысыры [1] бæ сты хаст уыди. Сынты базыртау сау йæ буар, къаннæ г сæ р, æ лвæ ст гуыр æ мæ рæ сугъд. Куывды уыцы бæ хмæ алкæ й цæ стытæ дæ р сæ хи тыдтой. Бæ хæ й цæ стытæ разылдаис, уый адæ ймаджы къухты не ’фтыди.

Нартæ й иу чызг дард мой скодта, уымæ дæ р фехъуысти Нарты фæ нд. Нарты чызг йæ лæ ппумæ фæ сидти æ мæ йын зæ гъы:

— Абоны бонæ й дæ уæ н бадгæ йæ нæ у, лæ ппу.

Лæ ппу йæ фæ рсы:

— Уæ дæ цы кæ нон?

— Нартæ стыр лæ вар кæ нынц: саргъы бæ х æ д уидон, æ д саргъ, æ д нымæ т, куывд скодтой æ мæ лæ варæ н ахæ мæ н дæ ттынц, Царциатæ н ма хос чи скæ на, мæ лæ тыл лæ уд сты, къуыри æ ртæ боны сæ рæ н вæ ййынц, цыппар боны та мæ лгæ кæ нынц. Уыдон сдзæ бæ хæ н хос ничи зоны мæ нæ й дарддæ р, æ мæ йæ ды хъуамæ саразай.

— Куыд æ й саразон?

— Нарты куывдмæ ацу, зæ гъ сын: «Хос сын æ з скæ нин, Царциатæ фондзыссæ дзæ й мемæ куы рацæ уиккой, уæ д». Уыдон сразы уыдзысты. Сæ сæ рæ нтæ й фондзыссæ дз равзардзысты. Ды сæ акæ н демæ Мысыры бæ стæ м. Мысыры зæ хх пайдайы хос у, фондзыссæ дзæ й фондзыссæ дз уаргъы алы бынатæ й сисдзысты, рахæ ссæ д æ й æ мæ йæ сæ бæ стыл байуарæ д, стæ й алæ мæ ты зæ хх фестдзæ ни, сæ фервæ зт дæ р уæ д æ рцæ удзæ ни. Кæ м-иу срынчын уой фæ ндагыл, уым сæ м сæ ууæ лдæ ф уадз, æ ндæ р ницы.

Нарты хæ рæ фырт абадти бæ хыл æ мæ рацыди Нартæ м. Дардæ й æ рбазынди тыдджыты йасæ й. Йæ бæ хы цæ фхæ дты бынæ й зæ хх гæ ппæ лтæ й хæ рдмæ хаудта æ мæ Нартыл æ мбæ лдысты. Нартæ зæ гъынц:

— Ай цы диссаг у, искуы ма хурбоны сыджыт æ руаргæ дæ р æ рцыдис?

Сатана сæ м дзуры:

— Уый уын Хуыцау уæ куывды фехъуыста æ мæ уæ м æ рвиты æ ххуысгæ нæ джы, фæ лæ йæ м фыд ма сдзурут, фæ лæ йæ бафæ рсут, чи у æ мæ цы бавæ ййы Нартæ н, уымæ й.

Чысыл фæ стæ дæ р тыдджыйы йас далысы бæ рцæ й æ рбазынди æ мæ ахæ м дымгæ сыстади, æ мæ Нарты бæ лæ стæ фæ лдæ хтысты.

Нартæ та зæ гъынц:

— Ай та циу?

Сатана зæ гъы:

— Уыцы æ ххуысгæ нæ г бæ хыл æ рбацæ уы æ мæ бæ хы фындзы хуынчъыты дымгæ у. Фыдæ й йæ м мачи сдзурæ д, æ рмæ ст æ й бафæ рсдзыстут, чи у, кæ нæ Нартæ н цы бахæ ссы, уымæ й.

Рацыди та чысыл рæ стæ г. Далысы йас барæ г дыгæ рдыджы йасæ й æ рбацыди, Нарты хъустæ бакъуырма сты, ахæ м гуыртгуырт цыдис.

Нартæ та ацы хатт дæ р зæ гъынц:

— Цавæ р гуыртт-гуыртт у, нæ хъустæ куыннæ уал хъусынц, уæ д?

Сатана та зæ гъы:

— Хуыцауы æ рбарвитгæ æ ххуысгæ нæ г æ рбахæ ццæ кæ ны æ мæ йæ бæ хы къæ хджы гуыртт-гуыртт у, фæ лæ йæ м фыдæ й мацы сдзурут, æ рмæ ст æ й бафæ рсут кæ цæ й цæ уы æ мæ цы бавæ ййаг у Нартæ н.

Уалынмæ Нарты хæ рæ фырт æ рбахæ ццæ ис æ мæ бæ хæ й цæ рдæ г æ ргæ пп ласта, æ гъдауæ й салам радта куывды адæ мæ н:

— Фарн уæ куывды уæ д, Нартæ!

Нартæ кæ рæ дзи хъусы дзурынц:

— Амæ не ’нгæ сæ й цыдæ р ис, фæ лæ йæ куыннæ зонæ м, чи у, кæ цон у, уæ д мах цæ мæ й зоны?

Фæ стаг хатт зæ гъынц:

— Фæ рнæ йдзаг уай, лæ ппу, æ мæ нæ м хорзæ н цыд фæ уай.

Йæ бæ хы йын айстой, æ рбастой йæ, стæ й йæ æ рбадын кодтой. Уырызмæ г уазæ гæ н æ мбæ лæ ггаг ануазын кодта, рæ вдауæ н цæ стæ нгасæ й йæ м Нартæ ракастысты æ мæ йæ химидæ г хъуыды кæ ны: «Уагæ ры мæ куы зониккой, æ з Нарты хæ рæ фырт дæ н, уæ д та мæ м куыд кæ сиккой?»

Иу рæ гъ та рацыди, Уырызмæ г сыстади æ мæ зæ гъы:

— Мах хæ рд æ мæ нуæ зт мондаджы тыххæ й нæ кæ нæ м ацы куывды. Ацы куывд у Царциаты намысы тыххæ й. Уыдонæ н чи баххуыс кæ на сæ тыхсты, уый айсæ д нæ лæ вар, стæ й Царциатæ м скæ ндзыстæ м сæ ивæ рзынгæ нджыты номæ й цыты куывд. Мæ нуазæ н айсæ д уыцы гуырд, йæ ныфс чи хæ ссы Царциаты фервæ зын кæ нынмæ.

Нарты хæ рæ фырт йæ цæ ст ахаста куывды бадджытыл. Куы ничи стади, уæ д æ рæ джиау сыстадис йæ бынатæ й Нарты хæ рæ фырт æ мæ бацыдис Уырызмæ гмæ, райста нуазæ ны æ мæ зæ гъы:

— Дæ нуазæ н бирæ уæ д, цытджын хистæ р, æ з дæ н æ рхауæ ггаг. Æ з фехъуыстон уæ куывды сæ р цæ уыл у, уый дæ р æ мæ уæ м фæ зындтæ н.

Хæ мыц æ м дзуры:

— Хатыр бакæ н, уазæ г, фæ лæ ахæ м хъуыддаджы дæ ныфс кæ м хæ ссыс, уым нын дæ хи дæ р бацамон. Лæ г хъуамæ йæ хæ рзгæ нæ джы зона.

Нарты хæ рæ фырт зæ гъы:

— Уый раст зæ гъыс, аипп мæ химæ дæ р хауы, фæ лæ æ з æ рцыдтæ н, Нартæ й иу чызджы дæ рддаг мой скодта, æ мæ уый амындæ й.

Нартæ зæ гъынц:

— Уæ дæ нæ ахæ м дæ рддаг мой чи скодта?

Бурæ фарнæ г зæ гъы:

— Æ з æ й æ мбарын, ныр уазæ г кæ мæ й зæ гъы, уый.

— Чи у, кæ мæ й зæ гъы?

Бурæ фарнæ г дзуры:

— Мæ фыды хо дæ рддаг мойгонд у. Айонг рахъомыл уон æ мæ йæ нырма никуы бабæ рæ г кодтон, æ вæ ццæ гæ н, уый лæ ппу у нæ уазæ г æ мæ уæ д нæ хи цард хæ рæ фырт у.

Фæ рсынц лæ ппуйы:

— Нартæ й дæ цы чызг рарвыста, уый цы хуыйны, зæ гъ-ма?

Нарты хæ рæ фырт зæ гъы:

— Йæ ном у Мадыма.

Бурæ фарнæ г сыстади йæ бынатæ й æ мæ ныхъхъæ быс кодта йæ хæ рæ фырты, стæ й зæ гъы:

— Уæ дæ ды нæ хæ рæ фырт дæ. Хатыр бакæ н, кæ й уæ никуы бабæ рæ г кодтон, уый тыххæ й.

Нартæ химидызмæ лд бакодтой, арфæ тæ райдыдтой сæ хæ рæ фыртæ н, сбуц æ й кодтой, стæ й Нарты хæ рæ фырт зæ гъы:

— Гъеныр мын фондзыссæ дз лæ джы Царциатæ й мемæ фæ балц кæ нут.

Нартæ зæ гъынц:

— Фæ лæ уу, афтæ мæ й нæ фервитæ м адæ мы мах.

— Уæ дæ куыдæ й фервитут?

— Мах æ мæ Царциатæ м ис иу æ гъдау. Искуыдæ м цæ угæ йæ, раздæ р æ ртæ хъуыддаджы сæ ххæ ст кæ нæ м.

Нарты хæ рæ фырт фæ рсы:

— Цавæ р хъуыддæ гтæ сты?

Нартæ загътой:

— Раздæ р нæ м кафгæ фæ кæ нынц.

Ныххæ цыдысты симдыл. Нартæ н сæ иу кæ роны сæ хæ рæ фырт æ рхæ цыд, иннæ кæ роныл та Царциатæ ныххæ цыдысты. Симгæ -симын Нарты хæ рæ фырты Нартæ æ мæ Царциатæ фæ йнæ рдæ м айвазынц, фæ лæ йыл йæ кафты фæ къуыхцы кæ ной, уый сæ бон нæ бацис. Сæ хæ рæ фырт-иу сæ кæ рæ дзимæ йæ цонгты тыххæ й æ нгом æ рбалхъывта. Фæ цис сæ симд æ мæ Нартæ й иу зæ гъы:

— Уæ ллæ й-и, лæ ггаг у, фæ лæ ма дын дæ зардмæ дæ р байхъусæ м.

Нартæ æ мæ Царциатæ хъырнгæ кодтой, хæ рæ фырт та заргæ. Цасфæ нды нæ хъырныдтой уыдон, уæ ддæ р Нарты хæ рæ фырты хъæ лæ с тынгдæ р хъуыстис. Ныууагътой зарын æ мæ Нартæ й æ ндæ р лæ г зæ гъы Нарты хæ рæ фыртæ н:

— Хорз арæ хсыс, фæ лæ хъазгæ та куыд кæ ныс, уый нын зæ гъ.

Нарты хæ рæ фырт зæ гъы:

— Фенгæ йæ у.

Тымбыл дойнаг дуртæ æ рбатылдтой Нартæ æ мæ Царциатæ. Хæ рæ фыртмæ сæ радыгай æ хстой, уый сæ иугай æ хста æ мæ сæ фæ стæ мæ æ ппæ рста, иу дуры дæ р зæ хмæ не ’руагъта æ мæ та сыл стых и. Ныууагътой дурæ й хъазын дæ р. Бурæ фарнæ г зæ гъы уæ д:

— Хорз арæ хсыс, нæ хæ рæ фырт, ауадзын æ й хъæ уы.

Царциатæ й фондзыссæ дз барæ джы равзæ рстой æ мæ сæ Нарты хæ рæ фыртимæ баиу кодтой. Нарты хæ рæ фырт йæ фæ ндаг скодта Мысыры бæ стæ м. Фæ цыдысты бирæ бонты æ мæ бирæ æ хсæ вты. Иу ран Царциаты рынчыны рæ стæ г æ рцыди æ мæ сæ бæ хтыл сæ сæ ртæ æ руагътой. Нарты хæ рæ фырт сæ ауыдта, цæ рдæ г æ ргæ пп кодта йæ бæ хæ й. Дзалайæ хуыссæ нтæ акодта зæ ххыл æ мæ Царциаты æ рулæ фын кодта. Æ нæ хъæ н цыппар боны сæ фæ хыгъта сырды фыдæ й Нарты хæ рæ фырт.

Сдзæ бæ х сты Царциатæ æ мæ та араст сты Нарты хæ рæ фыртимæ мысыры бæ стæ м. Æ ппынфæ стаг ныххæ ццæ сты æ мæ та Царциатæ н сæ рынчыны рæ стæ г æ рцыдис. Срынчынтæ сты. Нарты хæ рæ фырт фондзыссæ дз уаргъы скодта Мысыры сыджытæ й, цуан кодта æ мæ Царциаты хыгъта сырды фыдæ й. Царциаты бынты бакодта хурсыфтæ. [2] Алы лæ гæ н дæ р иу сыф йæ быны, иу йæ уæ лæ. Фæ зылдис сæ м æ нæ хъæ н цыппар боны. Сдзæ бæ х та сты Царциатæ æ мæ рараст сты фæ стæ мæ сæ бæ стæ м. Рахæ ссынц Мысыры сыджытæ й фондзыссæ дз бæ х уаргъы. Иу ран æ рулæ фынц талынджы. Фæ лмæ цыд уыдысты æ мæ æ рфынæ йтæ сты. Уæ д сæ м залиаг калм æ рбабырыди æ мæ сæ хъуамæ аныхъуырдтаид. Нарты хæ рæ фыртæ н йæ бæ х ныммыр-мыр кодта. Нарты хæ рæ фырт фехъал и æ мæ ауыдта залиаг калмы. Хæ цынтæ систа йемæ æ мæ йæ амардта. Калмы мард буар ма йæ тæ вдæ й змæ лыди, йæ къæ дзилæ й ратъæ пп ласта æ мæ Царциаты иууылдæ р сыхъал кодта. Царциатæ кæ рæ дзимæ бакастысты.

Нарты хæ рæ фырт сæ м дзуры:

— Тæ рсгæ ма кæ нут, мард у калм.

Царциатæ зæ гъынц:

— Кæ й дæ, уымæ н æ нæ низæ й фæ цæ р, æ вæ ццæ гæ н, фынæ й дæ р нæ бакодтай?

— Калмимæ хæ цгæ кодтон.

— Зыны дыл.

Сыстадысты æ мæ та цæ уынц. Иу доныл сæ хъуыди рахизын. Сæ бæ хтæ батардтой доны, уæ д сæ м доны хуылфæ й дзырдæ уы:

— Дон ма змæ нтут.

Нарты хæ рæ фырт сæ м дзуры:

— Ды донæ н уæ лыйæ дæ, мах — дæ лыйæ, чердæ м æ й змæ нтæ м.

— Уæ ддæ р дон — мæ дон у.

— Омæ дзы немæ ницы хæ ссæ м.

— Уæ бæ хтæ дзы сæ къæ хты ныхсадтой.

— Уый та махмæ нæ хауы.

Сурмæ ахызтысты, афтæ Царциаты бæ хтæ æ ррынчын сты. Царциатæ скатай сты. Нарты хæ рæ фырт фæ рсы, донæ й йæ м чи дзырдта, уый:

— Æ ддæ мæ мæ м рахиз.

— Цы дæ м хизон?

— Нæ бæ хтæ н нын хос скæ н.

— Куы сбон уа, уæ д.

Æ рбабони æ мæ кæ сынц, цы доны æ рбахызтысты, уый разынди туг. Æ рхы сæ р рæ бынæ й бады иу стыр гуымир уæ йыг. Арц йæ ныхмæ дары æ мæ туг кæ лы æ нæ хъæ н комы дзаг. Нарты хæ рæ фырт æ й фæ рсы:

— Цы кæ ныс? Цæ уыл дæ хи марыс? Кæ нæ чи дæ?

Гуымир зæ гъы:

— Æ з дæ н Гуымирты гуымир. Мысыры мæ ликк мын мæ чызджы раскъæ фта æ мæ йæ разы бадын, йæ фæ ндаг ауылты у, фæ лæ уæ хæ дæ г чи стут?

Нарты хæ рæ фырт зæ гъы:

— Æ з мæ хæ дæ г Нарты хæ рæ фырт дæ н, мæ нæ ме ’мбæ лттæ та Царциатæ сты.

— Æ мæ ма Царциатæ й змæ лæ г дæ р ис?

— Ис, фæ лæ мæ нг змæ лæ г сты, кæ д сæ бæ стыл Мысыры зæ ххы сыджытæ й байзæ рой, уæ д сын уый æ вдадзы хос уыдзæ ни æ мæ фервæ здзысты, кæ ннод фесæ фдзысты.

— Кæ д афтæ у, уæ д дзы цæ уылнæ хæ ссут?

— Фондзыссæ дз бæ хуаргъы дзы хæ ссæ м.

Гуымир уæ йыг та зæ гъы:

— Уæ дæ хорз, æ з уын æ ввахсдæ р рæ тты фæ ндаг бацамондзынæ н, æ рмæ ст уæ иу чысыл мæ цуры фæ лæ ууæ д.

Гуымир уæ йыг Царциаты бафтыдта иу комыл æ мæ зæ гъы:

— Ацы комыл цæ ут, мацæ мæ й тæ рсут, уе ’мбал дæ р уæ тагъд баййафдзæ ни.

Царциатæ комы араст сты гуымир уæ йыг таНарты хæ рæ фыртæ н зæ гъы:

— Мæ хъусы-ма ныхъхъæ р кæ н.

Нарты хæ рæ фырт гуымиры хъусы ныхъхъæ р кодта. Уæ д уый йæ сæ р банкъуыста æ мæ зæ гъы:

— Ницы.

— Цæ мæ н зæ гъыс? — фæ рсы Нарты хæ рæ фырт.

— Нарты тугæ й дæ м бирæ нæ й.

— Куы уын загътон, æ з сæ хæ рæ фырт дæ н.

— Уæ дæ уымæ н афтæ дæ, мæ хъæ лæ сы-ма мын дæ кардæ й цæ в.

Нарты хæ рæ фырт Гуымирты гуымиры хъæ лæ сы ныццавта, кард фæ стæ мæ фесхъиудта æ мæ та зæ гъы:

— Ехх, цæ й тынг цæ выс, фæ лæ куыд фæ риссыс дæ хæ дæ г, æ ппын дæ æ хсынчъы тых дæ р куы нæ ис. Уæ д та мын арцæ й мæ тыл ныццæ в.

Нарты хæ рæ фырт гуымиры тыл ныццавта. Уæ д гуымир зæ гъы:

— О, ныр гæ нæ н ис æ мæ дæ бамбарон. Хъус мæ м, Нарты хæ рæ фырт: æ з цасдæ р бадын ам æ мæ мæ хуыссæ г æ рцахста. Мæ туг мæ фæ цыди, уый хъуамæ æ рымбырд кæ нон, уый тыххæ й мæ н хъæ уы афынæ й кæ нын. Ды хъахъхъæ н. Мæ чызджы мын чи аскъæ фта, уый куы æ рбацæ йцæ уа, уæ д мæ сыхъал кæ н, стæ й дæ æ з де ’мбæ лттæ м фæ хæ ццæ кæ ндзынæ н.

— Цæ мæ й базондзынæ н дæ чызджы? — афарста Нарты хæ рæ фырт.

— Мæ чызг ахæ м у, æ мæ кæ д кæ угæ кæ на, уæ д йæ цæ ссыгтæ зæ ххыл цæ ппузыртæ й æ мбæ лдзысты æ мæ дуртæ фæ ддзысты, кæ д худгæ кæ на, уæ д дуртæ сæ химидæ г зилдзысты.

Гуымирты гуымир æ рфынæ й ис, Нарты хæ рæ фырт æ й хъахъхъæ ны. Дзæ вгар фæ хъахъхъæ дта Нарты хæ рæ фырт. Æ хсæ в-бонмæ дæ р лæ ууыди. Уæ д бон æ рбахæ стæ г ис æ мæ кæ уын æ рбайхъуысти, уый Гуымирты гуымиры чызджы раскъæ фтæ уыдис. Чызджы цæ ссыг дуртыл сæ мбæ лы æ мæ дур афады. Базыдта Нарты хæ рæ фырт хъуыддаджы. Арц систа æ мæ йæ Гуымирты гуымиры тылы ныццавта. Гуымир йæ хи аныхта, фæ лæ хъал не ссис. Дыккаг цæ ф æ й ныккодта æ мæ ныффутт ласта, æ ндæ р нæ райхъал ис. Æ ртыккаг цæ ф æ й ныккодта. Гуымир фехъал, йæ цæ стытæ аууæ рста, фæ рсы Нарты хæ рæ фырты:

— Фæ цæ уынц?

— Нæ ма, фæ лæ сын сæ бæ рджытæ хъусын æ мæ уынын.

— Раст зæ гъыс, Нарты хæ рæ фырт, рацæ уы скъæ фæ г, фæ лæ цы нæ вæ ййы, лæ г амæ лын дæ р зоны, уæ д дын уадзын къухдарæ н. Мæ иунæ г чызг дæ у фæ уæ д.

Нарты хæ рæ фырт райста къухдарæ н æ мæ фæ свæ д алæ ууыд. Уæ д æ рбазынди скъæ фæ г. Гуымирты гуымир кæ сы æ мæ чызг кæ уы. Скъæ фæ джы размæ фæ ци, кæ рæ дзийыл сæ хи ныццавтой, хæ цынтæ райдыдтой, кæ рæ дзи уачъитыл аркъауæ хстæ й ныххæ цыдысты æ мæ сæ дыууæ дæ р амардысты. Чызг кæ уын байдыдта. Нарты хæ рæ фырт æ м бирæ фæ касти, стæ й бацыд чызгмæ æ мæ зæ гъы:

— Айс дæ фыды лæ вар, — æ мæ йæ м бадардта къухдарæ н.

Чызг къухдарæ ны базыдта, Нарты хæ рæ фыртæ н зæ гъы:

— Искуы скодтай удыбæ стæ искæ мæ н?

— Кæ мæ н скодтон æ мæ кæ нын, уыдон нæ разæ й сты, фендзынæ сæ.

— Уæ дæ мæ Хуыцау дæ уæ н загъта, фæ лæ мæ фыды марды цы фæ кæ нон?

Нарты хæ рæ фырт дуртæ æ рбатымбыл кодта, зæ ппадз ацарæ зта æ мæ Гуымирты гуымиры уым бавæ рдта. Чызджы чи раскъæ фта, уый та йын йæ разы цыртæ н ныссагъта.

Нарты хæ рæ фырт ракодта чызджы, Царциаты æ рбаййæ фта хаудтæ й зæ ххыл, сæ рынчын афон та уыдис. Нарты хæ рæ фырт зæ гъы чызгæ н:

— Донæ й сæ м зил, æ з та сын исты рацагурон.

Цуаны азгъордта Нарты хæ рæ фырт, сырдтæ амардта, физонджытæ акодта æ мæ сын бахæ рын кодта.

Нарты хæ рæ фырты фæ рцы та Царциатæ расæ рæ н сты. Цæ уынц сæ химæ. Нарты хæ рæ фырт чызгæ н фæ дзырдта йæ фæ ндаджы хъуыддаг. Уæ д чызг зæ гъы:

— Гъеныр мæ уырны, удыбæ стæ гæ нæ г кæ й дæ æ мæ уый тыххæ й фыдæ бон кæ й кæ ныс, уый.

Цæ уынц Царциатæ, цæ уы Нарты хæ рæ фырт дæ р чызгимæ. Дзæ вгар фæ цыдысты æ мæ иу калак хъæ умæ æ рхаудтой. Уыцы хъæ уы ахæ м адæ м цардысты: сæ бæ стыл цæ уæ г сæ кæ д амбылдтаид æ ртæ хатты, уæ д ын æ ртывæ р лæ вæ рттæ кодтой, кæ д цæ уæ г йæ хæ дæ г фембылд уыдаид, уæ д уымæ й æ мбæ лæ ггаг агуырдтой æ ртывæ рæ й. Хъæ уы цæ рджытæ Нарты хæ рæ фырт æ мæ Царциатыл зæ рдиагæ й сæ мбæ лдысты. Фынгтæ сын сæ размæ, фæ ндагмæ рахастой, æ мæ сæ хыгътой. Хорз сæ федтой, стæ й калак хъæ уы хистæ р фæ рсы æ рцæ уджыты:

— Кафын уæ нæ фæ нды?

— Цæ уылнæ, æ фсæ ст гуыбын кафын, кæ нæ зарын, кæ нæ хъазын агуры.

Нарты хæ рæ фыртæ н иу зæ ронд йæ хъусы дзуры:

— Кыс, кыс, чысыл мæ фæ саууонмæ рауай.

Нарты хæ рæ фырт хи хъуыдыйы æ фсон рауади. Уæ д æ й зæ ронд ус фæ рсы:

— Чи дæ? Кæ цæ й дæ?

— Дæ н Нарты хæ рæ фырт.

— О, дæ фæ хъхъау фæ уон. Нарты хистæ р мемæ лымæ н уыди. Фæ дзæ хсын дæ кафтмæ, йе зардмæ кæ нæ хъазтмæ куы цæ уай, уæ д-иу цæ уæ д уе ’ппæ ты тыххæ й æ мæ хуыздæ р азарут, ма фæ сайды ут.

Нарты хæ рæ фырт бузныг загъта усæ н. Рацыди йе ’мбæ лттæ м. Уæ д ныххæ цыдысты кафтыл. Калак хъæ уы цæ рджытæ сæ хуыздæ ртæ й дыууæ йы равзæ рстой. Нарты хæ рæ фырт та Царциаты номæ й рацыди кафынмæ. Дыууæ кафæ джы æ хсæ н ныххæ цыди. Уыдон æ й сайæ н-майæ нтæ й æ лхъывдтытæ кодтой. Нарты хæ рæ фырт, цыма сæ хъуыды дæ р нæ кодта, уыйау йæ сæ р бæ рзонд дардта. Сæ къæ хтыл сын-иу фæ лæ ууыди æ мæ сын сæ къахкъухты сдондæ ппалтæ кодта. Дондæ ппалтæ аскъуыдысты æ мæ скъуылыхтæ сты. Калак хъæ у сæ кафджыты къулыхæ й куы федтой, уæ д загътой:

— Фембылды стæ м.

Фæ ци кафт. Ныр та дыууæ къалосджын лæ ппуйы равзæ рстой хъæ у зарынтæ. Нарты хæ рæ фырт сæ астæ у ныллæ ууыди. Уыдон ныззарыдысты Нарты хæ рæ фырты хъусты, фæ лæ сæ хъуыды дæ р не ’ркодта. Уæ д Нарты хæ рæ фырт ныццæ лхъ ласта куы иуы, куы иннæ йы хъæ лæ сы æ мæ сæ хъусты тæ гтæ фæ къуырма сты. Нарты хæ рæ фырт-иу йæ зард ныллæ г куы æ руагъта, уæ д-иу уыдон та сæ хъырндæ й фæ дзæ гъæ л сты. Калак хъæ уы адæ м та зæ гъынц:

— Фембылды та стæ м.

Зард дæ р фæ цис æ мæ хъазыныл ныллæ ууыдысты. Нарты хæ рæ фырт йæ хæ дæ г, калак хъæ уы адæ мæ й авд бæ дæ йнаджы [3] кæ рæ дзимæ дойнаг дуртæ æ хстой. Нарты хæ рæ фырт, авдæ й цас дуртæ æ ппæ рстой, уыдоны ахста æ мæ сæ цырд фæ стæ мæ аппæ рста. Дур дуры æ ййафта æ мæ калак хъæ уы лæ ппутæ нал арæ хстысты дурты æ хсынмæ æ мæ сын зæ хмæ хаудтой. Калак хъæ уы адæ м та загътой.

— Ноджы та фембылды стæ м.

Калак хъæ уы хистæ р зæ гъы:

— Фембылды стæ м æ мæ уын æ ртывæ р лæ вар кæ нæ м. Нарты лæ г рæ гъауæ н — къæ бæ лдзыг уæ лдзæ рмттæ худтæ н. Сæ ус рæ гъауæ н — хуысар хъуымац разкъæ рттытæ н [4] æ мæ сæ сывæ ллæ ттæ н мах номæ й — зæ лдаг сгæ ллад хъуымац хæ дæ ттæ н.

Царциатæ æ мæ Нарты хæ рæ фырт сын арфæ ракодта æ мæ рацыдысты. Бирæ фæ цыдысты сæ фæ ндагыл, уый бæ рц дæ р сæ нал хъуыди æ рхæ ццæ мæ, афтæ та Царциатæ рарынчын сты. Нарты хæ рæ фырт æ мæ чызг та сæ м зилын байдыдтой, цалдæ р боны сæ æ нæ ркастæ й нæ ныууагътой, æ мæ та фæ сæ рæ н сты. Араст та сты æ мæ цæ уынц. Хур асадæ н [5] кодта, уæ д æ рхæ ццæ сты Нартæ м. Нартæ скад кодтой Царциатæ æ мæ сæ хæ рæ фыртæ н. Мысыры сыджыты байзæ рстой, уæ д сæ бæ стыл Царциатæ. Сæ хистæ ртæ й иу Суа хуынди. Суа сæ суадæ тты цур байзæ рста сыджытæ й æ мæ дзы суæ рттæ равзæ рди, уæ дæ й фæ стæ мæ Царциатæ суæ рттæ нуæ зтой.

Царциатæ н æ лутоны хос фæ цис Мысырæ й æ рхæ сгæ сыджыт, сæ хуымтæ уæ лдай æ фсир уагътой, сæ уыгæ рдæ нтæ хуыздæ р зайын райдыдтой. Уæ дæ й фæ стæ мæ та Царциатæ фæ сæ рæ н сты æ мæ нал рынчын кодтой.

Нартæ м æ рхастой хуынтæ Царциатæ æ мæ Нарты хæ рæ фырты номыл скодтой стыр куывд. Нартæ дæ р сæ хæ рæ фыртæ й куыннæ ныббузныг уыдаиккой æ мæ Нарты хæ рæ фырт Нарты адæ мæ н цы лæ вæ рттæ æ рхаста калак хъæ уæ й, уыдон ын йæ хицæ н балæ вар кодтой. Стыр чындзæ хсæ в дæ р ма йын скодтой æ мæ йæ кадимæ лæ вар бæ х æ д саргъ, æ д идон, æ д нымæ т арвыстой йæ бæ стæ м.

Зæ гъынц, зæ гъгæ, Едысы дæ р Мысыры сыджыт ис æ мæ дзы бирæ суæ рттæ уымæ н ис.

49. Царциаты митæ

Царциатæ фыдуаг митыл сагъуыдысты. Нал Хуыцауы зыдтой, нал дзуары мысыдысты, нал зæ ххон цæ рджытæ м хъуыстой. Ахæ м никæ йуал ныууагътой, тых кæ мæ н нæ бакодтой. Алчи дæ р сæ м мæ сты райдыдта æ мæ бадзырдтой:

— Царциаты сагсур лæ ппутæ н усаг мачиуал раттæ д.

Нал Донбеттыртæ, нал æ рвон цæ рджытæ, нал зæ ххон адæ м — ничиуал сын лæ вæ рдта чызг чындзæ н. Царциатæ усгур кæ мæ бацыдаиккой, уыдон-иу сыл сæ хи асчъил кодтой, рæ стмæ сæ м нал кастысты, былысчъилтæ сыл кодтой. Царциатæ бæ ргæ мæ сты кодтой. Уæ д иуахæ мы сæ ныхасы æ рæ мбырд сты æ мæ дзурынц:

— Нæ мыггаг скъуыйдзæ ни, чызг нын чындзæ н ничиуал дæ тты. Цы ма стæ м, уыдон дæ р кæ дмæ цæ рдзыстæ м, нæ фæ стаг хынджылæ гмæ цæ удзæ ни. Исты нæ æ рхъуыды хъæ уы.

Суа зæ ндджын лæ г уыди, афтæ зæ гъы:

— Фыдмитæ æ гæ р фæ кодтам æ мæ нын æ й нæ барынц. Хуыцау нæ м смæ сты ис, рахатти ныл, фæ лæ зынг зæ гъынæ й ком нæ судзы. Цæ мæ й нæ гаччы сбадæ м, уый тыххæ й гæ ды ныхас нæ хъæ уы. Зонут, гæ ды ныхасæ й нæ й уаг ссарæ н. Зæ рдыл æ й дарут: рæ стаджы ныхас дæ у тагъд ссардзæ н.

Едыссæ дæ р зæ гъы:

— Гæ ды ныхас мах нæ хъæ уы, уымæ й хъуыддаг нæ рæ зы, сæ фты нысан у. Гæ ды дзырд рæ гъмæ ничи фæ хæ ссы, сæ фты нысан у. Чи йыл баууæ нда, уый маст æ рхæ ссы.

Хæ тгар дæ р загъта:

— Мамми йæ хицæ н куы ницы зоны, ма йæ бафæ рсæ м. Фæ лтау æ й уадзут, кæ нæ м ыл хъоды.

Фарнæ г дæ р æ рбаппæ рста йæ ныхас:

— Маммийы уадзут, хъæ рзæ д йæ низты, не сафæ г уый у. Æ рхъуыды кæ нæ м нæ хæ дæ г исты.

Уадæ г дæ р нал фæ лæ ууыди æ мæ зæ гъы:

— Æ з уæ кæ стæ р кæ м дæ н, уым зæ гъын мæ фæ нд: нæ хи бынтондæ р уæ здан скæ нæ м, фæ смон кæ й кæ нæ м, уый æ фсонæ н сæ куывдмæ æ рхонæ м.

Уадæ джы фæ ндон сæ зæ рдæ мæ фæ цыди Царциатæ н æ мæ зæ гъынц:

— Фехъусын кæ нæ м уæ ларвмæ, Донбеттыртæ н, зæ ххон цæ рджытæ м: фæ смон кæ нæ м не ’взæ рдзинæ дтыл, нæ къух сыл исæ м æ мæ уый тыххæ й куывд кæ нæ м къуырийы дæ ргъы æ мæ нæ м æ рцæ уæ д чызгæ й, лæ ппуйæ. Хорз сæ фæ хынцдзыстæ м, дисæ н нæ куыд ахæ ссой. Хъабахъ сын фехсын кæ ндзыстæ м, стæ й нын сæ хæ дæ г дæ тдзысты чызджытæ.

Æ рымысыдысты Царциатæ куывд кæ нын. Авд къуырийы сæ хи фæ цæ ттæ кодтой, нал искæ мæ бырстой, нал лæ бургæ кодтой, нал тыхæ й цыдысты, нæ хъыг искæ й бадардтой, никæ мæ мæ сты кодтой. Сæ дзуары ном дæ р ссардтой, Хуыцауæ н дæ р йæ ном ардтой, къæ ссавæ лдæ хт [1] фесты. Дис сыл кодтой, стæ й фехъусын кодтой Царциатæ:

— Куывд кæ нæ м æ мæ нæ м æ рцæ ут хионæ й, хицонæ й, æ мбалæ й, хæ ларæ й, хæ рамæ й, никæ й бахъыгдардзыстæ м.

Арвы нæ рдау ахъæ р и Царциаты æ рхуынд. Алчи йæ хи цæ ттæ кодта куывдмæ. Ралæ ууыди куывды бон. Алырдыгæ й сæ м цæ уынтæ систой. Уыйбæ рц куывдон адæ м æ рæ мбырди Царциатæ м æ мæ сæ зæ хх тыххæ й урæ дта. Царциатæ алкæ уыл дæ р æ мбæ лдысты кад æ мæ радæ й, цин кодтой уазджытыл, æ мбæ лдысты сыл худгæ йæ, хъæ быстæ сæ кодтой. Фæ йнæ рдыгæ й арфæ тæ цыдысты. Æ рхонгæ адæ м дывæ лдæ хтæ й [2] рабадтысты, Царциатæ сæ м хæ лар цæ стæ й ракастысты æ мæ уазджытæ сæ хи хъæ лдзæ гæ й дардтой.

Суа кувæ г уыди, сыстади æ мæ зæ гъы:

— Ацы куывды æ вæ рæ м æ ртæ хуызы хъабахъ: иу — хæ рдмæ, иннæ — донмæ, æ ртыккаг — лæ джы сæ рмæ. Хъабахъ чи рамбула, уый номыл уыдзæ ни гаджидау æ мæ лæ вæ рттæ.

Æ рхонгæ адæ м базмæ лыдысты. Уæ ларвон цæ рджытæ хъабахъæ хсæ гæ й равзæ рстой Уациллайы. Донмæ æ хсæ гæ й равзæ рстой гыццыл Чехы, зæ ххон адæ м та равзæ рстой Царциаты хæ рæ фырт Хуройы.

Фыццаг хъабахъ фехстой хæ рдмæ. Уацилла йæ м ныхъхъавыди, фехста йæ, фæ цæ ф æ й кодта. Уациллайы номыл рацыди гаджидау æ мæ райста лæ вæ рттæ.

Дыккаг хъабахъ фурдмæ баппæ рстой. Хъабахъы фурды уылæ нтæ раппар-баппар систой, Чех æ й фехста æ мæ йæ фæ цæ ф кодта. Уый номыл дæ р гаджидау рацыди, райста лæ вæ рттæ дæ р.

Æ ртыккаг хъабахъ уыдис лæ джы сæ рмæ. Хæ тгар йæ сæ рыл айк æ рæ вæ рдта æ мæ дзуры:

— Йæ ныфс чи хæ ссы, уый йæ фехсæ д.

Иууылдæ р ныссабыр сты уазæ гæ й, фысымæ й. Царциаты хæ рæ фырт Хуро рахызти размæ æ мæ йæ м ныхъхъавыди. Фехста йæ, айк фæ тахти Хæ тгары сæ рæ й. Лæ гæ н ницы уыди. Дис сæ м фæ касти Хуройы æ хст, гаджидаутæ йæ номыл рацыдысты æ мæ райста лæ вæ рттæ. Уазджытæ хъуыды кæ нынц: «Царциатæ нын цыдæ р хин ми кæ нынц».

Уæ д Уацилла систа нуазæ н æ мæ зæ гъы:

— Царциатæ, мах абон бузныг стæ м уæ хорздзинадæ й. Абон куывдмæ махæ й цы сылыстджытæ æ рцыдис, уыдонæ н бар ис равзарой сæ хицæ н Царциаты лæ ппутæ й къайæ гтæ. Царциатæ кæ д фыдмитæ кæ нынц, уæ д бæ згæ дæ р кæ нынц.

Царциатæ Уациллайæ фæ бузныг сты æ мæ бирæ тæ сæ хицæ н къайæ гтæ сæ взæ рстой. Уæ д Чех сыстади æ мæ зæ гъы:

— Царциатæ фыдмитæ бирæ фæ кодтой æ мæ сын барст уæ д сæ абоны æ гъдауæ й. Донбеттыртæ й мемæ цы сылыстæ г рацыди, уыдонæ н бар ис æ мæ сæ хицæ н равзарой къайæ гтæ Царциаты фæ сивæ дæ й.

Уымæ й дæ р та Царциатæ фæ бузныг сты.

Зæ ххон цæ рджытæ й иу гуымиры сыстади æ мæ зæ гъы:

— Фыдбылыз митæ фæ кодтой Царциатæ, фæ лæ сын барст уæ д сæ абоны æ гъдауы тыххæ й. Немæ махæ н цы сылыстæ г чызджытæ æ рцыди, уыдонæ н бар ис æ мæ равзарой сæ хицæ н къайæ гтæ Царциаты фæ сивæ дæ й.

Уымæ й дæ р та фæ бузныг сты Царциатæ æ мæ алчи йæ хицæ н къайаг ссардта.

Уæ д Царциаты куывд æ хсæ ны чындзæ хсæ вмæ рахызти, æ нæ хъæ н къуыри сын ахаста æ рхонгæ адæ мæ н. Кафт æ мæ зардæ й бæ стæ сæ сæ рыл хастой. Æ рвон цæ рджыты зарджытæ м мæ ргътæ кафынтæ систой, алы æ взагæ й уасыдысты. Зæ ххон цæ рджыты зарджытæ м та сырдтæ гæ ппытæ систой фырцинæ й. Донбеттырты зарджытæ м та кæ фтæ хæ рдмæ схъиудтытæ кодтой æ мæ цины хæ лбурцъытæ уагътой. Царциатæ н сæ хи зардмæ цъититæ тайгæ кодтой, хуыскъ бæ лæ стæ сыфтæ р æ ппæ рстой, зæ хх дидинæ г фестади.

Рацыди къуыри. Царциатæ æ вдгай нуазæ нтæ рауагътой сæ уазджытыл, бæ стæ цинты ныгъуылди, кæ рæ дзийæ н хъæ быстæ æ мæ пъатæ гæ нæ г систы, стæ й уазджытæ сæ хæ дзæ рттæ м фæ цыдысты.

Дыккаг бон уæ ларвы цæ рджытæ сæ куывдонты фæ рсынц:

— Уæ дæ нæ чызджытæ кæ м сты?

Куывдонтæ зæ гъынц:

— Царциатæ м чындзы фæ цыдысты.

Фурды цæ рджытæ дæ р сæ куывдонты фæ рсынц:

— Нæ чызджытæ нын цы фæ кодтат?

Куывдонтæ зæ гъынц:

— Царциаты лæ ппутæ й смæ йттæ кодтой.

Зæ ххон цæ рджытæ дæ р фæ рсынц:

— Нæ чызджытæ цы фесты?

Куывдонтæ зæ гъынц:

— Дæ лæ Царциаты чындзытæ баисты.

Уæ д се ’ппæ т дæ р бамбæ рстой, Царциатæ сыл хинæ й рацыдысты, уый. Сæ бон исты зæ гъын дæ р нал уыди, сæ чызджытæ тырдзæ фтæ уыдысты æ мæ бафидыдтой Царциатимæ, схæ лар та сты, фæ стагмæ уыцы хæ лары уыдзæ ни сæ сæ фт Царциатæ н дæ р.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.041 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал