Студопедия

Главная страница Случайная страница

КАТЕГОРИИ:

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Царциаты сæфт






Царциатæ ахæ м рауадысты æ мæ нал Хуыцауы зыдтой, нал дзуарæ н куывтой, сæ хиуыл фæ хæ цыдысты. Никæ мæ н баргæ кодтой, никæ й нымайгæ кодтой. Хуыцау сæ м æ рæ рвыста:

— Цы кæ нут, Царциатæ, цæ мæ н фыдæ х хæ ссут, æ ви уын æ рхъуыдыйы аккаг дæ р нал дæ н?

Царциатæ загътой:

— Мах нæ хицæ н Хуыцау дæ р стæ м, мах нæ хицæ н æ ппæ т дæ р стæ м, бирæ хорздзинадæ й нын хай ницы бакодтат, уæ хорздзинады тæ ххæ й махæ й дывæ р хорздзинад фæ хъæ уы. Искуы нын уæ хи иу хатт уæ ддæ р куы равдисиккат.

Хуыцаумæ хъыг фæ кастысты Царциаты ныхæ сты æ мæ сын фыддæ рагæ н митæ байдыдта. Сæ бæ х байраг нал ардта, сæ хъуг рæ уæ д нал ардта, сæ фысæ н уæ рыкк нал цыди, сæ дугъонтæ дугъы нал фæ рæ зтой, иуыл сын кæ лгæ кодтой.

Царциатæ зæ гъынц:

— Атæ ппæ т Хуыцауы фæ ндæ ттæ сты. Цыфæ нды нын кæ нæ д, ма басæ ттæ м, цалынмæ нын йæ хи иу æ вдыст нæ ракæ на, уæ дмæ.

Хуыцау та фыдохдзинад æ мæ йæ азардзинад фæ фылдæ р кодта. Царциатæ н фос цæ уæ т кæ нын куы нæ уал уагъта, уæ д Царциатæ фыддæ р бырсын байдыдтой, фос никæ мæ н уагътой, истой тыхæ й æ мæ се ’ххормагдзинады сафтой.

Уæ д та Хуыцау дæ тты басур кодта, ома Царциатæ дойныйæ мæ лдзысты, ома кæ д басæ ттиккой. Уымæ й дæ р та ницы рауад. Загътой Царциатæ:

— Цыфыддæ р митæ кæ нæ д Хуыцау, ма басæ ттæ м.

Царциатæ доны бæ сты туг нуазын байдыдтой æ мæ сырх уадул кæ нын райдыдтой, сæ хи доныхуыппы та сæ фосæ н лæ вæ рдтой.

Хуыцаумæ та ацы хъуыддаг дæ р æ ркасти хъыг æ мæ сын сæ хуымты æ хсæ в кæ рдинаг кодта, боны та цъæ х æ взар уагътой.

Царциатæ загътой:

— Дыууæ хатты Хуыцауы бон нæ баци нæ басæ ттын, ма басæ ттæ м ныр дæ р.

Саджил фатфындзтæ [1] аразын байдыдтой æ мæ -иу æ хсæ выгон сæ хуымтæ м рацыдысты Царциатæ, саджил фатфындзтæ й æ фсиртæ æ хстой æ мæ уымæ й цардысты.

Хуыцауы бон та æ ртыккаг хатт дæ р нæ бацис Царциаты басæ ттын. Уæ д сыл стыр азар скæ нын кодта, азар Царциатыл низ бафтыдта æ мæ Царциатæ н сæ устытæ ницы аххосæ й сывæ ллон нал ардтой, ныххуысчъытæ сты.

Царциатæ тынгдæ р смæ сты сты. Хуыцауы ныхмæ сæ дуæ рттæ бæ рзонд скодтой, зæ гъгæ, кæ ннод Хуыцау зæ гъдзæ ни, нæ хæ дзæ рттæ м цæ угæ йæ æ мæ нæ хæ дзæ рттæ й цæ угæ йæ нæ сæ р Хуыцауæ н фæ гуыбыр кæ нæ м æ мæ йæ хицæ й ныббуц уыдзæ ни.

Хуыцаумæ уый фыддæ р хъыг æ ркасти. Царциатыл рын бафтыдта, уæ ддæ р нæ састысты. Рынимæ дæ р хæ цыдысты. Уæ д сыл Зынджы бардуаджы бафтыдта ноджы æ мæ сыл уый арт суагъта. Царциатæ н сæ фылдæ р басыгъди. Сæ бон цалынмæ уыди, уæ дмæ æ вæ рдтой мæ рдты сæ зæ ппæ дзты, фæ лæ зæ ппæ дзтæ мардæ й байдзаг сты.

Царциатæ ингæ нтæ къахын байдыдтой. Бонæ й æ вæ рдтой къæ й, фæ рстæ м дæ р афтæ, уæ лийæ дæ р къæ й, стæ й та уый уæ лæ дæ р мард йæ алывæ рсты къæ йтæ æ вæ рдтой, æ мæ та уый уæ лæ дæ р къæ й æ вæ рд, афтæ мæ й-иу иу ингæ ны дæ с-фынддæ с зианы кæ рæ дзи уæ лæ æ вæ рдтой, се ’хсæ н къæ йтæ уыдаид, цыдис [2].

Боны фæ стагмæ Царциатæ н сæ бон ныгæ нын нал уыдис æ мæ -иу мæ рдты фæ рсæ вæ рд [3] акодтой, стæ й сыл иу фæ лтæ р сыджыт æ ркалдтаиккой æ мæ та ногæ й мæ рдты фæ рсæ вæ рд ракодтаиккой æ мæ та сыджыты фæ лтæ р ногæ й, афтæ хуызы се ’ннæ æ рдæ г ныгæ д цыди Царциатæ н [4].

Чи ма сæ баззади, уыдон уæ ддæ р нæ састысты. Уæ д сыл зæ хх фегом ис Хуыцауы зондæ й æ мæ сыл стыр лæ сæ н рацыди [5]. Лæ сæ н тæ вд лами æ мæ тæ вд дуртæ йæ разæ й ласта. Чи ма уыди Царциатæ й, уыдоны лæ сæ ны быны кодта. Сæ мыггаг аскъуыди Царциатæ н. Фæ йнæ рдæ м ма лыгъдысты, фæ лæ сыл тæ вд дон лами сыджытимæ калдис æ мæ куынæ г кодтой, мыггагыскъуыд фесты Царциатæ. Цалдæ рæ й ма аирвæ зтысты Царциатæ. Уыдон уыдысты Едыса æ мæ йæ авд фырты. Едысайы авд фырты иу ададжы куыд лыгъдысты, афтæ сыл дуртæ ракалдысты æ мæ фесæ фтысты. Уыйадыл уыцы ададжы схуыдтой «Лигдонат» [6], ома лидзæ г æ фсымæ рты бынат. Едыса аззади иуварс æ мæ загъта:

— Мах сæ фæ м, фæ лæ нæ ном ам баззайæ д. Уыйадыл Едыса кæ дæ м балыгъди, уыцы тъæ пæ н бынаты схуыдтой Едысайы номыл — Едыс [7], ныртæ ккæ Едыс цы хъæ у ис, уыцы бынат.

Фесæ фтысты уыйадыл Царциатæ. Хуыцау сын йæ хи уæ ддæ р нæ равдыста, сæ ном баззади Едысы хъæ уы. Ныр дæ р сæ цæ рæ н бынат «калактæ» [8] хуыйнынц.

59. Царциаты сæ фт (вариант)

Царциатæ Едысы калачы [1] цардысты. Уыдон уыдысты уæ йгуытæ æ мæ Нарты рæ стæ джы. Царциатæ тынг фыдуаг уыдысты. Хæ цыдысты Нарт æ мæ уæ йгуытимæ. Хæ тæ нтæ м сæ м хæ цынмæ цыдысты. Уæ йгуытæ цардысты Едысы уæ ллаг фарс, Царциатæ та Едысы къуылдымыл.

Нарт æ мæ уæ йгуытæ Хуыцауимæ лымæ н уыдысты, сæ ныфс нæ хастой Царциатимæ хæ цын æ мæ æ дзухæ й куывтой Хуыцаумæ:

— Хуыцау, Царциаты фесаф!

Нæ фæ ндыди Хуыцауы Царциаты фесафын, фæ лæ уыдон афтæ фыдуаг рауадысты æ мæ Хуыцауы дæ р ферох кодтой, сæ дзуæ рттæ н дæ р ныууагътой. Уæ д дзуæ рттæ й, Хуыцауы номыл чи уыд, уыдон дæ р Хуыцаумæ хъаст кодтой Царциаты тыххæ й, зæ гъгæ, мах дæ р ферох кодтой.

Уыйадыл Хуыцау смæ сты ис Царциатæ м.

Царциатæ м нал хор, нал хос зайын кодта. Хос-иу куы ныккарстой, уæ д сын-иу æ й дымгæ фæ хастаид.

Царциатæ уæ д сæ гутон æ фсæ нæ й раивтой зæ ххы бындзарыл дæ р къæ хтæ й æ мæ сæ бырст фæ йнæ рдæ м фæ тынгдæ р кодтой. Сæ уæ лкъæ сæ ртæ бæ рзонд скодтой, кæ ннæ уæ д, дам, Хуыцау æ нхъæ л уыдзæ н сæ сæ рæ й мæ нæ н кувынц, зæ гъгæ.

Хуыцау тынгдæ р смæ сты ис æ мæ сæ бынтон сæ фыны фæ нд скодта. Хъуг сын рæ уæ д нал ардта, фыс — уæ рыкк, сæ хуымтæ бон цъæ х æ взар уагътой, æ хсæ в та кæ рдинаг кодтой.

Царциаты хистæ р Едысо хуынди, уый зæ гъта:

— Мах сæ фты къахыл лæ ууæ м, фæ лæ ам нæ ном баззайæ д.

Уыйадыл Едысы хъæ у баззади Едысойæ, ома Царциаты номæ й. Уæ д Царциатæ хæ сгарды хуызæ н саджил æ фсæ йнаг дардтой фаты бырынкъыл æ мæ -иу æ й фехстой хоры æ фсиры. Гъе уый-иу цы алвыдта хоры æ фсирæ й, уымæ й цардысты.

Царциатæ сæ фосы хæ рд фесты æ мæ сыдæ й скъуыйын байдыдтой. Чи ма сæ аззади, уыдоныл та мит ныууарыд æ мæ сæ фесæ фта.

Афтæ мæ й Царциатæ й змæ лæ г нал баззади. Абон дæ р цъитийæ лæ ууынц. Царциатæ н ма сæ хæ дзæ ртты систæ Царциаты уæ зæ гыл лæ ууынц пырхытæ æ мæ кæ лдтытæ й. Сæ мæ рдтæ дæ р сæ уæ зæ гыл ныгæ д сты. Куы сæ къахтой, уæ д дзы разыны Царциаты стæ гдартимæ сæ сылгоймæ гты бирæ фæ рдгуытæ, усы къухдарæ нтæ, бурæ й цонджы сахсæ нтæ.

Царциатæ Хуыцауы ницæ й сæ фт сты. Едысæ гтæ н-иу хур рæ стæ г куы хаста, уæ д-иу Царциаты мæ рдты скъахтой æ мæ -иу уæ д æ нæ скъæ вдайæ н хос нæ уыди.

60. Царциатæ куыд фесæ фтысты (вариант)

Царциатæ Едысы калачы цардысты. Ныр дæ р ма сæ хæ дзæ ртты систæ Царциаты уæ зæ гыл амадæ й лæ ууынц, сæ мæ рдтæ дæ р уым ныгæ д сты æ мæ сæ куы скъахынц, уæ д дзы разыны фæ рдгуытæ, усы къухдарæ нтæ, бурæ й цонджы сахсæ нтæ, æ ндæ р сæ м ахæ м ницы зыны.

Цардысты Нарт æ мæ уæ йгуыты рæ стæ джы. Нарт фæ схох уыдысты, уæ йгуытæ та ам, ныр дæ р сæ галуан Ходзы [1] цур ис «Уæ йгуыты галуан».

Уыдысты тынг фыдуаг адæ м. Хæ цыдысты Нарт æ мæ уæ йгуытимæ, хæ тæ нмæ сæ м хæ цынмæ цыдысты. Царциатæ афтæ фыдуаг æ мæ тыхджын уыдысты æ мæ Хуыцауы дæ р ницæ мæ дардтой, кувгæ дæ р ын нал кодтой. Сæ къæ сæ ртæ бæ рзонд скодтой, кæ ннод, зæ гъгæ, Хуыцау афтæ зæ гъдзæ н: «Сæ сæ рæ й мын кувынц». Нарт æ мæ уæ йгуытæ та Хуыцаумæ хъаст кодтой, куывтой йæ м: «Хуыцау, Царциаты фесаф».

Раджы-иу хур рæ стæ г куы ахаста, уæ д-иу æ й Хуыцауы æ фсон кодтой æ мæ -иу Царциатæ тыхджындæ р бырсын райдыдтой. Сæ гутон уыдис æ фсæ н, хæ цыдысты фат æ мæ æ рдынæ й. Сæ кусæ нгарз дæ р уыд æ фсæ н, æ мæ сæ фыдуагдзинад нæ уагътой. Уæ д сыл Хуыцау сафыны фæ нд скодта æ мæ Царциатæ н хор нал зади, хъуг сын рæ уæ д нал ардта, фыс-уæ рыкк, сæ хуымтæ -иу бон цъæ х æ взар уагътой, æ хсæ в та-иу кæ рдинаг уыдысты. Царциатæ хæ сгарды хуызæ н саджил æ фсæ йнаг дардтой фаты бырынкъыл æ мæ -иу уый цы алвыдтаид хоры æ фсирæ й, уымæ й цардысты.

Уæ д сæ фос æ ргæ вдын райдыдтой æ мæ сын хæ рд фесты æ мæ сыдæ й аскъуыдысты. Чи ма дзы баззад, уыдоныл та мит ныууарыд, æ мæ сæ уый фесæ фта. Царциатæ й иу Едысо хуындис. Уый загъта: «Мах сæ фæ м, фæ лæ ма нæ ном баззайæ д» æ мæ Едыс баззад Царциаты номæ й. Уый фæ стæ фесæ фтысты, змæ лæ г сæ нал баззад. Уæ дæ й фæ стæ мæ бæ рзонд хæ хтыл мит нал батад æ мæ абон дæ р цъитийæ лæ ууы.

Раджы-иу хур рæ стæ г куы ахаста, уæ д-иу Царциаты мæ рдты скъахтой æ мæ йын уæ д æ нæ къæ вда нæ уыд, ома Хуыцауæ н уый хъыг вæ ййы.

Уæ йгуытæ æ рцахстой Царциаты уæ зæ г æ мæ фезнаг сты Нартимæ. Уæ йгуыты хистæ р Хъамбар уыди, уымæ н йæ усы аскъæ фтой Нарт иу фынæ йы афон. Уæ йгуытæ хæ тæ ны ацыдысты æ мæ дыууæ хохы Схсæ н Нарты размæ бабадтысты. Фæ лæ уæ йгуытыл цыдæ р æ намонды фынæ й бахæ цыд æ мæ -иу иу мæ й фынæ й баисты, иу мæ й та фынæ й нæ зыдтой. Сæ фынæ й афон æ рцыд æ мæ афынæ й сты. Нарт сæ базыдтой æ мæ рахъуызыдысты. Уæ йгуытæ раздæ хтысты фæ стæ мæ æ мæ сыл низ сыстади. Чи ма дзы баззад, уыдон бафынæ й сты. Сæ хъал кæ ныны рæ стæ г æ рцыд, фæ лæ нал райхъал сты æ мæ фесæ фтысты. Сæ мæ рдты сын Царциаты мæ рдтыл баныгæ дтой, иннæ тæ та хурмæ ныссау сты.

Нарт Хъамбары усы сæ хистæ р — Хуройæ н радтой усæ н. Афтæ фесæ фтысты уæ йгуытæ æ мæ Царциатæ. Се стæ гдар ма сын ссарынц Царциаты мæ рдты къахгæ йæ.

ФИППАИНÆ ГТÆ

Царциаты таурæ гътæ хицæ н чиныгæ й цæ уынц фыццаг хатт. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, ацы æ мбырдгондмæ дæ р таурæ гътæ н се ’ппæ т хаст не ’рцыдысты.

Чиныджы таурæ гътæ лæ вæ рд цæ уынц, цы ’взагыл фыст æ рцыдысты, уымæ нæ бавналгæ йæ.

Алы таурæ гъмæ дæ р лæ вæ рд цæ уы фиппаинæ гтæ: кæ цæ й ист у, йæ радзурæ г æ мæ йæ ныффыссæ г чи у, кæ м ма рацыди мыхуыры.

Фиппаинæ гты цы æ нæ зонгæ дзырдтæ æ мбæ лы, уыдонæ н сæ фылдæ р хай æ мбарынгонд цæ уынц, таурæ гъгæ нджытæ, кæ нæ сæ таурæ гъгæ нджытæ й чи ныффыста, уыдоны тæ фсиргондмæ гæ сгæ. Дзырдæ мбарынгæ нæ н тексты фæ стæ (Б.Д.) кæ нæ (С.У.) кæ м лæ ууы, уый нысан кæ ны: Беджызаты Дудармæ кæ нæ Цабаты Уасомæ гæ сгæ тæ фсиргонд, æ мбарынгонд.


Поделиться с друзьями:

mylektsii.su - Мои Лекции - 2015-2024 год. (0.009 сек.)Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав Пожаловаться на материал